logo

М О Я    О С Е Т И Я



Заболоцкий Николай Алексеевич
уырыссаг поэт (1903 – 1958)

Заболоцкий Николай Алексеевич (1903 – 1958) – русский поэт, переводчик, автор стихотворного перевода «Слова о полку Игореве», создатель так называемого «ребусного стиха».
Подробнее: https://obrazovaka.ru/alpha/z/zabolockij-nikolaj-alekseevich-zabolotsky-nikolay-alekseevich#ixzz5fhYzRCeD

100 азы сæххæст Николай Заболоцкийы райгуырдыл. Уырыссаг поэзийы арвыл Заболоцкийы стъалы зыны ирдæй. Уæззау рæстæджыты царди поэт. Империалистон хæст, æртæ революцийы, мидбæстон ратон-батонтæ, нэп, коллективизаци, сырх террор, Фыдыбæстæйы Стыр хæст... Сфæлдыстадон кусджытæн сæ авналæнтæ сæхи бар нæ уыдысты, алы хуызы дæр æййæфтой æфхæрд, коммæ чи нæ каст, уыдоны мардтой, ахстой. Заболоцкийы дæр басыгъта иу адæймаджы культы азар — æхсæз азæй фылдæр фæци Сыбыры. ГУЛАГ-ы темæ арф фæд ныууагъта йæ поэ­зийы. Зæрдæмæ уæлдай тынгдæр хъары йе ’мдзæвгæ «Где-то в поле возле Магадана».
Ирон адæмæн ма Н. Заболоцкийы ном хъуамæзынаргъ уымæй уа, æмæ уырыссаг æвзагмæ иттæг хорз кæй раивта Къостайы кадæг «Уæлмæрдты». Уымæ гæсгæ нæ хæрзгæ­нæ­джы æрымысын нымайæм хæсыл. Джиппы йын уадзæм йе ’мдзæв­гæтæй цалдæр, стæй йæ хъуыдытæ поэзийы тыххæй. Ирон æвзагмæ сæ ратæлмац кодта Хъодзаты æхсар.

       МАРС
Кæсы нæ уазал зæхмæ тарæй,
Сырдау уый тугдзых у, хъæддаг.
Кæны æртхъирæнтæ йæ артæй,
Йæ тынтæ судзгæ маргæй — дзаг.
Фыдбон, фыдуацхæссæг ыстъалы...
Уый тауы маст æмæ цæссыг.
Йæ кастæй мингай удтæн халы
Сæ къона — бахуыссы сæ зынг.
Фыссы уый арв-къæйыл нысæнттæ,
Хæссы нæ цæрæнтыл йæ цæст,
æмæ та рухс хъуыды ныссæтты,
Нæ ныфс, нæ сæнттæ дæр — ыссæст.
æрттивы знæт мæйдары стъалы.
Нæу стъалы — удисæг у, зин.
Йæ сарæй фарны бæстæ стъæлы,
Сты сатар амонд æмæ цин.
Цæуынц æфхæрд адæм хъуынтъызæй,
Хæссынц æмырдзыхæй сæ зын.
Тыхдымгæ, арвынæрд, тыгъдызæй,
Лæсæнтæ, сау лехъа, фыдфын...
Фæдистæ, — æйтт-мардзæ! — хæстытæ...
Тыхагур, тохæмхиц у Марс.
Йæхи уый рахоны бæстытых.
Хъæстæ, адзалхæссæг — йæ арц.
Фæлгæсы стъалы-зин бæрзондæй,
Налат, кæлæнифтыгъд — йæ худт.
У ифтонг бархъомысæй, зондæй,
Йæ риу та — афтид, нæй дзы уд.
Нæ зоны искæй рисæй риссын,
Нæ кæны искæй циныл цин.
Хæссынц ын сау цъагъартæ дисæн
Йæ ном — сæ хуыцау у, сæ дин.

Фæлæ æз зонын: ис ма стъалы,
Планетæ-стъалы, нæу егъау.
Йæ рухс тъымы-тъыматы калы.
Нæй уым дæр уанывыл æгъдау.

Ис уым дæр катай, ис дзы маст дæр,
Ис удхар, утæхсæнтæ, рис,
Фæлæ дзы не скуынæг и уарзт дæр,
Уым тавиц ис, уым удтæ ис.

