Куы дын ныбба кæны æвастæй,
Дæ хъуырыл атухы йæхи;
Куы та фæцæйлидзы, мæ кастæй,—
Цæмæй йын ма 'мбарон йæ «хин»...
æрзилы ног, цыма ныххуды:
«Ды та кæдмæ 'мбæхсыс дæ уарзт?..»
Æз хъарын дымгæмæ: «Тæхуды,
Дæуау ныр чи вæйы ныфсхаст!..»