logo

М О Я    О С Е Т И Я



Хашиг Никъала
абхазаг фыссæг (1932)

Царды фале
Радзырд

Сур зæххыл атылди. Уый æдде ма, гæрах кæнæн цæмæйдæриддæр уыди, уыцы хотыхтæ иууылдæр сæ уды быцъынæг скъуыд­той, цыма се ’ппæт топпыхос æмæ нæмгуытæ дæр æвæстиатæй бахардз кæнынмæ тырныдтой, æмæ бæстæ сыгъди. Уæлдæфы ауыгъдæй лæууыди фæздæг. Рæуджытæ дзы афтæ тынг фыхтысты, æмæ улæфын нæ фæрæзтой. Автоматтæ æмæ пулеметты къæр-къæрыл ма-иу рæстæгæй-рæстæгмæ бафтыди сармадзанты нæрын, зæхх-иу уылæнгай æнкъуысгæ ацыди æмæ-иу йæ фæстæ ныууагъта арф дзыхъхъытæ. æбуалгъ уыди адæймаджы хъысмæт, уымæй æбуалгъ­дæр та уыди бæлæсты хъысмæт. Алырдыгæй сæ хуынчъытæ кодтой нæмгуытæ,  фæйнæрдæм сæ рæмыгътой бомбæтæ, æмæ уæлхъæдæй мардысты. Зæхх туджы йæхимæ нал цъырдта æмæ култæй лæууыди, калди цыхцырджытæй. Бæстæ байдзаг и сыгъды смаг, хъæртæ, æлгъыстытæ æмæ хъæрзынæй.
Алма згъордта размæ æмæ æхста автоматæй. Йæ къорд знаджы фидæрттæ куы бацахста, уæд уæлвæзгонды сывылдз бæласы уидæгтыл йæхи æруагъта. Ардыгæй йæм алцыдæр хорз зынди, знæгты уыдта æмæ сæ сонт-монты нал æхста, фæлæ биноныг хъавгæйæ. Цы бæласы фæстæ хуыссыди, ууыл нæмгуытæ уадысты æмæ дзы схъистæ æппæрстой, йæ сыфтæр ын згъæлдтой, фæлæ сæ Алма æдас уыд. Йе ’мбæхсæн бынат уыди æнæзæрдæхсайгæ. Хæсты хъæр кодта сабырæй-сабырдæр, гæрæхтæ фæкъаддæр сты. Искуы-иу хатт ма-иу искæцæй иугай гæрæхтæ райхъуыстысты, стæй уыдон дæр бамыр сты.
Куыд æдзæм у бæстæ? Алма йæ сæр батылдта. Райсомæй ныббырсты размæ йæ хъусты цы къæрмæджытæ батъыста, уыдон раппæрста, йæ амонæн æнгуылдзæй йæ хъустæ асыгъдæг кодта, æмæ йæм алцыдæр хъуысын райдыдта.
«Гъеуый дын мæты сæр, гъе! Карды комыл цæуын, афтæмæй, мæ хъустыл ауæрдын!» — бауайдзæф кодта йæхицæн, фæлæ уæддæр разыйæ баззад йе ’рхъуыдыйæ. Сармадзаны нæмгуыты рæмыгъдтытæй чи фегомыг и, ахæмты бирæ федта, æмæ сæ йæ зæрдæ нæ барухс. æмæ тарсти бакъуырма æмæ бакуырмæй.
Хæстонтæ сæхимидæг базмæлыдысты. Сæйрагдæр уыди цæфты æдас ранмæ ахæссын, стæй мæрдты фæсчъылдыммæ арвитын. Судзаггаг зианы уæлхъус куыд вæййы, афтæ алчидæр æххæст кодта йæ хъуыддаг. Алма уыди, ахæм куыстытæ кæй бæрны уыдысты, уыдонимæ.
Хæсты, кæй зæгъын æй хъæуы, адæймаг бахсысы æмæ аивы. Сабыр царды цыфæнды гæрахæй дæр йæ зыр-зыр ссæуы. Ту­джы уындæй æрмæст сылгоймæгтæ нæ тæрсынц, фæлæ нæлгоймæгтæ дæр.  Йе ’рдхорды хъæдгоммæ кæсгæйæ алчидæр фæсæццæ вæййы. Искæй куы амарынц, уæл та удаистæй баззайы. Алма дæр ахæм уыди, фæлæ ныр гæрæхтыл сахуыр, ту­джы уындæй дæр нал тæрсы. Бабаста йæ цæф хæлары хъæдгом, тохы быдырæй йæ рахаста æмæ йæ фервæзын кодта… Цыбыр дзырдæй, фендæр адæймаг. Куы цæфты банымайы, куы мæрдты номхыгъд саразы…
Цыфæнды уавæрты дæр адæймаг баззайы адæймагæй. Командир мæт кæны, сæрсæфæн цæхæрмæ кæй феппары, уыдоныл, æфсæддон хъуыды кæны, йе ’мбалæн куыд баххуыс кæна, ууыл. Иугæр хæстон лæг, йæ мæлæты цæстытæм кæсгæйæ, йæ хорз миниуджытæ нæ сафы æмæ йæ зæрдæ хъæбæр кæнын нæ уадзы, уæд марæг нæу.
Мæнæ та ныр дæр: иутæ мæрдты номхыгъд аразынц, иннæтæ цæфты ирвæзын кæнынц, æртыккæгтæ сæ хионты æмæ се ’рдхæрдты агурынц. Адонимæ ис Алма дæр. Ныббырсты размæ знæгтæм  фæстæрдыгæй бахъуызыди æмæ сын гранатæхсæнæй сæ фидар ныппырх кодта. Йе ’мбæлттæ размæ куы абырстой, уæд хидыл пулемётæй æхсгæйæ ауыдта Ахмæты, стæй йын тохы бацæугæйæ йæ фæд нал ссардта, æмæ ныр мæрдтыл зилы, агуры йæ цæфты ’хсæн. Алкæй дæр фæрсы йе ’мбалæй, фæлæ кæм ис, уый ничи зоны.
