logo

М О Я    О С Е Т И Я



Армянские пословицы
Сомихаг æмбисæндтæ

ХӔРГӔФС
«Чи уыди дӕ фыд, уый зӕгъ!»
Радта дзуапп: «Мӕ мад уыд бӕх!»

ӔВӔСМОН
Айсӕфти, фӕцыдӕр бон —
Ма кӕн уый тыххӕй фӕсмон.

ДЫККАГ УС
У фыццаг усæн
Дыккаг æмпъъузæн.

МЫСТ
Хъӕзныг куы кӕнид давӕджы йӕ хуыснӕггаджы куыст,
Дӕуӕй хъӕзныгдӕр а зӕххыл нӕ разынид уӕд, мыст.

ХӔЙРӔГӔЙ ХИСТӔР
Къуыри раздӕр райгуырди зинӕй,
Тых ыл кӕны уый тыххӕй хинӕй.

ХАЙУАН
Хӕрӕджы ластой дзӕнӕтмӕ тыххӕй.
Загъта: «Нӕ цӕуын, сындзытӕ дзы нӕй!»

ЗОНДАМЫНД
Уа цӕмӕй дӕуӕн ахадгӕ дӕ куыст —
Кӕрчытимӕ схуысс, уасджытимӕ сыст.

ӔВЗАГ ӔМӔ ЦАРД
Бафтаудзӕн кӕуылфӕнды дӕр арт,
Даргъ ӕвзаг кӕны цыбырдӕр цард.

КАДДЖЫН ЗӔРӔДТӔ
Кадджын зӕрӕдты ӕхсӕн —
Фаджыс, ӕрдхорд ӕмӕ сӕн.

ӔНӔХЪӔН ӔМӔ ӔМБИС
Алцыдӕр мӕ рӕбын балӕварӕн ис:
Me ’рдхордӕн — ӕнӕхъӕн, искӕмӕн — ӕмбис.

ФӔНДАГГАГ
Иу бон кӕд рацыдтӕ балцы,
Рахӕсс къуыриваг уӕд алцы.

ХӔРӔГ
Дыууиссӕдз хатты Меккӕмӕ фӕцыд,
Фӕлӕ уӕддӕр нӕ фӕфылдӕр йӕ цыт.

ЦЪЫНА ӔМӔ СӔГЬ
Ахӕм ныв никӕд бон фендзӕн дӕ цӕст:
Хос дӕр ӕнӕхъӕн уа, сӕгъ дӕр ӕфсӕст.

ДЫНДЖЫР ХУД
Дынджыр у, тынг дынджыр дӕ худ,
Фӕлӕ йӕ быны сӕр у тутт.

УАЗӔГ
Уазӕг райсомӕй — сызгъӕрин, сихорӕй вӕййы ӕвзист,
Фестдзӕни ӕрхуы изӕрӕй, скӕндзӕни йӕ кадӕн хист.

УАСӔГ ӔМӔ КАРЧЫ ЦЪИУ
Лӕгтӕй нӕу ахӕмӕн иу дӕр йӕ рыджы:
Хӕдзары уасӕг у, карчы цъиу — уынджы.

САУ ДАРÆС
Сау дарӕстӕ дарджытӕ
Се ’ппӕт не сты сауджынтӕ.

ӔНАХХОСӔЙ - АХХОСДЖЫН
Ызнон фӕрӕдыд Айрапет,
Ӕфхӕрд та ’рцыди Карапет.

ÆНАМОНД
Бафтыдта иунӕг хатт дзуӕрттӕ йӕхиуыл —
Скъахта йӕ цӕст, мӕгуыр, райхъуыст йӕ ниуын.

ДИССАГ
Ахӕм диссаг фехъуыстӕуыд кӕд? —
Богъайы бын агуырдта рӕуӕд.

ЗИН
У йӕ хотых алы ран дӕр хин:
Ӕдде — сауджын, мидӕгӕй та — зин.

Перевод Музафера Дзасохова

См.: Дзасохты М. Адӕмы цӕст / Дзасохты Музафер.- Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу : Цыкура, 2016.- Ф. 253–257.
Дзасохов М. Глаз народа :  [стихи, переводы].

