Чындзыл-иу хыз нæ æрытыдтой хинæн —
Фæсномыгæй йын уый руаджы фæдзæхстой:
Чызгон æфсарм куыд баззайа йæхимæ,
Æмæ фæсмой куыннæ суадза йæ цæсгом.
Мæ фыд! Нæ хастай худинаг дæ сæрмæ.
Ныййарæг мад! Фæдадтон æз дæ дзидзи —
Цæмæй уон хайджын де'рдхæрæн æфсармæй.
Фæлæ у рæстæг ног, æмæ уæ фæстæ
Куы нæ бафтауон ног хæзна уæ хæрзтыл,
Уыдзæн мæ уæд мæрдты уæ цæсгом чъизи.