Гавриил Романович Державин (1743–1816) – русский поэт и драматург, крупнейший представитель русского классицизма, просветитель. Известный государственный деятель 18 века при дворе
Екатерины II.
Подробнее: https://obrazovaka.ru/alpha/d/derzhavin-gavrila-romanovich-derzhavin-gavriil-romanovich#ixzz5fhXutQRs
Паддзæхтæн
æмæ тæрхоны лæгтæн
Æркаст бæрзонд Хуыцау... æрвонæй
Тæрсут, зæххон хуыцæуттæ, ныр!
Зæгъы: «Фыдгæнджытæн тæрхонæй
Кæдмæ, кæдмæ уыдзæн хатыр?
Уæ хæс — фæтк æвæрын рæстадæй,
æвзарын раст æмæ зылын,
Идæдзы бахизын æгадæй,
Фæсурын сидзæрæн йæ зын.
Уæ хæс — æфхæрд удæн ныфс дæттын,
Мæгуырæн — арт æмæ рæвдыд;
Уæ хæс — хъазары 'фсондз ныссæттын,
Ыскæнын адæмты æвыд!»
Бæгуы! Рæстаг хъæр сæм нæ хъуысы,
Хæрзкуырм сæ бакодта гæртам.
Нæ зæхх фыдракæндтæй æнкъуысы,
Ныууигъы арвы дæр хæрам.
Паддзæхтæ! Дзуарау мæм зындыстут
Бæрзонд, хæдбар æмæ сыгъдæг, —
Рæдыдтæн! — сонт æмæ зыд ыстут,
Уæ хъуыддаг — хин æмæ хæлæг.
Нызгъæлы хус сыфтæр, — сымах дæр
Ныссæрфдзæн иу афон хъысмæт!
Мæлы уæййаг цагъар, — паддзах дæр
Ыссардзæн уый нывыл мæлæт!
Нæ Хуыцау! Райхъал у! Дæ барæй
Фæуæнт нæ залымтæ бындзагъд!
Ыстон хæрам тыхтæ бындзарæй,
Зæххыл нын иунæг Ды — паддзах!
Джыккайты Шамилы тæлмац
// Мах дуг.– 2003.– № 9.