logo

М О Я    О С Е Т И Я




Лессинг Готхольд Эфраим
немыцаг фыссæг, публицист, критик
(1729 –1781)

 

 

Прозæйæ фыст æмбисæндтæ

 

Хуы æмæ тулдз

Зыдыка хуы стыр тулдзы бын гыркъотæ хордта. Иу гыркъо-иу нæма фæци хæрд, афтæ та-иу йæ цæстытæй иннæ фæцæйныхъуырдта.
— Хуыцау æбузнæй кæй сфæлдыста, уыцы сæфтдзаг! — æппынфæстаг æм бæрзондæй ныллæгмæ æрдзырдта тулдз. — Мæ хуынтæй дæхи хорз феныс, фæлæ дæ иу арфæйы ныхас никуыма фехъуыстон, иу хатт мæм уæлæмæ уæддæр скæс!
Хуы исдуг йæ хæрын фæуагъта, стæй йын хъох-хъохгæнгæ дзуапп радта:
— Дæ гыркъотæ мæн тыххæй æрызгъалыс, уый куы зонин, уæд дæм иудадзыг дæр бузныджы кæстытæ кæнин!

Хæстхъом бирæгъ

— Мæ дзæнæты бадинаг фыд, йæ хорз ном макуы фесæфа, æцæг хъæбатыр уыд! — æппæлыд æрыгон бирæгъ рувасæн. — Иууылдæр дзы æмризæджы рызтысты. Йе знæгтæй дыууæфондзыссæдзæй фылдæрыл фæуæлахиз, сæ сау зæрдæтæ сын зындоны смидæг кодта! Ныр ыл кæдæй-уæдæй иу фæтых, уый цы диссаг у?
— Афтæ зæгъид, йæ марды уæлхъус чи дзырдтаид, ахæм дзыхарæхст адæймаг, — дзуапп ын радта рувас. — Рæстзæрдæ историк та ма йæ ныхасмæ бафтауид: «Кæуыл фæуæлахиз, уыцы дыууæфондзыссæдз знаджы уыдысты хæрджытæ æмæ фыстæ. Чи йыл фæтых, уыцы иунæг та — богъ. Ахæм знагимæ схæцын бирæгъ уый размæ никуы бауæндыди».

Маймули æмæ рувас

— Иу ахæм зондджын сырд ма мын ссар, æз кæй нæ афæзмон, — æппæлыди маймули рувасæн.
Рувас ын дзуап радта:
— æмæ ма ды иу ахæм ницæйаг сырд ссар, дæу афæзмын йæ сæрмæ чи ’рхæсса!
Мæ нацийы фысджытæ!.. Хуыздæр ма уын куыд бамбарын кæнон мæ хъуыды?

Булæмæргъ æмæ мæлхъ

Иу æмгаруарзаг, æргомзæрдæ булæмæргъ хъæды зараг цъиуты ’хсæн йæхицæн лымæн не ссардта, йæ алыварс чи уыд, уыдон æм хæлæгæй мардысты. «Чи зоны, мæхицæн æндæр искуы хæлар ссарон», — ахъуыды кодта булæмæргъ æмæ, мæлхъ цы къалиуыл бадт, уымæ æртахти.
— Дæ фидауцæн æмбал нæй, кæсынæй дæм не ’фсæдын!
— æз дæр дæм не ’фсæдын кæсынæй,мæ хур!  
— Кæд афтæ у, уæд балымæн уæм, — загъта булæмæргъ, — уымæн æмæ кæрæдзимæ никуы бахæлæг кæндзыстæм; дæ бакаст цæстытæн куыд æхсызгон у, мæ зард та хъустæн афтæ æхцон у.
Уæдæй фæстæмæ булæмæргъ æмæ мæлхъ лымæнтæй баззадысты.
Кнелер æмæ Поп лымæндæр уыдысты Поп æмæ Аддисонæй.1 