Армянские сказки
 Сомихаг аргъæуттæ

Фæлитой

Иу мæгуыр лæг ссардта дзæкъулыдзаг сызгъæринтæ. Горæты иу хибар ранмæ бацыд. Фæйнæрдæм акæстытæ кодта. Куы никæуыл æрхæцыд йæ цæст, уæд сызгъæринтæ нымайын байдыдта, фæлæ йæ иу ус федта æмæ йæм хæстæг бацыд:
— æгас цæуай, нæ лæг! Кæм фесæфтæ, дæ хорзæхæй? Кæдæй дæм æнхъæлмæ кæсын!
— Хæйрæг дæ, æви мæм цы æрбауырдыг дæ? Цавæр ус мын дæ? Мæнæн цæрæнбонты ус куы нæ уыд, уæд мын чи дæ?
— Нæ-æ! Ныр мæ дæхи нал аласдзынæ! Дзæгъæл митæ мауал кæн! Мæ лæг нæ дæ?
Дзырд дзырды къахгæ сæ ныхас бацайдагъ æмæ сæ хъуыддаг тæрхондонмæ бахастой. Тæрхоны лæг мæгуыр лæгмæ бакасти:
— Цæй, дæхи цы ныттынг кодтай, кæд æй дæ ус уæвын фæнды, уæд? Сразы у! Дзæгъæл рацу-бацу нал кæндзынæ. Зилдзæн дæм, æхсдзæн дæ.
Сразы мæгуыр лæг, æмæ йæ сылгоймаг сæхимæ акодта.
— О, о, о! Мæ лæджыхай! Куыд ба-куырм дæн! Мæнæ цы чъизи-æнæхсад у дæ уæлæдарæс! Феппар ма сæ! æз дын сæ
ныхсон æмæ дæ цынайон! Хъуамæ сыгъдæгæй, арæзтæй цæуай!
Лæг раласта йæ дарæс æмæ сæ радта усмæ. Ус лæджы сызгъæринтæ фелвæста дзыппæй, цæхсадта дзаумæттæ, сауыгъта сæ синагыл, йæхæдæг алыгъди. Лæг усмæ бирæ фенхъæлмæ касти. Куы нæ зынд, уæд рацыди кæртмæ. Дзаумæттæ хуылыдзæй ауыгъд, фæлæ фæлывд ус дæр æмæ сызгъæринтæ дæр нал.
Лæг бамбæрста хъуыддаг. Агурын байдыдта усы, фæлæ уый æндæр сахармæ алыгъд.
Ус уыцы сахараг иу бонджын хæдзары рудзгуыты бын æрбадти. æрмæст æфсин уыд хæдзары. Радзырдта усмæ:
— Цы кусыс уым, дæлæ ус?
— Дæ нывонд фæуон, мæ къона! Цы фæуон уæдæ? Иунæг дæн! Курын дæ, иучысыл къуым мын радт, мæ сæр кæм æркъул кæнон. Кæрдзыны къæбæрыл дын кусдзынæн цæрæнбонты.
Æфсин бауагъта усы, бахæрын ын кодта æмæ йын иучысыл уат радта. Цалдæр боны фæстæ йæ арвыста базармæ истытæ балхæнынмæ. Базары иу хъæздыг къупецаг фæдзырдта усмæ æмæ йын афтæ:
— Хорз ус! æз мæ цæст æрхастон дæ хæдзары хицау — æфсиныл. Мæ зæрдæмæ тынг фæцыди. Цас зæгъай, уый бæрц æхца дын ратдзынæн, æмæ мын сараз, цæмæй йæм бахауон!
— Дæс æмæ ссæдз æри, æмæ дын тæккæ ахсæв дæр сараздзынæн.
Къупецаг ын радта æхца, æмæ ус ацыд. Изæры сæм къупецаг фæзынд, æмæ йæ фæлывд ус хæдзармæ бауагъта.
Хæдзары æфсин æй фæрсы:
— Кæй æрбауагътай мидæмæ?
— Уый мæнæ иу мæ хæстæг. Бахсæвиуат кæндзæн æмæ райсом раджы ацæудзæн.
— Нæ, нæ! æхсæвыгон æз никæй уадзын хæдзармæ! — загъта æфсин. Фæлæ йæ фæлывд ус сразы кодта.
— Уæдæ йæ дæ уаты схуыссын кæн, — загъта æфсин.
Ус лæджы бауагъта йæ уатмæ. æз, дам, хæдзары æфсинимæ баныхас кодтон дæу тыххæй. Ралас дæ дарæс æмæ йæм бацу.
Къупецаг раласта йæ гæрстæ æмæ бацыд æфсины хуыссæнуатмæ. Фæлитой ус æрбатымбыл кодта къупецаджы дарæс æмæ сæ афардæг кодта.
Къупецагæй æфсин фæтарсти:
— Чи дæ? Цы дæ хъæуы?
— Ды мын куы сразы дæ.... æмæ дæм æрбацыдтæн...
— Кæмæн сразы дæн?
— Дæ æххуырст усæн. Знон ын радтон дæс æмæ ссæдз туманы, цæмæй сæ дæуыл сæмбæлын кодтаид.
— Æ, Хуыцауы æлгъыст кæлæнгæнæг ус! Цы æрхъуыды кодтай?! — базгъордта усмæ, фæлæ ма цы?
Æфсин хъæр систа. æрбамбырд сты сыхæгтæ. Къупецагæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ рудзынгыл агæпп кодта афтид мидæггæгты. æфсин адæмы баххуырста, цæмæй фехъусын кæной фæлитой усы митæ.
Фæстагмæ æрцахстой усы. Раздæр цы мæгуыр лæджы асыгъдæг кодта, уый дæр уым радзырдта адæмæн, ус ын цы бакуыста, уый. Къупецаг æмæ хæдзары æфсин фæлитой усы бакодтой паддзахмæ. Паддзах сæм ракæс-бакæс фæкодта. Фæлитой ус бамбæрста, паддзахы зæрдæмæ кæй фæцыди æфсин. Паддзахмæ йæхи аивæй баласта æмæ йын афтæ:
— Дæ бæрзонддзинад, паддзах, цыдæр зæрдиаг каст кæныс уыцы сылгоймагмæ?
— Куыд нæ йæм кæсон, дæ хæдзар фехæла, цы рæсугъд у?! Цæрæнбонты дзы ахæм нæма федтон! — загъта паддзах.
— Уый мæ чызг у, дæ бæрзонддзинад, — зæгъы ус. — Куы дын æй радтон, уæд мын цы хорзы бацæудзынæ?
— Зæгъ, цы дæ хъæуы, уый?
— æртæ фондзыссæдз сомы æри.
Радта паддзах æртæ фондзыссæдз сомы, æмæ фæлитой ус афтæ зæгъы паддзахæн:
— Курын дæ æмæ мын феххуыс кæн аивæй рудзынгыл ахизынмæ, науæд мæ мæ чызг куы фена, уæд кæудзæн!
— Агæпп кæн мæнæ уыцы рудзынгыл. Ничи дæ фендзæн, — загъта паддзах.
Ус куы афардæг, уæд паддзах фæдзырдта сылгоймагмæ:
— Дæ мад дæ мæнæн радта, ды ныр мæн дæ!
— Цавæр мад? Мах ууыл хъæстмæ æрцыдыстæм дæумæ.
Паддзах смæсты æмæ бардзырд радта фæлитой усы æрцахсыны тыххæй. æрцахстой йæ, æрбакодтой йæ паддзахмæ. Паддзах æй тынг ныххоста, стæй æххуырстытæн загъта, цæмæй йæ батухой нымæты, ахæссой йæ хæрджытыл æмæ йæ денджызы баппарой.
Æххуырстытæ афтæ бакодтой, хæрджытыл æй фæцæйхастой денджызмæ. Нæма бахæццæ сты, афтæ ус йæхи æрæмбæрста, рабадти. Дзуры æххуырстытæм:
— Размæ мауал цæут! Мæн уал ам уадзут. Згъорут фæстæмæ! Зæгъут паддзахæн цины хабар: «Дæ мад райгас, дæ бæрзонд-дзинад! æз афтæ фæдзæхстон мæ фыртæн, куы амæлон, уæд мæ-иу денджызы баппар». æххуырстытæ æнхъæлдтой, цыма паддзахы мады мард хастой денджызы æппарынмæ.
Фырцинæй йæ уым фæуагътой æмæ, æзфæраздæронæй ныййарц сты паддзахæн хабар фехъусын кæнынмæ — исты лæвæрттæ сын ракæна!
— Паддзах! Арфæ дын кæнæм, дæ мад райгас æмæ мах рарвыста, цæмæй йæ фæстæмæ ардæм æрласæм!
— Уæ хæдзæрттæ фехæлæнт кæннод! Згъорут æм фæстæмæ! æрцахсут æй æмæ йæ ардæм æркæнут!
Æххуырстытæ ма бæргæ згъордтой сæ тых, сæ бонæй, фæлæ ус дæр æмæ хæрджытæ дæр уым нал уыдысты.
Уæд паддзах йæ цæнгтæ фæйнæрдæм акодта æмæ, фæлитой сылгоймагыл хъæстмæ чи æрбацыд, уыцы къупецаг лæг, сызгъæринты хицау æмæ хæдзары æфсинмæ дзуры:
— Цы уын бакæнон? Мæнæй афтæ чи ахъазыд, уыцы фæлывдæн кæй бон цы у!
Хъæстгæнджытæ сæргуыбырæй сæ хæдзæрттæм айстой сæхи.

