logo

М О Я    О С Е Т И Я



ХАСАН ШАВАЕВ

Шаваев Хасан Исмаилович — балкарский прозаик. Родился в 1937 г. в селе Кёнделен Эльбрусского района Кабардино-Балкарской Республики. Окончил факультет журналистики Азербайджанского государственного университета им. С. М. Кирова. Около тридцати лет возглавлял отдел культуры, литературы и искусства республиканской газеты «Заман» («Время»). В настоящее время работает редактором отдела прозы литературного журнала «Минги-Тау» («Эльбрус»). Автор более двадцати книг, в том числе шести романов. Произведения переведены на русский, киргизский, турецкий, башкирский языки. Член СП России и Союза журналистов РФ, заслуженный работник культуры КБР. Живет в Нальчике.

САУ ӔНДӔРГ

Цӕмӕй, ӕхсӕрдӕс азы дӕр кӕуыл нӕма сӕххӕст, уыцы къӕсхуыртӕ чызг Лиуазӕйы ӕрцахсой, уый тыххӕй, сӕ уӕлӕ ӕфсӕддон уӕлӕдарс, афтӕмӕй ӕрбацыдысты дыууӕ нӕлгоймаджы. Се 'хсӕвӕнгӕс талынг цӕсгӕмттӕ, тызмӕг ӕмӕ уӕндон цӕстӕнгас адӕймаджы уагътой цавӕрдӕр ӕнахуыр тас. Мидӕмӕ бахызтысты ӕнӕхойгӕйӕ. Тыхтӕ ӕмӕ ма амӕлттӕй цы самандур хӕдзары дуары згӕ ричъитӕ хӕцыдысты, уыдон уыцы дӕргъвӕтин хъинц ныккод-той. Чысыл мыдадзын цырагъы ӕвзаг бадыз-дыз кода ӕмӕ, хӕддзу уазджытимӕ цы дымгӕ фӕмидӕг хӕдзары, уый уазал уылӕнӕй ахуыссыд. Талынг уатӕй райхъуыст лӕгтӕй иуы тызмӕг ныхас. Фӕлӕ дыккаг, ӕвӕццӕгӕн, йӕ цинмӕ гӕсгӕ уыд хистӕр ӕмӕ йӕ къух фыццаджы уӕхскыл авӕрдта: уымӕй йын ӕмбарын кодта, ны-хас кӕнын афтӕ тызмӕгӕй нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Лиуазӕ рӕвдзгомау дуары цурмӕ бауад, бӕрзы цъары ӕхсныф систа ӕмӕ йӕ йӕ цыргъ кӕронӕй фӕцавта пецы. Уысмы фӕстӕ райхъуыст писиамӕст цы-рагъы лӕмӕгъ къӕр-къӕр, ӕмӕ дзы чызг, кӕронмӕ чи нӕма ахуыс-сыд, уыцы мыдадзын цырагъ тынгдӕр ссыгъта. Цырагъы рухс фаг уыд, цӕмӕй разыной гӕвзыкк хӕдзары къуымтӕ.
Лиуазӕ хъавгӕ уазджыты цӕсгӕмттӕм бакаст: зонгӕ йын нӕ уыдысты, ӕмӕ сабыргай йӕ мидбылты бахудт.
-  Рахизут. Уазӕг - Хуыцауы уазӕг. Мӕнӕ ам ӕрбадут, - загъта чызг ӕмӕ йӕ къухӕй ацамыдта зӕронд фӕйнӕджытӕй конд тъахтинмӕ. Фӕлӕ ӕрбацӕуджытӕ сӕ бынатӕй дӕр не фезмӕлыдысты. Лиуазӕйы зӕрдӕ катайы бацыд... Йӕ дзыгъуыр цӕсгом йӕ мады хъӕбысы анорста. Чызджы сӕр йӕхимӕ ӕрбалвасгӕйӕ, йӕ тарст цӕй мидӕг ис, уый не 'мбаргӕйӕ, Забитхан каст се 'нахуыр уазджытӕм. Ӕмӕ йӕ кӕд тынг фӕндыд, уӕддӕр йӕ бон нӕ баци дыууӕ нӕлгоймагӕн сӕ тар хуызтӕй дарддӕр сӕ цӕсгӕмттӕ раиртасын.