Хъаз

Иу хъаз ахæм урс-урсид уыд, æмæ ногуард мит йæ цуры ницы рыг скалдтаид. Гъемæ дын фырхъалæй хъилдзæуæг куы басгуыхид, афтæ йæм касти цыма доныхъаз у. Йе ’мдæндаг хъазтыл нал æрвæссыд, йæхи сæ фæиртæста æмæ цады уыцы схъæлæй ленчытæ систа иунæгæй. Куы-иу, комдзог ыл чи цыд, уыцы цыбыр къубал ивазыныл афæлвæрдта, куы та-иу æй тасгæ-уасгæ æркъæдз кодта, ома мæ Аполлоны уарзон маргъ банхъæлой.2  Фæлæ æппæт уыдæттæ зыбыты дзæгъæлы уыдысты: йæ къубал афтæ тасаг нæ уыд, æмæ кæд æнамонд маргъ йæ удæй арт цагъта цыфæндыйæ дæр доныхъаз фестыныл, уæддæр хуымæтæджы хъазæй баззад, йæхи ма цæсты цы бафтыдта, æндæр ын ницы бантысти.

Дыдынбындзытæ

Хъæбатыр хæстоны сагæлвæст æфсургъ фыдгулы нæмыгæй фæмард, æмæ ныр йе стæгдар дзæгъæлæй лæууыди быдыры. æрдзы конд афтæ у, æмæ арæх иуы мард иннæмæн цæрæнхос свæййы. Бæхы риуыгуыдырæй лæппын дыдынбындзытæ сæхицæн ахстон скодтой. Иуахæмы ратахтысты æмæ, кæрæдзи дзыхæй ныхас скъæфтой, афтæмæй æппæлыдысты:
— Кæуылты уыди нæ фыдæлты кад, кæуылты! Нæ мыггаг Нептуны уарзон бæхæй равзæрди!
Ацы хиппæлой ныхæстæ иу къæрцхъус фыссæг фехъуыста æмæ ныры итайлæгтæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты. Уыдон дæр сæхи рагон ромæгты бындартæ хонынц, уыдон ингæнтыл кæй райгуырдысты, æрмæстдæр уый тыххæй.

Сырддонцъиутæ

Сырддонцъиутæ ахстæттæ кæм сбыдтой, ахæм рагон аргъуан сцалцæгчынди. Ныр, бынтондæр йæ хуыз куы скалдта, æрттивынтæ куы байдыдта, уæд та йæм сырддонцъиутæ æрбатахтысты æмæ сæ раздæры цæрæнтæ агурынц. Фæлæ хуынчъытæ иууылдæр сæрст разындысты.
— Ацы егъау бæстыхай цымæ цы ахсджиаг хъуыддагæн хъæуы? — хъæр систой цъиутæ. — Нæхи айсæм ацы æнæхайыр фæуинаг дурты рæдзæгъдтæй!

Цæргæс æмæ рувас

— Бæрзæндты кæй тæхыс, уымæй буц ма у! — загъта рувас цæргæсæн. — Афтæ уæлиаумæ, — хурмæ дæ бирæ нал фæхъæуы! — æрмæст дæр уый тыххæй схæццæ вæййыс, цæмæй зæххыл хæрæджы мард кæнæ æндæр исты хæдмæл ауынай!
Мæ зонгæтæй дæр чидæртæ схизынц бæрзонд, систы куырыхонтæ, разагъды лæгтæ. Уыдоны рæстдзинады мæт нæй — æфтиагджын бынат бацахсынмæ скъуынынц сæ быцъынæг.

Мæлхъ æмæ уасæг

Иуахæмы мæлхъ каркæн афтæ зæгъы:
— Кæс-ма, дæ уасæг йæхи куыд нысхъæл кæны! Фæлæ дзы уæддæр адæм, «сæрыстыр уасæг», зæгъгæ, никуы зæгъдзысты! Уыйхыгъд мæн æдзухдæр æмбисондæн фæхæссынц: «Мæлхъау сæрыстыр!»
— Уый уымæн афтæ у, — дзуапп ын радта карк, æмæ адæймаг хъуыддагмæ лыстæг не ’ркæсы. Уасæг сæрыстыр у йæ цырддзастæй, йе ’хсарæй. Ды та цæмæй хъал дæ? Дæ кæркæ-мæркæ систæй!

