Мæн сау катай йæ фат ныссагъта.
Фыр мæтæй разылди мæ сæр,
Ды та ныххудтæ 'мæ мын загътай,
Мæ къух рæвдаугæйæ: «æвзæр!..»
Рæудымгæ сау мигъты фæхаста,
Зæринау арвгæрон фæбур...
Æз хурæн бамынæгæй тарстæн,
Фæлæ та скаст фæстæмæ хур!