Сылæг-мигъ фæздæгæй ныббур,
Кæйдæр бынхæдзар сыгъд…
Фæлæ кæрæдзимæ зынггур,
Хъуызгæ, цыдысты сых.
Мæйдар æхсæв хъæу бонау зынд,
Сырх пиллон уагъта арв...
Фæлæ фæсахсæвæр сæ зынг
Фæнычы норстой арф,—
Цæмæй, куы хæссой райсом дард
Ног нæмгуытæ цæхæр,
Уæд къухтæ хъарм кæнынæн арт
Уа ныккæнды уæддæр...