Уæд та, дам, иу заманы хъæд
Загъд кодта сугсæттæн фæрæтмæ:
«Нæ фæрсты баззади дæ фæд,
Тæрыс нæ цардхъуагæй мæлæтмæ.
Дæуæн нæй, дурзæрдæ, цæсгом,
Цæссыг, тæригъæд дæм нæ хъары.
Фæсадзыс урс бæрзы дæ ком,
Фæлдахыс тала-хъæд бындзарыл!»
Фæмæсты фæрæт дæр: «æгъгъæд!
Мæ лымæн, хъуыддаг хорз нæ зоныс,
Уыныс? — дæхицæй у мæ хъæд,
Æнæ уый æз нæ дæн фыдхъомыс».