Род

Цардысты зæрдæхæлар æмæ рæдау лæг æмæ ус. Цот сын нæ уыд. Армыдзаг хорздзинад кæмæй зыдтой, уымæн æй мæрты-дзагæй фыстой. Куыстхъом, цæрынхъом уыдысты, фæлæ сæ сæ цард не ’ндæвта. Цы сты мулк æмæ хъæздыгдзинад, кæуыл бацин кæнай, ахæм саби дын куы нæ уа, уæд!
Иу бон куы уыд, уæд сæм сæ кæртмæ бацыд иу дæсны мæгуыр лæг. Хæдзары æфсин ын йæ хордзены æнæхъæн мæрт хор ныккодта. Уæд ын дæсны афтæ:
— æфсин, адæм мын къусыдзæгтæ дæттынц, ды мын æнæхъæн мæрт куы ныккодтай?
— æмæ сæ цы кæнын уæдæ мæ исбонтæй? Нæ хæдзар алцæмæй йедзаг, нæ фос быдыры хизынц, чи сæ хæра, уый та нæй! Кæмæн сæ æвæрæм?
Уæд мæгуыр лæг йæ дзыппæй систа æртæ фæткъуыйы. æфсинæн сæ радта æмæ йын зæгъы:
— Айс ацы фæткъуытæ. æртæ бонмæ сæ бахæр иугæйттæй. Афæдз дæр нæма рацæудзæн, афтæ дын лæппу райгуырдзæн.
Райста æфсин фæткъуытæ. Сæвæрдта сæ тæрхæгыл. Изæры сæм нал фæлæууыд. Иу фæткъуы ныррус кодта. Ахæм адджын æм фæкаст, æмæ æртæйы дæр иу хæрд бакодта.
Ууыл рацыди фараст мæйы æмæ фараст боны — ус ныййардта нæл род. Кæуынтæ, хъарджытæ байдыдта ус. Карздæр æлгъыстытæй æлгъиты дæсныйы.
Афæдз дæр нæ рацыд, афтæ амард æфсинæн йæ лæг. Род сси дынджыр богъ. Бон-иу фæхызти быдыры, изæры-иу æрцыди хæдзармæ. Дæ изæр хорз, мæ мад, зæгъгæ-иу загъта æмæ-иу схуыссыд къæсæрмæ.
æртæ азы сæххæст богъыл, афтæ мадмæ дзуры:
— Мæ мад, ныр æз дынджыр дæн. Дæуæн чындз ссарын хъæуы. Райсом раджы ацу паддзахмæ æмæ йын зæгъ афтæ: «Дæ чыз-джы дын мæ богъ курынмæ хъавы».
Ус фæдис кодта: «Ам цыдæр диссаг ис, æндæра мæ богъ куыд уæнды паддзахы чызджы курынмæ?»
Ацыдис ус. Паддзахы кулдуармæ дурыл æрбадт. Усмæ æрбазгъордтой фæтæрынмæ паддзахы кæртгæстæ. Ус бады, æмбарын сын кæны, радзурут паддзахæн, дæ чызджы дын иу ус йæ богъæн куры, зæгъгæ.
Паддзах усмæ фæдзурын кодта:
— Цы мын зæгъынмæ хъавыс, хорз ус?
— Бирæ цæрай! Дæ хорзæх нæ уа! Мæ богъ дæ чызджы курынмæ хъавы.
— æмæ цы кæны? Ракурæд, — зæгъы паддзах. — æрмæст уал ын æз æртæ кусинаджы бахæс кæндзынæн. Сæххæст сæ кæндзæн — хорз, куы нæ сæ сæххæст кæна, уæд ын йæ сæр акъуырын кæндзынæн. Ацу, зæгъ дæ богъæн, цæмæй мын æрбарвита сызгъæринæй йедзаг тæбæгъ, сызгъæрин тæбæгъæй æмбæрзт куыд уа, афтæ.
Зæронд ус раздæхти сагъæстимæ, хъуыдытæгæнгæ. Богъ изæры æрбацыд хизынæй æмæ йæ мады æнкъардæй бадгæ федта.
— Де ’зæр хорз, мæ мад! Афтæ æнкъардæй цæмæн бадыс, цы дзуапп дын радта паддзах?
— Куыд нæ сагъæс кæнон, мæ лæппу! Куыд ракурæм паддзахы чызджы? Нæ кæрт æд хæдзар куы ауæй кæнæм, уæддæр не сфаг уыдзыстæм ирæдæн.
— Зæгъ-ма, мæ мад, цы домы паддзах?
— Сызгъæрин тæбæгъы дзаг сызгъæрин, сызгъæрин тæбæгъæй æмбæрзт куыд уа, афтæ.
— æмæ уый тыххæй æнкъард дæ, мæ мад? Уый æнцон скæнæн у. Изæры райс хъæдын тæбæгъ, ныккæн дзы саумæр, æрæхгæн æй æндæр хъæдын тæбæгъæй, бавæр æй къусчы. Дæхæдæг æм ма бацу, ма йæм бавнал, цалынмæ æз райсомæй сыстон, уæдмæ.
Богъ куыд загъта, мад афтæ бакодта.
Райсомæй куы райхъал сты, уæд кæсынц, æмæ тæбæгътæ сызгъæрин фестадысты, сæ хуылфы саумæр та — сызгъæрин æхцатæ. Зæронд ус сæ ахаста паддзахмæ. Паддзах сыл тынг ныддис кодта.