Мыст

Иу философгомау мыст æппæлыд æрдзæй, диссаджы æрхъуыды, дам, у, мыстытæн æнусон цард кæй балæвар кодта, уый.
— Не ’мбисæн базыртæ уый тыххæй рарди, — дзырдта хъуыддагхуызæй, цæмæй нæ мыггагæн сыскъуыйæн ма уа. Ам, зæххыл чи разгъор-базгъор кæны, уыдоны гæдытæ куы бахæрой, уæддæр хæлынбыттыртæ цыфæндыйæ дæр баззайдзысты. Гъемæ та уыдонæй хуымæтæджы мыстытæ дæр рацæудзæни.
Мыст-философ, мæгуыр, цæмæй зыдта, базырджын гæдытæ дæр кæй ис, уый. æнæфенд уæвгæйæ, хъилдзæуæг чи у, уыдонæн замманай зондзонæн.

Зæронд бирæгъы хабæрттæ (Авд æмбисонды)
I

Мæстæлгъæд бирæгъы йæ зæронды бонты æрфæндыди фыййæуттимæ балымæн уæвын. Араст и балцы. Йæ хуыккоммæ хæстæг иу фыййау хызта йæ фос. Бирæгъ æм бацыд æмæ йын афтæ зæгъы:
— Хорз лæг, ды мæ тугмондаг давæг хоныс, фæлæ æз ахæм нæ дæн. Раст зæгъын хъæуы, дæ фыстæй дын хаттæй-хатт адавын, уымæн æмæ сыдæй мæ гæккуыри сцæйхауы. æфсæстæй мæ дар, æмæ мæ уæд никуыуал рахъаст кæндзынæ. æфсæст куы вæййын, уæд мæнæй уæздандæр, хиуылхæцгæдæр сырд нæй.
— æфсæст куы вæййын, зæгъыс? — дзуапп ын радта фыййау. — Чи зоны афтæ у. Фæлæ æфсæст та кæд вæййыс? Бафсис дын куы нæ и, уæд дæ куыд хъуамæ дарон æфсæстæй? Нæ фæлæ, мæ хæдзар, æнæ фыдбылызæй дæ сæр бафснай!

2

Уæд та дыккаг фыййаумæ бацыди бирæгъ.
— Хорз æй зоныс, афæдзæй-афæдзмæ дын дæ фыстæй цал аргæвдин, уый. Фæлæ æз уæздан дæн, мæхиуыл хæцын фæразын. Гъемæ мын дæ дзугæй афæдз æхсæз сæры куы дæттис, уæд дæ тынг бузныг уаин. Дæхæдæг та æнæмæтæй фынæй кæнис, куыйтæ дарын дæр дæ нæ хъæуид.
— æхсæз сæры, йа? — йæ хъустыл нæ баууæндыди фыййау. — æмæ дын дæ кæцы сгуыхты тыххæй радтон æхсæз фысы?
— Фæуæд афтæ, фондзыл дæр разы дæн, — зæгъы бирæгъ.
— æвæццæгæн, хъазгæ кæныс. Фондз фысы, дам! æмæ ма суанг Панæн1 дæр афæдз фондзæй фылдæр куы не ’рхæссын нывондæн.
— Уæд та цыппар, — загъта бирæгъ. Фæлæ фыййау былысчъилхуызæй йæ сæр батылдта.
— Ау, æртæйыл дæр не сразы уыдзынæ? Кæнæ дыууæйыл?
— Иуыл дæр нæ, — цæхгæр дзуапп радта фыййау. — æвæдза, де знагæн хъалонтæ-йедтæ фид, уый æдылы ми уаид. æз æнæуи дæр бахъахъхъæндзынæн мæ дзуг.  

