logo

М О Я    О С Е Т И Я



Лакербай Юри
зынгæ абхазаг æмæ уырыссаг поэт
(1934 – 2004)

Къуыбыры фидауц-сывылдз
Радзырд

Топпы нæмыг узæгау кæнын мæ армы­тъæпæны.
Знон колхозы сæрдары бардзырдмæ гæсгæ къуыбырыл электрон хырхæй афæл­дæхтой æнусон сывылдз. Сæрдар — астæуккаг кары хæрзконд лæппулæг, бынтон æнахуыр ном ын — Франциск. Йæ фыд библиотекарь уыд æмæ йæ æвæццæгæн исты францаг романы бакаст. Сæрдар куыд дзырдта, афтæмæй разамынд йæхæдæг лæвæрдта «ахсджиаг операцийæн». Ме ’фсымæр Закан бирæ фæтох кодта ацы хъуыддажы ныхмæ, уый дзырд­та, зæгъгæ, æнæ сывылдз къуыбыр æппындæр нæ фидаудзæн. Ныллæджытæ æмæ талф-тулф, уый минутæй-минутмæ сæрфта йæ лæгуын сæры хид, кæд тæвд бон нæ, фæлæ асæст бон уыд, уæддæр. Йæ фыдыфыд Песы рухс ном хъуыды кодта, уый фыды дæр æрымысыдаид, йæ ном ын куы зыдтаид, уæд — иу ныхасæй, Закан уыд егъау сывылдзы чысыл æвдакат, Франциск та йын уыцы иу рæстæг прокурор дæр æмæ тæрхонгæнæг дæр. Дыууæ лæджы ма ноджы иу хуызы хицæн кодтой кæрæдзийæ: иуæрдыгæй газы сырх балæттæ хæдзæрттæм ласæг, иннæрдыгæй та миллионер колхозы сæрдар, депутат, паддзахадон бæрны лæг, бынæттон дзырд­арæхстытæ йæ зæрдæмæ­дзæугæ мидбылхудт æмæ гуырдзæй рахæсгæ хицауиуæг кæнынмæ уарзты тыххæй схуыдтой Франциск Абхазаг.
— Райдайут! — загъта Франциск, Заканы — æвдакаты сæрылхæцæн ныхæстæм уæздан æмæ фæразонæй фæхъусгæйæ. æмæ уæд Закан мæнмæ æрбакаст, йæ æввахс хæстæг æмæ дзы дард цæрæгмæ. Франциск дæр мæм æрбакаст æмæ бахудт, цыма мын мæ уавæрыл тыхсæгау кодта, уыйау.
«Ды æрцæуыс æмæ ацæуыс, фæлæ махæн ам нæхи ахаст­дзинæдтæ ис. Сывылдз Францискы хъыгдæрдта. æгæр дæрдтыл-иу аппæрста йæ аууон. Ахæм аууон хорз у тæвдбонты, фæлæ æвзæр у цайсыфæн. Сывылдзы дæле къуылдым та, фыддæрадæны хуызæн, æмæхгæд уыд æмраст рæгъытæ-рæгъытæй цайы цъæх-цъæхид къутæртæй, раст зæгъгæйæ, сагъд æрцыдысты раздæры сæрдары рæстæг. æмæ рафæлдæхтой сывылдз. Хырхгæ та йæ афтæ акодтой, æмæ бæлас сæрсæфæнæй гыбар-гыбургæнгæ афæлдæхт æмæ, уыцы уынæр куы ныссабыр, уæд æз мæхи нал баурæдтон æмæ сындзыты æхсæнты мæхи тугæрхæмттæгæнгæ ныххызтæн æрхмæ. æз сывæллонæй фæстæмæ сахуыр дæн къуыбырыл сывылдз сæрыстырæй лæугæйæ уыныныл æмæ мæ ныр фæндыд, куыд хуыссы мæрдон фæлдæхтæй, уый фенын. Йæ домбай къабузты сæстытыл цæхгæрмæ хуыссыд Мыдыбындздоны, æмæ аивта, фендæрхуызон чысыл дон дæр. Сывылдзы уæле фæзынд донауазæн, дæлдæр та хæл-хæлгæнгæ згъордта лыстæг халæй хъуына дуртыл. Уым ссардтон æз топпы нæмыг дæр. Зынди мæм бæласы схъисы бынæй мард хъæддаг мыдыбындзау. æмæ сывæллонæй, мæ фыдымад сæдæаздзыд Макринæйæ цы хабар фехъуыстон, хъуы­ды дæр рæстмæ кæй нал кодтон, уый ныр мæ зæрдыл цъæл здыйы фæрцы æрлæууыд.

*  *  *

1916 азы августы иу райсом Алыксайы зæрдæ рыст. Йæ тыхс­ты сæр та уыд Кумф, æрыгон мæллæг лæппу, йæ къæбут ын цыма исчи цъалдыйæ æрцамадта, уыйау тъæпæн. æмæ уыцы Кумф æдылыдзæфау сæрыстырæй каст Алыксамæ. æмæ куын­нæ! Фаэтонтæ зындгонд стигъæг æй ракодта йемæ хъуыддагмæ! Кумф ахæм амонд йæ фыны дæр никуы федтаид!
— Цин кæныс? — бафарста йæ Алыкса æмæ ныуулæфыд. — Уыцы хæрæг Георги куынæ уыдаид, уæд æнцад бадтаис дæ хæдзары!
Кумф ацархайдта йæ цины мидбылхудт бамбæхсыныл. Уый фæндыд зæгъын, бузныг кæй у Алыксайы рагон æмæ иузæрдион æмбал Георгийæ, фæлæ йæ фембæрста, дзыхыл хæцын хуыз­дæр кæй у, уый. “Георги афонмæ фынæй кæны Кубладзихы, — хъуыды кодта Кумф. — Фынæй кæны йæхицæн суадоны был куыройы чъылдыммæ! Уыцы бурдзалыг Георги сагъæсты бын куы фæвæййы, уæд æдзухдæр уым фæфынæй кæны. Лыхнæйы зылды фæстаг дугъты фæхæрд æмæ æгас дунемæ дæр мæсты у. Уæлдайдæр та Алыксамæ… Алыкса æнæ Георгийы æххуысæй исты хъуыддаг аразы, зæгъгæ, уый куы базона, уæд фырдисæй йæ уыгцæстытæ рацæйхаудзысты.
