logo

М О Я    О С Е Т И Я



Лермонтов Михаил Юрьевич
стыр уырыссаг поэт (1814 – 1841)

Лермонтов Михаил Юрьевич – один из самых известных русских поэтов, и признание к нему пришло еще при жизни. Его творчество, в котором сочетались острые социальные темы с философскими мотивами и личными переживаниями, оказало огромное влияние на поэтов и писателей XIX–XX веков. 
https://www.culture.ru/persons/8188/mikhail-lermontov



В Осетии переводами произведений М. Ю. Лермонтова занимались многие  авторы. Среди которых были  как прославленные, так  и менее известные поэты, вдохновленные творчеством русского гения.
Из поколения в поколение, каждый автор открывал своего Лермонтова, и объединяло их только одно, любовь  к его нетленному наследию. Поэты и писатели Осетии старались донести до своего читателя то, что трогало их в поэзии Лермонтова.
Первым, кто осуществил перевод на осетинский, вернее на дигорский диалект осетинского языка Лермонтова, был  Блашка Гуржибеков. Он перевел стихотворение «Тамара» в начале ХХ века.
Одним из лучших переводчиков стихотворений Михаила Юрьевича в двадцатые годы ХХ века  считается Гино Бараков.
В эти же года  священник, Харлампий Цомаев успешно перевел роман «Герой нашего времени».
В тридцатые  появляются новые переводы разных авторов : Ц. Амбалова, А. Гулуева,  Нигера(Иван Джанаев),, Д. Мамсурова, Яков Хозиева и др.. В послевоенное время произведения Лермонтова  переводятся : Х. Плиевым, Х. Ардасеновым, Г Кайтуковым, Г. Плиевым, А. Царукаевым,  Н. Джусойты.
В конце ХХ века появляются новые переводы Лермонтова: Ш. Джикаева, Х. Дзаболова,  М. Дзасохова, А. Кодзати,  Х.-У. Алборты, Р.  Тедеты, Ф. Плиева.
В наступившем веке продолжателями  переводческой традиции нашего края  можно назвать  Т. Догузова, К. Мамукаева, Т. Кибирова и др.
Изучением наследия Лермонтова занимались многие ученые в нашей республике, начиная с Леонида Семенова, прославленного лермонтоведа, инициировавшего  создание «Лермонтовской энциклопедии».
Его достойным продолжателем, в деле изучения и влияния творчества Лермонтова на осетинскую литературу, является ученый–литературовед Зинаида Хасанбековна Тедтоева. Ей удалось собрать и издать сборник   Избранных произведений Лермонтова  в переводах осетинских авторов, изданное в 1981 г.
В  2010 вышла вторая, дополненная книга «Избранных произведений» М.Ю. Лермонтова с предисловием и примечаниями составителя.
В  2014   вышел в свет сборник переводов стихов М.Ю. Лермонтова «Люблю я Кавказ» Нафи Джусойты на осетинском языке.

Осетинские поэты М.Ю. Лермонтову

Переводы произведений Лермонтова на
осетинский язык

            * * *
Кæйдæр æнтæф дæлвæзты дардæй
Хъæмæ, цæгат бæстæм, тындзын.
Сæна, о хæхты сæр, æнкъардæй
Табу дæ бæрзондæн кæнын.
Æмбæрзы урс сарыхъ æнусты
Дæ тæрных — ирд æмæ четар,
Зæххон сæрыстырæн йæ бустæ
Нæ кæнынц де стыр дуне тар.
Уæддæр фæллад удæн йæ лæгъстæ
Дæ риумæ бахъарæд куывдау,
Дæ фæрцы рухс арвы цъæх фæзты
Мæ кувын фехъусæд Хуыцау.
Рыгвæдыл хурхæтæны, курын,
Ыскæнæд сатæг бон мæныл,
Цæмæй æнуд комы цъæх дурыл
Мæ фæллад ауадзон чысыл.
Табу кæнын, цæмæй зын раны
Мæ размæ ма згъæла къæдзæх,
Цæмæй тымыгъы бын Дайраны
Фæлладæй ма цуда мæ бæх.
Хæты ма иу сагъæс мæ фæстæ, —
Зын у йæ зæгъын дæр лæгæн!
Уыдтæн æз хаст, æмæ нæ бæсты
Мыййаг кæд ферох кодтой мæн!
Бæлццонæн чи кæндзæн хъæбыстæ?
Æфхæрдæн чи уыдзæн фысым?
Хæларæй, хионæй æрвысты
Мыййаг куы нал базоной уым!
Тæрсын, куы баййафон уæлмæрдты
Æрхуымæй ног ингæнтæ ныр,
Мæ разы рагбонты æмгæрттæ
Куы уой сæ цыртытау æмыр!
Сæна! Кæд афтæ уа, — уæд сау зæй
Мæ сæрыл ракæлæд фæлтау,
Мæ пырх мын арф кæмтты сæ разæй
Хæссæнт дæ дымгæтæ рыгау.

 

               Пехуымпар
Хуыцау куы сныв кодта мæнæн
Зæххыл æппæт зонын фæдзæхстæй,
Уынын уæдæй ардæм лæгæн
Хæрам йæ цæстыты æмбæхстæй.

Дзыллæтæн амыдтон хæрзтæй
Цæрын рæстдзинад æмæ уарзтæй, —
Æхстой мыл сау дуртæ мæстæй,
Мæ дзырд мын хионтæ нæ барстой.

Мæ сæрыл байзæрстон фæнык,
Ныууагътон сахартæ æрхуымæй:
Сынтау æдзард рæтты гæвзыкк
Цæры, Хуыцау цы ратты, уымæй.

Нæ Фыды барвæндæй кæсынц
Мæ коммæ мæргътæ æмæ сырдтæ;
Мæ сæрмæ стъалытæ цæфсынц,
Æмбарынц уыдон дæр мæ дзырдтæ.
Вæййы: нæргæ хъæуыл тындзын,
Кæсынц бæгуы-лæгтæ мæ фæстæ,
Кæд дзы кæстæртæ уа, уæд сын
Кæнынц хъуыддагхуызæй ныхæстæ:

«Кæсут, гъей уый та уын дæнцæг!
Сæлхæр! Зындзæрин уыд. Къæйныхæй
Фæлывта мах, цыма æцæг Зæххыл
Хуыцау дзуры йæ дзыхæй.

Уынут ын, кæстæртæ, йæ цард:
Бæгънæг у, стонг æмæ æрхæндæг,
Ныххус и йе стджытыл йæхæдæг,
Тæрут æй дурадзагъдæй дард!»

Джыккайты Шамилы тæлмацтæ

// Мах дуг.– 2003.– № 9.