— Ацу æмæ зæгъ дæ богъæн, цæмæй мæ чызгæн æрæрвита, къух æмæ судзин кæуыл нæ андзæвыд, ахæм дарæс, — загъта паддзах усæн.
Ус та æнкъардæй æрцыди сæхимæ.
Богъ дæр та изæры уыны йæ мады æнкъардæй:
— Цæуыл æнкъард дæ, мæ мад? Уагæры дын цы загъта паддзах?
— Куыд нæ кæнон æнкъард, мæ лæппу? Паддзах дæ ахæм дарæс йæ чызгæн домы, æмæ сæ æппæт дунетыл дæр не ссар-дзынæ.
— Уый зын ссарæн нæу, — загъта богъ. — Изæры стыр тæбæгъы нывæр мæнтæджы сыф, æрæмбæрз æй æндæр тæбæгъæй, бавæр æй къусчы. Ма йæм бацу, ма йæм бавнал, цалынмæ æз нæ райхъал уон, уæдмæ.
Зæронд ус афтæ бакодта.
Райсомæй кæсынц æмæ хъæдын тæбæгътæ фестадысты сызгъæрин, мæнтæджы сыф та — диссаджы дарæс.
Ус та ахаста паддзахмæ уыцы дарæс сызгъæрин тæбæгъты.
Паддзах та усæн дзуры:
— Дæ богъæн зæгъ, мæ чызджы акæнæд йæхицæн, æрмæст йæ къæхтæ зæххыл куыд нæ æндзæвой, йæ сæрмæ хур куыд нæ кæса, афтæ.
Зæронд ус та æнкъардæй æрыздæхти сæхимæ.
Изæры та богъ йæ мады æрбаййæфта æнкъардæй бадгæ.
— Де ’зæр хорз, мæ мад! Цæуыл æнкъард кæныс? Цы та домы паддзах?
— Цæмæн нæ хъæуы мах, мæ лæппу, паддзахы чызг. Ныр та нæ домы, йæ чызджы йын куы хæссай, уæд зæххыл йæ къæхтæ куыд не ’ндзæвой, йæ сæрмæ хур куыд нæ кæса, афтæ.
— Ууыл ма мæт кæн, мæ мад. Изæры стыр голлаг бырæгътæй, хæцъилтæй, æхсныфтæй байдзаг кæн. Бавæр сæ къусчы. Дæхæдæг сæм ма бавнал, цалынмæ æз райхъал уон, уæдмæ.
Мад афтæ бакодта.
Богъ-лæппу æмбисæхсæв фестади. Голлаг йе ’ккой акодта æмæ араст паддзахы галуанмæ. Галуаны дуармæ сусхъæды иу æхсныф æрæппæрста, уый æдде та хæцъилы гæппæл. Афтæ суанг сæхи хæдзары онг байзæрста зæххыл хæцъилтæ æмæ æхсныфтæ. Бацыд æмæ къонайы цур йæхи ауагъта, бафынæй. Адæм райсомæй кæсынц, æмæ хæцъилтæ фестадысты гауызтæ, æхсныфтæ та сусхъæд бæлæстæ.
Богъ фæсидти зарæггæнджытæ æмæ фæндырдзæгъдджытæм. Араст сты паддзахы галуантæм чындзхæссæг.
æнæхъæн къуыри фæминас кодтой паддзахы галуанты, стæй сын радта йæ чызджы, æмæ æд чындз æрхæццæ сты мæгуыр зæронд усы хæдзармæ, заргæ, фæндырдзæгъдгæ.
æхсæвы богъ йæ царм аппæрста. Ног чындзы цур ахæм рæсугъд лæппу фестад, æмæ цæхæртæ калдта. Чындзы цинæн кæрон нал уыд. Лæппуйы мад дæр фырцинæй ног фестад.
Азтæ рацыд, æмæ хæдзары фæзынди сывæллæттæ. Ус цæмæ куывта, уый федта йæ кæрты.
Иуахæмы та сæм фæзынд, усæн æртæ фæткъуыйы чи радта, уыцы мæгуыр лæг. Бахоста дуар. Ус æм ракасти:
— Чи дæ, цы дæ хъæуы?
— Мæн ницы хъæуы. æрмæст мæ базонын фæнды, мæ фæткъуытæ дын цы феххуыс сты, уый.
— О, о! Бирæ дæ фелгъыстон, фæлæ мæн аххос нæ уыди. Лæппу мын дæ зæрдæ загъта, фæлæ ма мын æй роды хуызæнæй цæмæн радтай?
— Уый дæхи аххос у. æз дын загътон, æртæ фæткъуыйы æртæ бонмæ иугæйттæй бахæр, зæгъгæ. Ды та сæ уыциу хæрд акодтай. Хæлæф кæнын ницæуыл хъæуы. Хуыцауы лæвар уаг æмæ фарнæй исгæ у!
— Уæдæ æз цæмæ бæллыдтæн, уый федтон дæ руаджы: сабиты худын æмæ хъазт. Уымæй зынаргъдæр ницы ис мæнæн, — загъта ус. — Уыдонæй æддæмæ дæ цы хъæуы мæ кæрты, уыдон дын дæттын.
— Мæнæн дæр Хуыцау цы сныв кодта, уымæй дарддæр мæ ницы хъæуы. Хæлæф нæ кæнын. Кæд мын иу къусыдзаг дæ цæст уарзы хорæй, уæд хорз, — загъта мæгуыр лæг.
Ус мæгуыр лæджы хордзентæ хорæй байдзаг кодта, æмæ йын фæндараст загъта.