æхсæвæр бахордтой, æмæ Алма иу къордимæ æрбынат кодта, знагæй цы фидар байстой, уым. Фæллад хæстонтыл хуыссæг фæтых, æрмæст Алмайæн йæ цæстытæ æрцъынд кæнын нæ комынц. Уæлдæфмæ рацыди æмæ цъæх нæууæй æмбæрзт фахсыл йæ фæсонтæ бауагъта. Ирд æхсæв. Стъалыджын арвыл ауыгъдæй лæууы тымбыл мæй. Дуне афтæ ныррухс, æмæ дзы раст судзин фенæн дæр ис. Ахæм æмбисонды æхсæв адæймагмæ афтæ кæсы, цыма зæххыл æрæнцадысты фарн æмæ сабырдзинад. «Гъе, афтæ кæрæдзи фарсмæ цæуынц хорзæх æмæ фыдæх, — ахъуыды кодта Алма æмæ та Ахмæты сæфтыл æрæнкъард и. — Фæмард, æвæццæгæн…». Йæ зæрдыл æрлæууыди, йæхи цард дæр куыд фæцæйскъуыд, уый. Мартъийы уæззау цæф фæцис æмæ быдыры æвæгæсæгæй фæхуыссыди, цалынмæ хæст нæ басабыр, уæдмæ. Йæ уд исынмæ куы ’рцыди, уæд æй йе ’мбæлттæ ссардтой æмæ йæ Гумистæйы доны былмæ рахастой. Бирæ туг дзы фæцыдис, æмæ ницыуал æмбæрста, æрмæст ма йæм дард кæцæйдæр хъуысти:
— Туг… Туг… Алма… Алма…
— æз ын ратдзынæн туг!
— Кæцы къордæй дын у?
— Йæ къордæй йын цы кæныс? æз  кæсгæттæй дæн, æмæ мах æфсымæртæ стæм. Мæ туг ме ’фсымæрæн ма сбæзза, уымæн уæвæн нæй.
— Цæфы туг сбæрæг кодтат?
— О.
Йæ цонг бастæй сæ цурмæ бацыди иу лæппу æмæ йæ дзыппæй цавæрдæр гæххæтт систа.
— Мæнæ-ма кæс. æз абазин дæн, æмæ нæ туг иу у — хæстæгдзинадæй дæр, медицинæйырдыгæй дæр.
Дохтыр ын йæ гæххæтт райста, лæмбынæг æм фæкасти, стæй афтæ бакодта:
— æмæ дæхицæй дæр бирæ туг куы фæцыди!
— Ницы кæны. Чи ма мæм и, уый нæ дыууæйы фаг у. Рæвдздæр кæ, науæд байрæджы уыдзæн.
Уыдæттæ мысгæйæ æмæ Ахмæтыл хъуыдыгæнгæйæ Алма бафынæй.
Хуыссынц æфсæддонтæ. Сыгъды смаг зæххы сæрмæ æдзæмæй лæууы. Адæймагæн зын куы вæййы, уæд афтæ фæзæгъынц: мардæн æнцондæр у. Чи зоны, уый раст у, фæлæ, цалынмæ лæг йæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæна, цалынмæ йе знагыл фæуæлахиз уа, уæдмæ йæ бон æрсабыр уæвын нæу. æмæ цыфæнды зындзинæдтæн дæр быхсдзæн.
Искæй зæхмæ цы знаг лæбуры, уый та йæ зæрдæ цæуыл дары? Уæлахиз æмæ намысыл? Мæнæ «уæлахиздзау» хуыссы цæфæй æмæ йæ туджы мæцы. æцæгæлон зæххыл, æцæгæлон арвы бын. Йæ риуæй сирвæзы уæззау хъæрзын. Цæхджын сайд ыл æрцыд! Цы уавæры ис, уый ныр æмбары, фæлæ йæм уыцы зонд цавæр аргъæй æрцыди?!
Йæ цæстытæ сты æхгæд, æмæ йæм кæйдæр къæхты уынæр хъуысы. Урсзачъе зæронд лæг йæ уæлхъус æрлæууыд æмæ йæ фæрсы:
— Ды чи дæ?
— Хæстон… — тыхтæй-амæлттæй базмæлыдысты кæрæдзиуыл ныхæст былтæ.
— Цæй охыл хæцыс?
— Нæ бæстæйы иудзинад бахъахъхъæныны охыл.
— О, фæлæ ай дæ райгуырæн бæстæ нæу.
— Куыд нæ у мæ райгуырæн бæстæ? æз ам райгуырдтæн!
Цæф хæстоны фæндыдис йæ тых-йæ  бонæй ныхъхъæр кæнын.
— Гъемæ афтæ дæр фæуæд. Дунейы рухс ам федтай, фæлæ тох кæнут, ацы зæхх кæй у, уыдоны ныхмæ. Рæстæгмæ нæ нæ фыдыбæстæ ныууадзын бахъуыди, æмæ нын нæ зæххытæ æрцахс­тат. Зæхх не ’ппæты фаг дæр у, фæлæ йæ сымах æрмæст уæхицæн исут, æмæ Хуыцауы зæрдæмæ уый нæ цæуы. Уæхи дзæгъæлы сафут. Фæстæмæ уæ здæхын бахъæудзæни, кæцæй æрбацыдыстут, уырдæм.
— Ныххатыр кæ, Хуыцау, кæд нæхимæ тæригъæд райстам, уæд, — уæззау хъæрзтау сирвæзт цæф хæстоны риуæй.
— Сымах аххосæй кæлы туг. Хуыцауы зæрдæ скъахтат.
— æмæ мын ныр цы гæнгæ у? æнæхъару куы дæн…
— Цы дын зæгъон? Хъуыды кæ…
Цæф хæстоны цæстытæ лæууыдысты æхгæдæй. Зæронд лæг æм йæ чъылдым раздæхта æмæ сабыргай ацыди. Лæппу йын иуцасдæр йæ ныхæстыл фæхъуыды кодта, стæй йæ риуæй цыдæр æбæрæг мыртæ сирвæзти. Афтæ банхъæлæн уыди, цыма заргæ бакодта. О, уый рагон абхазаг зарæг уыди. Фыдæлтæ йæ цæф хæстоныл сарæзтой.