— Георги нæ фæсайдта! – рахъаст кодта Алыкса Муратæн, мызыхъарæзт, фæлæ чи фæзæронд, ахæм абырæгæн. æмæ цæстæнгасæй ацамыдта Кумфмæ.
— æз дæ бурдзалыгæй хуыздæр сарæхсдзынæн! – рамæсты Кумф. — Дæхæдæг дзы куы зæгъыс, хæрæг у, зæгъгæ...
Алыкса ату ласта, Мурат та йæ халасæвæрд сау боцъоты æхсæнæй бахудæгау кодта æмæ боцкъайæ дзурæгау загъта:
— Сарæхсдзынæ, дæ пъирийыл хæцын куы базонай, уæд!
Бамбормæ хæстæг æрбынат кодтой фæсвæд æрдузы. Сæ бынмæ хохфахсыл тæрс къалиуты æхсæнты хорз зыны пост­фæндаг. Постфæндаджы æдде тæрф, къуыппытæ-дзыхъхъытæ, суанг дзы денджызы хæдбылмæ зайы, ахизæн кæуылты нæй, ахæм къудзитæ, сæ фæстæ та арф ком, Урсдон æй раст цыма фадгæ акодта.
Уый ныр у Бамбор æдас бынат, зæгъæн ис, ссæдзæм æнусы дзæнæт ран: фатхуыз хæдтæхджытæ стæхынц дидинæгкалгæ дыргъцæхæрадæттæй, æфсæн æмæ сосæфæндæгты сæрты гуыр-гуыргæнгæ сæхи саразынц хæхты бæрзæндтæм. æрзилынц сæ сæрты æмæ денджызырдыгæй æрбатæхынц æрбадынмæ. Фæлæ уæд, Алыксайы рæстæджы, Бамбор уыд ахæм бынат, бæлццон æдæрсгæ æдасæй, æнæризгæйæ кæуылты нæ цыдис. Алыкса бакаст айнæджы бын æмбæхст бæхтæм, йæ хъуынтъыз цæстæнгас раивта Муратмæ, уый зивæггæнгæ аууылдта нартхоры кæрдзын æмæ бадзырдта Кумфмæ — уый топп ифтыгъта.
— Хъусыс, хæмпъалы?
Кумф топп иуварс æрæвæрдта æмæ сыстад. Йæ къухтæ æр­уагъта, сæр чысыл æркъул кодта — иудзырдæй, цы уæ фæнды, уый йын кæнут. Фæлæ хæмпъалы йеддæмæ кæй ницы у, фыцгæ аджы хыссæйы къуыбар куы баппарай, барæй дзы цыхт бавæрын ферохгæнгæйæ, уыйау æндæр кæй ницы у сæ цæсты, Кумфы цæстыты мæсты æрттывд, уыйадыл æмбæрстгонд у: кæй нæ фæнды, хæмпъалы йæ хоной, афтид бынат, уый?.. Алыкса йын уыцы цæхæр фæфиппайдта æмæ бæхудт:
— Хъусыс, Уари?... Мах Муратимæ бауромдзыстæм фаэтон, æд бæхтæрæг æмæ йæ æд адæм атæрдзыстæм æрдузмæ, стæй ацæудзыстæм, ды та…
— æз та йæ хъахъхъæнын! — фæрæвдз Кумф. — Сымах æрбатардтат ног фаэтон, ногæй рацыдыстут фæндагмæ, хъахъхъæнгæ та йæ кæнын æз! æз дæн хъахъхъæнæг! — топмæ фæлæбургæйæ тохмæ сидæджы хъæргæнагау фæкодта Кумф.
— Ды?! — ныххудт Мурат. — О, де знæгтæ фыртæссæй амæ­лой! æрмæст хъæр ма кæн, кæннод Гудауты хъахъхъæнджытæ ардæм æрæмбырд уыдзысты.
…Боны æмбисмæ тæрсбæлæсты æрдуз посты станцæ фестад. Ардæм, абырджыты тархъæдмæ цæхгæр фæхæрдгæнæныл «æрбарæдыдысты» æртæ фаэтоны æмæ цыппар линейкæйы, уыимæ æнæ гæрах-æнæ хъæлæбайæ: фаг сын уыд æрмæст Алыксайы ном дæр.
Удаист фæндаггæттæ, Кумфмæ зулцæстæй кæсгæйæ, бандæгъ­дысты сæ бадæнтыл: уый, йæ цæстытæй цæхæртæ калгæйæ, хъазыди хæцæнгарзимæ. Ныр хицауиуæг кодта æмæ йæ мондæгтæ уагъта æлдариуæгкæнынæй. Зондцух мæгуыр сидзæргæсы гæвзыкк фыртæй сæхи дард ластой йе ’мбæлттæ: никуы йæм нæдæр бæх, нæдæр хæцæнгарз, нæ хуызæнæн цухъхъа уыд. æмæ Кумф ныр хæрдмæ хауд фырцинæй — йæ рад ралæууыд!
Ацыдыстæм, хъахъхъæнæг! – фæхъæр æм кодта Алыкса, тыхнад хордзен саргъмæ нахæтбосæй бæтгæйæ. Кумф æргом зивæггæнгæйæ  ныууагъта йæ уацайрæгты æмæ æртæйæ дæр, стыгъд адæмы знæт цæстæнгас мур дæр ницæмæ даргæйæ, фæцагайдтой сæ бæхтæ Урсдонырдæм.

*  *  *

Дардмæ зыны Песы цæрæнуат. Урсдонæй куы цæуай бæхвæндагыл, уæд æй суындзынæ æртæ версты дардæй, уартæ хæтæгхуаг Еснаты арв кæм амардта, уыцы арвдзæф тулдзæй. Денджызæй йæм куы цæуай, уæд та зыны фондз верстмæ, хæлд аргъуаны цур фæзилæнæй. Ацы аргъуаны кæрты ныгæд сты Бемурзайы стджытæ — Песы фыдæл æмæ туркæгты цыфыддæр знаджы. Цæрæнуат уæрæх ныззылд хохрагъыл, æртæрдыгæй йæ алыварс уæрдонвæндаг, цыппæрæм фарс та Мыдыбындздон кæлы.
