æз ын нæма зыдтон
Йæ цæстыты тæмæн,
Йæ фæлмæн базыртæй
Нæ рæвдыдта уый мæн.
æз ын нæ раппæрстон
Сырх мæнæуы нæмыг,
Æз ын нæма 'мбæрстон
Йæ цин æмæ йæ хъыг.
Фæлæ куыд тагъд æмæ
Куыд ивгæ уайы цард...
Бæлон æртахт æмæ
Мæ рудзынгыл æрбадт.
Уый сайдтой бирæтæ.
Лæвæрдтой йын мæнæу.
Фæлæ, хи чи радта
Æнцонæй, ахæм нæу.
Уый тахт сæ иу фæрсты,
Æргом уарзтæй сыгъди.
Хæххон чысыл къæсмæ
Уæладзгуытæй лыгъди.
— æз дæр æй бауарзтон
Мæхи удæй фылдæр
Æмæ йын рахастон
Мæ зæрдæйы цæхæр.