Тохы уый бæрц нæ дæ ды тæссаг, –
Уым æргом вæййы сусæг æвзаг,
Уым цæстуынгæйæ лидзы тæппуд,
Уым хъæбатыр лæг ратты йæ уд,
Уым йæ æмбæрзæн сисы фыдлæг...
Фæлæ хъусы, куы дзурыс сындæг:
«Ма кæн, ма зæгъ дæ хъуыды æргом…
«Ма кæн, бамбæхс дæ хæлары ном...
«Ма кæн, радзур дæ хицауы фарс...»
Уæд, æппындæр кæмæ нæ уыд тас,
Тохы чи хаста артмæ йæ уд,
Уый дæр разыны хатгай тæппуд,
æмæ растдæр цы вæййы зæххыл,
Уымæй «раст у» нæ уæнды зæгъын...