 

Баллада
Балладæ
Цæрукъаты Алыксандры тæлмац– перевод Александра Царукаева
Балладӕ
Рӕсугъд чызг куы бады цъӕх денджызы раз,
Йӕ уарзон лымӕнӕн куы кӕны ныхас:
«Ды денджызы арфмӕ ӕдӕрсгӕ ныххиз
Ӕмӕ мын мӕ фӕрдгуытӕ уырдыгӕй сис;
Бӕрӕг уыдзӕн уымӕй дӕ уарзондзинад!»
Уӕд ӕвзонджы сонт туг ысфыхт ӕмӕ срад,
йӕ сӕрызонд сонтӕй ӕдзӕмау фӕци,
Фынккалгӕ уылӕнты ныппӕрста йӕхи...
Ӕртӕхтӕ фӕйнӕрдӕм нӕмгуытау тӕхынц,
Уылӕнтӕ хи сисынц, фӕстӕмӕ цӕуынц.
Сӕ цӕллахъхъ та сӕмбӕлди былтыл ӕмыр,
Ӕрбахӕсдзысты мын мӕ уарзоны ныр.
О, амонд! Ӕгас у... ныр фахсыл фӕхӕст,
Сты фӕрдгуытӕ йемӕ... ныффӕлурс ӕрмӕст.
Нӕма уӕнды 'рлӕууын йӕ фӕллад къӕхтыл,
Йӕ хуылыдз сӕрыхъуын ныффӕскъау — пыхцыл.
«Гъеныр дӕ ӕз уарзын ӕви нӕ, чызгай?
Куы скодтон мӕ цард дӕр дӕ сӕрыл уӕлдай:
— Дӕ дзырдӕй ныххызтӕн ӕз доны бынмӕ,
Фӕрдгуытӕ уыдысты кораллы уӕлӕ.
Гъа, айс сӕ!» — ӕнкъардӕй ӕдзынӕг кӕсы
Гъеуымӕ, кӕй уарзтӕй ӕрвылбон рӕзы.
Уӕд дзуапп та уыд ахӕм: «О уарзон лымӕн,
Ысхӕсс мын коралл дӕр, кӕд уарзыс ды мӕн».
Ныххызти та лӕппу ӕнӕныфсӕй, кӕд
Ыссарид кораллы, кӕнӕ та мӕлӕт...
Ӕртӕхтӕ фӕйнӕрдӕм нӕмгуытау тӕхынц,
Уылӕнтӕ ыссӕндынц, фӕстӕмӕ цӕуынц.
Ӕрбассӕндынц ногӕй гъеуыцы цыдӕй,
Ӕрмӕст лӕппу семӕ куы нӕ зыны... нӕй...
                     Царукъаты Алыксандры тӕлмац

 

Благодарность
Арфæ – Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

 Бородино
 Бородино
Плиты Грисы тæлмац –перевод Гриша Плиева
Бородино

-Зӕгъ-ма, зӕронд салдат, хӕрзсыгъдӕй
Мӕскуыйы бацахсын сӕ тыхтӕй
Куыд баци францы бон?
Куынӕг хӕстытӕ дзы куы нӕ уыд?
Сӕрыхъуын арц сӕ коймӕ слӕууы!
Уӕрӕсейы зӕрдыл куы лӕууы
Бородинойы бон!
— Ай-гъай, уыдис лӕгтӕ нӕ бонты,
Ныр нал ис ахаем сахъ хӕстонтӕ:
Бӕгъатыртӕ — бӕгуы!
Хӕрзамонд сӕ нӕ фӕци царды:
Сӕ фылдӕр карз хӕсты фӕмарди...
Фыдгулӕн иу Хуыцауы ардӕй
Лӕвӕрд ӕрцыд Мӕскуы!
Чъылдыммӕ ’нӕсыбыртт цыдыстӕм,
Max тынг фӕндыд хӕцын, тыхстыстӕм,
Цыд зӕрӕдты ныхас:
«Кӕдӕм? Зымӕгон хъарм хӕдзӕрттӕм?
Кӕм ис нэе хицӕуттӕн сӕ зӕрдӕ?
Йе нӕу ӕцӕгӕлон мӕнгӕрдтӕн
Уырыссаг джебогъ тас?»
Фӕзынд егъау быдыр нӕ разы:
Уыдис уым байвазӕн, ӕрхъазӕн!
Хӕцӕн кӕнӕм цӕрдӕг.
Фыдгултӕм хъусӕм мах къӕрцхъусӕй,
Нӕ топпыхос та дарӕм хусӕй.
Куы фӕирд бон сӕумӕйы рухсӕй,
Уæд федтам: франц хӕстӕг.
Нӕмыг мӕ хотыхы ныннадтон:
Мӕ хӕлар франц, ӕз дӕм дзы раттон!
Фӕлӕуу, мусью, чысыл!
Цы ма лӕууӕм? Бырсгӕ у размӕ;
Уӕхски-уӕхск цомут тохы карзмӕ! —
Хӕцдзыстӕм мах нӕ удӕгасӕй
Нӕ райгуырӕн бӕстыл!
Ӕхстам дыууӕ боны кӕрӕдзи,—
Ӕцӕг хӕстӕн амал нӕ фӕци,
Ӕртыккаг бон кӕсӕм.
Фӕйнӕрдыгӕй ныхӕстӕ хъусӕм:
«Хъӕуы нӕ сармадзанӕй скусын!»
Фӕлӕ тӕссаг хӕцӕн ӕрдузы
Ӕрӕнцадис ӕхсӕв.
Хуыссын мӕ сармадзаны фарсмӕ,
Мӕ хъустыл уади боны скастмӕ,
Куыд цин кодта француз,
Куыд сабыр уыд нӕ хӕцӕнуат та! —
Чи хӕсты скъуыд дарӕс рӕхсадта,
Чи й’ арц хъуыр-хъуыргӕнгӕйӕ даудта,
Чи — арты цур ныхъхъус.
Фӕлӕ куы раирд бонрухс арвыл,
Нӕргӕ уӕд базмӕлыдис дардыл
Ӕфсадӕй дзаг быдыр.
Нӕ булкъон саггуырд уыд йӕ мадӕн,
Ныфс — паддзахӕн, фыд та — салдатӕн,
Фӕлӕ — хъыгаг; фӕмард булатӕй,
Уый саумӕры ис ныр!
Цӕхӕртӕкалгӕ загъта махӕн:
«Лӕппутӕ! Нӕй Мӕскуыйӕн раттӕн!
Мӕлгӕ нын ам у ’рмӕст
Нӕ сӕфт ӕфсымӕртӕн сӕ фӕстӕ!»
Ард иумӕ бахордтам ӕд гӕрзтӕ...
Бородинойы судзаг хӕсты
Ӕрцыд нӕ дзырд ӕххӕст.
Цы бон уыд! Фӕздӕджы гуылфӕнты
Ӕгӕнон францаг размӕ ссӕнды
Нӕ хӕцӕнтӕм ӕваст,
Сӕ бӕхджын ӕфсад зӕхх ӕнкъуыста,
Йӕ фӕстӕ фистӕг ӕфсад сыстад,
Хӕстыхъӕр ӕмӕ богъ-богъ хъуыстам,
Бон тартӕ кодта раст.
Нӕй фенӕн ахӕм бырст уӕ рӕстӕг,—
Фӕйлыдтой тырысатӕ хӕсты,
Калд сау фӕздӕг, сыгьд арт,
Цъыкк кодта кард, сырх нӕмыг тади,
Ӕфсӕддон марынӕй фӕллади,
Обӕуттӕ сысты мӕрдтӕ, хауди
Дзыхъхъынног мардыл мард.
Уӕд не знаг бавзӕрста йӕхиуыл,
Цы у уырыссаг цӕф-ӕрмриуыгъд,
Нӕхи ӕрми-ӕрмхӕст.
Зӕхх рызт нӕ риутау; адӕм, бӕхтӕ
Ӕмхӕццӕ сысты; фӕзтӕ, рӕгътӕ
Рызтысты хотыхты гӕрӕхтӕй,
Ӕмбу ма хъуыст ӕрмӕст.
Ӕрталынг. Max цӕттӕ уыдыстӕм
Сӕумӕйыл ног хӕстон бырстытӕм,—
Фӕндыди мах хӕцын...
Фӕлӕ куы сцагьтам барабантӕ,
Уӕд лидзӕг фесты басурмантӕ.
Хынцын уӕд систам не стыр зиантӕ,
Ӕфсымӕрты хынцын.
Ай гъай, уыд сахъ лӕгтӕ нӕ бонты,
Ныфсхаст, зӕрдӕвидар хӕстонтӕ,
Бӕгъатыртӕ — бӕгуы!
Хӕрзамонд сӕ нӕ фӕци царды:
Сӕ фылдӕр карз хӕсты фӕмарди.
Фыдгулӕн иу хуыцауы ардӕй
Лӕвӕрд ӕрцыд Мӕскуы!
             Плиты Грисы  тӕлмац