-Ацы хӕдзары сымахӕй уӕлдай ничи ис? - афарста ӕрбацӕуджытӕй иу. - Зӕгъӕм, ахӕм ныллӕг, дӕнгӕл нӕлгоймаг хӕмпӕл рихитимӕ?
-Нӕ-нӕ. Мӕ мад ӕмӕ мӕн йеддӕмӕ ам ничи цӕры, - дзуапп радта Лиуазӕ. Забитханы йӕ чызджы ныхӕстӕ гуырысхойы баф-тыдтой. Уӕззау улӕфт ныккодта, цыма ныртӕккӕ райхъал, уыйау, стӕй йӕ былыл дӕндагӕй ныххӕцыд.
-Сбадут уӕ хорзӕхӕй, - загъта сылгоймаг. - Уӕлартыл мын ӕхсӕвӕр ӕвӕрд ис. Мӕ тутт сӕр, раздӕр куыд нӕ ахъуыды кодтон, цӕмӕй уын исты ахӕрын кӕнон, ууыл. Ӕвӕццӕгӕн, фӕндагыл сӕххормаг уыдаиккат. Нартхоры ссадӕй мамалыгӕ афонмӕ ацӕттӕ. - Забитхан пецмӕ бацыд, сау алайӕдзаг аджы хъӕдын сӕр фелвӕста ӕмӕ цингӕнгӕ загъта: «Цӕттӕ у!»
Фӕлӕ йӕм уазджытӕ се 'ргом нӕ раздӕхтой. Раст ӕй цыма хъусгӕ дӕр нӕ фӕкодтой.
-Дӕ фыд та кӕм ис? - афарста, ӕрбацӕуджытӕй чызгмӕ хистӕр чи фӕкаст, уый.
-Фӕмард хӕсты. Фронты.
Лӕгтӕ кӕрӕдзимӕ бакастысты. Иуӕн дзы йӕ цӕсгомыл фӕзынд цавӕрдӕр ӕнахуыр мидбылхудт.
-  Цавӕр хӕсты кой кӕныс? - мидбыл худгӕйӕ та йӕ афарста.
-  О, о! Мӕ фыд хӕсты фӕмард! - мынӕг хъӕлӕсыуагӕй загъта Лиуазӕ. Ӕфсӕддон ныр бынтон хъӕрӕй ныххудт. Фӕлӕ йӕ хистӕр
ӕмбалы цӕстӕнгас куы ацахста, уӕд йӕ сӕр ӕфсӕрмыгомау ӕруагъта.
-Бахатыр кӕнут, нӕ йӕ ӕмбарын, цы дзы ис ам худӕгӕй? -афарста Забитхан. - Мӕ чызг уын раст зӕгъы, йӕ фыд ӕцӕгӕй дӕр хӕсты фӕмард. Ӕндӕр нӕм дзы ницы хабар сыхъуыст. Кӕд сымах исты зонут бӕлвырд, мыййаг, уӕд, уӕ хорзӕхӕй, зӕгъут нын ӕй.
-Бахатыр кӕн, нӕ хо. Куыд уынын, афтӕмӕй ардӕм рӕдыдӕй ӕрбафтыдыстӕм, - загъта хистӕр ӕфсӕддон. - Мах хъӕуы Аскерби Норттаевы чызг Лиуазӕ.
-Уый ӕз куы дӕн! - цингӕнгӕ фӕхъӕр ласта чызг, цыдӕр хорз ӕм дзы цыма каст, кӕй йӕ агуырдтой, уымӕй. Йӕхи ныхъхъӕддых кодта ӕмӕ-иу йӕ цӕстытӕ куы йӕ мадыл, куы та уазджытыл ахаста.
Ӕфсӕддонтӕ дӕр кӕрӕдзимӕ бакастысты. Иу чысыл ма куы алӕууыдысты, уӕд бахудтысты ӕмӕ ӕнӕдзургӕйӕ дуармӕ ацыдысты. Лиуазӕйы зӕрдӕ бауазал, кӕд йӕ цӕстытӕ худгӕ кодтой, уӕддӕр.
Забитхан уазджытӕн сӕ уӕлхъус алӕууыд:
-Уый та куыд? Ау, афтӕ ацӕудзыстут, ӕнӕ скомдзаг кӕнгӕйӕ?
-Бузныг. Рӕстӕг нын нӕй, - загъта хистӕр. - Мах агурӕм Аскерби Норттаевы чызг Лиуазӕйы хӕдзар.