Алма хуыссыди, йæ къухтæ йæ сæры бын бакæнгæйæ, хъуыс­та æрдзы сабырдзинадмæ. Кæцæйдæр æм æрбаивылди йæ уарзон зарæг, æмæ йæ хуыссæг фæлыгъд. Афтæ йæм фæкасти, цыма театры бады. Сценæйы зары Ахмæт. Сæ улæфт бауромгæйæ йæм хъусынц адæм. Фæнды сæ, цæмæй йæ зарæгæн кæрон ма уа, цæмæй æнæрлæугæйæ зæла, æмæ йын æхсызгонæй хъусой йæ диссаджы зæлтæм. Ахмæт фæсабыр, æмæ Алма æрчъицыдта. Фын кæй уыдта, уый бамбæрста, фæлæ зарæг йæ хъусты зæлы дарддæр. «Чи зары, цымæ?» — фæрсы йæхи æмæ сабыргай цæуы зарæггæнæджырдæм. Кæд æм знæгтæ дæрддзæф сты, уæддæр цæуы хъуызгæйæ, куы йæхи ’ргуыбыр кæны, куы йæ цыппæртыл абыры. Зарæг зæлы хæрзхæстæгæй. Бынтон æм баввахс и, кæсы æмæ — гуырдзиаг. Лæмбынæг æм æрыхъуыста æмæ — Резо! Адæргæй йæ буар уазал хидæй адонастæу.  «Ау, Резо нæ ныхмæ хæцæнгарз систа?! Уымæн уæвæн куыд и?!» — февзæрд йæ сæры æмæ йæм йæ цыппæртыл бабырыди. Цæф хæстон хуыссыди уæлгоммæ æмæ зарыди. Алма йе ’муд æрцыди æмæ йæм хъырнын райдыдта. Цæф хæстон фæхъус и, цыма йе ’взаг аныхъуырдта, уыйау.
— Чи дæ? — бафарста æрæджиау састхъæлæсæй æмæ автоматмæ йæ къух баивæзта.
— æнцад хуысс! — тызмæгæй йын загъта Алма. Резо исдугмæ ницы сдзырдта, стæй фырдисæй йæхиуыл схæцыди.
— Алма?! – топпы гæрахау сирвæзт йæ риуæй.
— О, Резо, о. æз дæн, — йæ хъæлæс фæфæлмæндæр  Алмайæн.
Цæф хæстон йæ автомат æруагъта æмæ йæ цæстæнгас сагъæсхуызæй арвмæ сарæзта. Судзгæ стъалы дзы ратахти æмæ мигъты ’хсæн æрбайсæфти.
— Кæцы ран дæ цæф? — зæрдаивæй бафарста Алма. Чи, цæй тыххæй, куыд?  Уыцы фарстатæ йæ не ’ндæвтой. Йе ’рдхорд уыди тæссаг уавæры, æмæ йын хъуыди баххуыс кæнын.
«Раздæры хæлар» рахонын æй йæ фæсанæрхæджы дæр не ’рцыди.
— Мæ агъд… Куы мæ амардтаиккой, уæд хуыздæр уыдаид… дæуыл ам фембæлыны бæсты… — сæнттæ цæгъдæгау ын дзуапп радта Резо.
— Равдис-ма, — Алма йæм æргуыбыр кодта æмæ йын йæ цæфмæ ныккасти.
— Нæ хъæуы. Хъусыс? Фæлтау мæ амар…
Кæд æй йе ’фсарм тыхсын кæны? Уæвгæ, хæст æмæ æфсармæн иумæйагæй цы ис?!
— Ууыл раздæр хъуыды кæнын хъуыдис, — йæ ныхас ын цæхгæр фескъуыдта Алма. — Дæуæй афтæ, Гуырдзыйы иудзинады сæраппонд дæ цард куы суæлдай кæнай, уæд дын хъæбатыры ном ратдзысты? Куыннæ стæй! Дæхи ма сай.
Йе ’мбалы цæф бæттын райдыдта, æмæ Резойæн фыррыстæй йæ дæндæгты къæс-къæс ссыди.
— Йе стæг дын пырх у. Куыд мæ бон у, афтæ йæ бабастон, æмæ æнцад æнæзмæлгæйæ хуысс.
— Кæд мыл дæ нæмыг сæмбæлди, мыййаг? — йæ мидбылты бахудыныл ацархайдта Резо, фæлæ йæ цæсгомыл тæрсынгæнæн дзагъулæй уæлдай ницы фæбæрæг и.
— Чи зоны, чи зоны, — йемæ сразы Алма, æмæ ахæм хуыз равдыста, цыма йыл  фæсмон нæ кæны. Резо бамбæрста, йæ хъазæн ныхас кæй нæ фæрæстмæ, уый, Алма та, дарддæр цы кæна, ууыл сагъæс кодта. Уæддæр йæ цуры йæ цæф знаг хуыссы æви йæ раз­дæры хæлар? Резойы йæ рис бамбæхсын  фæнды, фæлæ йæхиуыл йæ бон нæ цæуы æмæ хъæрзы, нæты. Сæ сæрмæ йæхи фæйнæрдæм айтыгъта æнусон арв æмæ Алмайы хъуыдытыл æфтауы.
Цы гæнгæ йын у? Йе знаг æй рахона æви ма йе ’рдхорд у ныр дæр? Резойы хъизæмæрттæм кæсын куы нал фæрæзта, уæд афтæ бакодта:
— Цæф хæстоны зарæг акæнæм.