3

«Цæй, æмæ æртыккаг хатт дæр бавзарон мæ амонд», — ахъуыды кодта бирæгъ æмæ та иннæ фыййаумæ бацыди.
— Тынг хъыг мын у, — дзуры бирæгъ, — тæккæ æгъатырдæр æмæ æдзæсгомдæр сырды ном мыл кæй сæвæрдтат, уый. Фæлæ ахæм кæй нæ дæн, уый дын хъуамæ хъуыддагæй равдисон. Дæ фыстæй мын афæдз иу дæтт, æмæ дæ дзуг æнæвнæлдæй æнцад хиздзæни хъæды. æппындæр ын мацæмæй тæрс — æввахс дæр сæм нæ бацæудзынæн. Ард дын бахæрдзынæн, сомы дын бакæндзынæн. Афæдз иу фыс цас диссаг у! Худгæ та цæуыл кæныс?
— Афтæ æнæуи. Цал азы дыл цæуы, мæ хæлар?
— Мæ азтæй та цы кæныс? Ахæм зæронд нæма дæн. Фысы къубал ма адзæнгæл ласдзынæн!
— Мæсты ма кæн, зæронд Изергим. Бæргæ, раздæр мæм

куы ’рбацыдаис. Ныр та дыл дæ дæндæгтæ комдзог цæуынц! Куы ницыуал хъом дæ, уæд мæм æрбасхъæл дæ, нæ! æрцæттæ дын кодтон, мæнæ кæсыс! — æмæ фыййау бирæгъмæ йæ лæдзæгæй февзыста.
4
Бирæгъ смæсты, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд æмæ та цыппæрæм фыййауы уæлхъус алæууыд. Уымæн йæ куыдз амард, æмæ бирæгъы зæрды уыди фадатæй фæпайда кæнын.
— Цы, уый зоныс, фыййау, хъæды цæрджытимæ ахъаззаг хыл фæдæн æмæ се ’мгæрæтты дæр никуыуал ауайдзынæн. Ды та йæ хорз зоныс, цас сты æмæ цы гæнæг сты, уый! Фæлæ мæ дæ куыдзы бæсты дæхимæ куы бауадзис, уæд, ацы зæххардыстæн, дæ дзугæн мисхалы бæрц дæр ницы тас уаид. Ме ’мбирæгътæй се ’мгæрæтты дæр ничи ауаид.
— Уæдæ мын, зæгъыс, мæ дзуг дæ хъæддаг æфсымæртæй бахиздзынæ, и? — бæфарста фыййау.
— Бæгуыдæр афтæ!
— æвзæр æрхъуыды нæу! Фæлæ дæ мæ дзугмæ куы бауадзон, уæд мын мæ мыгуыр фысты дæуæй чи бахъахъхъæндзæни? Зæгъ-ма йæ, зæгъ! Дæ хæдзармæ хуыснæг æрбауадз, хуыснæджытæй мын æй бахъахъхъæна, зæгъгæ, уый адæм цы хонынц, уый зоныс?
— Ды дæр та мын, æнхъæлдæн, зонд амондзынæ, — загъта бирæгъ. — Хорзæй баззай!

5

— Бæргæ, æрыгондæр ма куы уаин! — йæ дæндæгты къæс-къæс цыди бирæгъæн. — Фæлæ цы чындæуа? Азтæ сæхиуæттæ домынц!
æмæ бирæгъ араст и фæндзæм фыййаумæ.
— Цы, уый зоныс, фыййау? — фæрсы та уый дæр бирæгъ.
— Амбæлдтæн ма дæ хуызæттыл, — дзуапп радта фыййау.
— Мæ хуызæттыл? Нæ, фыййау, рæдийыс. æз иннæ бирæгъты хуызæн нæ дæн, уый куы базонис, уæд мæ дæхицæн æрдхорд зæгъис.
— Уагæр кæм фесгуыхтæ иннæ бирæгътæй уæлдай?
— Кæм куы зæгъай, уæд мæм топпытæ куы ныддарай, уæддæр цардæгас фысмæ нæ бавналдзынæн. æрмæстдæр хæдмæл фыстæй у мæ цард. Ау, уый раппæлинаг хъуыддаг нæу? Гъемæ мын уæдæ бар ратт, æмæ-иу дæ рæстæгæй-рæстæгмæ абæрæг кæнон, кæд мыййаг дæ фыстæй искæцы...
— Дзæгъæлы дзæнгæда куы нæ цæгъдис! — дзуапп ын радта фыййау. — Кæд дæ фæнды, лымæнæй цæрæм, уый, уæд фыстæм ма ’внал, хæдмæл куы уой, уæддæр. Хæдмæлтæ цы сырд æфтъæры, уый æххормагæй рынчын фысы дæр мард рахондзæни, æнæниз фысы та —  рынчын. Нæ, æз æмæ дæуæн бахæлар уæвæн нæй, æмæ дæхи айс дзæбæхæй!