Булæмæргъ


Кæддæр иу паддзах йæ адæмæн саразын кодта аргъуан. Авд азы йæ фæцарæзтой. Паддзах æм кувынмæ куы фæцæйцыд, уæд ахæм уад-тымыгъ сыстад, æмæ адæймаджы улæфт æхгæдта. Цавæрдæр æнæзонгæ лæг дзуры паддзахмæ:
— Паддзах, хорз аргъуан сарæзтай, фæлæ дзы цыдæр нæ фаг кæны.
Паддзах фехалын кодта аргъуан, æмæ та авд азмæ ног аргъуан сарæзтой. Паддзах та йæм куыд фæцæйцыд, афтæ та уад сыстад, æмæ та йæм æнæзонгæ лæг дзуры:
— Диссаджы хорз аргъуан та сарæзтат, фæлæ та дзы цыдæр нæ фаг кæны.
Фехалын кодта паддзах уыцы аргъуан. Фараст азы фæцарæз-той ног диссаджы аргъуан.
— Ныр ницуал хъуаг уыдзæн мæ аргъуан. Цæуон, бакувон, куыд загъта, афтæ та йæ размæ фæци уыцы æнæзонгæ лæг æмæ зæгъы:
— Паддзах, бирæ азты цы аргъуан фæцарæзтай, уымæн æмбал нæй, диссаджы рæсугъд у, фæлæ йæм ныр дæр ис иу аипп.
Паддзах ацахста лæджы æмæ йæ ныууыгъта:
— Зæгъ, цы хъуаг ма у мæ аргъуан! Ныр мын æй æртыккаг хатт халын кæныс!
— Дæ диссаджы аргъуаны ма хъæуы булæмæргъ, — загъта лæг æмæ æрбайсæфти.
Æрбаздæхти паддзах йæ хæдзармæ. Уыдис ын æртæ фырты. Дзурынц æм:
— Цыдæр маст дæ бацыди.
— Мæ аргъуаны хъæуы булæмæргъ, æмæ йæ кæм агурон?
— Мах æй ссардзыстæм, — загътой фырттæ.
Сбадтысты сæ бæхтыл æмæ араст сты булæмæргъ агурæг.
Бахæццæ сты иу ранмæ. Кæсынц: фæндæгтæ цæуынц æртæрдæм.
Барджытæ æрлæууыдысты. Сæ размæ та фæзынд уыцы æнæзонгæ лæг:
— Кæдæм дарут уæ фæндаг, лæппутæ?
— Булæмæргъ агурæг цæуæм, фæлæ нæ зонæм, кæцы фæндагыл ацæуæм?
— Уæртæ уæрæх фæндагыл чи ацæуа, уый кæнæ раздæхдзæн, кæнæ нæ. Дæллаг фæндагыл чи ацæуа, уымæн фæстæмæ раздæхæн нæй.
— Цæуылнæ?
— Ацæудзыстут æмæ бахæццæ уыдзыстут донмæ. Булæмæргъы хицау уыцы дон маргæй фæхъæстæ кодта, æмæ дзы маргъ нæ фæнуазы. Сымах дзы бануазут æмæ-иу зæгъут: «Охх, цæй хорз дон у!» Донæй ахизут æмæ сæмбæлдзыстут дидинæгыл. Йæ хицау æй сындзджын скодта. æртонут, басмудут æм æмæ зæгъут: «Охх, дзæнæты дидинæг!» Ацæудзыстут дарддæр, фендзыстут баст бирæгъ, йæ цуры — уæрыкк. Бирæгъы цур кæрдæг, уæрыччы цур — дзидза. Сымах дзидза бирæгъы цур сæвæрут, уæрыччы цур та — кæрдæг. Фæцæут дарддæр. Уæ размæ — кулдуар. Йæ иу фарс гом, иннæ — æхгæд. æхгæд фарс байгом кæнут, гом фарс сæхгæнут. Бацæут мидæмæ. Фендзыстут иу чызджы фынæйæ. Уый булæмæргъы хицау у. Къуыри фынæй вæййы, къуыри хъал. Кæд сæххæст кæнат мæ амындтытæ, уæд рахæсдзыстут булæмæргъы, кæд нæ, уæд нал раздæхдзыстут.
Хистæр æфсымæр ацыди уæрæх фæндагыл. Бахæццæ иу галуанмæ. Хъуыды кæны: «Цæмæн цæуон мæлæты фæндагыл. Ацы галуаны исты куысты ныллæууон æмæ дзы ацæрон».
Астæуккаг æфсымæр ацыд астæуккаг фæндагыл. Афтыд фæсхохмæ. Федта цæхæртæ калгæ егъау галуан. æрхызт йæ бæхæй. Æрбаста йæ, йæхæдæг дыргъдоны кæрдæгыл æрбадти. Фæзынд æм цавæрдæр сау лæг. æрцавта йæ уисæй, æмæ лæппу тымбыл дур фестад.
