Фæлæ дæуау ирон æфсарм кæуыл зынд! —
Сылгоймаг-иу куы 'рцæйцыди сæ рæзты,
Уæд-иу æруагътой туджджынтæ сæ гæрзтæ,
Зæронд лæгтæ-иу сыстадысты уынджы.
Ды мæн, хъæрзгæйæ, тухитæй ныййардтай,
Ды схастай мæн, æгъуысгæ уарзт мын радтай,
Мæ зæрдæйы мын ссудзын кодтай ныфс.
Сылгоймаг, æз кæнын дæ размæ зоныг:
Ды мæ хъаруйæ, зондæй дæр фæзмыс,
Æз та дæуау фæлмæн уæвын, нæ зонын.