ХЪУЫЛÆДЖЫ УЫНÆРМÆ ХЪУСГÆЙÆ
Цæй тыххæй у цæгъдгæ хъуылæджы таурæгъ?
Фыццаг сагъæс, фыццаг амонд æвзарæг
Хъуымбылдзыкку хъуылæгцæгъдæджы зарæг
Кæй ном мысы зæрдæбын зæлтæй арæх?
Цæуыл хъырны уынгæг хъæлæсæй бæрдын?
Хæххон хъамбулзæнг хъомхизæджы уарзтыл?
Æууæнкæй тынд цъæх дидинæджы мастыл?
Цæуыл ризы æвзистдзæссыг уыгæрдæн?