— Кæд дæ фæнды, уæд акæнæм, — хъазгæ дзы кæй нæ кæны, уый бамбаргæйæ, йемæ сразы Резо. — Азарæм, ды, Ахмæт æмæ æз сценæйы куыд зарыдыстæм, афтæ…
Алма ницы сдзырдта, абондæргъы Ахмæты кæй фæца­гуырд­та, уый тыххæй дæр ницы загъта. Сабыргай базарыди: «Цæф знагæн дæр риссы…» Резо йæм бахъырныдта, æмæ сæ зарæг йæ фæдыл асайдта. Цæф хæстонæн йæ рыст фæкъаддæр æмæ, йæ кæуинаг уавæрыл сагъæсгæнгæйæ, фæсмонгæнæджы хъæлæсæй загъта:
— æртæйæ сценæйы куы зарыдыстæм,  уæд куы амардаин фæлтау… æрдхордау мыл фæкуыдтаис, ныр та…
Алма ницы дзырдта. Фæндыдис æй йæ раздæры хæлары зæрдæмæ ныккæсын, цæмæй йын йæ ныхæсты рæстдзинад базона. Фæсмон æй æрæййæфта, æви йæхи раст кæны? Йæ цæстытæм ын æдзынæг ныккасти, æмæ куы фемдзаст сты, уæд Резо йæ сæр арвырдæм азылдта.
— Уыцы хъуыдымæ кæд æрцыдтæ: хæцæнгарзимæ нæм куы ’рба­лæбурдтай, уæд æви куы фæцæф дæ æмæ куы слæмæгъ дæ, уæд?
— Политиктæ нæ сдзæгъæлтæ кодтой, Алма, нæ сæрызонд нын фæлидзын кодтой.
— Политиктæ æдзухдæр кæлмытæ æдылыты къухтæй ахсынц, сæхæдæг нæ хæцынц. Мах хæцын кæнынц, кæнæ мах хуы­зæтты. Хуыцау æвдисæн, мæ къухтæй калм ничи ’рцахсдзæн, æз мæ фыдыбæстæ хъахъхъæнын. Нæхицæй æдылытæ ма аразæм. Фæлтау нæ рагбонтæ æрымысæм, кæд дæ зæрдыл исты æрлæууид…
— Мæнæн мæ зæрдыл кæддæриддæр хорз лæууы, Алма. Абхазимæ куы ’рбацыдтæн, уæд  мæм дæуæй хæстæгдæр ничи уыди.
— æз уæд хъæдын хæдзары цардтæн, иу чысыл уаты. Дæуæн дæр радтой иу ахæм уат нæ фарсмæ. Нæ мыстытæ кæрæдзимæ згъордтой, æмæ мах худтыстæм, чи дзы кæй у, зæгъгæ. Хъуыды ма йæ кæныс?
— Куыннæма. Уымæн ферохгæнæн  куыд и? Фæлæ арæхдæр мæ зæрдыл  æрлæууы, хъæуæй-иу сау сæн куы схастай æмæ мæ-иу дæхимæ куы бахуыдтай, уый. Ныр дæр ма йæ ад мæ дзыхы ис…
— Цал æмæ цал хатты банызтам гуырдзиаг æмæ абхазаг адæмты цæрæнбоны тыххæй, нæхи цæрæнбоны тыххæй. Гуырдзиаг политиктæ нæ куыд æфхæрдтой, уый  æз хорз уыдтон, фæлæ дын никуы ницы загътон, зын дын куы уа, зæгъгæ, фæндыди мæ, цæмæй æрдхæрдтæй баззайæм æмæ кæрæдзи æмбарæм, уымæн æмæ иумæ куыстам, иумæ цардыстæм. Хуымæтæг адæм кæрæдзи куы ’мбарой, уæд политиктæ се ’хсæн  кæй нæ бацæу­дзысты, ууыл æууæндыдтæн, фæлæ  фæрæдыдтæн. Куыд сбæрæг, афтæмæй кæрæдзи сайгæ кодтам.
Резо исдугмæ ницы сдзырдта, цыма йæ царды хабæрттæ мысыди, уыйау, стæй  æнкъардæй загъта;
— Нæ зæронд хæдзар нын куы фехæлдтой æмæ нын ног фатертæ куы лæвæрдтой, уæдæй æгаддæр никуы  ’ркастæн мæхимæ. Филармонийæн радтой дыууæ фатеры – дыууæуатон æмæ æртæуатон. Дæуæн  стырдæр фатер æмбæлди, фæлæ дæ æз асайдтон, Зугдидийæ мæ иунæг мады кæнын, зæгъгæ, æмæ мын æй ды æнæ уæлдай ныхасæй радтай. Ме ’фсымæры хæдзарæй мæ мады куынæ æрбаластон, уæддæр мæм нæ фæхæрам дæ. Де ’фсарм дæ мæн бафхæрын нæ бауагъта, ме ’фсарм та утæхсæн кодта…
— Дæ зæрдыл æй кæй дарыс, уый тыххæй бузныг. Мæнæн мæ удыхъæд  ахæм у. Уыцы зонд мын мæ фыдæлтæ бауагътой мæ сæры. Арæх мын-иу афтæ дзырдтой: «Хорздзинад сараз  æмæ йæ доны бакал. Искуы дæм æй дон фæстæмæ æрбаласдзæн». æвæццæгæн, хорздзинад кæнын хъæуы, чи йæ æмбары, уыдонæн, фæлæ нæ фыдæлтæ хъулон никæй кодтой, æмæ  йæ дæхæдæг  уыныс, цы дзы рамбылдтам, уый. Донмæ цы хорз­дзинад бакалдтам, уый ныл фыдæй æрзылди æмæ нæ лакъо­нæй самæста.
Резойы дæндæгты къæс-къæс ссыди, æмæ йæ Алма  бамбæрс­та афтæ; «Дзур, дзур, цыфæнды куы  зæгъай, уæддæр раст уыдзынæ», йæ фæсонтыл æрхуыссыди æмæ сыгъдæг арвмæ нымдзаст и. Резойæ ницы дзуапмæ æнхъæлмæ кæсы,  стæй йæ ныртæккæ йæ дзуæппытæ хъæугæ дæр нæ кæнынц. Фæнды йæ æрмæстдæр кæрон скæнын сæ фембæлдæн, сæ дудгæ ныхæстæн, сæ мысинæгтæн.