 

Валерик
Валерик – Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

 Волны и люди
Уылæнтæ æмæ адæм
Хъодзаты Æхсары тæлмац – Перевод Ахсара Кодзати

Выхожу один я на дорогу
Рацæуын æз иунæгæй фæндагмæ…
Гулуты Андрейы тæлмац –перевод Андрея Гулуева.

1.Æз фæцæуын иунæг æмæ суссæй...
Джусойты Нафийы тæлмац –перевод Нафи Джусойты

2.Адардтон хæрзиунæгæй мæ фæндаг
Хъодзаты Æхсары тæлмац – перевод Ахсара Кодзати
Адардтон хӕрзиунӕгӕй мӕ фӕндаг,
Фӕлмы калы дур-лӕзгъӕр цӕхӕр;
Дуне — хъус, Хуыцауы бар — йӕ фӕндтӕ.
Стъалы дзуры стъалымӕ цыдӕр.
2
Сты уӕлӕрвтӕ райдзаст ӕмӕ диссаг!
Зӕхх кӕны ӕрвигӕрттывд - ӕрвон...
Уӕд мӕнӕн тӕ та ц'агайы мӕ риссаг?
Ц' агурын? Цӕуыл кӕнын фӕсмон?
3
Нӕу мӕ зӕрдӕ сомыбонтӕн фидар,
Ивгъуыды мын иу фӕсмойнаг нӕй;
Агурын ӕнцой ӕмӕ сӕрибар!
Бакӕнин ӕхсызгонӕй фынӕй!
4
О, фӕлӕ... Нӕ мӕ фӕнды мӕрдвынӕй...
Сты ӕндӕр мӕ бӕллицтӕ, мӕ фӕнд;
Уӕнгты зилӕд царды тӕф цырынӕй,
Зӕрдӕ риуы царддыхӕй тӕлфӕд.
5
Уарзты зарӕг адджынӕй, ӕхцонӕй
Мӕн рӕвдауӕд, ирхӕфсӕд ӕдзух.
Тулдзбӕлас мыл узӕлӕд бӕрзондӕй,
Макуы уӕд йӕ цъӕх фӕлыстӕй цух.
Хъодзаты Ӕ. Тӕлмац

 

3.Рацæуын æз хъæугæрон фæндагмæ
Плиты Феликсы тæлмац – перевод Феликса Плиева

Гляжу на будущность с боязнью
Кæсын æз фидæнмæ тæрсгæйæ
Джусойты Нафийы тæлмац –перевод Нафи Джусойты

Гость
Уазæг
Джусойты Нафийы тæлмац –перевод Нафи Джусойты

Дума
Сагъæс
Джусойты Нафийы тæлмац –перевод Нафи Джусойты

 

Есть речи –значенье
Ис ахæм ныхæстæ
Джусойты Нафийы тæлмац –перевод Нафи Джусойты

Желание (Зачем я не птица, не ворон степной...)
Фæндиаг (Цæуылнæ дæн мæрдтæй–нæ быдырты сынт…)
Джусойты Нафийы тæлмац –перевод Нафи Джусойты

Желание (Отворите мне темницу…)
 1.Ахæст (Цæй ма бакæнут мæ рудзынг…) 
Плиты Харитоны тæлмац – перевод Харитона Плиева
2.Ахæст( Рауадзетæ мæн къундæгæй…)
Къибирти Т. тæлмац – перевод Т. Кибирова
3.Ахæст (талынг ныккæнды нæ райын…)
Тедеты Рюрикы тæлмац – перевод Рюрика Тедеты

Звезда (Вверху одна звезда…)
Сталы
Ардасенты Хадзыбатыры тæлмац – перевод Хадзыбатыра Ардасенова

Из Гете (Горные вершины…)
Гетейæ (Хæхты урс бæрзæндтæ…)
Хъараты И. тæлмац- перевод И. Караева
Гетейæ(Тарæй хæхты тигътæ..)
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

 

И скучно и грустно
1.Æнкъард дæн, æрхæндæг
Мамыкъаты Хъазыбеджы тæлмац – перевод Казбека Мамукаева
Ӕнкъард дӕн, ӕрхӕндӕг

