Йæ нарæг кæмтты къæй-бын Къасара
Сæрæн бæлццæтты бæрзæндтæм хоны...
Æцæг уарзонад чи нæ бавзара,
Уый царды адæн ницы фæзоны...
Æз урс мæнæргъы никуы бахордтон,
Æмæ хъæлæрдзы мæ зæрдыл лæууыд...
Æз сау цæстытыл зарджытæ кодтон,
Афтæмæй та дын цъæх цæстытæ уыд...