— Ивгъуыд цардæн фæстæмæ раздахæн нал и, — æрæджиау загъта йæхиимæ ныхасгæнæгау сабырæй. – Хорзæй æмæ дзы ’взæрæй цы уыди, уыдон ацыдысты, фæлæ сæ фæрцы мах дзæвгар фембаргæдæр стæм. Сæ тых уый мидæг и, Резо, æмæ сыл  ныры зондимæ ахъуыды кæнæм, нæ дарддæры цардмæ акæсыныл бацархайæм. Цы нæм дзы ’нхъæлмæ кæсы? Нырма хæст йæ тæмæны и. Сухум нæма райстам. Абхазийы ’рдæг уæ къухы и. Фæлæ æрцæудзæн «уыйфæстæ!» æмæ нæ цавæр ахаст­дзинæдтæ æрдомдзæн?
Резо йæм тыхтæй-амæлттæй разылди æмæ йын йæ цæсгоммæ  æдзынæг ныккасти. Афтæ зынди, цыма йæ мæй нæ рухс кодта, фæлæ хур, æмæ йæ цæстытæ æрттывтой. Нæ дзы хиндзинад уыди, нæ маст.
«Диссаг у, йæ зæрдæ мæм  куыд комы ахæм сыгъдæг цæстытæй кæсын мæ гадзрахаты фæстæ?» — ахъуыды кодта йæхинымæр, йе ’ргом та арвмæ аздæхта æмæ арф ныуулæфыди.
— Ацы бон мын æрбахаста «Цæф хæстоны зарæг», райсом та хъуамæ мæ  цæф сдзæбæх уа. Цас раздæр, байгас уа, уыйас хуыздæр — уымæн дæр æмæ мæнæн дæр. Гъеуый дын мæ фидæн.
— Уый арф хъуыды у, фæлæ цард та?..
— Цард? Хъуамæ не ’хсæн уа фидыд æмæ сабырдзинад, хъуа­мæ ферох кæнæм дзырд  «знаг». О, о, курын дæ, æмæ йæ дæ былы бынæй дæр макуыуал суадз. Иу сты не ’гъдæуттæ, нæ кæфтытæ, нæ хæринæгтæ.  Сæйрагдæр  та — систæм тугхæстæ­джытæ. Цыбырдзырдæй нын фæдихтæгæнæн нал и. Уыцы хъуыд­дагыл чи нæ разы кæны,  уый у нæ адæмты знаг! — Фидарæй алыг кодта Резо æмæ Алмайы дисы бафтыдта.
— Гъæй-дæ-гъа! Уæдæ иу адæм стæм и? æмæ нæм уæд лæбурын цæмæн хъуыди?  Гъæй-джиди, æмæ уыцы ныхæстæ хæсты размæ куы загътаис! Бирæтæ дыл баууæндыдаиккой. Мах адæм тынг æууæндаг сты. Не знæгтæ дæр нын уыцы лæмæгъдзинадæй пайда кæнынц. Сæхи фыццаг бынаты сæвæрынц, мах та дæлæмæ æртæрынц æмæ ныл туджы зæйтæ  рауадзынц. Фæлæ хъуамæ иу хатт ма фæзондджындæр уæм?
— Дæлдзæх фæуæнт, ацы бынаты нæ чи сæвæрдта, уыдон! — йæ къухтæ арвмæ сивæзта Резо æмæ та Алмамæ йе ’ргом раздæхта. — Сымахæн уæ бон у хæст бауромын, фидыды фæндагыл ацæуын. Куы уæ бафæнда, уæд…
— Гуырдзиæгтæ æмæ абхазæгтæ кæм цардысты, уыцы хæдзар пиллон арт уадзы æмæ йæ фервæзынгæнæг нæй.
— æвзæрæй нæм цы уыди, уыдон дзы басудзæнт. Мах та ног хæдзар сараздзыстæм.
— Пролетарты паддзахады хуызæн? — хъыгзæрдæйæ йæ был фесчъил кодта Алма. — Цæмæй та йæ «æртæ мушкетеры» фехалой, уый тыххæй? Абон Шормы арв æмæ зæхх иумæ сыгъдыс­ты. Арт сыл чи бандзæрста, уыдон ма, дæумæ гæсгæ, иу хæдзар сараздзысты?
— Сымах куы бафæнда, уæд сараздзысты.
— æмæ дзы, нæмттæ мысдзыстæм, нæ? Чи фæмард, уыдоны.
— О.
— æмæ гуырдзиæгтæ дæр уыдонмæ хаудзысты?
— Ай нæ иумæйаг бæллæх у. Сымах дæр хъуамæ уæ къухмæ хæцæнгарз ма райстаиккат.
Алма Резомæ сабыргай йæ сæр разылдта, иудзæвгар æм æдзынæг фæкасти, стæй йæ маст йæ риуæй срæмыгъта:
— Нæ хæдзармæ æд хотыхтæ чи ’рбацыди, уыдоны раз хъуа­мæ  нæ уæрджытыл æрлæууыдаиккам?!
— Уæдæ туг ныккалын хуыздæр у?
— Зæххыл  сæрибарæй зынаргъдæр ницы ис, æмæ алы нæлгоймаг дæр хъуамæ уый сæраппонд йæ туг ныккала. Сæрибардзинадыл йæ цард раттынмæ цæттæ чи у, æрмæстдæр уыцы адæм сты æцæг адæмы ном хæссыны аккаг.
Дыууæ æмбалы фæхъус сты. Сæ быцæу цæф хæстоны йæ фæдыл асайдта, æмæ дзы йæ рис æрбайрох.
— Хæст бауромын хъæуы.  Бафидауын хъæуы! Уый стыр лæгдзинад уыдзæн.  Абхази мах райгуырæн бæстæ дæр куы у, ау, атæрдзысты нæ? — фарста Резо Алмайы æмæ йæм зæрдæвæрæн ныхас агурæгау бакасти.
