ХЪАНЫХЪУАТЫ Инал
зындгонд фыссæг, рухстауæг, публицист
(1851—1899)
ХОХАГ ХЪÆУЫ
Кавказы мотивтæй
Æрсабыр хъæу. Ныгъуылы тары.
Ыздæхынц хизæнуæттæй хъом.
Ыстьалы ферттывта, æппары
Йæ тынтæ — бангæстæ и ком.
Нæу афтид уазæгдон: æмбырдæй
Кæнынц ам хистæртæ ныхас.
Уыди лæгау лæгтæ. Йæ фырттæй —
Сæрыстыр абон дæр Кавказ...
Изæр фæллад уды фæфæнды
Фæхъусын кадджытæм: Гæбис
Æриста рагъæнæй йæ фæндыр,
Æмæ ныддыз-дыз кодта хъис.
Æрыгас рагзаман. Ыстæртæ,
Фæдистæ, сгуыхтытæ, адзал...
Æхсарæй сæфтысты фæлтæртæ.
Æдзардæй цал бабын и, цал!
Цæры ныр зарджыты æнусмæ
Сæ кад, сæ лæджыхъæд, сæ тох.
Дзæнæт — сæ удты бадæн, рухсы.
Сæ ном нæу байзæддæгтæй рох.
Æнафон. Хуыссæнмæ нæ комы
Мæ зæрдæ. Дуне та — фынæй.
Æрттивы сау хъамайау комы
Нæргæ дон, абухы мæстæй...
ÆРХÆНДÆГ
Дуне та абон — æнтъыснæг.
Дардыл, пъæззыйау, нæ зæхх
Асæст æмбæрзы... Сæлфынæг —
Зæрдæ дзы, оххай, фæцъæх.
Зæрдæйы — маст æмæ катай,
Цард ын — фыдæвзарæн, тох.
Цух ыстæм амондæй, кадæй.
Зæдтæй, Хуыцауæй дæр — рох.
Сидзæрты дудгæ дзынæзтæй
Басаст æвзонгæй мæ тых.
Худы фæлитой æфсæстæй,
Калы ныл тугцъир йæ пырх.
Чи нын у хицау? Гæртамхор,
Чи у йæ хъузон? Хуыснæг.
Ахæмты амондджын ма хон,
Ахæмтæм ма кæ хæлæг.
Дзаг у фыдæхæй сæ зæрдæ,
Сау у, æхсæвау, сæ бон.
Цъиусурау зилы сæ сæрты
Сусæг тас — сусæг тæрхон.
1894
ФАНТАЗИ
Мæ зæрдæ мын æнкъард хъуыды куы сæтты,
Куы мын æрбырсы сау катай мæ ныфс,
Уæд атæхын дæ дунемæ мæ сæнтты,
Æрвон дунемæ — удхос мын дæттыс.
Бæстырæсугъд дæ, саудзыкку, гуырвидыц,
Дæуæй мæм хуртæ, стъалытæ кæсынц.
Сæ тынтæ мæ уæлвонг бæстæтæм сисынц,
Фæдзæхсæгау дæ цæстытæ зæгъынц:
«Мæ удлæууæн! Æмбарын дын дæ катай.
Зæххон дуне æлгъыстаг у, мæнгард.
Йæ судзгæ маргæй сæрра кæны хатгай
Рæстаг уды — ныггуылмыз вæййы цард.
Æндонриу басгуых, ма басæтт фыдæхæн,
Хæрам тыхты цур ма ’ркъул кæ дæ сæр,
Дæ раст фæндагæй ничердæм и здæхæн,
Дæ фарсмæ дæн сæрбахъуыды æз дæр...».
...Пылыстæг цонг... Æрвон тых ис йæ мидæг.
Рæвдауы мæ. У удыхос, æвдадз.
О Хуры хъæбул, амæндтæн сæ уидаг,
Дæ зарæджы æхцон зæлтæ мыл тадз.
Дæ хъуымбыл дзыкку сау уылæнау сонтæй
Дæ риуыл рахауд. Фестъæлфыдтæн æз.
Тæхын, кæсын ныллæг зæхмæ бæрзондæй,
Мæ уæхсчытыл — сæнтурс мигъæй пæлæз.
1892
ФЫДБЫЛЫЗ
Ныдцæрæн уылæнтыл мæ бæлæгъ,
Æмæ мыл сау катай æртыхст:
Рæхджы цы ’рцæудзæни, цы бæллæх,
Цы и мæ ныхынывы фыст?..
Кæсын æз былгæрон æнхъæлмæ:
Кæм дæ, мæ ирвæзæн хос, нау?
Мæ уды сусæг сидт, дæ хъæрмæ
Къуырма сты зæдтæ ’мæ Хуыцау...
Æууæнк нæй иу исдуг дæр фурдыл:
Дæ фæндтæн фестдзæнис ингæн...
Æртыхсы сау катай мæ удыл, —
Æвзоны царды денджыз мæн.
1894
НОГ АЗ
Фæфардæг аз æмæ йæ фæстæ
Ныууагъта сусæггæ дзæвгар.
Цы федта адæймаг йæ хæрзтæй?
Йæ бонтæ раздæрау — фыдтар.
Тæхынц замантæ, дугтæ афтæ.
Фæкæсы боны хорзмæ лæг
Æмæ æнхъæлмæгæсгæ рафты —
Нæ цæуы амонд та хæстæг.
Йæ Зæрдæ Ногбоныл фæдары
Мæгуыр: æрхæсдзæни мын фарн. —
Амал йæ тухитæн нæ ары,
Зындонау удхайраг — йæ ран.
Быхсы цагъайраджы æфсондзæн,
Тыхсы — цы сараза æндæр?
Бецау лæг! — Амонды æфсон æм
Фæзыны хаттæй-хатт Æндæрг.
1895 азы декабрь
Хъодзаты, Æ. Исчи : æмдзæвгæтæ, тæлмацтæ / Хъодзаты Æхсар. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2017.