Хетагуров Коста
ХЕТӔГКАТЫ Къостайӕ
* * *
Хӕрзиунӕгӕй бӕлон* * *
Xyp ӕрныгуылд, фыдӕх
Айрох, бафынӕй зӕхх,
Аргъӕутты бар у дун-дуне ахсӕв.
Нал у ’нӕ дӕу мӕ бон,
Тагъд фӕзын, скӕн кӕрон
Ды мӕ зынтӕн, мӕ цӕссыгтӕ асӕрф.
’Мӕ, куыд уыди кӕддӕр,
Афтӕ ’руадзон мӕ сӕр
Ӕз дӕ риуыл ӕмӕ та дын зарон.
Радзурон дын мӕ маст,
Me ’рхӕндӕг ӕмӕ уарзт,
Хъарм хъӕбыеы та цинад ыссарон.
***
Нӕ хӕхтӕ, нӕ фӕзтӕ,
Нӕ дӕттӕ, дӕлвӕзтӕ,
Нӕ фурдтӕ, нӕ хъӕдтӕ, нӕ цад
Дӕ намыс ӕмбарынц,
Сӕ зарӕг дыл зарынц,
Дӕуӕн кӕнынц, Стыр Хуыцау, кад.
Перевод Музафера Дзасохова
См.: Дзасохты М. Адӕмы цӕст / Дзасохты Музафер.- Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу : Цыкура, 2016.- 383 ф.
Дзасохов М. Глаз народа : [стихи, переводы].