— Нæ æмæ ма ноджыдæр иу хатт нæ! — фидарæй загъта Алма. — Ды нæм æрæджы ’рбафтыдтæ, фæлæ, нæ зæххыл чи райгуырди, уыдонæн Абхази сæ фыдыбæстæ у, æндæр фыдыбæстæ сын нæй æмæ йæ зонгæ дæр нæ кæнынц. Уымæ гæсгæ, æстай фарæстæм азы, нæ  фыццаг хъаугъаты рæстæг,  махæн нæ бон  зæгъын уыди, гуырдзиаг лæбурджытæ, нæ зæххæй уæхи айсут, зæгъгæ, фæлæ  йæ нæ загътам.
— Сымахырдыгæй уый зондджын ми уыдис, —  йæ ныхас ын дарддæр ахæццæ кодта Резо. — æмæ  уæ ныр дæр афтæ  бакæнын хъæуы. Не ’хсæн цы бæллæх  æрцыдис, уый нын нæ сæры зонд бауадздзæни. Хæст басабыр кæнын хъæуы. Нæ хотыхтæ æрæвæрæм æмæ Сухуммæ бацæуæм. Афтæ куы бакæнæм,  уæд æнæхъæн дунейы дæр  дисы бафтаудзыстæм, нæ хъæдгæмттæ та  рæвдздæр сдзæбæх  уыдзысты.
— Гуырдзиæгты Абхазийæ  сурынмæ ничи хъавы, — алы дзырд дæр йæ бынаты æвæргæйæ, йæ хъуыды ногæй сфæлхат кодта Алма. — Хæцынмæ нæм чи ’рбацыди, уыдон сæхæдæг ацыдысты,  нæ зæххыл чи райгуырди, уыдон та ам баззадысты. Кæд нæ фарсмæ  не ’рлæууыдысты, уæддæр нæ ныхмæ хæцæнгарз нæ систой, æмæ  сæм ничи бавналдзæни. Фæлæ уый фидыды нысан нæу. æрцыди хæст. Хæсты та   адæмæн кæлы сæ туг, мадæн  мары йæ лæппуты, йæ хæдзармæ йын хæссы хъыг, маст, саумарой, цæссыгтæ, фыды зæрдæ та судзгæ бакæны. Хæст æрмæст халгæ нæ кæны, фæлæ ма адæмты фыдæх кæны кæрæдзимæ дæр. Уыцы фыдбæллæхтæ иууылдæр гуыр­дзиæгты аххосæй æрцыдысты. æмæ  ныр дæу фæнды,  цæмæй семæ дæларм-уæларм бацæуæм Сухуммæ, цыма не ’хсæн æппындæр ницы ’рцыди, афтæ. Кæнæ дæхицæй  æдылы аразыс, кæнæ мæн хоныс æдылы!
— Ома, зæгъын, алцæмæн дæр уæвæн ис, — йæхи растгæнæгау загъта Резо.
— Ахæм хабар дунейы мидæг искуы ’рцыди?
— Кæд никуы ’рцыди, уæддæр ын уæвæн и…
— Дæу афтæ фæнды, цæмæй, зæххыл чи никуыма ’рцыдис, уый махмæ æрцæуа?
— Фыдмæ йæ фырты марæг уазæгуаты куы ’рбацыди, уæд дзы йæ туг нæ райста, фæлæ  йын уазæджы хатыр бакодта æмæ йæ ауагъта.  Иугæр абхазаг лæгмæ ахæм уæздандзинад разынди, уæд уыцы уæздандзинад ныр дæр уæ бон равдисын у. Уый уæ адæмы цæсты æгад нæ фæкæндзæни, фæлæ уын уæ кад бæрзонддæр сисдзæни.
— Абхазийы бафтыдтой Гуырдзыйыл.  Уæ хæс уыди  мах уе ’мсæр сæвæрын æмæ нæ хъахъхъæнын,  сымах та нæ аныхъуырынвæнд скодтат. Куы бафидауæм, уæд иумæ  кæрæдзийæн аргъгæнгæйæ сабырæй цæрдзыстæм?
Резо иуцасдæр арвмæ æнæдзургæйæ фæкасти, стæй афтæ бакодта:
— Мах стæм националистты сайд адæм.  Уырыссæгтау махæн дæр нæ истори ныддызгъуынтæ кодтой, æмæ нæ фервæзын кæндзæн æрмæстдæр рæстдзинад…
— Уырыссæгты кой та цæй дымæгмæ кæныс? — фæгæмæл и Алма.
— Уырыссæгтæ афтæ æнхъæлынц, Кавказ уыдоны у, — йæ ныхас дарддæр ахæццæ кодта Резо. — Нæ адæм дæр афтæ хъуыды кæнынц, Абхази Гуырдзыстоны у, зæгъгæ. Хицауад дæр æмæ историктæ дæр афтæ дзурынц, чингуыты дæр афтæ фыст и. æмæ нæ уыцы историйы манкурттæй схъомыл кодтой. «Мах нæхи не стæм, мах сымах стæм».
— Хорз, хорз. Дзур дарддæр, — загъта Алма, фæлæ мидæгæй йæ хуылф судзын райдыдта. «Гъы, цытæ дзуры! Ис уæддæр рæстдзинад зæххыл».
— Цыфæндыйæ дæр иумæ цардыстæм. Дæлдзæх фæуæнт, ацы бæллæхы нæ чи нытътъыста, уыдон!
— Кæй æлгъитыс, кæ? Мыггæгтæ æмæ сын нæмттæ нæй æви? — йæхи йæм нал баурæдта Алма.
— Ис сын, куыннæ сын и — уырыссæгтæ!
— Уыцы ныхæстæ фыццаг хатт нæ хъусын. Алы ран дæр уын уырыссæгтæ сты аххосджын. Уæ хицæуттæ та зæды къалиутæ, нæ? Афтæ æмбарын дæ хъæуы?
— Уæ къухтæм  уын хæцæнгæрзтæ нæ хицæуттæ нæ радтой.
