Уæлæ уисын цъæх бæхыл æртæхы
Хурсыгъд саби, йæ хæдон — бæгъгъæтт
Ногдзыд нæууыл æвзистдзагъд æртæхы
Зайы гом къæхты фæд...
Ссыгъд та зæрдæйы азтæй æмбæхст ныв:
Сау цæстыты æнæмæт тæмæн.
Æмæ 'рфæндыд, æрæджиау фæдзæхстау,
Уымæ базгъорын мæн:
«О, фæлæуу-ма, циу къухы мæнгæвзыст,—
Уисын бæх дын дæргъбарц æфсургъ нæу,
Ды, мæн куыд фæнды, афтæ нæ рæзыс,
Хурсыгъд саби, фæлæуу!..»