-Иунӕг Хуыцау, ӕз ӕппӕт зылды дӕр никӕй зонын ахӕм номимӕ мӕ чызгӕй фӕстӕмӕ.
-Кӕй кой кӕныс?
-Мӕнӕ ай, - йӕ чызгмӕ ацамыдта Забитхан.
Уазджыты цыма ивгӕ фӕкодтой, уыйау фесты. Сӕ цӕстытӕ знӕт сыгъд скодтой.-Кӕцы къласмӕ цӕуыс? - тызмӕгӕй афарста Лиуазӕйы хистӕр.
-Ӕз? Ӕвдӕм. Ахуыр куы фӕуон, уӕд та кусдзынӕн ӕмӕ мӕ мадӕн ӕххуыс кӕндзынӕн.
-Ӕмӕ дӕ Кавказмӕ нӕ фӕнды?
-  Уӕдӕ нӕ! Тынг мӕ фӕнды, - чызг ма фыр цинӕй хъӕр дӕр ныккодта. - Нана, фехъуыстай?! Нӕ дын дзырдтон, иу бон нын бар ратдзысты нӕ фыдӕлты зӕхмӕ ссӕуынӕн, зӕгъгӕ.
Уӕдмӕ 'фсӕддонтӕ дӕр бамбӕрстой, ардӕм рӕдыдӕй кӕй не 'рбацыдысты, уый.
Сӕ хистӕр, Лиуазӕйы 'рдӕм разилгӕйӕ, бардзырд дӕттӕгау загъта:-Рӕвдз, мӕнӕ налат, дӕ дзаумӕттӕ амбырд кӕн, махимӕ ацӕудзынӕ.
-О Хуыцау, кӕдӕм? - ныхъхъар кодта Забитхан, Лиуазӕйы йӕхимӕ ӕрбалвасгӕйӕ.
-Мах дын дӕ чызджы арвитдзыстӕм Кавказмӕ. Цыма йӕхи дӕр уырдӕм тынг фӕнды.
-Ӕмӕ айдагъ уый цӕмӕн?
-Афтӕ хъӕуы.
-Нӕ-нӕ. Уый тыххӕй дзургӕ дӕр ма кӕнут. Мӕ бон не суыдзӕн ӕхсӕвыгон сымахимӕ сывӕллоны ауадзын, уӕлдайдӕр - чызджы. Ӕз дӕр ацӕудзынӕн уемӕ. Мӕнӕ цы ӕнамонд дӕн, - ныккуыдта Забитхан. - Мӕ иунӕг удлӕууӕнӕй мӕ куыд хицӕн кӕнут?! Фӕлтау, цалынмӕ нӕма ацыдыстут, уӕдмӕ мӕ амарут.
Фӕлӕ сау ӕндӕргтӕ ӕгъатыр уыдысты. Забитхан уыцы талынг ӕхсӕвимӕ иумӕ зыбыты иунӕгӕй баззад. Дӕ фыдгулыл дӕр ахӕм бон акӕнӕд.
О, хатгай ныййарӕг мады зӕрдӕйау арв дӕр фердиаг кӕны. Рай-сом уыд тарӕрфыг ӕмӕ асӕст. Сау мигътӕ сӕхи арвыл байтыгътой. Райдыдта сӕлфынӕг кӕнын.

* * *

О Хуыцау, ӕвӕццӕгӕн, адӕм рӕстытӕ дзурынц: «Чи цӕмӕй тӕрсы, уый йыл ӕнӕмӕнг ӕрцӕуы». Йӕхи цас зоны, уыйбӕрц Лиуазӕ ӕппӕты тынгдӕр тарст талынгӕй. Куыддӕр-иу фӕизӕр, афтӕ-иу ӕй дуармӕ ницы хуызы ракодтаис. Хатгай-иу ӕхсӕвыгон рудзынгӕй куы ракаст, уӕд-иу йӕ цӕстытыл уадысты цавӕрдӕр ӕнахуыр тугдзых сырдтӕ, бирӕгътӕ ӕмӕ фӕтӕндзӕмбы ӕрсытӕ. Афтӕ йӕм-иу каст, цыма иууылдӕр йӕ рудзынджы бын арӕмбырд сты, цӕмӕй йӕ уатмӕ балӕсой ӕмӕ йӕ бахӕрой. Фӕлӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ ацы изӕр, рухс дӕр кӕдӕм нӕ хӕццӕ кӕны, уыцы уаты куы баззад, уӕд ницӕмӕй тарст.