Æнкъард дӕн, ӕрхӕндӕг.
Кӕй тӕрхонмӕ раттон мӕ зын?
Мӕ уды хъизӕмар кӕй маст у?..
Бӕллицтӕ!..
Цы пайда у алкӕд куырмӕджы бӕллын?..
Мӕ азтӕ куы згъорынц...
О ме 'взонджы азтӕ!..
Кӕй бауарзон судзгӕ?..
Рӕстӕгмӕ — йӕ койы аргъ нӕу,
мыггагмӕ та уарзын кӕй бон у!
Дӕхимӕ ныккӕсай —
уым ивгъуыд кӕддӕр уыд ӕргъӕу.
Мӕ цин дӕр, мӕ хъыг дӕр ныр сау тар ӕвзоны.
Цы пайда сты монцтӕ,
кӕд искуы кӕндзысты хуыдуг,
сӕ хӕрздӕф сын зондхъомыс судздзӕн.
Куы банкъарай искуы
дӕ уазал ӕнгасӕй нӕ дуг,
уӕд фендзынӕ —
цард дыл ӕдылыйау худдзӕн...
Мамыкьаты Хьазыбегы  тӕлмац

2.Зæрдæхаст æнкъардæй
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

К. (Мы случайно сведены судьбою)
К. (Хъысмæт нæ сиу кодта æвæндæй)
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Кавказ
Кавказ
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты
Кавказ

Мæ сабийы бонты мӕн ме сӕфт хъысмӕт
Сымахӕй кӕд атыдта, бастъӕла уас,
Уӕддӕр уӕ мӕ адӕмы зарӕджыйас
Ӕз уарзын, о хӕхтӕ!
Мӕ сагъӕс, мӕ мӕт
Мӕнӕн у Кавказ.

Чысыл ма куы уыдтӕн, уӕд амард мӕ мад.
Ӕмӕ-иу куы хаста изӕры мигъ хас,
Уӕд-иу мын фӕкодтой мӕ мады ныхас,
Уӕд базыдтон хӕхтӕй ныййарӕджы ад —
Ӕз уарзын Кавказ.

Ыссардтон ӕз хӕхты мӕ амонды сӕр.
Ӕрлӕууынц ӕрвыл уысм мӕ цӕстыты раз.
Уым федтон фыццаг хатт ӕрвон зӕды 'нгас,
Мӕ зӕрдыл куы 'рӕфты, фӕдзурын уӕддӕр:
Ӕз уарзын Кавказ!..
Джусойты Нафийы тӕлмац

 

Казачья колыбельная песня
Авдæны зарæг
Гулуты Андрейы тæлмац –перевод Андрея Гулуева
Хъазахъхъаг авдæны зарæг – Тæболты Х. тæлмац – перевод Х. Таболова

Как часто пестрою толпою окружен…
Вæййы  – мæ алы фарс чытæ-чыртæй фæуынын
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Когда волнуется желтеющая нива
Фæззыгон хуымыл уады футт куы ртæфсы
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Крест на скале
1.Дзуар айнæгыл
Ардасенты Хадзыбатыры  тæлмац – перевод Хадзыбатыра Ардасенова
2.Хъæдын дзуар рагъыл
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Листок
1.Тулдзы сыф (Фæхицæн ис тулдзы сыф уарзон ныййарæг къабузæй) Плиты Харитоны тæлмац –  перевод Харитона Плиева

2.Сыфтæр  – (Сывылдзы цъæх сыфтæр фæхицæн йæ ныййарæг мадæй) Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Много красавиц в аулах у нас…(Песня Казбича)
Махмæ хæхбæсты, рæсугъдтæ ис мин…(Казбичы зарæг)
Дзасохты Музаферы тæлмац – перевод Музафера Дзасохова.

 

Мое грядущее в тумане
Мæ фидæн у ныгъуылдау тары
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Мой дом
Мæ хæдзар
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

 

Молитва (Не обвиняй меня всесильный…)
Кувæн ныхас
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Молитва (Я, матерь божия, ныне с молитвою…)
Кувæн ныхас Хуыцауы мадмæ
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Мы случайно сведены судьбою
Хъысмæт нæ сиу кодта æвæндæй
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

На Севере диком стоит одиноко…
1.Æгæндæг Цæгаты ис иунæг цъæх нæзы…– Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты
2. Æрнæгзæхх Цæгаты хæрзиунæг цъæх нæзы– Тедеты Рюрикы тæлмац – перевод Рюрика Тедеты(Скифирон)
 3.Нæзы (Æдзæрæг Цæгаты, бæгънæг хохы цъуппыл…) –Плиты Харитоны тæлмац – перевод Харитона Плиева
4.  Нæзы(Дард уазал Цæгаты æрзадис цъæх нæзы)– Бокоты С. тæлмац – перевод С. Бокоева

Не смейся над мой пророческой тоскою
Мæ хъыг, мæ пехуымпарон хъыгыл худгæ ма кæ
Гулуты Андрейы тæлмац – перевод Андрея Гулуева

Мӕ хъыг, мӕ пехуымпарон хъыгыл худгӕ ма кӕн;
Зыдтон: хъысмӕты цӕф нӕ февгъуийдзӕни мӕн;
Зыдтон ӕй ӕз: мӕ сӕр,— кӕй-иу рӕвдыдтай алкӕд,—
Дӕ хъӕбысӕй сӕркъуырӕнмӕ цӕудзӕн.
Дзырдтон дын ӕз: нӕдӕр мын кад, нӕдӕр мын амонд
Нӕй дунейыл ыссарӕн,— ралӕудзӕни афон —
Ӕрхаудзынӕн; уӕд хинӕйдзаг ызнаг
Мӕ курдиатыл худгӕйӕ кӕндзӕн цъыфкалӕн.
Ӕвӕдӕй аскъуындзӕн сӕ таг
Мӕ ньтфсытӕ, мӕ хъизӕмарӕн.
Мӕлӕт, ӕнафоны мӕлӕт.
Нӕ дӕн тӕппуд.
Куы фенин ног дуне,— бӕллын ӕм рагӕй.
Ныссӕндӕд бардз мӕнӕн мӕ кадджын худ,—
Фыссӕджы худ, сындзытӕ дзагӕй!..
Цӕй, фод! Зынаргь мын уый нӕ уыд.
                                      Гулуты А. тӕлмац

Нет, не тебя так пылко я люблю…
 1.Æхсидгæ уарзт нæ кæнын дæу, мыййаг …– Гулуты Андрейы тæлмац – перевод Андрея Гулуева
2.Дæу уарзыныл нæ фæкæнын æз мæт…– Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

 

 

Нет, я не Байрон, я другой…
Нæ дæн æз Байрон, дæн æндæр…– Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Нищий
 1.Мæгуыргур (Лæууыдис кувæндоны цур) — Ардасенты Хадзыбатыры тæлмац   — перевод Хадзыбатыра Ардасенова
2.Феце (Лæудтæй тæнзæрдæ донзонуг…) – Билаонти Барис — перевод Бориса Билаонова

Она поет и звуки тают
Уый зары æмæ йæ мыртæ тайынц — Дыгъуызты Тенгизы тæлмац — перевод Тенгиза Догузова

 

Они любили друг друга
Сæ кæрæдзи уарзтой…
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Опять народные витии…
Уæхи сæрылхæцæг Литвайæн…— Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Осень
Фæззæг
Дыгъуызты Тенгизы тæлмац – перевод Тенгиза Догузова
ФӔЗЗӔГ
Фӕбур сты быдыры сыфтӕ
Ӕмӕ зилынц ӕмӕ тӕхынц.
Хъӕды ма гуыбыр нӕзытӕ,
Сӕ тар цъӕх хъахъхъӕнгӕ лӕууынц.