Зæронд Еснат йæ мæлæты размæ афтæ загъта, зæгъгæ, Хуы­цау ацы хохрагъ сфæлдыста æрмæстдæр иунæг хъуыддагæн, цæмæй Пес дардмæ уына æмæ Пес дардæй зына.
Пес тыргъты батт æмæ ног саргъ скæныныл архайдта. Йæ конд фæлмæн сæргътæн йæхи дамгъæ уыд — сывылдз, сызгъæрин æндахæй хуыд, цызæйæ ома. Стыр аргъ сын уыд фæсæфцæг дæр, Кæсæг æмæ Черкесты бæсты. Раст зæгъгæйæ, уыцы дæсныйад ын ницы ахæм пайда хаста. Пес уыцы куыст кодта рæстæгæй-рæстæгмæ, афтæ йæхи ирхæфсынæн, цардæмбал та зæхгуыстæй кодта — сæнæфсиры талатæ-иу суагъта фæрв бæлæстæм, ныссагъта æмбисонды дыргъдон, зайын кодта цавæрдæр æнахуыр нартхор æмæ, кæд йæ тугмæ гæсгæ уæздæттæй уыд, уæддæр æххуырстытæ нæ дардта, алы куыст дæр кодта йæхæдæг. Йæ ус æмæ дыууæ лæппуйы — уыйдын Песы бинонтæ, Алыкса æмæ Викторы, йæ хъомылгæнинæгты, куынæ нымайай, уæд. «Хъомылгæнæг иу хуызæн у, хъомылгæнинæгтæй та сæ хъомылгæнæджы хуызæн ничи фæци», — дзырд­той сыхæгтæ чи тæригъæдгæнгæйæ, æмбаргæйæ, чи та уайдзæфгæнæгау. Пес арф ныуулæфыд æмæ саргъ иуварс æрæвæрдта. Йе ’рыгон хуыз хæрзконд усы — цыппор-фондз­аздзыдæй дæр! — галæн холлаг фæцæйхæсгæ фенгæйæ, Пес худгæйæ адзырдта:
— Виктор куыройæ нæма ’рбаздæхт?
— Виктор афтæ тагъд кæй не ’рбаздæхдзæн, уый зыдта, фæлæ йæ фæндыд йæ бинойнаджы хъæлæс фехъусын æмæ йæхи алы æвзæр хъуыдытæй фервæзын кæнын.
— Фæлтау, дæ фырттæ кæм сты, уымæй мæ куы бафæрсис, — рог уайдзæф ын бакодта Макринæ. Пес домаг нæ уыд йæ фырттæй, æмæ уыдон дæр, уымæй пайда кæнгæйæ, æддæмæ нæ цыдысты сæ сыхаг Выкайæ — уый бирæ уарзта цуан кæнын цъиуахс хъæрццыгъатимæ.
— æрцæудзæн уыдоны рæстæг дæр, — йæ къух ауыгъта Пес усы уайдзæфыл.
Гал ныууасыд, йæ урс хъулон хæмхуттæ хæрдмæ сивазгæйæ, цыма йæ хицауæн исты ахсджиаг хабар хъусын кодта.
Пес æмæ Хуыцау йеддæмæ ничи зыдта, ацы мæгуыр, Украинæйæ æрбафтæг стур дурзæххытæ цас афæлдæхта, цал бын­дзæфхады срæмыгъта, цъыф æмæ æвæндаг рæтты егъау дуртæ цас фæласта, уый!
«Хъомылгæнинæгтæ нæ фесты сæ хъомылгæнæджы хуызæн» — æмбæхст маст судзы зæрдæ.
Пес та райдыдта саргъимæ архайын, фæлæ æнгуылдзтæ йæ коммæ нал кастысты, йæ зæрдыл æрлæууыд иу ссæдз азы размæ ацы тыргъты йæ хистæр æфсымæр Хакыби, идæдз лæг, куыд мард, Песæн йæ дыууæ лæппуйы — авдаздзыд Алыкса æмæ æртæаздзыд Викторы — уадзгæйæ. Пес, йæ армытъæпæнæй йæ цæстытæн ныгуылгæ хуры сырх-сырхид тынтæй аууон акæнгæйæ, ныккаст дæрддзæфмæ.
— Усай! — фæдзырдта.
— Исты дæ хъæуы? Цы кæныс? — каубыд халагъуды цæлгæнæны къæсæрæй райхъуыст Макринæйы хъæлæс.
— æрцæттæ кæн æхсæвæр уазæгæн!
— Уазæг куынæ уынын, — бахудт Макринæ.
Пес дзуаппы бæсты ацамыдта бæхвæндагмæ. Барæг дзæбæх æрбазынд, уæлдай бæрæг дардта йæ басылыхъ.
— Кæд махмæ нæ цæуы? — фæдызæрдыг Макринæ.
— æмæ махмæ куы цæуа, уæд та? — йæ мæстæймарæн мидбылхудты уыд йæ уайдзæф Песæн, æмæ Макринæ фæтагъд кодта уæлартмæ.
Уæдмæ барæг æрбазынд фæзилæнæй, æрбагæпп кодта кулдуары цæхгæрмæ æвæрд хъæдты сæрты æмæ уыциу цыдæй бацыд кæртмæ, тыргъты тæккæ раз йæ бæх цæхгæр фæурæдта.
— Хуыцауы хæрзтæй хайджын у, Пес! – загъта Алыкса, æрфистæг, афтæмæй. Пес æм къуылых-къуылых æрхызт дæлæмæ.
— Дæ къах куыд у, мæ фыдыфсымæр? — тыхсæгау бафарс­та Алыкса.
— Бадгæйæ мæ ницы хъыгдары… Фæлæ чысыл куы ауайын, уæлдайдæр хæрды, уæд бандзыг вæййы, æлгъыст фæуа!
— æмæ хосгæнæг цы зæгъы?
— Нæй мын рæстæг хосгæнæгмæ цæуынæн, стæй мæ къух дæр нæ амоны. Бамборы рæзты йæм цæуын хъæуы, æмæ та, дам, уым дæр ивгъуыд къуыри абырджытæ фæзындысты.
— Нæ фехъуыстон. æз фæсхох уыдтæн! — фидарæй загъта Алыкса, æмæ Пес кæддæры ирд цъæх, фæлæ ныр сæ хуыз кæмæн фæмынæг, уыцы цæстытæ иуварс азылдта — комкоммæ-иу æй гæды ныхæстæй куы сайдтой, уæд-иу æдзухдæр афтæ кодта.