Лиуазйы уырдӕм бакодтой уыцы дыууӕ ӕфсӕддоны ӕмӕ йыл дуар сӕхгӕдтой. Фыццаг уал ӕнӕмад сӕныккау рауай-бауай кодта талынг къуымты ӕмӕ-иу йӕхи куы къулыл скъуырдта, куы та - дуарыл. Фӕлӕ уый фӕстӕ ӕрсабыр. Бамбӕрста, ӕндӕр гӕнӕн ын кӕй нал ис, уый.
-  Ма тӕрс, мӕ къона, - айхъуыста кӕйдӕр сабыр ӕмӕ фӕлмӕн хъӕлӕс.
Мӕгуыр чызджы ма гыццыл хъуыд бауадзыгмӕ. Йӕ зӕрдӕйӕ нылхъывта, улӕфт фӕкъуыхцы. Дуарыл ма йӕхи баныхӕста, цӕстытӕ йӕ чысыл къухтӕй нылхъывта, афтӕмӕй ныхъхъӕр кӕнынмӕ хъавыд. Фӕлӕ йӕ бон не сси.
-  Ма тӕрс, чызг. Ам дын тӕссаг нӕу, - загъта та ногӕй уыцы сабыр хъӕлӕс. - Сӕйрагдӕр, боны рухсмӕ ныббыхс, ӕндӕр уӕд иунӕг нал уыдзынӕ. Быхсын хъӕуы, рӕстӕг ахӕм у. Адӕм кӕрӕдзи удӕгасӕй бахӕрынӕввонг систы. Ныры сывӕллӕттӕ дӕр сӕ къухтӕ туджы ӕвдулынц. Ныййарджыты зӕрдӕтӕ мастӕй тонынц. Дӕ цӕстытӕ бахгӕн ӕмӕ бафынӕй кӕн. Уадз, ӕмӕ дӕ зӕрдӕ баулӕфа».
-Ардӕм мӕ цӕмӕн ӕрбакодтой?
-Уый дын райсом зӕгъдзысты.
-Ӕз тынг тӕрсын. Хуыцауы хатырӕй, ма ацу абон ардыгӕй. Мӕ цуры у.
-Ма тӕрс, нӕ ацӕудзынӕн. Ӕз дӕ хъахъхъӕндзынӕн.
-Дӕ хъӕлӕс дын хъусын, фӕлӕ дӕ нӕ уынын.
-  Талынг ӕхсӕв у. Ӕз дӕр дӕ нӕ уынын. Куы ӕрбабон уа, уӕд базонгӕ уыдзыстӕм. Ныр та баулӕф. Дӕ рахизфарс сынтӕг ис. Схуысс ыл ӕмӕ бафынӕй кӕныныл бацархай.
Уыцы бон уырдӕм фӕдзырдтой Ошы хъӕууонхӕдзарадон тех­никумы студент Барисмӕ дӕр. Ма тыхс, зӕгъгӕ йын загътой, бирӕ дӕ нӕ ныууромдзысты.
Барис цы уаты уыд, уырдӕм бахуыдтой Кябӕханы. Йӕ бакастыл бӕрӕг уыд, фыццаг хатт дзы кӕй нӕ уыд, уый. Мӕллӕджытӕ, даргъ фындзджын Кябӕхан уыд Барисы сыхаг.
Сӕ дыууӕ дӕр цардысты районы центры - Наукаты. Ӕвдӕмкъласон Кябӕхан йе 'мгӕрттӕй бирӕ хистӕр зынд. Асӕй дӕр уыд бӕрзонд.
Ныр дӕр йӕ уӕззау ныхас ӕмӕ уӕзбын цыдмӕ гӕсгӕ уыд ӕвдӕмкъласоны хуызӕн нӕ, фӕлӕ карджын сылгоймаджы хуызӕн.