Кæстæр æфсымæр араст дæллаг фæндагыл. Фембæлдис доныл, дидинæгыл, бирæгъыл, уæрыккыл, кулдуарыл. æнæзонгæ лæг ын куыд бацамыдта, афтæ бакодта. Бацыди галуанмæ. Кæсы æмæ уыны диссаджы рæсугъд чызджы хуысгæ. Раппæррæст кодта йæ къалатийæ булæмæргъ. Абадти чызджы риуыл, ныззарыд йæ мин зæлланггæнаг хъæлæстæй. Чызг бафынæй. Паддзахы кæстæр фырт ацахста булæмæргъы, аба кодта чызгæн æмæ фæстæмæ фæраст йæ фæндагыл.
Райхъал чызг. Кæсы, æмæ булæмæргъ уым нал. Ныхъхъæр кодта:
— Кулдуар, ма сæ ауадз!
Дуар чызгмæ дзуры:
— Хуыцауы фæндонæй ме ’хгæд фарс гом у, мæ гом фарс та — æхгæд!
Чызг та сиды:
— Бирæгъ, уæрыкк, хæцут къæрныхыл!
Уыдон æм дзурынц:
— Хуыцауы фæндонæй бирæгъæн дзидза радта, уæрыккæн — кæрдæг!
— Сындздидинæг, хæц сыл!
— Ды мæ сындзæй байдзаг кодтай, уый та мæ дзæнæты дидинæг скодта!
Чызг та ныхъхъæр кодта:
— Дон, æрцахс къæрныхы!
— Цæмæн æй ахсон? Ды мæ маргджын скодтай, уый та мæ цардыхос скодта!
Чызг абадт йæ бæхыл...
Уæдмæ лæппу æрхæццæ, фæндаг ын чи бацамыдта, уыцы лæгмæ. Арфæ йын ракодта. Бафарста йæ йе ’фсымæртæй.
— Нæ, нæ фæзындысты, — дзуапп ын радта лæг.
Лæппу йæм йæ булæмæргъы радта, йæхæдæг ацыд уæрæх фæндагыл. æрцыд иу стыр сахармæ. Сихор скæнынмæ бацыд иу ранмæ. Кæсы æмæ уыны: йæ хистæр æфсымæр уым æххуырстæй кусы. Кæстæр æй аивæй расайдта. æрцыдысты сæ фæндаг-амонæг лæгмæ.
Ног та ацыди лæппу астæуккаг æфсымæры агурæг. Цæуы æмæ фæсхох ауыдта егъау галуан. Бацыди дыргъдонмæ. æрбадт иу бандоныл. Фæзынд æм сау дынджыр лæг, фæхъæр кодта:
— Уыцы бынат исты уæгъд у? Цы йыл æрбадтæ?
Лæппу фæцарæхст. Сау лæджы уис раскъæфта æмæ йын дзы йæхи æрцавта. Уый дур фестад.
Лæппу уисæй ралæууыд дуртыл. Дуртæ адæм фестадысты, лидзынц фæйнæрдæм.
æфсымæр æрлæууыд, базыдта йæ кæстæры. æрцыдысты фæндагамонæгмæ.
æртæ æфсымæры райстой сæ булæмæргъы æмæ фæцæуынц  сæхимæ. Дон нуазын сæм æрцыди. Бацыдысты цъаймæ. Кæстæр æфсымæры ауагътой цъайы. Дон систой, фæлæ лæппуйы цъайы ныууагътой. æрцыдысты сæхимæ: «Нæ кæстæр æфсымæр фæмард. Мах ссардтам æмæ дын æрхастам, нæ фыд, булæмæргъ».
Булæмæргъы аргъуаны бакодтой. Заргæ нæ, фæлæ ма тыххæй улæфыд, мæгуыр.
Чызг дæр æрхæццæ уыцы паддзахмæ:
— Кæм ис, мæ булæмæргъ мын чи рахаста, уыцы лæппу?
— Мах, — загътой хистæр дыууæ æфсымæры.
— Цы федтат фæндагыл?
— Ницы, — загътой дыууæ хистæры.
— Сымах нæ уыдыстут.
Чызг æрцахста дыууæ æфсымæры æмæ сæ ахæстоны бакодта. Байста сахар æмæ дзы æрцард.
Хуымонтæ лæппуйы цъайæ сластой. æрцыди сæхимæ. Нæ дзы йæ фыды уыны, нæ йе ’фсымæрты. Адæм ын хабар радзырдтой. Лæппу суæгъд кодта йæ фыды, йе ’фсымæрты.
— æз æрхастон булæмæргъы, — зæгъы чызгæн.
— Цытæ федтай фæндагыл?
Лæппу радзырдта: дон, бирæгъ, уæрыкк, дидинæг æмæ дуары тыххæй, стæй загъта:
— Дæ русыл та — мæ ба!
— Ды дæ мæн аккаг, — загъта чызг.
Ацыдысты аргъуанмæ. Ныззарыди булæмæргъ рæсугъд хъæлæстæй. Аргъуан ныррухс. Худынц къултыл зæдты нывтæ. Чындзæхсæв скодтой. Цæрынц абон дæр.