— æз та дæм хъуыддаджы тыххæй фæзындтæн, мæ фыдыфсымæр. — Ныр æндæр, лæгъстæйаг, цыдæр курæджы хъæлæсæй загъта Алыкса æмæ йын йæ уæхскыл йæ къух æрæвæрдта — Пес дæлæмæдзыд уыд.
Пес йæ æфсымæры лæппуйы мидæмæ къонамæ бахуыдта æмæ йæхимидæг бахудт: «Хъуыддажы фæдыл!»… Кæд мын Абхазы иннæ кæронæй не ’рбахæццæ!.. Афтæмæй ацы хæдзары схъомыл, æниу йæ фыды хæдзар дæр дард нæу, дыууæ сæдæ метры фалдæр, цъæх гæрæны фале пыхс къутæрты аууон.
Куы бафсæст, уæд Алыкса йæхи фæстæдзæг бауагъта æмæ æдзынæг бакаст Песмæ.
— Хъуыды ма кæныс дугътæ Лыхнæйы зылды?
Ныхас цы дугътыл цыд, уыдон уыдысты егъау хъæу Лы­х­нæйы, денджызмæ хæстæг.
Дугъы уайæн быдыр уым уæрæх æмæ лæгъз у, фæлæ дзы ис хæйрæджы бынат — даргъ цæхгæр ныууайæн хæлд фидары тæккæ сисы онг æмæ цыбыр суайæн. Се ’хсæн, æппындæр хус чи нæ кæны, ахæм згæхуыз цъымарадон. Дугъты дыккаг зылды фæстæ, ахæмтæ та дзы вæййы авд, уырдгуытæ æмæ фæхæрдгæнæнтæ лæхъир æмæ бырынцъаг вæййынц цыфæнды тæвд рæстæг дæр.
Бæх вæййы тынг зын уромæн æмæ, кæимæ ерыс кæныс, уый цæмæй саргъæй асхъиуа, уый тыххæй йæ фаг вæййы чысыл фесхойын дæр: хорз, æмæ ацы ран ерыстæм фæрсæй кæсджытæ нæ вæййы — кæй зæрдæмæ фæцæудзæн сындзытыл бадын æмæ, бæхты къæхты бынæй цы цъыфтæ тæхы, уыдонæй дæ цæсгом æмæ дарæс змæнтын, кæнæ цæхгæр къултыл хæрдмæ хилын...
— Уый, дæ хæлар Георги бæхæй куы рахауд, уæдæй у? — комкоммæ бафарста Пес.
Алыксайы ныхыл цæхгæрмæ цы нос уыд, уый зына-нæзына æмбæрзта къæбæлдзыг дзыккуты рæгъ. Георги бæхæй кæй рахауд, уымæй аххосджын Алыксайы кæй кодта, уый æнæзонгæ нæ уыд Пес.
— Цæй, куы йæ фæцæй æййæфтон, уæд ыл чысыл æнæбары уæхскæй бандзæвыдтæн, — йæ дæндæгты æхсæнты ралæмæрс­та абырæг.
— Мæнæй дæ цы хъæуы? — йæ мидбылты бахудгæйæ, бафарста Пес.
— Саргъ, — фæсабыр, афтæмæй загъта Алыкса. — Георгийæн.
Пес ницы дзырдта, æууæрста йæ æндзыггæнаг къах. Фæстæдæр загъта:
— Мæ сæргътæ бæрæг сты.
— Сæ дамгъæйæ, сæ гаккæй — сывылдзы ныв, — йæ мидбылты бахудт Алыкса, фæлæ йæ уазал бурбын цæстыты фæзынд цыдæр гуырысхо, æвиппайды фæзылд Макринæмæ — уый лæууыд сæны дурынимæ, уазалæй рахид.
«Ау, мæ фыдыфсымæр “нæ” зæгъдзæн мæнæн, йæ хæрз æфсымæры лæппуйæн?» — дзырдта уыцы цæстæнгас.
— Ды зоныс, нæ сывылдзыл цал азы цæуы, уый? — комкоммæ бафарста Пес, йæ сæны агуывзæ иуварс акæнгæйæ. — Нæ рагфыдæл Бемюрза Илорийæ ардæм куы æрлыгъд, ууыл цæуы æртæ сæдæ азы бæрц, кæд фылдæр нæ, уæд. Илорийы йын уыд знæгтæ. Ацы къуыбыр та уыд дзæгъæл, сындзæй йе­дзаг, бæз-бæз кодта калмæй… Хъæд æмæ къудзитæ басыгъта Бемюрза, фæлæ сывылдз бæлас ныууагъта. æмæ уæдæ, фыццаг уыд сывылдз, уый фæстæ фæзындыстæм мах. Нал уыдзæн бæлас, нал уыдзыстæм мах дæр, афтæ хъуыды кæнын æз…
— Нырма уал мах стæм! — бахудæгау кодта Алыкса. æмæ уыцы бахудт нæ фæцыд Песы зæрдæмæ. Пес фæзулдзаст йæ усырдæм, уый йæ æнгуылдз йæ былтыл авæрдта, фæлæ Пес йæхи нал баурæдта æмæ скалдта йæ мæстытæ:
— Виктор куынæ уаид, уæд дæ фыды ингæн сындзкъутæрты бын фæуыдаид, къуыбыр та ногæй бæз-бæз кæнид кæлмытæй!
— Викторæн йæ бон уыд кусджытæ баххуырсын! — æрхуы­мæй сдзырдта Алыкса.
— Де ’хцатæй?! — Пес йе ппæт митдунейæ, йæ буары алы тугдадзинæй банкъардта, йæхи ’хсæн æмæ ацы рог цардуарзæджы ’хсæн, ссæдз азы кæй хъомыл кодта æмæ йын рæстмæ хъомыл кæнын чи нæ бакуымдта, уый æхсæн цы сæрсæфæн æрх сæвзæрд, уый. Мæрдтæм дæр йæхи азымджын хуыдта Хаксыбы раз. Йæ улæфæнтæ ахгæдтой, тыхамæлттæй ма загъта:
— æмæ ма мæм дæ цæсгом æрбатардтай мæнмæ саргъагур? Мæ сæргътæ дæ хуызæттæн не сты!
