Цавæрдæр суцца тых уе змæлды ис,
Къæйдуртæ фестынц уæ хъæбысы змис.
Сбады уæ сæрмæ уæ пырхæнтæй мигъ,
Зилæнты байгæрдут къæдзæхы тигъ.
Арс дæр ма стæрсы уæ абухтæй, арс...
Зæрдæ дæр уымæн у, зæрдæ, уæ фарс.
Уый дæр, сымахау, нæ зоны æнцой,
Æмæ йын уымæн у адджын уæ кой.