Фæлæ нæ фæци дзуапраттæг мæ фарстæн,
Уыд буц митыл мæ сабидуг æлгъин,
Æмæ фыццаг хатт цонгтылдæй фæраст дæн,—
Мæ царды фæтк хъуыд равзарын мæхи...
Тагъд ныхыл хид... Сæр мидхъуыдытæй рыст…
Æрцыд мæцъис, лæгъзгуыбын белæй фыст
Мæ къухæрмттыл цæрæг уды хæсæвæрд.
Æмæ ныр зонын, нал мын у дзырддаг:
Фыццаг кæй уыд лæджы царды — хъуыддаг,
Ныхас, ды та кæй фæзындтæ — фæстæдæр!..