Алыксайы цæстытæ уазал æвгтау фестадысты. Ныртæккæ йæ размæ чифæнды дæр куы фæуыдаид, суанг губернатор дæр, уæд æй бæргæ æрцыбыртæ кодтаид. Фæлæ йæ цуры лæууыд йæ фыдыфсымæр, дæлæмæдзыд Пес йæ æндзыггæнаг къах æмæ йæ фæлурс цæстытимæ — æмæ Алыкса фæцæуæг, хæрзбон дæр ын нæ зæгъгæйæ.
Макринæйы стыр маст бацыд, йæ лæг гуымиры хуызы фы­дæлты æгъдау — уазæг хынцыны, хæстæгдзинады тыххæй — кæй фехæлдта, уымæй æмæ йын бауайдзæф кодта:
— Дæ зонд фæцыд зæрондырдæм!
Пес ын ницы дзуапп радта. æнцад бадт, йæ сæр ныллæг æруадзгæйæ æмæ йæм йæ къухтæ сбыцæукæнгæйæ. Цæуыл хъуы­ды кодтаид — Хуыцау йæ зонæг... Чи зоны, йæ мыггаг кæй скуынæг, ууыл æмæ фидардæр кæй хæцын хъæуы фыдæлты зæххыл, йæ чысыл гæппæлыл, Хуыцауы фæрцы ууыл бæлæстæ æмæ цот рæзынгæнæйæ.
Алыкса рахызт кæртæй. Йæ бæх æм бамыр-мыр кодта. Алыкса йæхи фехста саргъмæ. Йæ ных сарæзта йæ фыды зæхмæ. Кулдуары цурæй æрбайхъуыст уæрдоны цæлхыты хъинц — уый Виктор æрбаздæхт куыройæ.
— Алыкса! — цингæнгæ æмæ дисхуызæй фæхъæр кодта Виктор, æргæпп ласта ссадæйдзаг голджытæй æмæ йæм батын­дзыдта. Йæ фæстæ згъордта йæ куыдз дæр.
— æз дæм дыууæ къуырийы æнхъæлмæ кæсын, цалынмæ рæстæг хорз у, уæдмæ, зæгъын, хæдзары сæр бамбæрзтаиккам, — райдыдта Виктор, фæлæ æваст фæкъуыхцы: æнахуыр фæлмæн æмæ цыдæр дзæгъæлгаст уыд Алыксайы цæстæнгас.
— Салам, ме ’фсымæр!...
— æгас цу! — куыддæр æнæбарыгомау загъта Виктор.
Алыкса йæм къæхтæй сæрмæ æркæстытæ кодта. Сæрæй къæхтæм йæ цæст æрхаста уыцы сабыр, уыцы фæлмæн лæппуйыл — æппæтæн дæр тæригъæд кодта:æфсондзы бын къамбецæн, хъæрццыгъайы ныхты ’хсæн уæрццæн, раст цыма йæ дадзинты бынтон æндæр туг цыдис, уыйау Чъиу сæры хъуынтæ, пакъуы йæ былы сæрмæ, мады лæвар медальон йæ мæллæг къубалыл, æлыджы хус фæд йæ галиу русыл, хидæй сбур йæ хæдоны æфцæггот, зæронд куыдз йæ æрчъиджын къæхты цур. æмæ фырмæгуырæй нæу афтæ, фæлæ, Алыкса цы не ’мбары, ахæм цыдæр ын ардауы йе ’фсымæры уыцы царды уагыл.
— Ус куы ракурис! – фæсусæй йын загъта.
Виктор бахудт:
— Дæ разæй æз куыд хъуамæ ракурон ус?
— Хæдзары аныхас кæндзыстæм, — Алыкса араст кауы сæрты бахизæнмæ. Виктор дæр йæ фæстæ фæцæйцыд, фæлæ фæхъуыды кодта йæ уæрдон æд ссады голджытæ æмæ атын­дзыдта кулдуармæ. Йемæ акодта саргъы бæх дæр, бабаста йæ уæрдоны уæладзæны кæрон æмæ араст сты: разæй куыдз, йæ фæстæ уæрдон, уæрдоны фæстæ саргъы бæх, йæ саргъыл топп нахæтбосæй бастæй.
«Ус ракурын? — хъуыдыты ацыд Алыкса бахизæнмæ цæугæйæ. Иугæр ус куы курон, уæд Гудауты пъырыстыф Мектаты чызджы…Фатимæйы! Уый йын Лыхныйыдугъты йæ фындзмæрзæн балæвар кодта — уæлахиздзауæн!.. Мектаты зæрдæмæ уый нæ фæцыд. Нæ йын ратдзæн пъырыстъыф йæ чызджы!... æниу æй аскъæфæн дæр ис!.. Уый фæстæ та? Фæсæфцæгмæ æмæ — хъæдты рамбæхс-бамбæхс? Ноджы ма Викторæй сæ маст исдзысты!»
Алыкса æрлæууыд бахизæны цур. «Уæд та зæгъин Песæн, уадз æмæ куыд æмбæлы, афтæ арвита минæвæрттæ. Уæд та йæ раттой?» Алыкса бацин кодта, фæлæ уайтагъд фенкъард: йæ цæстытыл ауад Мектаты цæсгом йæ тæнæгбыл, хæфсы дзыхау дзыхимæ æмæ æртæ бур æрдуимæ йæ дзидзаджын фындзы рагъыл.
«Фæцæрдзынæн! — хъæр кодта Мектат. — Фæцæрдзынæн, дæу Сыбыры бинаг къæймæ куы ахæр-хæр кæной, уыцы сахатмæ!...» «Гæнæн ис æмæ ма фæцæрай!» — фехъусын кодта уæд уый ахæм дзуапп.