— Ды дæр хæцæнгарзыл хæцыс. Кæд нæ рæдийын, уæд дын æй дæ хицæуттæ нæ радтой.
— Нæ иуæн дæр лæвар ничи ницы радта. Сымахæн дæр æмæ йæ махæн дæр уырыссæгтæ рауæй кодтой. Кæсыс, иумæ дыууæ тæрхъусы куыд марынц, уымæ? Кæрæдзиуыл нæ ардауынц æмæ нæ тугæй сæхицæн æхцатæ кусынц. Кæрæдзи цæгъдгæйæ бынтон куы слæмæгъ уæм, уæд нæ дыууæсæрон цæргæс йæ базыры бын бакæндзæни.
Алмайæн исдугмæ йæ дзых хæлиуæй баззади, стæй йе ’муд æрцыди æмæ йæ комкоммæ бафарста:
— Уæддæр махмæ чи ’рбалæбурдта — сымах æви уырыссæгтæ?
— Танктæ нын чи радта?
— Сæрмагондæй уын сæ Абхазы бæстæйы ныхмæ хæцыны тыххæй радтой?
— Уæле цæуыл баныхас кодтой, уый чи зоны… æз уым нæ уыдтæн, стæй дзы ды дæр нæ уыдтæ.  Хъуыддаг хæстмæ кæй цæуы,  уый уыдтой æмæ нæ дыууæты дæр хотыхтæй  сифтонг кодтой,  кæрæдзи, дам, скуынæг кæнут.
— Сымах фæнд дæр ахæм уыди, — загъта Алма æмæ  æрсабыр и, фæлæ та йæм Резойы тæргайхуыз хъæлæс райхъуысти:
— Мах дæуимæ кæрæдзи нæ бамбæрстам.
— Уыцы азым дæр уырыссæгтæм хауы?
— Ацы уавæрмæ нæ уыдон æркодтой.
— Дæумæ байхъус, уæд уырыссæгтæ ахсынц æдылыты къухтæй калм. Чи зоны, афтæ у, æз никæй раст кæнын. Уырысы политиктæ цы сты, уый дæр зонын, фæлæ туг ныккалди, æмæ уый хъуыдыйаг у. Мах иумæ кæй цардыстæм æмæ иу къæбæр кæй хордтам, уый дæ рох ма уæд, мæ раздæры ’рдхорд.  Мæ кæрдзын æмæ  мын мæ цæхх дæ къæхты бын ды сызмæс­тай,  ме ’фсымæрты туг мын ды ныккалдтай.  æмæ знæгтæ стæм. Сымахмæ ис хахойлаг æххуырст хæстонтæ. Фæлæ  уыдон ме знæгтæ не сты. Ме знæгтæ сымах стут.
Резо йæ хъуыдыты аныгъуылди, стæй та дзурын райдыдта:
— Хæсты арт фæлдурæджджынтæ ссудзынц, хуыссын та йæ хъуамæ зондджынтæ акæной. Дыууæ къуырийы размæ фидыды гæххæтт куы бафыстой…
— æрмæст фысгæ йæ нæ бакодтой, фæлæ ма хæст дæр баурæдтой.
— Уый зондджын хъуыддаг уыди, фæлæ дарддæр цы ’рцыди? Нæ сабыр цард нын чи фехæлдта?
— Комкоммæ йæ цæуыннæ зæгъыс? Афтæ æнхъæлыс,  мах уыдыстæм?  Нæ. Митингтæ аразынмæ фестут æмæ ныл тугтæ мысын райдыдтат. Абхазтæ, дам, Сухуммæ нал æрбаздæхдзысты, мах семæ цæрын нал фæнды. Уыдон дæм зондджын митæ кæсынц? Гæрзифтонгæй нæм чи ’рбацыди, уый  хотыхты фæрцы хъуамæ тард æрцæуа! Афтæ уыдзæн, уымæн æмæ йын æндæрхуы­зон уæвæн нæй!
Кæд мидæгæй арт уагътой, уæддæр ницыуал дзырдтой. Резойæн йæ рыст нæ сабыр кодта, æмæ йæ дæндæгты къæс-къæс цыди. Алма йын фæтæригъæд кодта: цыфæндыйæ дæр йе  ’рдхорд уыди.  Фæлæ йæ бынатæй не змæлыди. Хъуыды кодта,  фæстæмæ куыд аздæха, ууыл. æнæнхъæлæджы Резо систа «Цæф хæстоны зарæг», уазал донмæ хизæгау, хъавгæйæ, гуызавæгæнгæ. Алма йæм иучысыл байхъуыста, стæй уый дæр базарыди: цæуыннæ хъуамæ зара абхазаг зарæг?!
Дудгæ сау рыст у нæлгоймаджы фæлварæн:
Цыфæнды рыстæн дæр лæгау лæг куы быхсы.
Хъæрзгæ та æрмæстдæр лæмæгъ уд фæкæны…
Дыууæйæ дæр зарыдысты, хылтæ, хъаугъатæ, хæсты хабæрттæ ферох кæнгæйæ, аныгъуылдысты сæ уарзон мелодийы.
—  Цы ’мбисонды зарæг у! — фæцардхъомдæр и Резо. — Нæ дæ бауырндзæн, фæлæ мæ зæнджы рыст фæцыдæр.  æцæг гени йæ сарæзта.
Алмайæн ахæм аргъ йæ зæрдæмæ фæцыди, æмæ  дзурын райдыдта:
— æппæты фыццаг æй тохы быдыры азарыдысты.  Сæ раздзоджы риуыл фат куы сæмбæлди, уæд æй ратыдта æмæ,  йæ туджы мæцгæйæ, æнцад лæууыди.  Йæ хæстон æмбæлттæ йæ æнусон тулдзы бын æрæвæрдтой, стæй знæгтыл сæхи андзæрс­той æмæ сæ ныппырх кодтой. Цалынмæ йæм фæстæмæ здæхтысты,  уæдмæ йын хъæдгоммæзилæг йæ цæф бабаста,  фæлæ йæ рыст нæ сабыр кодта.  Уæд æфсæддонтæй иу ныццæлхъ ласта ацы зарæг. Кæд æй иннæтæ фыццаг хатт хъуыстой,  уæддæр æм æмхъæлæсæй бахъырныдтой,  цыма йæ рагæй зыдтой, уыйау. Цалдæр хатты йæ азарыдысты,  æмæ сæ фæтæджы рыст банцади. Уæдæй фæстæмæ йæ хонын райдыдтой  «Цæф хæстоны зарæг». «Хуыцауы зарæгау» æй алкæй бон нæ уыди зарын. Ахæм бар лæвæрд цыди,  æрмæстдæр йæ райгуырæн бæстæ чи хъахъхъæдта, уыдонæн, заргæ та йæ кодтой хъæбатыртыл, лæгты лæгдæртыл.