Зӕбул къӕдзӕхы бынмӕ уым...
Ӕхцонӕй дидинтӕн сӕ цуры.
Хуымгӕиӕг бакодта йӕ хуым
Йӕ фӕллад нал уарзы фӕсурын.

Сырд ӕнӕбары ныфсимӕ,
Тырны ӕмбӕхсынмӕ кӕмдӕр...
Мӕйы мынӕг ‘хсӕв рухсимӕ,
Быдырӕн зынд ӕвзист йӕ мӕр.
     Дыгъуызты Тенгизы тæлмац

Отчего
Цæй тыххæй дæн æнкъард…
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Памяти А. И. Одоевского
А. И. Одоевскийы рухс номыл
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

 

Парус
1. Наупæлæз – Плиты Грисы тæлмац –перевод Гриша Плиева
2. Пæлæзджын нау — Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Пленный рыцарь
Уацайраг Бæгъатыр 
Перевод Хаджи –Умара Алборты
Уацайраг бӕгъатыр

Ныккӕнды рудзынгӕн бадын йӕ разы;
Арв мӕм ӕрттивгӕ бӕрзондӕй фӕзыны;
Мӕргътӕ сӕрибарӕй уӕлдӕфы хъазынц,
Бафты сӕ фендӕй дывӕр зын мӕ зыныл.
Арвмӕ нӕ хъарын мӕ уды мӕстытӕ,
Нал кӕнын зарӕг мӕ уарзты нывондӕн;
Зӕрдыл ма дарын мӕ рагон хӕстытӕ
Me ’хсары цирхъ ӕмӕ ме згьӕр ӕндонӕй.
Гъеныр та дурын ызгъӕр ис мӕ фӕрстыл,
Дурӕй — мӕ танхъа, мӕ сӕр мын ӕлвасы,
Фат ӕмӕ кард мӕм нӕ цӕуынц ӕввахсты,
Фӕзы мӕ саулох уӕгъдидонӕй у асы.
Рӕстӕг — мӕ дугъон, уый не ’взары къултӕ,—
Танхъайы ’фсӕн хыз — мӕ ныккӕнды сисдзӕф,
Дурын ызгъӕр та — бӕрзонд ӕмыр къултӕ.
Уарт мын ӕндон дуар — сӕ аххос мӕ ристӕн.
Тагъддӕр ызгъор, цӕй, рӕубазырджын рӕстӕг!
Ахӕсты сау катай зӕрдӕмӕ ’фсӕры.
Мӕнӕ куы ’рцӕуон мӕ адзалы бӕстӕм,
Фехсдзынӕн гъеуӕд мӕ цӕсгомы ’фсӕнхыз!
                     Ӕлборты Xадзы-Умары  тæлмац

Посреди небесных тел…
Мæй стъалыты æхсæн
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Пророк
1.Пахуымпар – Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты
2. Пехуымпар – Джыккайты Шамилы тæлмац — перевод Шамиля Джикаева

Прощай, немытая Россия…
Уæрæсе, хорзæй баззай
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты
Родина
Фыдызæхх
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Романс (Ты идешь на поле битвы...)
Романс (Ды цæуыс, мæ хур, хæцынмæ
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Синие горы Кавказа, приветствую я вас!
 1.Кавказы æрвонцъæх бæрзæндтæ, салам уын зæрдиаг! — Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты
 2. Айсут мын, айсут мæ саламКавказы цъæх хæхтæ! – Плиты Харитоны тæлмац

Слышу ли голос твой…
Дæ хъæлæс куы фехъусын
Гулуты Андрейы тæлмац – перевод Андрея Гулуева

Смерть поэта
Поэты мæлæт – Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Сон (В полдневный жар в долине Дагестана…)
1.Фын (Дагъыстаны æмбисонды æнтæфы
Барахъты Гинойы тæлмац – перевод Гино Баракова
            Фын

Дагъыстаны ӕмбисонды ӕнтӕфы
Нӕмыгдзӕфӕй хуыссыдтӕн ӕз ӕдзӕм,
Нырма фӕздӕгау тугдӕф цыд мӕ цӕфӕй,
Мӕ алывӕрсты ахстӕй туг ныццӕм.
Хуыссыдтӕн ӕз тӕвд ызмисыл дзӕгъӕлӕй.
Мӕ алфамблай — бӕрзонд хӕхты рӕхыг.
Сыгъта сӕ хур, сыгъта мӕн дӕр цӕхӕрӕй,
Сыгъта, фӕлӕ уыдтӕн мӕрдвынӕй ӕз.
Уыдтон ма фын: цырӕгътӕй рухс хӕдзары
Нӕ уӕзӕгыл изӕргуывды — ӕнцой.
Ӕвзонг устытыл дидинвӕлыст дарӕс...
Ӕрхауди сӕм фырхъӕлдзӕгӕй мӕ кой.
Фӕлӕ дзы иу, сӕ цинӕй хи фӕливгӕ,
Зӕрдӕхӕлд сӕнтты, — чи зоны, цӕмӕн, —
Уыдис ныгъуылд... йӕ цӕсгомы хуыз ивгӕ,
Ӕнкъардӕй бадти хъал рӕсугъдты 'хсӕн.
Ӕмӕ йӕ цӕстыл уади: Дагъыстаны
Йӕ зонгӕ мардӕй арф комы лӕууы.
Йӕ риуы цӕфӕй дард, сӕрсӕфӕн раны
Фӕстаг туджы цъыртт уазалӕй цӕуы.
                     Барахьты Гинойы тӕлмац

2. Фын (Æнæзмæлгæйæ Дагъыстаны фæзы…)— Плиты Харитоны тæлмац
3.Фын (Æнтæф бон. Хурæй Дагъыстан у арыд…)— Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Солнце
 1.Хур(Зымæгон хур æрвон æрфæнты…)— Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты
 2. Хур (Куыд рæсугъд у зымæгон хур...)–Дыгъуызты Тенгизы тæлмац – перевод Тенгиза Догузова
Сосед
Сыхаг
Тедеты Рюрикы тæлмац – преревод Рюрика Тедеты (Скифирон)

