Уалдзыгон быдырты кæрдæджы цъæх,
Цины цæссыгау æрттиваг æртæх,
Райсомæй хъæдгæрон мæргъты пæр-пæр,
Хохы фæсахсæвæр дæтты уынæр,
Цъити-къæдзæхты рæгъамад æвзист —
Уыдонæй аив, рæсугъддæр цы ис?!
Фæлæ куы нæ уаид адæймаг, уæд
Цымæ кæй хъæуиккой уыдон æппæт?!