Аия Бриаака
Ницы ис ӕрдзмӕ фӕлывд ӕмӕ хинӕй:
судзы бӕрзонд хӕхтыл урс митӕй арт.
Хоры нӕмыгыл чъынды у, ӕлгъин у
саумӕр, куы вӕййы ӕнӕзылд, фӕллад.
Къӕдзӕхты 'ндарӕнӕй лидзы ӕрра дон,
фембӕлд цӕлхдуртимӕ — сисы хъӕрахст.
Денджыз цъӕх у, фӕлӕ скалы йӕ маст,
фестынц уӕд уылӕнтӕ саутар, мылазон.
Дойны бӕлццонӕн ӕдзӕрӕг быдыр
удхос нӕ ратдзӕн, къуырма у, ӕмыр.
Сбон та. Ӕнусон арв ирд уа, хъуынтъыз уа, — сусхъӕды
дидин ӕрттивдзӕн мыдхуызӕй.
Ӕрдзы фӕтк — иугъӕдон, никӕд фӕивы. Мах дӕр
ныууадзӕм цӕстмӕ ми, фӕливын, Адӕм, ныууадзӕм
цӕстмӕ ми, фӕливын.
Перевел Ахсар Кодзати
См.: Мах дуг.- 2018.- №5.- Ф. 53.