Спеша на север из далека…
Кæйдæр æнтæф дæлвæзты дардæй… Джыккайты Шамилы тæлмац — перевод Шамиля Джикаева

Спор
Быцæу
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Тамара (В глубокой теснине Дарьяла..)
1.Тамар (Дайраны уынгæг комы ʹфсæры…)
Барахъты Гинойы тæлмац– перевод Гино Баракова
           Тамар
Дайраны уынгӕг комы 'фсӕры
Ӕрра Терк, ныхъхъӕрзы уӕззау.
Зӕронд мӕсыг доны хӕд сӕрмӕ
Цъӕх айнӕджы тигъыл ныссау.
Уым рагӕй йӕ бонтӕ ӕрвиты
Ӕгъуыстаг паддзах-ус Тамар.
Ӕрвон зӕдау, — диссаг йӕ фидыц,
Дӕлимонау, — хинуд, мӕнгард.
Гъеуырдыгӕй талынг ӕхсӕвты
Ӕрттывта сызгъӕринау зынг,
Ӕрттывта фӕндаггоны сӕфтыл,—
Дзӕнӕты къӕсӕрау ӕм зынд.
Тамары ӕрдаг хъӕлӕс хъуысти —
Зӕрдӕсай, кӕлӕн ӕмӕ хин,
Иӕ монцы тыхсӕттӕг ӕвзыстмӕ
Нӕ урӕдта ничи йӕхи.
Йӕ зӕды хъӕлӕсмӕ цыдысты
Сӕудӕджер, ӕфсӕддон, фыййау,
Сӕ раздуӕрттӕ гом-иу уыдысты,
Дзӕдӕл-иу сӕм ракаст лӕгау.
Уыд ӕфсин та пух хуыссӕн базыл
Ӕрттивгӕ фӕлыстӕй цӕттӕ.
Сӕ разы, куы сӕ фӕнда нуазын,—
Дыууӕ къусы дзагӕй сӕнтӕ.
Тыхстысты кӕрӕдзийыл къухтӕ,
Дзых дзыхыл мыдадзау ӕндӕгъд,
Ӕгас ӕхсӕв-бонмӕ ӕдзухдӕр
Хъуыст мӕсыгӕй сонт хъӕр, ӕмдзӕгъд.
Цыма-иу ӕвзонг сылты уарзтмӕ
Сӕдӕгай лӕппутӕ тындзгӕ
Цыдысты чындзӕхсӕвы хъазтмӕ,
Гъе судзаджы марды кӕндмӕ.
Фӕлӕ-иу сӕууон хур куы 'рбакаст,
Куы айтыгъта кӕмттыл йӕ тын,—
Ныссабыр-иу мӕсыджы ахаст,
Йӕ рухс дӕр-иу нал калд ӕппын.
Ӕрмӕст иу ызнӕт Терк фӕйлаугӕ
Дайраны нӕ зыдта ӕнцой.
Фӕйлауӕн фӕйлауӕныл хаугӕ
Кӕрӕдзи ӕууӕрдгӕ сырдтой.
Фӕхастой-иу мадзура марды
Кӕугӕ-кӕугӕ уыдон дӕлдӕр.
Тамар иу ӕм ракасти дардӕй,
Ныббар, зӕгъгӕ, зӕлыд йӕ хъӕр.
Сӕ фӕхицӕн афтӕ ӕхцон уыд,
Сӕ хъӕлӕс та афтӕ уаз хъуыст,
Цыма та йӕ фембӕлдмӕ хоны
Йӕ уарзоны адджын хъӕбыс.
    Барахъты Гинойы тӕлмац

 2.Тамарæ (Арви коми, Дариали унгæги…) –  Гурджибети Блашка– перевод Блашка Гуржибекова

Тебе, Кавказ, суровый царь Земли…
Кавказ, - дунейы карз паддзах, йæ сæр…
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Тростник(Сидел рыбак веселый …)
 1.Хъæз (Кæсагахс иубон рохстæй…– Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты
 2.Æвзыгъд кæсагахс дын уæд иу доны был бадт –Ардасенты Хадзыбатыры тæлмац  –перевод Хадзыбатыра Ардасенова

Тучи
 1.Мигътæ (Мигътæ, уæларвон æнусон фæндаггæттæ!)
Дзаболаты Хазбийы тæлмац –перевод Хазби Дзаболова

Мигътӕ
Мигътӕ, уӕларвон ӕнусон фӕндаггӕттӕ!
Ирдгӕ цыргъ рӕхыстӕй арвы рӕсугъд буарыл
Згъорут сымах дӕр, раст ме 'мхуызон тард лӕгтӕ
Уарзон цӕгат бӕстӕй дард бӕстӕ — хуссармӕ.
Чи уӕ тӕры, цымӕ: хъысмӕты бафӕндыд?
Сусӕг хӕлӕгдзинад, мастӕйдзаг дзагъултӕ?
Ӕви зылын фестут исты фыдракӕнды?
Ӕви уӕ сурынц уӕ хӕлӕртты дам-думтӕ?
Нӕй, уый ӕнӕ пайда фӕзтӕй ысхъыг ыстут...
Нӕй уын бӕллицтӕ дӕр, цух ыстут сагъӕстӕй,
Уазал, сӕрибарӕй ног рӕтты зилдзыстут,
Нӕй уын фыдыбӕстӕ, тас уын нӕу ахӕстӕй.
Дзаболаты X. Тӕлмац


 

 2.Мигътæ (Мигътæ, уæларвыл æнусон хæтæг мигътæ! ) –Хъараты И. тæлмац – перевод И. Караева
 3.Мигътæ (Мигътæ, æрвон адæм, балцы фæраст ыстут) …– Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

Ужасная судьба отца и сына
Фыд æмæ фырт… Сæ хъысмæт уыд æвирхъау–…)
Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

 

Узник
Ахст лæджы сагъæс…– Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты

 

Утес
Айнæг…– Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты
Айнӕг
Дарчиты Дауыты тӕлмац
Мигъы сӕнтурс къуыбар айнӕджы фахсыл
Йе 'хсӕв ӕрвыста... Уый кодта фынӕй,
Уалынмӕ 'рбабони. Райсомӕй раджы
Арвыл ӕсфардӕги, хъазгӕ, фӕрнӕй.
Айнӕджы фахсыл уымӕлвӕд ныууагъта,
Акодта дардмӕ йӕ фӕндаг ӕмраст,
Айнӕг йӕ фӕстӕ йӕ цӕссыг ӕркалдта,
Айнӕг ӕнкъардӕй йӕ риумӕ ныккаст.
                        Дарчиты Дауыты  тӕлмац

Эпиграммы
Эпиграммæтæ Ардасенты Хадзыбатыры тæлмац  –перевод Хадзыбатыра Ардасенова

 