— «Лæгты лæгдæртæ», — сфæзмыдта йæ Резо. Зарæгæй æрмæст уыцы дыууæ дзырды зыдта,  фæлæ сæ не ’мбæрста. Ныр æм сæ хъуыды бахъардта, æмæ ныхъхъус и. Дуне сыгъди, фæлæ нæ сыгъдысты лæгты лæгдæртæ. Бырстой размæ æмæ сæ быны ссæстой знæгты.
— Уæдæ мæнæн уыцы зарæг зарæн нæй, — бафиппайдта йæхиимæ дзурæгау æмæ та басабыр и.
Бæрзонд хуссайраг арвыл æрттывта мæй, цæхæр дзы калдтой стъалытæ. Афтæ зынди, цыма æнæхъæн дунейы дæр æрбынатон сты æнцой æмæ сабырдзинад. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон кæм сты, ахæм рæттæ бирæ ис, фæлæ æндæр рæттæ дæр гыццыл нæй. Уым удуæлдайæ хъахъхъæнынц сæ райгуырæн бæстæ, цæмæй дзы райсом æлдариуæг кæной æнцойад æмæ сабыр уаг.
Алмайы фæндыди ацæуын, фæлæ йæ цыдæр тыхсын кодта æмæ йæ йæ къах айсын нæ уагъта.
— Хъус-ма, Резо,  мæнæ ам, дзæгъæл быдыры, æцæгæлон арвы бын, иунæгæй дæ туджы мæцыс æмæ абхазаг зарæг зарыс. Цæмæн?
Резо ныххудти. Уый уыди æбуалгъы худт, рыстбырсæн худт, æмæ Алма бамбæрста:  рæстдзинад ын нæ зæгъдзæн. Кæй йæ бафарста, ууыл ма фæсмон дæр фæкодта.
— Кæддæр мын иннæ царды ды дзырдтай, зæгъгæ, дам, кæй донбæлæгъы бадай, уый зарæг кæн.
— æмæ рагæй бадыс нæ уæрдоны?
— Абхазимæ куы ’рбацыдтæн, уæдæй нырмæ.
— æмæ дæ уæд куыд хъуамæ бамбарон? Кæй донбæлæгъы бадыс, уымæ хæцæнгарз цæмæ систай? Фæдæлдон ын æй кæнай, æви дзы ссæрибары былгæронмæ баленк кæнай?
— Уыцы трагеди бамбарын зын у.
— Трагеди зæгъыс?
— Зæгъын. Трагеди у мæнæн дæр æмæ мæ адæмæн дæр...
Рæстæг æмбисæхсæвæй фæфалдæр. Уалдзыгон ацафон йæ зарæг сисы булæмæргъ, æмæ ныр та сентябрь у, æмæ зараг цъиутæ нæ, фæлæ цъырцъырæгтæ дæр сæхи куы бафæсвæд кодтой — хæсты уынæрæй, хæсты!
— Цы ма зæгъæм кæрæдзийæн? — Алма фæсыстынхъус. — Ахæссин дæ ме ’ккой, фæлæ уæд дæ туг фемæхсдзæн. Фæлтау дæм санитарты æрбарвитдзынæн...
— Бузныг, — Резо ныуулæфыд. — Хъуамæ ам баззадаин мæ туджы мæцгæйæ, фæлæ дæу афтæ кæм бафæндыд, уым... О, чемо хверто!.. О, мæ Хуыцау!.. Хæрзбын бауæнт, махæн ацы бæллæхтæ чи бавзарын кодта, уыдон!
— Оммен! — мæстæлгъæдæй загъта Алма. — æлгъит сæ, æлгъит, сæдæ æлгъыстæй, дам, иу фæрæстмæ вæййы. Стырдæр хотыхæн ма дын баззад æлгъыст. Ай та дæ нал бахъæудзæн. — Йæ автомат ын систа, æмæ йæ йе уæхскыл сауыгъта. — Мæнмæ баззайæд зæрдыл дарынæн… — балхынцъ кодта йæ ныхас æмæ араст и, кæцæй æрбацыд, уырдæм.

 ЦОМАРТАТЫ Изæтбеджы тæлмац

// Мах дуг.– 2008.– № 4.


Литература народов Кавказа
      Армянская
      Абхазская
        Абхазаг æмбисæндтæ
        Абхазаг таургътæ
        Агындиа Сергей
        Аджба Таиф
        Амаршан Витали
        Аламиа Геннадий
        Ажиба Энвер
        Гогуа Алыкса
        Джинджолия Владимир
        Искандер Фазиль
        Касландзиа Валери
        Квициниа Никъала
        Лагулаа Анатоли
        Лакербай Юри
        Ломиа Константин
        Мукба Анзор
        Хашиг Никъала
        Хашба Риммæ
        Хварцкия Игорь
        Чкадуа Шота
      Балкарская
        Амина Газаева
        Владимир Мокаев
        Кулиев Кайсын
        Муталип Беппаев
        Светлана Моттаева
        Хасан Шаваев
      Грузинская
      Дагестанская
        Аджаматов Аткай
        Ахмедов Мурад
        Гамзатов Расул
      Кабардинская
        Борис Кагермазов
        Мадина Хакуашева
        Зубер Тхагазитов
        Магомед Кудаев


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.