Ныртæккæ Алыкса фæсмон кодта, цы загъта, ууыл. Фæсмон кодта, Мектат æй æрмæст пъырыстыфы хæстæм гæсгæ нæ, фæлæ ма йæ йæхи цыфыддæр знаджы хуызæн дæр кæй агуры…
Георги йæм кæй фæхæрам, уый дæр æрымысыд Алыкса, æрымысыд Песы уазал цæстæнгас, стæй Викторы æнкъард мидбылхудт йæ мæллæг цæсгомыл… Уый фæстæ йæ цæстыты раз сыстад Кумфы сæлхæрцингæнæг цæсгом, æмæ ма йын уый йæ маст фæдывæр кодта: «Сбæндæн хæффындзхоримæ!...» Ныр æдылыдзæф Кумф топп нал æруаддзæн иу ран, цалынмæ ахæс­тонмæ бахауа, кæнæ йæ ныхыл искæй нæмыг нæ сæмбæла, уæдмæ. æваст Алыксайæн ирдæй йæ цæстытыл ауад, Кумф йæ ных нæмыгдзæф куыд хуыссы æмæ йыл йæ мад, сæнтдзæф Кама, цыдæртæ хъуым-хъуымгæнгæ куыд кæуы. Мидæмæ бахызт Алыкса, ныр уыд йæхи зæххы хайыл. Галиуæрдыгæй бæзджын æхсæрбæлæстæ, рахизæрдыгæй цæджындзтыл æвæрд хæдзар, рæстæг кæй ссау кодта, ахæм хъуарийæ æмбæрзт. Цæджындзтæ сты фаг бæрзонд, се ’хсæнты рæдзæгъд амадæй лæууынц ив­гъуыд зымæгæй афтидæй цы сæны боцкъатæ баззад, уыдон.
Бæзджын изæрмилты цыма кæройнаг боцкъайы фæстæйæ топпы хæтæл ферттывта, афтæ фæкаст Алыксамæ. Цадæг хъуыз­гæ йæхи сывылдзмæ байста æмæ амбæхст бæласы ставд æмæ фидар зæнджы фæстæ. Абырæджы фæлтæрдджын цæстытæ иу иннæйы фæстæ ахстой алы лыстæг нысæнттæ: æнгуз бæласы бын бæхы ног фаджыс, зæххы уæлæ фæдтæй бæрæг у: цалдæр боцкъайы чидæр кæрæдзимæ фæхæстæг кодта... Топпы сампалы къæрццау цыдæр æмыр зæлланг фæцыд… «Мæ размæ бабадтыс­ты, — хъуыддаг бамбæрста Алыкса æмæ сын суанг сæ нымæц дæр базыдта. — Иу дæс адæймаджы, къаддæр нæ уыдзысты!»
Йæ фыццаг хъуыды уыд къуыбыры дæлбыны Мыдыбындздоны адагмæ ныххизын. Донвæдыл ацæудзæн сæгъвæндагмæ, уырдыгæй та схиздзæн æфцæгмæ.
Йæ размæ бабадджытæн Алыкса сæхи раздæр кæй бафиппайдта, уымæ гæсгæ йын, дарддæр куыд кæнгæ у, уый æвзарыны бар уыд. Ацæуын хъæуы æвæстиатæй, фæлæ йæм кæцæйдæр зарæг æрбайхъуыст, æмæ йæ бынатæй нал фенкъуыст.
«Куы мæ фæцæф кæной, уæд æз дæр заргæ кæндзынæн! – æнæмæтæй самыдта Виктор, æхсæры бæзджын къудзиты фæстæ цы уæрдонвæндаг уыд, ууыл цæугæйæ. Алыкса фестъæлфыд. Уый уыд рагон адæмон зарæг – «Цæф хæстоны зарæг». Зарæн æй уыд нæлгоймагæн æрмæстдæр йæ мæлæты размæ — ахæм фæтк баззад рагфыдæлтæй нырмæ.
Фæдисызмæлд кодтой сывылдзы сыфтæртæ, изæрмилты арвыл æфцæджы рагъ ивта йæ хуыз сызгъæрин сырх-сырхидæй бæзджын милахуызмæ, æмæ-иу сыгъдæгдæрæй æрбазындысты æнусон цъититæ сæ дурвидар тигътимæ… Кæмдæр уым, къуыбырæй чысыл бындæр ис зымæгон мæнгагъуыст, æдас хуыкком, уырдæм ничи баххæсдзæн!...
«Мæнæн нæмыджы цæф — дымгæйы æрбафутт!» — хъуыстис уæрдонвæндагæй.
«Мæ бæх æмæ берданкæ Виктормæ сты, — зæрдæдзæфæй ахъуыды кодта Алыкса. — Мектаты куыйтыл куы бамбæла, уæд куыдтæ архайдзæн, чи йын цы зоны… Мæнæ ныртæккæ бæх бакæндзæн кæртмæ!»
æмæ Алыксайы сæры фегуырд ног фæнд. Йæхи æмбæрц слæууыд, рацыд сывылдзы фæстæйæ æмæ, салам дæтгæйæ куыд сисынц къух, афтæ бæрзонд систа йæ рахиз къух.
— Мектат! æз мæнæ дæн, æнæ хæцæнгарзæй…
Уыцы иу уысмыл ныннæрыд топпы гæрах. Нæмыг ахызт зæрдæйы æмæ нынныхст сывылдз бæласы зæнджы. Алыкса æрхауд, цыма йын йæ къæхтæ цæвæгæй рариуыгътой, уыйау.
— Афтæ хуыздæр у! — кæмæндæр загъта Мектат, боцкъайы фæстæйæ рахизгæйæ. Кулдуары цурæй сыл йæхи ныццавта зæронд куыдз, йæ фæстæ уад Виктор æмæ алырдæмты æхста куырмæ­джы. Фæлæ йыл цалдæр нæмыджы сæмбæлд æмæ уæззау цæфтæй æрхауд иу фондз къахдзæфы дарддæр йæ мард æфсымæрæй. Мектат æмæ йæ хъузæттæ сæмбырд сты сывылдзы цур. Алыкса мард кæй у, ууыл дызæрдыг куы нал кодтой, уæд Викторы дæр йæ туджы мæцгæ æвæгæсæгæй ныууагътой æмæ пъырыстыфы амындмæ гæсгæ араст сты Песы хæдзармæ. Цыдысты, Алыкса кæуылты бахызт, ууылты нæ, фæлæ дæрдты уæрдонвæндагыл. Цыдысты сабыргай, ныхæстæгæнгæ, алчи сæ йæхи иударон уæлæ­дарæсы, æмæ сæ уæлæ топпытæ æфтыд куынæ уыдаид, уæд сæ фæрсæй кæсæг загътаид, зæгъгæ, адон ацы хъæуккæгтæ сты æмæ сæ хæлар сыхаджы куывдмæ цæуынц хуынды.
