Мæгуыргур никуы уыдис Иры.
О, уый лæууы мæнæн мæ зæрдыл!
Æмæ уыдзæн хъызтытæ бирæ,
Фæлæ хъæрмгур кæйдæр къæсæртыл
Æз никуы 'рхаудзынæн.
Æрхаудæй
Фæлтау хуыздæр уыдзæн мæ мæлæт!
Æмæ-иу уæд фыдæлты 'гъдауæй
Мæныл куыройы фыд нывæрæнт.