«Зæронд цæмæн бæззы, зæронд...» —
Иæхиимæ сындæггай дзуры,
Æмæ йæ гутонцалх уæрдон
Æруагъта хъистгæнгæ нæ цуры.
– Æгас цу! — рауадтæн æм æз,
Æмæ чысыл лæгуæрдон тулæм...
Цæуы мæ хæдзары къæс-къæс,
Йæ фæйнæг бамбыдтæ и къулæн,
Æмæ сæрды дæргъы тыхæй
Самандур ног къултæн фæкодтон,
Фæлæ мæм ласыны тых нæй...
Йæ бон ма цас вæййы зæрондæн!..
Æрбазынд мигъы бынæй хур,
Æмæ æртавта зæхх уæлвонгæй...
— Цæй, исты хабæрттæ мын дзур,
Мæскуыйы та цы хъуысы ногæй?
Ныр, дам, æцæг ыстахти лæг,
Мæнæ, цы хуыйнынц?..
— Космонавттæ.
– Æмæ æцæг у уый, æцæг?
– Æцæг у афтæ.
– Ей-и,— ныуулæфыд сындæг,
Æруагъта уæрдоны рæтæнагъд.—
Зæххыл цы нæ фехъусдзæн лæг,
Хуыцауæн басгæрстой йæ гæнах!
«Алæмæт-диссæгтæ уыдзæн,—
Дзырдта мын рагон хистæр раджы,—
Лæг арвæй мигъты 'хсæн цæудзæн...
Ей-и, цæй дардмæ уынаг разынд!..»
Нæ уæрдон дурты 'хсæн ныхсти,
Хъысхъысгæнгæ йæ тардтам хуыртыл,
Æмæ-иу зæронд лæг — «Ей-и!» —
Зæгъгæ, ныддис кодта цæуылдæр...