Сæ цардвæд тад æвзист æртæхæй
Сæ фæйлыд зачъетыл æрбадт,
Цъæхдзаст хъæууон райсом фæтæхы
Сæ хъæууон сагъæстимæ дард...
Цæуын...
Сæ цин æмæ сæ тыхстæй
Уыдтæн æз цасдæр рæстæг цух,
Æмæ мын хъазæгау зæгъдзысты:
«Кæс-ма, куыд фæлмæн у йæ къух...»