Латинская литература
Латинские клылатые мысли
ЛАТИНАГ ЗОНДДЖЫН НЫХӔСТӔ
I
Кӕйдӕр зӕххы артӕй фыдыбӕсты фӕздӕг
Лӕджы тынгдӕр тавы, — уый равдыста рӕстӕг.
II
Ӕгӕр арӕх чи худы, уымӕн сӕрӕй
Ӕххӕст уӕвӕн никуы уыдис ӕмӕ нӕй.
III
Дӕхӕдӕг ӕмбарыс, нӕ дӕ, мыййаг, сонт:
Ӕфсӕст ахсӕн сӕрмӕ нӕ фӕуадзы зонд.
IV
Куы дӕм ысмӕсты уой уӕлӕрвтӕ —
Дӕ зондыл уайдзысты сӕ цӕфтӕ.
V
Афтӕ дзӕгъӕлы нӕ загъд:
«Хӕмпӕлгӕрдӕг рӕзы тагъд».
VI
Кӕс, хъус ӕмӕ ӕдзӕмӕй бад,
Фылдӕр уыдзӕни уӕд дӕ кад.
VII
Йӕ хъуыды загъта Ром.
Цӕмӕ ма лӕууӕм? Цом!
VIII
Паддзӕхтӕ сты ахӕм зондыл хӕст:
У сӕ хылы фӕстагдӕр дзырд «хӕст».
IX
Зондджын мӕ цуры
Ӕдзӕмӕй дзуры.
X
Дыууӕ лӕгӕн бацайдагъ и загъд-замана, хыл,
Ӕртыккаг уӕд нал фӕхӕцы фырцинӕй зӕххыл.
XI
Зондджын ӕгад ми йӕ сӕрмӕ нӕ хӕссы:
Къогъотӕ ахсгӕ кӕд федтай цӕргӕсы?!
XII
Кӕсаджы бон ницы у суры...
Цы нӕ зоны, уый ныхмӕ дзуры.
XIII
Мӕ мулкау мӕ ис
Ӕдзух мемӕ ис.
XIV
Сисынц йӕ базыртӕ арвмӕ цӕргӕсы...
Закъонтӕй иу дӕр фӕстӕмӕ нӕ кӕсы.
XV
Дард фыдӕл мӕнгӕй нӕ загьта:
«Рӕстӕгимӕ ивӕм мах дӕр».
XVI
Ацы ныхасы тыххӕй мын ныббар:
Иуцӕстон куырмыты астӕу — ӕлдар.
XVII
Мӕ ингӕн кӕд у нарӕг,
Уӕддӕр дзы дӕн ӕдыхст,
Нӕ мӕ дзы ис хъыгдарӕг,
Нӕ дзы уынын ӕз рыст.
XVIII
Уӕд уыдзынӕ уӕлахиз,
Уай кӕд алкӕд уӕндаг…
Кӕнӕ над фӕдмӕ рахиз,
Кӕнӕ лйгӕрд фӕндаг.
XIX
Фыдызнаг зивӕг хон,
Дӕ фыд ӕмӕ дӕ рын...
Кӕд сыстын у дӕ бон,
Уӕд худинаг — хуыссын.
XX
Нымӕц ӕххуыс нӕ вӕййы кадӕн,
Уӕддӕр ӕфсис нӕ зоны цӕст...
Дӕ хуынды бирӕ уыди адӕм,
Фӕлӕ дзы уыд чысыл ӕвзӕрст.
XXI
Фӕцыд ӕваст дӕ «уауу!» —
Ӕхсӕв рауад дӕ бонӕй...
Закъон нӕ зонын дӕу
Нӕ уӕгъд кӕны тӕрхонӕй.
XXII
Дӕ цухъхъайы хуызӕн дыл фидауы хъама, —
Дӕ дарӕсӕй рай...
Дӕхимӕ цы кӕсыс, ӕцӕгӕй дӕр хъуамӕ
Ды ахӕм лӕг уай.
XXIII
Ӕрцыд, ӕрцыд
Загъд афтӕ раджы:
«Фӕлмӕн — йӕ дзырд,
Тызмӕг — хъуыддаджы».
Перевод Музафера Дзасохова
См.: Дзасохты М. Адӕмы цӕст / Дзасохты Музафер.- Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу : Цыкура, 2016.- Ф. 273–277.
Дзасохов М. Глаз народа : [стихи, переводы].