æдзæм — уæларвбæстæ-сæрсæфæн.
Уым зилы ирд ыстъалы, цъæх.
Мæнæн уый м’ ахстон у, мæ цæрæн,
Мæ къона, ме ’намонд, мæ зæхх.
1956

      ХÆРÆГСЫНДЗ

Лæварæн мын хæрæгсындзытæй баст
æрбахастой, æрæвæрдтой мæ цуры.
Зынгирвæзтау ысхъомпал ис æваст
Мæ мæгуыр къæс, йæ бындзарæй ныццуды.
æхсидгæ фæттæ-стъæлфæнтæ тæхынц.
æрдзæгæйттæй сæуæхсиды пырхæнтæ
Хъуытазхъæлæстæй азæлынц, нæрынц
æмæ кæнынц мæ зæрдæйæн кæлæнтæ.
Цыргъ æрцытимæ бацайдагъ и тох
Сырх арты тынтæн, диссаг у сæ хъазуат.
Кæрæдзи ’взонынц цин æмæ фыдох:
Тæрсын, мæ хæдзар бауыдзæн хæдзаруат.
Уæлæрвтæ сфаста гæнахæн йæ рындз,
æрттивы, судзы карды фындзау, карды.
æндон сындзытæ зæрдæмæ бырсынц:
Тыхфæлварæн, лæгæвзарæн тох кадыл.
æз федтон фыны ахæстон, цъысым,
Мæйдар æхсæвау сау къалати, згъæрхыз.
æрхуымæй бады урс æхсинæг уым
Хæрзиунæгæй... Хъæуы, ай-гъай, мæн æххуыс.
æз та æдых, цыбыркъух дæн, бецау,
Кæсын рыстæй, æнæбонæй, ныфссастæй.
Ысбыдæуыд хæрæгсындзытæй кау,
æнусон кау мæ цин æмæ мæн астæу.
Мæ цард ысси зындоны цад, фыдфын,
Нынныхсти сындз ызгæ цуркау мæ риуы.
Дæ цæстытæ... Фæстаг хатт сæ уынын...
Мæ зæрдæ ниуы, нал хæцы йæхиуыл...
1956

      * * *

Кодтай сомы, хордтай ард:
«Уарздзынæн æнусмæ!»
Махæй зондджындæр у цард:
Райхъал уæм йæ рухсмæ.

Райхал цæстытæн сæ баст.
У хъысмæтæй амынд:
Уарзт — æрра, у саугуырм уарзт,
Нæй æнусмæ амонд.

Хъаздзæн доныхъаз æнцад
Арт-уылæнтыл хурмæ,
Стæй ныууадздзæни йæ цад,
Рахиздзæни сурмæ.

Цад фæджих уыдзæн, фæхъус.
Зин æмбæхсдзæн малы.
Малмæ раппардзæн йæ рухс
Сау арвæй ыстъалы.
1957

       ÆХСÆЛЫ

æз федтон мæ фыны æхсæлы-цъыхыры.
Ызгъæр хихтæ калдтой, æрттивгæ, цъæх цæхæр.
Йæ гагатæ кодтой хæзнадуртау дзинг,
æрхастой мæ удæн æнцой æмæ цин.
æз хатын, æнкъарын зæрдæскъæф, æхцон тæф.
Дæ худызмæл федтон — фæсæццæ дæн сонтæй.
Дæ былты дыбал-дыбул ахсы мæ хъус, —
Фæрайдзаст и дуне, æрбакалди рухс.

æхсæлы-цъыхыры, æхсæлы, сындз-къудзи...
Мæ зæрдæ æрцарди, мæ зæрдæ ныббуц и.
Дæ цæстыты судзын... Мæнырдæм кæсынц...
Адзалхæссæг судзин... Рæхойы мæ сындз.

... Зæринхил æврæгътæ... Нæ арв сын ыскъуындæг.
Мæ дыргъдон — хæрзафтид, æдзæрæг, æгуыппæг.
Мæ риу-арфæй хъуысы æмыр хъæр, цъæхахст...
æхсæлы, сындз-къудзи, Хуыцауæй дын барст!

