Цæуыл фæджихау и хæлд, тугахуырст мæсыг,
Æвзистдзыкку-пырхæй къæйбын мæсчъы рæбынмæ
Сæнтурс æхсæрдзæнтæ цæмæн хауынц сæрбынмæ,
Цæй хъыгæй фемæхсти цъæх цъитийы цæссыг?
О Иры цирхъ-хæхтæ! æрвон цъæхы ныхстæй
Уæ дисы бацæуæг фæстагоны тыхстмæ
Рыст мадзура фыдау, æгомыгæй цы кæсут?
Æви йæ зæрдæйæн æгæр хъыджы тæссæй
Æгуыппæг арф кæмтты уæ хъæбулы цæстæй
Сымах нæ фыдæлты удуæлдай цард æмбæхсут?