Сырх хъуджы таурæгъ

Мæгуыр хъомгæсæн уыди чызг æмæ лæппу. Уыди сæм иу сырх хъуг дæр. Бинонтæ цардысты сабыр цардæй, фæлæ сывæл-лæтты мад амард, æмæ лæг дыккаг ус æрхаста. Фыдыус разынд фыд-зæрдæ адæймаг. Сидзæр хо æмæ æфсымæры нæ бауарзта.
Уæд хъомгæс йæ сывæллæтты æрвитын байдыдта хъомимæ быдырмæ: хъахъхъæной хъом æмæ сæ фыдыус ма уына. Хо æмæ æфсымæр быдыры хъомтæ хъахъхъæдтой, куыдтой, тарстысты...
Уæд сæм сæ хъуг бацыдис æмæ сын загъта:
— Ма тæрсут, сывæллæттæ, нæ фесæфдзыстæм. æз уæ бæсты хъом хъахъхъæндзынæн.
Сырх хъуг æцæгдæр бон-изæрмæ хъахъхъæдта хъом. Изæры-иу сæ æртымбыл кодта æмæ-иу сæ чызг æмæ лæппу æртардтой.
Фыдыус сывæллæттæн райсомæй лæвæрдта æрмæст фæйнæ кæрдзыны къæбæры. Сырх хъуг сæм-иу бацыд æмæ сын йæхи дуцын кодта. Гъемæ сывæллæттæ сæ кæрдзын хордтой æхсыримæ.
Цасдæры фæстæ фыдыусæн райгуырди чызг. Куы бахъомыл, уæд æй йæ мад иннæ хо æмæ æфсымæримæ æрвитын байдыдта хъомгæсæй. Фæлæ йæхи чызгæн алы райсом дæр лæвæрдта фондз дзулы.
Сырх хъуг хо æмæ æфсымæрæн загъта:
— Уадз æмæ уый дæр хæра ме ’хсырæй, фæлæ сымахæн ад-джын уыдзæн, уымæн та — маст!
Фыдыусы чызг мæллæг кодта, хо æмæ æфсымæр та — хæрз-хуызæй рæзыдысты. Уæд фыдыус иу хатт йæ чызджы бафарста:
— Дæуæн алы бон дæр фондз дзулы куы дæттын, уыдонæн та кæрдзыны къæбæртæ, уæддæр — æнæниз, ды та мæллæгæй хъæрзыс!
Чызг йæ мадæн загъта:
— Сырх хъуджы æхсыр мæнæн маст кæны, уыдонæн та ад-джын у.
Фыдыус йæ лæгæн дзуры:
— Нæ сырх хъуджы куы аргæвдæм, уæд нæ чызг сæнæниз уыдзæн.
— Тæригъæд у хъуг, — загъта лæг.
— æмæ дæ чызг тæригъæд нæу?
Лæг дæр фæстагмæ сразы хъуг аргæвдыныл.
Сывæллæттæ ницы зыдтой, фæлæ хъуджы æнкъардæй куы федтой, уæд æй бафарстой:
— Афтæ æнкъард цæмæн дæ?
— Мæ дзæбæх сабитæ, уæ фыдыус домы уæ фыдæй, цæмæй мæ аргæвда.
— О, нæ дарæг мадау нын куы дæ! Мах балæгъстæ кæндзыстæм нæ фыдыусæн, йæ къахы бынтæн ын пъатæ кæндзыстæм, цæмæй дæ ма аргæвдой!
— Нæ, нæ хъæуы, кæннод уæ бафхæрдзæни. Фæлтау афтæ бакæнут: мæн куы аргæвдой, уæд сусæгæй уæ цæсгæмттæ мæ тугæй байсæрдут — уæ цæсгæмттæ цæхæртæ скалдзысты сызгъæринау, мæ сæфтджытæ æмæ мын ме стджытæ сæмбырд кæнут æмæ сæ-иу кæвдæсы баныгæнут!
Сывæллæттæ кæуынц. Хъуг сын загъта:
— Ма кæут. Цомут мемæ. Ам ис иу зæронд ус æмæ уын уый баххуыс кæндзæн.
Акодта сæ зæронд усмæ æмæ йын дзуры:
— Мæнæ дæм æрбакодтон мæ сывæллæтты. Мæ мæлæты размæ дæ курын, бауарз сæ!
— Хорз, — загъта ус.
Хъуг сывæллæттæн йæ сæрæй йæ сыкъа ралыг кæнын кодта:
— Хæрын уæм куы цæуа, уæд-иу мæ сыкъа бацъирут æмæ уы-дзыстут æфсæст. Быдыры та уын æххуыс кæндзæн ацы зæронд ус.
Райсомæй хъуджы аргæвстой.
Сидзæр хо æмæ æфсымæр къусы дзаг хъуджы тугæй ахастой сусæгæй, сæ цæсгæмттæ дзы байсæрстой, æмæ тынг срæсугъд сты. Фыдыусы чызг хæрын байдыдта хъуджы фыдæй, фæлæ йын маст кодта. Хо æмæ æфсымæрæн та хъуджы фыд уыдис ад-джын. Чызг æмæ лæппу сæмбырд кодтой хъуджы стджытæ, сæфтджытæ, сæр æмæ сæ баныгæдтой кæвдæсы. Хæрын сæм-иу куы цыд, уæд-иу кæвдæсæй систой сырх хъуджы сыкъа, асдæрд-той-иу æй æмæ-иу бафсæстысты.
Хъомгæсы бинонты сеппæты дæр ахуыдтой чындзæхсæвмæ. Фыдыус æрмæст йæхи чызджы сарæзта хорз дарæсæй æмæ йæ акодта йемæ чындзæхсæвмæ, иннæты нæ ауагъта.
Уæд кæвдæсæй райхъуысти сырх хъуджы хъæлæс. Фæзынд æм зæронд ус. Ракъахта кæвдæс æмæ дзы систа диссаджы рæсугъд дарæс. Скодта сæ сидзæр хо æмæ æфсымæрыл, акодта сæ чындзæхсæвмæ. Уым хо æмæ æфсымæр сбадтысты сæ фыдыусы комкоммæ, фæлæ сæ уый нæ базыдта. Каст æмæ дисæй марди: «Цы рæсугъд сты!»
Чындзæхсæв куы фæци, уазджытæ куы рахæлиу сты, уæд зæронд ус хо æмæ æфсымæры дзæбæх уæлæдарæс аивæй раласта æмæ та сыл сæ зæронд дарæс скодта. Хо æмæ æфсымæр хъæлдзæгæй сæхимæ азгъордтой æмæ схуыссыдысты. Фыдыус сæм бацыд æмæ сыл хъæртæ кæны:
— Цы ныффынæй стут, хуыссæджы дзæкъултæ! æз чындзæхсæвы цы сабиты федтон! Чызгыл уыдис æвзист къахыдарæс, лæппуйыл та — сызгъæрин! æниу сæ уæлæдарæс та! Милуантæй дæр сæ нæ балхæндзынæ!