ХЪУЫДЫ — ФÆЛГОНЦ — МУЗЫКÆ

æппæт дзырдтæ дæр хорз сты, æмæ сæ алкæцы дæр бæззы поэтæн. Фæлæ сæ иу дæр хицæнæй райсгæйæ аив дзырдыл нымад нæу. Дзырды фидауц, аив æнгас разыны, æндæр дзырдтимæ куы баиу вæййы, уæд. Уæдæ цымæ цы хуызы баиу вæййынц дзырдтæ?
Фыццаджы-фыццаг кæрæдзиуыл баст æрцæуынц дзырдтæн сæ хъуыдытæ. Хъуыдытæ кæрæдзи бамбарынц, саразынц чындзæхсæв. Иугæр дзырдтæ баиу сты, уæд сæ хуыз скалынц, кæрæдзи фендæрхуызон кæнынц æмæ сæ райгуыры ног хъуыды. Ног хъуыдыты атомтæй рауайы егъау молекулæтæ, уыдон та снывæндынц аивадон фæлгонц. Фæлгонцты цæдисæмбæлттæн та фæткæвæрæг у поэтикон хъуыды. (...)
Фæлæ дзырд айдагъ хъуыдыйæ конд нæу. Дзырд ма зæлгæ дæр кæны. Зæлгæ кæй кæны, уый йæ дыккаг ахъаззаг миниуæг у. Хицæн дзырдты зæланг аивад нæма у. Дзырдтæ куы баиу вæййынц, æрмæст уæд разыны сæ аивадон нисаниуæг. Дзырдтæ кæрæдзи тыххафт кæм кæнынц, кæрæдзи кæм хъыгдарынц, схойынц, кæрæдзи къæхтыл кæм лæууынц, ахæм зындзурæн рæнхъытæ-дзымандытæ поэзийæн чысыл ахъаз сты. Дзырдтæ хъуамæ кæрæдзи хъæбыстæ æмæ рæвдаугæ кæной, цардæгас дидинджыты чъинатæ фестой, дæларм-уæларм хæцгæйæ кафой, симой, зарой, дзæнгæрджытæ цæгъдой, худой, кæуой, кæрæдзимæ сидой, раст цыма уарзæттæ хъæды фæхицæнтæ сты, хъуамæ кæрæдзимæ сæ цæстытæ ныкъулой, кæрæдзийы сусæгтæ  зоной, æмбарой, æнкъарой. Нæ зонын, дзырдтæ афтæ бæттыныл сахуыр уæвæн ис æви нæй. Поэтæн куыддæр æнæнхъæлæджы бафты йæ къухы ацы хъуыддаг, сæхигъдауæй йын баст æрцæуынц дзырдтæ кæрæдзиуыл, поэт сæ арæх æрæджиау бафиппайы, æмдзæвгæ фыст куы фæвæййы, уæд.
Поэт уыцы рæстæг йе ’ппæт буарæй дæр фæкусы: зондæй, зæрдæйæ, удæй, хæцъæфтæй. Уый йæ сæрæй йæ къæхтæм аныгъуылы йæ куысты, æмæ цас æнувыддæрæй, удуæлдайдæрæй цæуа уыцы куыст, уыйбæрц ахадгæдæр рауайдзæн йæ бæркад. Цæмæй хъуыды ирддæрæй, цардхуыздæрæй разына, уый тыххæй йæ поэт сфæлынды фæлгонцты. Цæмæй æвзаг куса, уый тыххæй йын поэт баифтындзы йæ музыкалон хъомыс æнæхъæнæй. Хъуыды — Фæлгонц — Музыкæ — уыцы æртæ ратæдзæны-цыхцырæджы баиу кæнын у йæ монц-бæллиц поэтæн.                                                                                                                                   
1957