Барисы уынд ын ӕхсызгон нӕ уыд. Йӕхи йыл абылысчъил код-та ӕмӕ йӕ рӕзты ахызт. Барис уый нӕ фӕхатыд. Бацыд ӕмӕ йӕм мидбылхудгӕ йӕ къух бадаргъ кодта, фӕлӕ йӕ уайтагъд фӕстӕмӕ айста. Афтӕ йӕм фӕкаст, цыма Кябӕханы стыр цӕстыты арв нӕрыд. Йӕ уазал андзӕвд та йын йӕхиуыл банкъардта, ӕмӕ йӕ хъустӕ ныззыланг кодтой. Цасдӕр рӕстӕг йӕ мидбынаты сагъдӕй баззад ӕмӕ йын нырӕй фӕстӕмӕ ӕцӕгӕлон чи у, уыцы Кябӕханмӕ каст. «Райхъал» ӕй кодта, уатмӕ цы лӕгтӕ бахызтысты, уыдоны тызмӕг ныхас. Барис се 'хсӕн ауыдта Лиуазӕйы дӕр. Хорз ӕй зыдта. Уым, Кавказы, сӕ хъӕутӕ кӕрӕдзимӕ хӕстӕг уыдысты. Ам та дыууӕйӕ дӕр цардысты иу уынджы. Лиуазӕйы хуыссӕгхъӕлдзӕг цӕстытыл бӕрӕг уыд, ӕхсӕв ӕгъуыссӕг кӕй фӕцис, уый. Барисы куы ауыдта, уӕд ӕм базгъордта, йӕ хъӕбысы йӕ ныттыхта ӕмӕ скуыдта.
-  Ма ку, сабыр. Цы кодтай? - уӕзданӕй йӕм сдзырдта Барис, йӕ дзыккутӕ йын лӕгъз кодта, афтӕмӕй.
Нӕ йӕ зыдта, чызг цӕмӕн куыдта, уый. Фӕлӕ иу хабар зыдта бӕлвырд: Лиуазӕйыл цавӕрдӕр бӕллӕх ӕрцыд.
Ӕртӕ лӕджы ӕрбадтысты ӕрвгъуыз ӕмбӕрзӕнӕй ӕмбӕрзт стъо-лы уӕлхъус. Бадомдтой, цӕмӕй Лиуазӕ Барисӕй иуварс алӕууа. Лиуазӕ ӕмӕ Кябӕхан сӕхи байстой уаты фӕйнӕ къулмӕ, се 'хсӕн та - Барис.
-  Ды нын хъуамӕ, ацы сылгоймӕгтӕ цы дзурой, уый бӕстон ратӕлмац кӕнай, - загъта, стъолы уӕлхъус астӕуӕй чи бадт, уыцы бур-хил афицер. Йӕ маргхъӕстӕ цӕстыты ӕппындӕр тӕригъӕды стъӕлфӕн нӕ уыд. «Ма ратт, ма райс»-ы лӕгмар», - ахъуыды кодта Барис.
Барисӕн бамбарын кодтой, тӕлмацгӕнӕджы хӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ йӕ куыстыл закъоны бындурыл дзуапп кӕй дӕтты, уый. Ӕмӕ йын цавӕрдӕр гӕххӕттытыл йӕ къух ӕрфыссын кодтой.
Фӕстӕмӕ йӕ бынатмӕ здӕхгӕйӕ, йӕ цӕст Лиуазӕйыл ахаста, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ауынгӕг. Цӕссыг хъуыры абадт. Йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыдысты, балхъайрӕгтӕ сӕ «цытджын фӕтӕджы» барвӕндӕй сӕ хӕдзӕрттӕй куыд сыстын кодтой ӕмӕ сӕ куыд ахстой, уыцы цаутӕ. Йӕ фыд, зӕронд хохаг, цӕугӕдон Черекы дурджын былгӕрӕттыл йӕхи ӕрӕппӕрста ӕмӕ йын йӕ уазал донӕй зыдӕй нызта.
«Кӕугӕ, ӕнамонд, кӕугӕ... - дзырдта уый, йӕ уарзон донӕн ӕнустӕм хӕрзбон дзургӕйӕ. - Кӕугӕ, мӕ сидзӕр!.. »
Нӕ, уыцы бон Барис никуы ферох кӕндзӕн. Йӕ мидхъуыдыты та ногӕй айзӕлыд уыцы фыдзыкъуыр афицеры ныхас: «.Ацы сылгоймӕгтӕ цы дзурой, уыдон.» Бакаст уыцы «сылгоймӕгтӕм», ӕмӕ йӕ зӕрдӕ байдзаг судзӕггаг рыстӕй.
