Ныр, кæддæрау, чысыл саби нал дæн,
Цардæй федтон цыдæртæ нæ зæххыл,
Æмæ иуæй-иу буцæйхаст хъалтæн
Æз «цæй амондджын фестут» — нæ зæгъин.
Мæнмæ дуне фæкæсы уæрæхдæр,
Сайд ми фесты мæнæн уæд цæсты сындз—
Куыст фæуæвгæйæ, хиды æртæхтæ,
Хус фæд уадзгæ, мæ ныхыл куы сысынц.
æз æгад цард мæ сæрмæ нæ хæссын,
Никуы никæуыл рацыдтæн хинæй,
Æмæ амондджын уымæн фæкæсын
Æз тыхст сахат дæр арæх мæхимæ.