       ТÆЛМАЦГÆНÆДЖЫ  ФИППАИНÆГТÆ

1. Тæлмацгæнæджы куыст ахъаз у адæмты хæлардзинадæн, цæмæй алы культурæтæ кæрæдзи руаджы хъæздыгдæр кæной. Тæлмацгæнæгæн йе ’ппæт фыдæбон, йæ профессионалон фæлтæрæнтæ иууылдæр арæзт сты уыцы нысанмæ.
2. Тæлмацгæнæджы раз ис тæразы дыууæ тæбæгъы: фыццаг у оригиналы авторы, дыккаг та — тæлмацгæнæджы. Тæлмац хорз рауайдзæни, тæбæгъы æмвæзад куы нæ фехæла, уæд.
3. Тæлмацы æнтыст аразгæ у, оригиналы æнгæс цас у, стæй йæхи æрдзон уавæры баззайын йæ бон цæй бæрц баци, уымæй. Уыцы дыууæ домæны æххæст кæнын бафæраздзæни, стыр хъуыд­дæгтæ лыстæджытæй иртасынмæ чи арæхсы æмæ ахс­джиагдæр хъуыддаджы сæрвæлтау къаддæр хъуыддаг иуварс чи æрæвæра, æрмæст уый.
4. Поэтикон уацмыс тæлмацгæнджытæй ис ахæмтæ, йæ тæлмацы æндæр æвзаджы хицæндзинæдтæ равдисынмæ чи фæхъавы. Уый рæдыд фæндаг у: булæмæргъæн гаккучы уаст кæнын йæ бон нæу, гаккук та сауцъиуы зарæг никуы афæзм­дзæни.
5. Хорз поэтæн æвзæр тæлмацгæнæг уæвæн ис. æвдисæн — Тютчев. Алы хорз поэт тæлмацгæнæджы куыстмæ æмхиц нæ вæййы. æвдисæн — Блок. Фæлæ æвзæр поэтæй тæлмацгæнæг никуы рауайдзæни. (...)
7. Тæлмацгæнджытæй бирæтæн, цы ’взагæй ивынц, уый нæ зонынц, зæгъгæ, раст уайдзæф фæчындæуы. Фæлæ тæлмацгæнæджы фыццаг æмæ сæйраг хæс у: цы ’взагмæ ивы, уый хъуа­мæ хорз зона.
8. Тæлмац дæ литературон ныхасæн фæлварæн у. Уый равдисы: цæйбæрц дзырдтæй пайда кæныс, стæй Ушаковы æмæ Далы дзырдуæттæм арæх æркæсыс æви нæ.
9. Кадæджы дзырдæй-дзырдмæ тæлмац Колизейы хæлддзæгты æнгæс у. Бæстыхай сног кæнын йæ бон у, Ромы истори цардыуаг, æгъдæуттæ, аивад, архитектурæйы рæзт хорз чи зоны, ахæмæн. æнæнхъæлæджы йæ иу уынд чи фæкæна, уый йын ницыхъом у.
10. æппæт поэттæ дæр иу халдих кæмæн рауайынц, уый æвзæр тæлмацгæнæг у. Ахæм адæймаг, кæй тæлмац кæны, уыцы поэтыл нæ тыхсы, фæлæ æрмæст йæхиуыл. æвдисæн — Бальмонт.
11. Рæнхъ рæнхъы фæдыл тæлмац кæнгæйæ, стырзæрдæ  куы уай, уæд дæм цæмæн афтæ кæсы, æмæ чиныгкæсæджы зæрдæ сцырындзæг кæндзынæ?
12. Фæсарæйнаг æвзагæй тæлмацæй хорз уырыссаг уацмыс куынæ рауайа, уæд уыцы тæлмац кæнæ цаудгомау у, кæнæ та æппындæр нæ фæрæстмæ.
13. Лермонтовы «Горные вершины» Гетейы оригиналæй хуыз­дæр у. Уый дын, иумæйаг барæнтæй барæн кæмæн нæй, ахæм уæлвæтк.
14. Лæгъзфыстытæ — нæ цыфыддæр знаг сты. Лæгъзфыстытæ рацæуынц уазал зæрдæйæ æмæ, чиныгкæсæджы сæр кæй нæ хъуыды  чындæуы, ууыл дзурæг сты.
15. Стиль æмæ стилизаци иу не сты. Уазал стилизаци тыхми у, ныхасæн йæ æрдзон уаг халгæ кæны.
16. Лингвистон мадзæлттæм гæсгæ чи кусы, уыцы тæлмацгæнæг хъæндилау хилы текстыл æмæ егъау лупæйæ кæсы алы дзырдмæ дæр. Уый дзырдтæ фæтæлмац кæны «наукæмæ гæсгæ», фæлæ чиныг рауайы зынкæсæн, уымæн æмæ аив уацмыс дзырдæй-дзырдмæ тæлмацгæнгæ нæу.  

 

// Мах дуг.– 2003.– № 5.


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов Кавказа
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
       Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.