logo

М О Я    О С Е Т И Я



ХÆСТ

 1
«Ды ныр лæг дæ...»

Тæккæ знон дæр ма чи хъазыди хъулæй,
Мæт фыны дæр кæмæ нæ цыд хæстæг,
Гъе уыцы  цардмонц сабитæ сæркъулæй
Ныр кастысты сæ фыдæлты  фæстæ.

æцæг цыма сæхимидæг æмбæрстой
Сæ   фыдæлты   фæстаг   ныхæсты   уæз,
Йæ карз  æртхъирæн  хъазæгау фæдзæхстæн:
«Ды   ныр лæг дæ  'мæ  хæдзармæ  фæкæс!..»

2
Хæст хæрзрох нæ ныууагъта мæн дæр

Мæн хæстхъомæй не 'рыййæфта хæст,
Тохфæдыл  нæ фæцыдтæн  æдгæрзтæ,
Фæлæ федтон хæсты хуызы æз
Сау низау,  æнæхатыр   фыдрæстæг.

«Хæст...»  Уæд   хъусын   бомбæты   хъæрзын,
Хъустæ   'хгæнынц   танкæты   гуыр-гуырæй,
Цæстыл   уайы   бардæйы   кæрдзын,
Æмæ згæхæрд телтæй конд æрмгуырой...

Хæст  хæрзрох  нæ  ныууагъта мæн  дæр,
Хæст  мæныл  дæр   йе  'знæт  къух  æрсæрфта,
Зæрдыл   дарын   акъоппы   мæйдар
Æмæ  тарст, æнæхуыссæг   æхсæвтæ...

3
Гæркъæраг куы уасыд...
Раздæр-иу нæм гæркъæраг куы уасыд,
Ракаст-иу уæд тæрхæгæй мæ мад
Æмæ  «О, цæудзæни та нæм уазæг»,
Зæгъгæ, стыр   цыдæр   цинхуызæй  бадт...

Фæлæ – хæст!.. Ныр гæркъæраджы  уастмæ
Мады 'нгасы цавæрдæр мæт зынд:
«Чи уыдзæн æнæнхъæлæджы уазæг?
Цин  æрхæсдзæн  уый æви  цæссыг?..»

4
  Фæсхæст
Мах фæсхæст нæ дард зианты хабæрттæ
Сайд æнхъæл, нæ мадæлтæн нæ загътам...
Мах  фæсхæст  сармадзанты хæтæлтæ
Над зæххы быруйы михтæн сагътам...

Мах фæсхæст нæ хистæрты фæзмыдтам,
Даргъфæдджи пырх цинелты цыдыстæм…
Мах нæ сонт рæстзæрдæтæй нæ зыдтам,
Ныр хæдзары хистæртæ кæй сыстæм...

5
     Зонын
Æз къæмдзæстыг абон дæр нæ дæн,
Стæй кæнын мæн ничи кæны сомы,
Фæлæ хæст куы 'рыййæфтаид мæн
Знаджы ныхмæ рацæуæг хæстхъомæй,
Уæд кæм уыд уæлдай зын æмæ карз,
Тохвæлтæр кæм фæхъуыдысты мингай,
Уым мæнæн дæр раззагдæрты раз
Уаид хъуамæ ме 'нæбæрæг ингæн…

Мæнæн нæу иппæрд дзыллæтæй мæ амонд
Садойнаг райсом
Дæ хæс цытджын æмæ егъау у
Æрдз æмæ адæймаг
Геолог
Фæндараст
Рæмудзæг
Кæуыл æрцыди цинад, хъыг
Зæхх
Бабыз
Мæгуыр
Уылæнтæ
Дæтты быцæу
Мæ фыд йæ ивгъуыд бонты цытæн
Изæрон хъуыды
Фын
Куы ссудза стъалы
Арты раз
Уæлæ йæ цъæх хъæбыс арвæн
Бæрз
Зарæг нывæндгæйæ
Куы уаид алцыдæр æнцон...
Рæстдзинад
Баууæнд мыл
Кæддæр-иу мын исты куы радта мæ фыд
Мартъи бон
Уый хуыздæр уыд
Хъ. Мыртазæн
Фæскуыст
Амонд
Зонын, «уарзын», зæгъгæ, 'васт
Бæлон
Ехх, дæ рус мæ русыл андзæвд,
Фахсыл
Зæгъ-ма...
Æрыскъæф
Æз хурæн
Фæлтау
Зæрдæ уал сайдæн нæ быхсы
Лекцийы фæстæ
Фæндыр
Зокъо
Миниуæг
Булæмæргъ
Дзæгъæлдзых
æнгуз
Хъæд æмæ фæрæт
Тузар æмæ гæлæбу
Æнæрхъуыды
Æнæкъæдзил рувас
Номæвæрæг
Фæндагыл
Уый кæд æз нæ уыдтæн...
Лæг фæразы йæхи уды риссæн
Мæныл цæуы фынддæс милуан азы
Тæссæй
Мæскуыйаг   хæлæрттæм
Мæ мады ингæны уæлхъус
Чызджы сагъæс
Нымайы сахат...
Ногбонты арфæ
У дæ фарн кæуылты
Мæ чызгмæ
Хæхтæ
Мæ фыды цыртыл
«Сæрд  æрцыд,  сæрд  æрцыд»
Хæст
Зарæджы тыххæй
Мæ кусæг æмбæлттæм
Чызгæрвысты
Хæххон лæппуйы зарæг
Артдзæст
Зонды тыххæй
Æвзонгдзинад
Ныхыл тадысты хиды æртæхтæ
Лæг хиуарзон  у...
Бæргæ, дæхимæ  искæцæй æрбакæс
Мæ фыдмæ
Æцæг уарзт
Газет кæсгæйæ
Терчы был
Зæрватыкк
Зæрдæ! Ды æвдисæн
Æз мæ фæндты тахтæн æмæ  тахтæн
Мыдыбындз
Æххормаг
Мæ мадмæ
Сонет абадгæ  чызгæн
Сонет
Сонет сылгоймагæн
Хъуыддаг æмæ ныхас
Сонет хæхтæн
Фыдæлтæ æмæ мах
Хæхтæм æрыздæхгæйæ
Гимн хæдзары æфсинтæн
Сидт хъæлдзæг дзырдмæ
Быдырон хъуыдытæ
Цард зоныны тыххæй
Гутон æмæ кард
Зынг
Аргъау
Райсом раджы гаккукгæнаг
Ис зæрдæйæн дæр гомриу арвау стъалытæ
Цæуын æз сау зæххыл...
Мæгуыргур   никуы   уыдис   Иры
Фæстаг тæрхон
Æз хæхты райгуырдтæн
Ирон кафт
Кæм мысынц дæу...
Бонрухсы гимн
Сагъæс æнæзонгæ æмбæлæгыл
Къаххынæр
Фæндаджы тох
Денджызы хъазтæ
Фæндаджы уæз
Адæм кæрæдзи уарзынц...
Дугъон
Хæххон кæсаг
Царды быцæу
Моладзан-хох
Хъæриуы хохы рæбын
Сæгуыт
Ис ахæм лæг хæхты...
Цыхтахсæг
Хъуылæджы уынæрмæ хъусгæйæ
Райгуырæн къæсæрыл
Къæсæры  Уастырджи!  Дæ  рынтæ!..
Æнæхуыссæг æхсæб
Хъæууон райсом
Алæмæт-диссæгтæ
Мæ рагбонты хæлармæ
Нæртон удыхъæд
Хæхвæсты фарн
Æрдæгфыст чиныг