Александр Трифонович Твардовский (1910 – 1971) – известный советский писатель, поэт, лауреат Ленинской и Сталинских премий, Государственной премии СССР, а также обладатель многих орденов и наград. https://obrazovaka.ru/alpha/t/tvardovskij-aleksandr-tvardovsky-aleksandr#ixzz5gpHMBxvL
ДЫУУÆ ÆМДЗÆВГÆЙЫ
ÆВЗОНГ УЫДЫСТÆМ УÆД
Уыцы дард заман уыдыстæм
Талатау цъæхснаг, æвзонг. —
Загътам: хицæнтæ уыдзыстæм
Ныр нæ амæлæты онг.
Ды æрбауадтæ фæстæмæ,
Тъæрмæ сарæзтай дæ ных:
«Уат дæр уазал куы у, стæ-ма,
Пецы бакæнон æртдзых».
Уайтагъд бæрзы цъар ыссыгъди,
Уатыл апырх и йæ тавс,
Уазал айсæфт, къæй ысзынг и —
Æмæ атади дæ маст…
Суанг ныр дæр, куы стæрсæм уарзтæн
Бамыр-бамынæгæй тынг, —
Пецы бандзарæм. О, уастæн,
Макуы ахуысса йæ зынг!
ФЫД ÆМÆ ФЫРТ
О, цал хатты æруадзы
Хæстон пост дæр рæдыд:
Лæджы нымадтой мардыл, —
Сæрæгасæй æрцыд.
æхсарджын хæстон цинтæ
Йæ бинонтæн хæссы!..
— Мæ бинойнаг цы фæци? —
Йæ сыхæгты фæрсы.
— Æнхъæлмæ касти бирæ,
Дæ мæтæй тади, сыгъд...
Дæ хæлæртты хуыздæрмæ
Чындзы, кæугæ, фæцыд.
— Кæм и мæ хæлар? — смæсты. —
Зæгъин ын æз цыдæр…
— Мæлæтдзаг тохы ‘рхаста
Нæ сæрвæлтау йæ сæр.
Нæ бафæрæзта ус дæр
Дыккаг мастæн, бецау,
Æмæ фæцух йæ зондæй,
Ныббарæд ын Хуыцау.
Салдаты ныфс æрызгъæлд,
Кæуылты уыд йæ хъыг!
Тыхтæ-фыдтæй ма сдзырдта:
— Кæм и, цымæ, мæ чызг?
Сыхæгты бон нæ баци
Мæнг ныфс раттын, ай-гъай:
— æрхауд йæ цуры бомбæ,
Фæхаста йæ уæнггай…
— Куы не ссыдаис хæстæй,
Мæгуыр салдат, фæлтау! —
Ысхауди ма йæ дзыхæй:
— Мæ фырт дæр нал ис, ау?..
— Сæрæгас у. Дæу мысыд.
Æдзух æнхъæлмæ каст…
Кæрæдзийыл ныттыхсынц
Дыууæ уды æваст,
Хæстон лымæнтау… Фыдæн
Цъус базмæлы йæ был.
— О, ма ку! — саби хаты. —
Нæ фидауы дæуыл!
Йæхицæн та æрхауы
Фыды уæхскыл йæ сæр.
— О, акæн, баба, демæ
Дæ хæтæнты мæн дæр!
— Цæуæм, цæуæм, мæ хъæбул,
Æмæ дæ зæрдыл дар:
Уыдзæн нæ полкъ нæ цæрæн,
Нæ райгуырæн хæдзар.
1943
Мамыкъаты Хъазыбеджы тæлмац
// Мах дуг.– 2010.– № 7.