6

— Ныр мын æндæр гæнæн нал ис, æмæ мын тæккæ зынаргъдæр цы у, уый хъуамæ нывондæн æрхæссон, — ахъуыды кодта бирæгъ æмæ æхсæзæм фыййаумæ фæцæуæг. — Фыййау, мæ царм дæ зæрдæмæ цæуы? — бафарста бирæгъ.
— Дæ царм? Гъа-ма, равдис æй!.. Мæ фыдгул мæнг зæгъæд, æвзæр нæу. æвæццæгæн дыл-иу куыйтæ арæх абырыдысты.
— Уæдæ цы зæгъыс, фыййау? Мæнæн мæ цæрæнбонтæ нымад сты, бирæйы фаг нал дæн. Гъемæ дæ курын, мæ адзалы бонмæ мæ æххормагæй ма ныууадз, æмæ мæ царм дæуæн ныффæдзæхсдзынæн.
— æнхъæлдæн, ды дæр зæронд чъындытæй дæлвæд-уæлвæд ницыуал ныууагътай! Дæ царм мын æгæр зынаргъ сыстдзæни! Кæд мын æй æцæг лæвар кæныс, уæд ма каст цæмæ у? æри йæ ныртæккæ!
Фыййау йæ лæдзæгмæ куыд фæлæбурдта, афтæ бирæгъ дæр æрбадæлдзæх.

7

— У-у, дурзæрдæтæ! — ныббогъ ласта бирæгъ фырмæстæй. — Уе знаг уыдтæн æмæ уе знагæй мæрдтæм бацæудзынæн! О, фæлæ сыдæй дæр куыд амæлон!
Размæ йæхи уыциу æппæрст акодта, фыййæутты цæрæнуаты скуыси, сæ сабитыл сын йæхи ныццавта. Фыййæуттæ йемæ стох ысты. Сæ уæлхъус мардæй куы 'рфæлдæхт, уæд сæ зондджындæр афтæ:
— Ацы зæронд абырæгæн йæхи сраст кæныны фадат кæй нæ радтам, уымæй, æвæццæгæн, фæрæдыдыстæм. Хуыздæр гæнæн ын нал уыд æмæ йæхи нал баурæдта, мæгуыр!

Сырддонцъиу æмæ страус

— Дæ ас æмæ дæ тыхæй цыфæнды буц куы уай, уæддæр æз дæуæй маргъдæр дæн. Уымæн æмæ тæхын дæ бон нæу, æз та, кæд дардмæ æмæ уæлиаумæ нæ, уæддæр тæхын.
Уарзондзинады тыххæй, кæнæ фынджы уæлхъус азарынæн æмдзæвгæ чи ныффыста, уый бирæ стырдæр кады аккаг у, уазалзæрдæйæ даргъ германиадæ1  ныффыссæгæй.

Богъ æмæ саг

Хъаруджын богъ æмæ рогкъах саг фæрсæй-фæрстæм хызтысты уыгæрдæны.
— Цы, уый зоныс, саг, — загъта богъ, — домбай нæм куы ’рбалæбура, уæд иумæ цырд фæлæууæм, æмæ йын æмдыхæй йæ фаг фæуыдзыстæм.
— Мæныл дæ зæрдæ ма дар, — дзуапп ын радта саг. — Цæмæн хъуамæ æрлæууон йæ ныхмæ, кæд æмæ мæ къæхты руаджы мæ сæр бафснайдзынæн?

