Не стъæлфы сахъ цæргæс йе знæгтæй,
Фаджыс — йæ æмбæхсæн уаллонæн,
Бирæгъ æмбисонд у йе знæтæй,
Зонæм хæдмæлхорæй халоны.
Фидауынц хæхтæ сæ бæрзондæй,
Фенæн ис хи фæлгонц айдæнмæ...
Кадджын — йæ æгъдау, йæ хæд-зондæй
Æрдзы хуыздæр хъæбул — адæймаг.