Куывдмæ цыдысты уыдон, куывдмæ, кæй амардтой, уый фыды æфсымæрмæ.
Уыцы заманты ахæм фæтк уыдис: уæлахиздзауты куывд-иу скодта, кæй амардтой, уыцы фыдгæнæджы хæстæгдæр къабаз. Хъуыддаджы æппæт фæлхæстæ дæр фыста уый. Уыдæттыл чи не сразы уа, уый та нымад цæудзæн фыдгæнæджы цæдисон æмбалыл.
Цы хабар æрцыд, уый базонгæйæ, Песы бæстыхаймæ фæцыдысты æввахс æмæ дард сыхæгтæ дæр. æввахс сыхæгтæ дысфæлдæхтæй бавнæлдтой æнамонд фысымæн æххуыс кæнынмæ: хæдзары тæккæ размæ цъæх-цъæхид кæрты ног лæгъзгонд фæйнæджытæй сарæзтой нарæг даргъ фынг. Ахæм даргъ фæйнæджытæ ма ныххостой цыбыр михтæм, ныссагътой сæ зæххы æмæ дзы рауад гæрзæй-гæрзмæ бандæттæ. Фынгты сæрмæ къæвдайы тæссæй байтыгътой кæттаг, æмæ найфат ацæттæ. Иннæтæ уыцы рæстæг кæрты рæбын æнгуз бæласы бынмæ аластой нывонды гал. Иу цæфæн æй æрфæлдæхтой æмæ йæ уайтагъд бакой кодтой хиконд ахъаззаджы кæрдтæй. æртытæ сæ фæздæг скалдтой, пиллоны ’взæгтæ сæхи сивæзтой егъау агты сæгæйдзаг фæрстæм, уæлдæфы ахæлиу фых дзидзайы тæф.
Мæй скасти æмæ йæ маргхæццæ рухсмæ фæмынæг сты фæтæген цырæгътæ æмæ æртыты сырх тæмæн. æфцæджы тарбын фæлмы сæрмæ æрттывта кæрдæгцъæх стъалы.
Мектат аивæй йæ цæст дардта Песмæ. Пес йæхи æвдыста, фысымæн куыддæриддæр æмбæлы, афтæ: лыстæг хъуыддаг дæр дзы нæ ирвæзт, кæстæриуæггæнджытæн амыдта, цы кæнын, куыд кæнын хъæуы, уый; уазджыты алы хуызы хынцта раст цыма сывылдзы бын йæ мард æфсымæр нæ хуыссыд æмæ Виктор цыма рафт-бафтгæнгæйæ нæ хъæрзыдта уаты, дæсны хосгæнæг æмæ сылгоймæгты ’вджид баззайгæйæ.
Мектат зыдта: кæд цыфæнды зын уыд Песæн, уæддæр ма йæ ныфс уыди — хæрз чысыл ныфс, фæнычы норстæй цæхæры мур судзæгау. Уыцы ныфсы руаджы Песы йæ къæхтæ тыхамæлттæй хастой кæрты къуымты, æмæ кодта, цы йæ кæнын хъуыд, уыдæттæ.
Уазджытæ сæ бынæтты бадын куы райдыдтой, уæд ын иу чысыл амал фæцис ауайынæн æмæ, цыма зæххы æрныгъуылынмæ хъавыд, афтæ ныггуыбыр уавгæйæ, Пес йæ ных сарæзта дыккаг уæладзыгмæ цы хъæдын асин уыд, уымæ.
«Виктор æй æфтауы мæты», — ахъуыды кодта Мектат æмæ йæхи æрцахста ахæм хъуыдыйыл: æппæт ацы адæмæй æрмæст иунæг уый нæ фæнды цæф адæймаджы фæдзæбæх. Уыцы хъуы­ды æбуалгъ фæкаст йæхимæ дæр, йæхи цæсты дæр æй æгад кодта, фæлæ зын фæсурæн уыд. Песы схаст сабыр лæппу куы­дæй равдыста йæхи, уый фæстæ æндæр цæстæй акаст Мектат лæппумæ æмæ старст, сомбон дзы йæ туг куы райса, уымæй. «Куы фервæза, уæд æй Сыбыры бамидæг кæндзынæн!» — æрсабыр кодта йæхи Мектат. æмæ хъæрæй фæдзырдта:
— Пес!
Пес фесхъиудта — асинты астæумæ схæццæ.
— Дæ бынат фынджы уæлхъус ис. Фысыммæ æнхъæлмæ кæсæм иууылдæр!...
æмæ Песæн  дæр уазджытæм æнæ раздæхгæ нал уыд.
Нуазæнимæ уырдыг сыстад Мектат, куывдон адæмыл йæ цæст ахаста. Тынг разы уыд йæхицæй: сæ хъуыддаг фæрæстмæ, Алыкса мард, йæ адæмæй та цъæррæмыхст дæр ничи фæци! Ныр æнæмæнг хæрзиуæг дæр райсдзæн, йæ цин дæр ын фæуæлдæр кæной, чи зоны. æмæ йæ уæд Сухуммæ аивдзысты.
— Чи у хъæстаг Песæй? — зæллангæнаг хъæлæсæй райдыдта Мектат. — Иууылдæр æй зонынц, цавæр адæймаг у, уый!... æмæ йе ’фсымæры лæппуйы дæр ахуыр кодта хорздзинадыл, стигъыныл нæ фæлæ! Пес, æз нуазын, цæмæй дæ мастыл фæуæлахиз уай, уый тыххæй. Уадз æмæ ацы маст фæстаг маст фæуа дæ бинонтæн.
Песы цæстытæ доны разылдысты. Мектат æй фæфиппайдта, ферхæцыд æмæ иуварс азылд.
— Хæлар дын уыдзæн, — загъта чидæр æгъуыз хъæлæсыуагæй.
Боныцъæхтыл Макринæ даргъ сау къаба æмæ сау кæлмæрзæны рацыд кæртмæ æмæ иуварс айста кулдуары хъилтæ. Кæртæй æппæты разæй араст нозтдомд хицау мард абырæджы кæсгон дугъон бæхыл. Мектаты хæдфæстæ рай­хъуыст бæхуæрдоны хъинц-хъинц. Уæрдоны сæргуыбырæй бадт Пес, йæ цонгыл саударæджы хæцъил баст. Йæ къæхты бын нымæтыл хуыссыд Виктор, йæ сæр пух урс базыл. Йæхимæ нæма ’рцыд, æмæ æрмæст йæ цæстыхауты змæлдæй бæрæг уыд, удæгас ма кæй у, уый.