Эзоп æмæ хæрæг

Хæрæг Эзопæн афтæ загъта:
— Ног æмбисонд куы фыссай, уæд-иу мæ исты цыргъзонд ныхасæй фæхайджын кæн, хорз?
— Дæу цыргъзонд ныхасæй? — дисгæнгæ йæ афарста Эзоп. — Хæрзаг адæм дæу зондджын рахониккой, мæн та — хæрæг.

Геркулес

Геркулесы арвмæ куы схуыдтой, уæд æппæты фыццаг йæ сæрæй акуывта Юнонæйæн. Арвы цæрджытæ иууылдæр, стæй Юнонæ йæхæдæг дæр, дисæй амардысты.
— Цæрын дæ чи нæ уагъта, иудадзыг дæ фæдыл чи зылд, уый иннæтæй тынгдæр нымайыс? — бафарстой Геркулесы.
— О, уый тынгдæр нымайын, — дзуапп радта Геркулес. — Уый мæ фæдыл куы нæ бафтыдаид, уæд уал хатты нæ фесгуыхтаин æмæ абон арвы цæрджыты фарсмæ нæ уаин.
Олимпыл бадджытæ разыйæ баззадысты ног хуыцауы дзуаппæй, æмæ йæм Юнонæ дæр знаджы цæстæй нал касти.

Бирæгъ йæ уд исгæйæ

Бирæгъ йæ уд иста æмæ ма фæстаг хатт йæ цæстытыл ауад йæ ивгъуыд цард:
— Бæгуы, бирæты тæригъæды бацыдтæн, фæлæ хæрзгæнæг дæр уыдтæн. Хъуыды ма кæнын, иу хатт мæм, йæ дзугæй чи радзæгъæл, ахæм уæрыкк уасгæ æрбацыди, фæлæ йæм æз нæ бавнæлдтон. Иннæ хатт та иу цавæрдæр æнæджелбетт фыс мæ цуры æрлæууыд, æлгъитынтæ мæ райдыдта, худæгæй мыл марди, фæлæ йæм æз ме ’ргом нæ раздæхтон. Афтæмæй уыцы сахат мæ цуры иу цуанон куыдз дæр нæ уыди.
— æз дæ ныхæстæн æвдисæн лæууын, — бадзырдта йæм, йæ мæлæты сахат æм æххуысмæ чи ’рбацыд, уыцы рувас. — Фæлæ хабæрттæ æцæгæй куыд уыдысты, уый дын дæ зæрдыл æрлæууын кæнон. Дæ хъуыры стæг нынныхст, æмæ фæцæймардтæ. Хърихъуппæн арфæ кæн — уый дæ цуры куы нæ фæцадаид, уæд ныххæдмæл уыдаис.

Мæлхъытæ æмæ халон

Иу хиппæлой халон йæхи сфæлыста, мæлхъытæй чи ахауд, ахæм систæй æмæ Юнонæйы уарзон мæргъты астæумæ йæхи байста.1 Уыдон æй уайсахат базыдтой, сæхи йыл андзæрстой æмæ йын йæ мæнг «дарæс» ратон-батон кæнынц.
— æгъгъæд у! — фæхъæр ласта халон. — Сымахæй мæм цы уыд, уый мын байстат!
Фæлæ йын мæлхъытæ йæ базыртыл æрттиваг систæ куы бафиппайдтой, уæд ноджы разæнгарддæрæй февнæлдтой халоны систæ тонынмæ:
— Ныхъхъус у, æдылы къоппа!
æмæ йæ исдугмæ мадард бæгънæг акодтой.

 Домбай æмæ йæ хæрæг

Эзопы æмбисæндтæй иуы ахæм хабар ис. Домбай йемæ хъæдмæ акодта хæрæджы: хъуамæ йын йæ хъихъо-хъихъойæ сырдты сура æмæ сæ домбай ахса. Гъемæ домбай хæрæгимæ куыд  фæцæйцыд, афтæ йæм халон бæласæй хъæр кæны:
— Хæрæгимæ цæуын дæ сæрмæ та куыд хæссыс? Уымæй хуыздæр æмбал не ссардтай?
— Кæй сæр мæ хъæуы, пайда мын чи у, уыимæ цæуын! — дзуапп ын радта домбай.
Афтæ хъуыды кæнынц æдзухдæр а дунейы тыхджынтæ, хуымæтæг адæмæй искæй сæхимæ куы ’рбахæстæг кæнынц, уæд.