Я жить хочу, хочу печали
 1.Фæнды мæ рацæрын æнкъардæй – …– Джусойты Нафийы тæлмац – перевод Нафи Джусойты
2. Фæнды мæн хъизæмæрттæ царды…Дзасохты Музаферы тæлмац – перевод Музафера Дзасохова
 3. Мæн уарзты амонды фыдæнæн…Хъодзаты Æхсары тæлмац – перевод Ахсара Кодзати

 

Хъамыл
Ардасенты Xадзыбатыры тӕлмац
Ӕвзыгъд кӕсагахсӕг дын
Уӕд иу доны был бадт;
Йӕ размӕ даргъ хъамылты
Ызмӕлын кодта уад.
Ыслыг дзы код та иу хус,
Ыскъахта дзы уырынг;
Йӕ иу кӕрон ын систа,
Ныффу дзы кодта тынг.
Ӕмӕ цыма ӕрыгас
Ысдзырдта йӕм ӕваст —
Гъе уый лӕджы хъӕлӕс уыд
Ӕмӕ дымгӕйы уаст.
'Мӕ зарыдис ӕнкъардӕй:
«Ныууадз, кӕсагахсӕг,
Ныууадз, мӕ зӕрдӕ ма къах,
Кӕныс мӕ ды уынгӕг!
Ӕз дӕр чызг уыдтӕн раджы,
Рӕсугъд чызг уыдтӕн ӕз;
Мӕ фыдыусы фӕсдуар
Ӕрттивгӕ хастон рӕз.
Мӕ цӕстысыг-иу судзгӕ
Мӕ рустыл кодта фӕд;
Ӕмӕ ӕнӕтӕригъӕд
Ӕз агуырдтон мӕлӕт.
Уыдис мӕ фыдыусӕн
Уӕд буц уарзон фырт дӕр;
Рӕсугьд чызджыты сайдта,
Каст адӕммӕ цӕхгӕр.
Ӕмӕ уый иу хатт мемӕ
Ам доны был лӕууыд;
Хъуыст уылӕнтӕн сӕ зарын,
Хур тар фӕлмы ныгуылд,
Куырдта мӕ лӕппу уарзын!..
Мӕ зӕрды уарзт нӕ уыд,
Ӕхца дӕр мын лӕвӕрдта,
Ӕхца дӕр мӕ нӕ хъуыд;
Ӕмӕ мын ме 'взонг риуы
Ныссагъта уӕд йӕ кард,
Ыстӕй мын хъамылты бын
Уый бавӕрдта мӕ мард,
Мӕ ингӕныл ӕрзадис
Ыстыр хъамыл — хӕтӕл,
Ӕмӕ мӕ рис, мӕ сагъӕс
Цӕрынц гъе уым нырдӕр.
О диссаг кӕсагахсӕг,
Ныууадз дӕ уадындзаг
Нӕ мын баххуыс кӕндзынӕ,
Кӕуын та нӕу дӕ уаг...
Ардасенты Xадзыбатыры тӕлмац