-  Куыд уыд, афтӕ дзур, - уайтагъд загъта афицер, Кябӕханмӕ кӕсгӕйӕ.
Уый фестъӕлфыд, фестад ӕмӕ чысыл размӕ рацыд, йӕ алыварс чи уыд, уыдоныл йӕ цӕст ӕфхӕрӕджы хаст акодта, уӕлӕнгай схуыфыд ӕмӕ райдыдта:
-  Нӕ уарзон фӕтӕг, нӕ фыд, Сталин куы амард, нӕ цӕстытӕ ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ туджы куы мӕцыдысты, уӕд советон цардыуаджы ныхмӕ дзурджытӕ цин кодтой. Уыцы бон мах никуы ферох кӕндзыстӕм. Ӕмӕ йӕ зонут, ныхас цытджын фӕтӕгыл куы цӕуа, уӕд ӕз ницӕй раз ӕрлӕудзынӕн, ницы бавгъау кӕндзынӕн. Фӕлӕ мӕнӕ ай, ацы маргджын калм (сӕрӕй Лиуазӕмӕ ацамыдта) йӕхицӕн бынат нӕ ардта ӕмӕ уыцы сау бонты цӕттӕ уыд кафынмӕ. Уе 'ппӕт дӕр ӕй зонут. Уый, Тугъанты Лиуазӕ, райгуырд Кавказы, ныр та цӕры ам, Наукаты. Уыцы бон мын афтӕ загъта: «Кӕдӕй-уӕдӕй уыцы рихиджын амард! Ныр нӕ ӕнӕмӕнг ауадздзысты Кавказмӕ». Мӕ зӕрдӕ худинагӕй судзы, йемӕ иу хъӕуы кӕй райгуырдтӕн, ныр та иу горӕты кӕй цӕрын, уымӕй. О, Хуыцау, ноджы ма йемӕ иу къласы дӕр ахуыр кӕнын.
Барис, къуыхцытӕ кӕнгӕ, Кябӕхан цыдӕриддӕр дзырдта, уыдон уырыссагау загъта.
-Мӕн тӕлмацгӕнӕг нӕ хъӕуы, - загъта Кябӕхан уырыссагау. Барис йӕ былтӕ сысчъил кодта. Уыцы рӕстӕг Кябӕханы дзых уыд, мады ӕхсыр кӕуыл нӕма бахус, ахӕм сывӕллоны нӕ, фӕлӕ залиаг калмы дзыхы хуызӕн.
-Ӕз афтӕ нӕ загътон, - сындӕггай сфӕрӕзтӕ Лиуазӕ, Кябӕханмӕ разилгӕйӕ. - Уӕдӕмӕ цы 'взӕр дӕ! Цы дын кодтон уагӕры? Ӕрхъуыды ма кӕн, ахуырты дын куыд феххуыс кӕнын, уый... Дӕ гӕды ныхӕстӕй мӕ цӕмӕн худинаг кӕныс?
-Тугъанон, ныууадз дӕ сывӕллоны ныхӕстӕ,- фӕхъӕр та кодта уыцы бурхил афицер, йӕ къухы даргъ ручкӕ тылдта, афтӕмӕй. -Куыд бауӕндыдтӕ не стыр хъыгыл худын, ӕппӕт размӕдзыд адӕмты хъыгыл?.. Мауал тъиз ӕмӕ фӕрстытӕн дзуапп дӕтт.
-Ӕз ницы дзырдтон.
-Дзырдта! - йӕ тых-йӕ бонӕй ныхъхъӕр кодта Кябӕхан. -
Ӕрхъуыды ма йӕ кӕн, де 'гъатыр ныхстӕ дын дӕ цӕстмӕ куыд дард-тон, уый. Нӕ уарзон фӕтӕджы нын куыд фаудтай, йӕ фыдгой куыд кодтай. Ӕмӕ мын уӕд куыд дзырдтай? Уӕд мын загътай: «Ӕнӕхайыр фӕу! Цӕугӕ, ӕмӕ дӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн хъаст кӕн». Ӕмӕ ма ноджы: «Цы мӕстытӕ нын скодта, уыдон мӕрдты фӕфидӕд».
-  Ӕз ахӕмӕй ницы загътон, - Лиуазӕйы былтыл зыр-зырӕг бахӕцыд, йӕ къухтӕ бӕндӕнтау ӕруагъта.
