Сырхфарс фæткъуы! Ды бæласыл æрзадтæ
Бæрзонд ран æмæ баззадтæ йæ цонгыл.
Дæ фаззæттæ нæ уыдысты хæрзаддæр,
Фæлæ уыд къухæн се 'ртонын æнцондæр.
Дæу та фæндыд дæ фæлмæн уарзтæй уарзын,
Дæу та фæндыд цъæх æвзартимæ хъазын,
Фæлæ дæм царды не 'рцыди фæсмон,
Нæ кодтай хъаст суанг де схæссæг бæласæн...
Сæрыстыр у: рæстæфхæрдæн фæразын
Æрмæстдæр у хъæздыг зæрдæйы бон!