Дзæнхъа-урс сæфтæг дугъон!
Лæдæрсид уæнтæй хид,
Æз афтæмæй нынтъухин
Дæ лæгъз рагъмæ мæхи.
Дæ зæлдаг-дзала барцыл
Мæ сæр кæнид хъæрмхуыст.
Хъæуы мæ фæсарв балцы
Мæн де 'нæхин æххуыс.
Мæн раст дзырдыл хæстыты,
Хъæдын цæсгæмтты раз,
Хъæуы дæ цъæх цæстыты
Æнæфæлывд æнгас.
Æмæ зынгдзагъд æрдузы
Æрхаудтæн, зæгъгæ, ныр,
Фæнды мæ, о, уæд хъусын
Дæ зæрдæбын мыр-мыр!