Бурхил афицер фӕгӕпп ласта ӕмӕ йӕ фӕтӕн къухӕй стъол ӕрцавта. Йӕ фарсмӕ бадӕг афицертӕ ӕнӕнхъӕлӕджы фесхъиудтой. Кӕсӕнцӕстыты дзы чи уыд, уый та йӕ бынатӕй фӕгӕпп ласта.
Афицер Лиуазӕйы йӕ цӕстытӕ ныссагъта. Уымӕн фыр тӕссӕй йӕ къӕхтӕ йӕ быны фӕтасыдысты, йӕ цӕстытӕ цӕхӕртӕ акалдтой. Размӕ каст, фӕлӕ уыцы ӕртӕ ӕндӕргӕй уӕлдай йӕ бон ницы уыд раиртасын.
Уаты та ногӕй азӕлыд бурхил афицеры хъӕр. Лиуазӕ фес-хъиудта, ӕмӕ йӕ урс уадултыл сӕууон ӕртӕхтау цӕссыгтӕ ӕрызгъӕлдысты ӕмӕ йӕ риумӕ хаудысты. Иу афон ӕм афтӕ дӕр фӕкаст, цыма ӕрра кӕны. Фӕлӕ иуцасдӕры фӕстӕ йӕхимӕ цӕуын райдыдта. Йӕ миддунейы банкъардта ӕнӕнхъӕлӕджы ныфс. Ӕрфӕндыдис ӕй, Кябӕхан ӕмӕ йын ахӕм маст чи скод-та, уыдоны сӕртӕ бандонӕй ныппырх кӕнын, фӕлӕ йӕхи ныуурӕдта.
Ам мӕн тыххӕй цыдӕриддӕр загътой, уыдон сты хахуыртӕ, -загъта Лиуазӕ. - Нӕ цин кодтон Сталины амардыл дӕр. Ӕз загътон, зӕгъгӕ йӕ фӕстӕ чи уа, уый нӕ кӕд фӕстӕмӕ Кавказмӕ ауадзид.
-Дзӕгъӕлы нӕ сӕттыс дӕ ныхӕстыл. Ӕз дӕуӕй ӕдылыдӕр нӕ дӕн , - загъта Кябӕхан. - Кӕд ахӕм ныфсджын дӕ, уӕд ма мын, уӕд цытӕ дзырдтай, уыдон ам ногӕй зӕгъ.
-Ӕз загътон рӕстдзинад! Амарут мӕ, фӕлӕ ӕз уымӕй уӕлдай ницыуал зӕгъинаг дӕн.
Фӕракъах-бакъах ӕй кодтой ӕнӕхъӕн бон. Фӕстагмӕ йын йӕ къух ӕрфыссын кодтой иу гӕххӕттыл. Дзырд дзы уыд, дард ранмӕ йӕ кӕй ӕрвитынц, ӕрмӕстдӕр скъолайы чингуыты кӕй базыдта, ахӕм бынӕттӕм. Уым ӕй хъуыд арвитын дӕргъвӕтин ӕхсӕз азы. Зындоны.

Перевел с русского языка Асланбек Касаев
См.: Мах дуг.- 2019.- №11.- Ф. 10-16.


Литература народов Кавказа
      Армянская
      Абхазская
        Абхазаг æмбисæндтæ
        Абхазаг таургътæ
        Агындиа Сергей
        Аджба Таиф
        Амаршан Витали
        Аламиа Геннадий
        Ажиба Энвер
        Гогуа Алыкса
        Джинджолия Владимир
        Искандер Фазиль
        Касландзиа Валери
        Квициниа Никъала
        Лагулаа Анатоли
        Лакербай Юри
        Ломиа Константин
        Мукба Анзор
        Хашиг Никъала
        Хашба Риммæ
        Хварцкия Игорь
        Чкадуа Шота
      Балкарская
        Амина Газаева
        Владимир Мокаев
        Кулиев Кайсын
        Муталип Беппаев
        Светлана Моттаева
        Хасан Шаваев
      Грузинская
      Дагестанская
        Аджаматов Аткай
        Ахмедов Мурад
        Гамзатов Расул
      Кабардинская
        Борис Кагермазов
        Мадина Хакуашева
        Зубер Тхагазитов
        Магомед Кудаев


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.