Сысы изæр-фæлмы бонрухс...
Стылди мæй арвы бæрзондмæ...
Бады фæлмæндзаст зæронд ус,
Бады дæрзæгдаст зæронд лæг,
æмæ куыннæ кæуа 'ммуйæ
Уый тыххæй балы хуыскъ кæлдыл
Фарæстæм мæйдзыд лæппуйæн
Дарынц хæдæвзæрд хуыскъæлтæ
Райгуырд уый æххормаг азы
Урсхил куыствæллад зæрæдтæн,
Райгуырд – хъыллистгæнаг «хъазæн»,
Райгуырд – сæ цинæн, сæ мæтæн.
Чи райгуырд, уый та æз уыдтæн,
Æмæ фæстаг гуырд кæй фæдæн,
Уый судзаггагæй ысхуыдтой
Сых мæн «къæссайы цæгъдæнтæ».
Алыгъд мæ хистæр фæсæхсæв, –
Уый, мæгуыр, кодта æфсæрмы, –
Усгуры мад ма кæй хæссы
Ахæм хъуыддæгтæ йæ сæрмæ!..
Чи зоны, æмæ нæ хъуыдтæн,
Чи зоны, уой мæ фæсмонгонд,
Фæлæ фæцудын нæ куымдтон,
Домдтон мæхионтæ, домдтон...
Рæзтæн, фыдæнæнау, рæзтæн,
Æмæ кæй уыди уæлдай зын,
Уый тыххæй царды æмуæз тых
Райстон æз æххормаг азæй...