Фæлæ йæ уидæгтæ ныссагъта
Уый тигъыл айнæджы хæдсæрмæ,
Æмæ йыл ставд канатыл шахтмæ
Фæласынц кусджытæ хъæдæрмæг.
Кæсын æм æз ныр дæр бæрзондмæ
Æмæ зæгъын мæхицæн бæрзæй:
Цæр уыйау — раст дæ фæстаг бонтæм
Пайда дæ адæмæн куыд хæссай!