Фыдыус дыккаг бон аг байдзаг кодта еууæй æмæ сидзæр хо æмæ æфсымæрæн загъта:
— Кæугæ кæнут, цалынмæ ацы аг уæ цæссыгæй нæ байдзаг уа, уæдмæ! — йæхæдæг та йæ чызджы хорз сарæзта æмæ йæ акодта чындзæхсæвмæ.
Сидзæртæм та фæзынди зæронд ус, скодта та сыл хорз уæлæ-дарæс, æмæ та чындзæхсæвы хорз сæхи федтой.
Фæцыдысты сæ хæдзæрттæм адæм. Зæронд ус дæр сидзæрты ракодта. Цады былтыл фæцæйцыдысты. Чызгæн йæ иу басмахъхъ доны ныххауди. Чызг зæронд усмæ дзуры:
— Нана! Мæ басмахъхъ доны ныххауд!
— Ма йыл хъыг кæн. Тагъддæр цæугæут, цалынмæ уæ фыдыус не ’рбаййæфта.
Æрбацыдысты хæдзармæ. Зæронд ус раласта сидзæрты дзæбæх дарæс, бамбæхста сæ.
Æрбацыд фыдыус æмæ та йæ пырх калы сидзæртыл:
— Цы хуыссут, фынæй пъæззытæ! Зноны сабитæ та уыдысты чындзæхсæвы, æрмæст хуыздæр, рæсугъддæр дарæсы!
Сабитæ сæхи фынæй скодтой, сусæгæй сæхимидæг худтысты.
Паддзахы фырт райсомæй бæхгæстæн бæхты акæнын кодта дондарæнмæ. Бæхтæ донмæ æрысмудынц, фæлæ нуазгæ — нæ. Ракодтой бæхты фæстæмæ. Радзырдтой хицауæн хабар. Паддзахы фырт фæцыд йæхæдæг. Кæсы æмæ доны цыдæр æрттивы: сисын æй кодта æмæ — басмахъхъ. Йæ фыдмæ йæ бахаста æмæ зæгъы:
— Мæ фыд, ацы басмахъхъ кæуыл ссæуа, ахæм чызг мын ссар. Куы нæ ссарай, уæд цæргæ дæр нæ кæнын.
Паддзах æрæмбырд кодта æпппæт чызджыты дæр йæ кæртмæ. Не ’рцыд æрмæст сидзæр чызг, фыдыус æй нæ рауагъта:
— Кæдæм цæуыс дæ бызгъуырты! Мæнæ мæхи чызг ацæудзæн.
Ацыд йæ чызгимæ паддзахы кæртмæ.
Паддзах æппæт чызджыты къæхтыл федта басмахъхъ, фæлæ сæ никæмæн бабæззыд.
— Æппæт чызджытæ дæр ам сты?
— Æрмæст ма не ’рцыд иу æгуыдзæг чызг.
— Æркæнут æй ныртæккæ!
æркодтой сидзæр чызджы. Басмахъхъ уый къахы аккаг разынд, æмæ паддзахы фырт уæд бацин кодта: «Ацы чызг уыдзæни ме ’фсин!»
Уым дзыллæтæ схор-хор кодтой: «Цæмæн дæ хъæуы ахæм ницæйаг!»
— æз ацы чызджы курын! — скарста паддзахы фырт.
Уæд райдыдтой фæрсын сидзæр чызджы: чи дæ, цы дæ?
Чызг сын радзырдта:
— Ис мын зæронд фыд, фыдыус, йæ чызг. Ис мын иу мадæй райгуыргæ æфсымæр дæр.
— æмæ дæ иннæ басмахъхъ кæм и?
— Уый æрмæст мæ нана зоны.
Чызг сæхимæ æрцыди. Фыдыус баззади паддзахы кæрты æмæ лæппуйæн йæхи чызгæй æппæлы.
Сырх хъуджы сæр сидзæр чызгмæ фæдзырдта:
— Де ’фсымæры арвит паддзахы фыртмæ æмæ йын зæгъæд: изæры нана æрцæудзæн æмæ дын мæ хойы ратдзæн.
Чызг загъта йе ’фсымæрæн.
Изæры чызгмæ æрцыд паддзахы фырт.
Нана чызджы хорз дарæсы сфæлыста æмæ йæ арвыста чындзы.
Фыдыус къуырийы фæстæ фæцыди паддзахмæ æмæ дзы ракуырдта, цæмæй йæ чындзы дыууæ бонмæ рауадза йæ цæгатмæ. Паддзах рауагъта чындзы. Фыдыус йæхи чызджы рæсугъд дарæсы сфæлыста æмæ йæ акодта паддзахмæ, цыма уый у йæ чындз, йæхæдæг раздæхт сæхимæ.
Изæры паддзахы фырт базыдта, йæ усы йын кæй баивтой, уый, æмæ йæ радзырдта йæ фыдæн.
Паддзах фæтардта фыдыусы чызджы.
æркодтой сидзæр чызджы фæстæмæ.

Ирон æвзагмæ сæ раивта
æлдаттаты Виктор

// Мах дуг.– 2003.– № 1.


Литература народов Кавказа
      Армянская
      Абхазская
        Абхазаг æмбисæндтæ
        Абхазаг таургътæ
        Агындиа Сергей
        Аджба Таиф
        Амаршан Витали
        Аламиа Геннадий
        Ажиба Энвер
        Гогуа Алыкса
        Джинджолия Владимир
        Искандер Фазиль
        Касландзиа Валери
        Квициниа Никъала
        Лагулаа Анатоли
        Лакербай Юри
        Ломиа Константин
        Мукба Анзор
        Хашиг Никъала
        Хашба Риммæ
        Хварцкия Игорь
        Чкадуа Шота
      Балкарская
        Амина Газаева
        Владимир Мокаев
        Кулиев Кайсын
        Муталип Беппаев
        Светлана Моттаева
        Хасан Шаваев
      Грузинская
      Дагестанская
        Аджаматов Аткай
        Ахмедов Мурад
        Гамзатов Расул
      Кабардинская
        Борис Кагермазов
        Мадина Хакуашева
        Зубер Тхагазитов
        Магомед Кудаев


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.