Уылæнты сусу-бусу
Мæ чызг Эсмæйы мысгæйæ
Фæизæрдзæфтæ. Дуне у сабыр.
Гæзæмæ хъуысы уылæнты сыр-сыр:
Кæйдæр ныхæстæ аивæй фæзмынц,
Кæйдæрты мысгæ химидæг тыхсынц.
Ам уарзондзинад банымæхста мал.
æнусы бонмæ нал райхæлдзæн, нал.
Царды аргъæй
Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард чи радта,
уыцы æвзонг хæстон Р. П. Саканияйы номыл.
Фæмард ис уый, Сухум куы сси сæрибар.
æстдæс дæр ыл нæма цыдис æххæст.
Уыдыстæм мах хæлар сыхæгтæ хъæуы,
Æрцъынд и ныр нæ сахары йæ цæст.
Æрттывта арв ракетæты цæхæртæй.
«Уæлахиз!» — райхъуыст иуахæмы хъæр.
Фæлæ æндæр, æвирхъау хъæрахст уынджы
Ныййазæлыд: «О, додойаг — мæ сæр!»
Æрыгон мад йæ хъæбулыл дзынæзта,
Йæ иунæгыл. Йæ судзгæ марой хъуыст:
«О, м’ ахсджиаг, ысрухс и бæстæ цинæй,
Ды та, мæ бон, — мæрдонæдзæм, зынгхуыст».
Бес-Уæгъуыры тæлмацтæ
// Мах дуг.– 2008.– № 4.