Хæрæг домбайы цур

Хæрæг домбайы фарсмæ куы цыд йæ уастæй сырдты тæрсын кæнынмæ, уæд ыл æндæр хæрæг амбæлд, йæ хорз зонгæ чи уыд, ахæм æмæ йæм ныхъхъæр кодта:
— Салам, ме ’фсымæр!
— æнаккаг! — дзуапп ын радта хæрæг.
— Уый та дын чердыгон ныхас у? — дисæй амард иннæ хæрæг. — Домбайы фарсмæ цæуыс, зæгъгæ, уæд мæнæй хуыздæр фестадтæ? æви мæнæй хæрæгдæр дæ?

Донгалм

Зевс хæфсытæн ног паддзах рарвыста: Къуындзихы бæсты ныр сæ сæргъы æрлæууыди зыд æмæ кæрæф донгалм.
— Ау, нæ паддзах куы дæ, уæд нæ хæргæ цæмæн кæныс! — хъæр самадтой хæфсытæ.
— Уымæн æмæ Хуыцаумæ куывтат, цæмæй уын мæн паддзах скæна.
— æз æм нæ куывтон! — фæхъæр ласта, калм йæ цæстытæй кæй фæцæйныхъуырдта, иу ахæм хæфс.
— Нæ куывтон, зæгъыс? — сдзырдта донгалм. — Уæд цæуылнæ? Гъемæ йæм кæй нæ куывтай, уый тыххæй ма дæхимæ фæкæс!
æмæ йæ уыциу ныхъуырд акодта.

æлгъин лæг

— Цæй æнамонд дæн, цæй æнамонд! — хъаст кодта иу æлгъин лæг йæ сыхагæн. — Дысон æхсæв мын чидæр мæ хæзнаты дурын скъахта мæ цæхæрадоны æмæ йын йæ бæсты мæнæ ацы дур сæвæрдта, йæ быны хъæр рацæуа!
— Дæхи æгæр ма хæр, уæддæр сæ куы нæ хардз кодтай, — зæрдæтæ йын авæрдта сыхаг. — Цыма ацы дур дæ хæзнаты дурын у, афтæ сныв кæ дæхицæн; уæд раздæрæй мæгуырдæр нæ уыдзынæ.
— Чи зоны, мæгуырдæр нæ уыдзынæн, — дзуапп ын радта æлгъин, — фæлæ мæ хæзнатæ кæй баисты, уый та цас фæхъæздыгдæр, цас! Уый мæ мары, уый, мæ лымæн!

Хъодзаты æхсары тæлмацтæ

 

// Мах дуг.– 2002.– №10

 


Зарубежная литература         Австрийская
        Астрид Кольмайер
        Георг Тракль
        Стефан Цвейг
       Американская
        Марк Твен
        Эзра Паунд
        Эдгар Аллан По
        Эмили Дикинсон
       Английская
       Афганская
        Шах Идрис
       Белорусская
       Венгерская
        Йожеф Аттилæ
        Шандор Петефи
        Балашши Балинт
       Индийская
       Ирландская
        Оксар Уайлд
        Уильям Батлер Йейтс
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
        Ам Бо
       Корейская
        Неизвестный автор
        Чо Хон
       Латвийская
        Аия Бриаака
        Аспазия
      Латинская
       Немецкая
       Норвежская
        Кнут Гамсун
       Персидская
        Омар Хайям
        Фирдоуси
       Польская
       Турецкая
        Хикмет Назым
       Французская
        Сент-Экзюпери Антуан де
        Экушар Лебрен
        Гишар
        Баур Лормиан
        Клод Мерме
        Сен-Желе
        Сенесе
        Жан Расин
        Колен Бюше
        Ла Моннуа
        Гийом де Бребеф
        Фор де Пибрак
        Д’асейи
        Теодор Дезорг
        Алекси Пирон
        Неизвестный автор


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Кудашева Р.
     Короленко В.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Литература народов Кавказа:
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
      Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.