Уæрдоны фæстæ сæ хицауау нозтдомдæй ахал сты дыу­уадæс гæрзифтонг барæджы. Пес касти Викторы мæрдон фæлурс цæсгоммæ æмæ дæс версты хъæдын кулдуарæй Гудауты рынчындоны дурæй бырумæ иугæндзон табу кодта:
«Хуыцауы уазæг у, хъæбул!» Фæлæ... æмæ — о, йæ уд Хуы­цауы уазæг ссис æцæгæй дæр.
Изæрæй уæрдон дыууæ æмхуызон чырынимæ — афтид Алыксайæн, иннæйы хуыссыд Виктор, афтæмæй æрыздæхт Песы бæстыхаймæ. Макринæ ныдздзынæзта, фæлæбурдта йæ сæры хъуынтæм, йæ рустæ йæ ныхтæй тыдта, абон дæр ма абхазæгтæ хъæуты куыд кæнынц, афтæ. Йæ хъарджытæм æрбауадысты сыхаг устытæ æмæ уыдон дæр нырдиаг кодтой; тæригъæдда­джы ниуд ныккодтой куыйтæ æмæ уайтагъд изæрмилтæй хуы­далынг æхсæв рауад.
Адæмы ’хсæн уæйтагъд ахæлиу дам-дум, зæгъгæ, дам, Пес зыдта, Алыксайы размæ кæй бабадтысты, уый, фæлæ йæ нæ бафæдзæхста. Афтæ арæзт у адæймаджы сæрымагъз æмæ хорзæй æвзæрыл тынгдæр æууæнды. Пес фыддзыхтæм нæ мæсты кодта, йæхи нæ рæстытæ кодта, æмæ йын йæ цæстæнгасы адæм уыдтой, уынын сæ кæй цы фæндыд, уый: азимаджы æууæлтæ. Хабарæн та Пес рагацау ницы зыдта. Фæлæ уый зыдта æндæр хъуыддаг: нæ фаг кодта йæ зæрдæйæн фæлмæн зонд уым, сахъари хæдзары. Алыксайæн уыцы æнæхайыры саргъ куы раттаид, уæд уый атындзыдтаид  йæ хæлар Георгимæ æмæ йæ мæлæтимæ нал сæмбæлдаид.
Чи зоны, æмæ цыбыр æмгъуыдмæ æргъæвд уыдаид сæ фембæлд, фæлæ Виктор йæ фарсмæ уæд нæ уыдаид. Нæ уыдаид уæд Алыксайы фарсмæ Виктор — æмæ Пес дæр ныр йæхимæ сæнæфсиры хус тала нæ кæсид...
Ног азы хæдразмæ, æнæнхъæлæджы митæй хур райсом æвзист­хуыз куы ссис, уæд æруæззау Пес. Тæфсæг адæмы цагъта денджызы былгæрæтты, кæсагахсджыты халагъудты æмæ сæу­дæджергæнджыты галуанты, фæлæ ам уæлхохы та бабæрæг кодта айдагъ Песы, сыхаг хæдзæрттæй дæр никæмæ саккаг кодта, чи зоны, æмæ уымæн, æмæ Песы хæдзарау нæ зындысты…
Зæронд лæг бонæй-бон уæззаудæр кодта. Къуырийы фæстæ æнæбон дæргъæй хуыссыд тыргъты, йæхи мидæмæ хæссын нæ уагъта. «Иугæр мын кæд калд бæласау æнæбон дæргъæй хуысгæ у, уæд тыргъты», — скарста Пес. Ардыгæй йæм хорз зыны сывылдз къуы­бырыл æмæ бур рæгъты æхсæнты денджызы æрттиваг тæлм.
Песы уынаффæмæ гæсгæ сывæллæтты арвыстой сæ фыдымадмæ Ачандарамæ, тæфсæгæй дарддæр куыд уой, афтæ.
æнахуыр сабыр ныцци сæ цæрæнуат. Сыхæгтæ сæхи хъахъхъæдтой сæйгæ рынчынæй, уазджытæ сæхи дард ластой æнамонд къуыбырæй, æмæ Песы фарсмæ баззад иунæг Макринæ, раздæрæу бæрзонд, рæсугъд æмæ хъаруджын, раст цыма зæххон бæллæхтæй кæлæнгонд уыд, уыйау.
— Нæ фырттæ дæ быгъдуан! — йе ’взаг йæ коммæ нал каст, афтæмæй ма тыхамæлттæй загъта Пес.
Макринæ æдзæмæй лæууыд, йæ цæстытæ дæр уыдысты хус хурмæсыгъд цилау — фыдох æй мидæгæй арыдта, сыгъта.
Пес азылд æмæ ныхъхъус. Ныр уый уыдта сывылдз бæлас митæмбæрзт къуыбырыл ныгуылæны хуры сызгъæрин рухсы хинайгæйæ.
Зыбыты иунæгæй, хъомысджынæй, æнæмæлгæ æнусонæй…

КАСАТЫ Батрадзы тæлмац
// Мах дуг.– 2008.– № 4.


Литература народов Кавказа
      Армянская
      Абхазская
        Абхазаг æмбисæндтæ
        Абхазаг таургътæ
        Агындиа Сергей
        Аджба Таиф
        Амаршан Витали
        Аламиа Геннадий
        Ажиба Энвер
        Гогуа Алыкса
        Джинджолия Владимир
        Искандер Фазиль
        Касландзиа Валери
        Квициниа Никъала
        Лагулаа Анатоли
        Лакербай Юри
        Ломиа Константин
        Мукба Анзор
        Хашиг Никъала
        Хашба Риммæ
        Хварцкия Игорь
        Чкадуа Шота
      Балкарская
        Амина Газаева
        Владимир Мокаев
        Кулиев Кайсын
        Муталип Беппаев
        Светлана Моттаева
        Хасан Шаваев
      Грузинская
      Дагестанская
        Аджаматов Аткай
        Ахмедов Мурад
        Гамзатов Расул
      Кабардинская
        Борис Кагермазов
        Мадина Хакуашева
        Зубер Тхагазитов
        Магомед Кудаев


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.