Мæгуыр у уый — йæ цæргæ-цæрæнбонты
Йæ исбоныл кæмæн вæййы йæ катай,
Хæрамдзинад кæмæн сæвзæрд йæ зонды,
Æфсымæрыл дæр чи рацæудзæн сайдæй;
Кæмæй у рох йæ уды цур йæ бæстæ,
Кæмæн у уазал, их-къæрттау, йæ зæрдæ,
Æмæ, кæнæ тæссæй, кæнæ æрмæстдæр
Æххуысæнхъæлæй чи дары «хæлæрттæ».
...Куы цæрин æз айдагъ дзул æмæ цайæ,
Уæддæр мæ сæры рухс хъуыдытæ гуырид...
Йæ дзыпп тыппыр кæмæн нæ уа æхцайæ,
Æз ахæмты нæ нымайын мæгуырыл.