Поэмы

Беглец
Лидзæг
Хъайтыхъты Георы тæлмац – перевод Георгия Кайтукова
Лидзæг

Гарун лыгъдис цӕрдӕгдӕр сагӕй,
Тӕрхъус цыма цӕргӕсӕй, — тагъд;
Черкесӕггӕн сӕ туг кӕм калд.
Лыгьд уырдыгӕй тӕрсгӕйӕ знагӕй,
Йӕ фыд, стӕй уӕд йе ’фсымӕртӕ
Сӕрибар, кадыл фесты мард,
Фыдгулы къӕхты бын сӕ сӕртӕ
Лӕууынц уым рыджы бын ӕгад.
Сӕ сау туг маст домгӕ куы кӕлы!
Гарунӕй ферох и йӕ хӕс;
Йӕ хотыхтӕ хӕсты тӕмӕны
Ӕрбайсӕфта ’мӕ лидзы, кӕс!
Бон аныгуылдис; зилгӕ мигьтӕ
Ӕрӕмбӕрзтой мӕйдар фӕз, — тигьтӕ.
Ӕрбафу кодта скӕсӕнӕй
Хъызт уазал ирдгӕ ’васт, ӕмӕ
Пахуымпары быдыры сӕрмӕ
Ӕнцад ыстылд сызгьӕрин мӕй!..
Фӕлладӕй, дойныйӕ мӕлгӕйӕ,
Мӕйрухс ӕхсӕв къӕдзӕхты ’хсӕн
Йӕ ныхы туг, йӕ хид сӕрфгӕйӕ,
Гарун уыны йӕ райгуырӕн.
Фӕсфӕдты бахъуызыд ӕмбӕхсгӕ,
Ӕппӕт йӕ алыфарс, — фынӕй,
Ӕрмӕст дӕр уый сӕхимӕ хӕстӕй
Ӕрцыд ӕнӕфыдбылызӕй.
Йӕ зонгӕ хӕдзармӕ тагъд уади
Сыгъдис уым рухс, йӕ хицау бадти:
Гарун фӕфидар кодта хи,
Хӕдзары къӕсӕрӕй хызти.
Селимы йе ’мбалыл нымадта,
Селим ӕй нал базыдта, нал,
Бынтон иунӕг, уый хурхӕй мардта
Йӕ уаты мидӕг низ-адзал!
«Ыстыр Хуыцау! йӕ зӕдты бар дӕ
Уый бакодта, цӕмӕй фыдӕй
Ӕрцӕуай хъахъхъӕд кады цардӕн!»
«Цы ис, цы, ногӕй? — дзур мын, цӕй
Селим ӕй фарста, сабыр ракаст,
Фӕныфсджындӕр йӕ цӕст, фӕрайдзаст,
Йӕ уатӕй растад, рафыхт тагъд,
Йӕ туг йӕ мӕлӕты сахат.
«Дыууӕ боны фӕхӕцыдыстӕм
Max хӕхты ’хсӕн, мӕ фыд фӕмард
Йӕ фырттимӕ, ӕз тыгъд быдыртӕм
Сырдау лыгъдтӕн фыдгулӕй дард
Дӕрзӕг дуртыл, дӕрзӕг къутӕртыл
Мӕ къӕхтӕй кодта туг пырхӕн,
Хъӕддаг хуытӕ мӕ сырдты фӕдыл
Ӕнӕзонгӕ рӕтты цыдтӕн;
Знаг сарӕх, — сӕфынц черкесӕгтӕ,
Мӕн бахъахъхъӕ, зӕронд лымӕн,
Ӕз де ’ххуыс ӕмӕ хорздзинӕдтӕ
Дӕуӕн нӕ ферох кӕндзынӕн!..»
Дзуапп хъусы удисгӕ лӕгӕй:
«Дӕ ме ’нӕуынон, ацу дарддӕр,
Нӕ дӕ ды арфӕйаг, бынат дӕр
Мӕ хӕдзары тӕппудӕн нӕй!»
Ӕгадӕй химидӕг тыхсгӕйӕ,
Гарун ныууырӕдта йӕхи
Йӕ уайдзӕфмӕ, ӕнӕ дзургӕйӕ
Йӕ фыдкъӕсӕрыл рахызти.
Йӕ фӕстӕ та хӕдзар фӕуагъта,
Чысыл фӕлӕууыдис ӕнцад.
Ӕваст йӕ рагон бонты цард
Гаруны уазал ных ӕртавта
Тыхджын байау дзӕбӕх, фӕлмӕн,
Фӕрухс и, фенцон зӕрдӕйӕн.
Фӕкастис ӕм, ӕхсӕв йӕ размӕ
Цыма цӕхӕр цӕстытӕ уарзгӕ
Ыскалдтой талынджы тӕмӕн;
Фӕхъуыды кодта: «уарзы мӕн;
Нымайы мӕн йӕ царды рухсыл...»
Фӕнды йӕ бацӕуын, йӕ хъусыл
Ныдзӕвд фыдӕлтон зарды хъӕр,
Гарун мӕйӕ фӕфӕлурсдӕр.
«Мӕй ленк кӕны
Ӕнцад ӕмӕ сабыр,
Лӕппу та хъӕбатыр
Хӕцынмӕ цӕуы,
Йӕ хӕцӕнгарз райсы хӕстон.
Чызг та йын фӕзӕгъы фӕндон:
Мӕ уарзон, цӕрдӕгдӕр,
Хи зӕдты бар бакӕн,
Кув хурыскӕсӕнмӕ,
Пророкыл у ’нувыд
Тыхджындӕр та кадыл,
Йӕхионыл зилӕг
Фыдгадзырахатӕй ,
Ызнагӕй фӕтӕрсӕг
Мӕлдзӕнис ӕгадӕй.
Къӕвда йын йӕ цӕфтӕ нӕ ныхсдзӕн,
Йӕ мардыл ын сырд дӕр нӕ тыхсдзӕн.
Мӕй ленк кӕны
Ӕнцад ӕмӕ сабыр,
Лӕппу та хъӕбатыр
Хӕцынмӕ цӕуы»...
Бынмӕ йӕ сӕр ӕруадзгӕ, тагъдӕй
Гарун йӕ цыды кой кӕны.
Йӕ цӕстысыг йӕ цӕстӕй хатгай
Дӕлӕмӕ риуыл ставд кӕлы.
Фӕлӕ йӕ хӕдзар урс цагъд уӕртӕ,
Ныкъул ӕй кодта иу фарс уад.
Фӕныфсджын и Гаруны зӕрдӕ,
Ӕмӕ йӕ рудзынг хойы тагъд.
Уым уый тыххӕй зӕрдыйаг куывдтӕ
Уыдзӕнис ныр, ӕвӕццӕгӕн.
Ӕнхъӕлмӕ хӕстӕй мад йӕ фыртмӕ
Кӕсы, — ӕмбӕлттимӕ зындзӕн!
Мад, бауадз мӕ, — ӕз дӕн фӕндаггон...
Дӕ фырт — Гарун, ӕнӕ фыдӕй
Нӕмгуыты ’хсӕн ӕрцыдтӕн абон.
«Ӕмбӕлттӕ ма ис демӕ?» — «Нӕй».
Кӕм ис дӕ фыд уӕд, де 'фсымӕртӕ?
— Хӕсты сыл батар и сӕ бон.
Сӕ удтӕ та сын айстой зӕдтӕ...
«Хӕс бафыстай?» — «Нӕ бафыстон...
Фӕлӕ ӕз фатау хӕхтӕм уадтӕн,
Кӕйдӕр зӕххыл ныууагътон кард,
Цӕмӕй ӕххуыс кӕнон дӕ цардӕн,
Дӕ цӕссыг асӕрфон, мӕ мад».
«Ӕнцад, ӕнцад! фӕлитой джауыр!
Дӕ мӕлӕт не ’ссардтай ды кадыл,
Цу дард, цӕр иунӕгӕй, уӕдӕ,
Сӕрибарӕй ды лидзыс дардмӕ,
Хатыр дын нӕй дӕ зӕронд мадмӕ,
Цагъар, тӕппуд, фырт мын нӕ дӕ!..
Йӕ ныхас афтӕ карзӕй фехъуыст.
Ӕппӕт йӕ алы фарс — фынӕй.
Хъӕрзын лӕгъстӕйы дзырдтӕ, йе ’лгъыст
Уым хъуысти рудзынджы бынӕй.
Ӕппынфӕстагмӕ уӕд йӕ кардӕн
Йӕ цӕфӕй йе ’гад дард фӕци.
Уыдта йӕ райсомӕй йӕ мад дӕр
Ӕмӕ дзы аздӕхта йӕхи.
Йӕ мард ын ничи баныгӕдта,
Дзӕгьӕлы баззад афтӕмӕй,
Хӕдзарон куыдз та йын ыстӕрдта
Хъырнгӕ йӕ туг йӕ арф цӕфӕй.
Чысыл сывӕллӕттӕ йӕ мардӕн
Йӕ цуры алцы ’взӕр дзырдтой.
Ныхасӕн баззадысты царды
Йӕ мӕлӕт, худинаджы кой.
Йӕ уд пахуымпарӕй фӕтары
Тӕрсгӕйӕ скӕсӕны хӕхты
Ӕнафон ӕхсӕвы мӕйдары,
Йӕ аууон абон дӕр хӕты,
Хӕдзармӕ йӕ цӕуын фӕфӕнды,
Йӕ рудзынг бахойы ӕваст.
Хъуыраны зардӕй нал бауӕнды,
Фӕлидзӕг вӕййы мигъты ’хсӕнты,
Куыд-иу лыгъд кардӕй, афтӕ раст.
                     Хъайтыхьты Георы тӕлмац

Каллы (Теперь настал урочный час…) (отр)
Каллы (Хъару вдисæн рæстæг æрцыд…) Ардасенты Хадзыбатыры тæлмац
–  перевод Хадзыбатыра Ардасенова

Мцыри (Однажды русский генерал..,(отр)
Мцыри (Æрæджы ахæм цау уыдис…(скъуыддзаг) – Мамсыраты Дæбейы тæлмац

Хаджи-абрек (Велик, богат аул Джемат…)
Хаджи-абырæг (Егъау у бонджын хъæу Джемат…) Плиты Грисы тæлмац
– перевод Гриша Плиева

 

Драмы

Испанцы
Испайнæгтæ – Плиты Гришы тæлмац – перевод  Гриша Плиева

 

Проза

Ашик-Кериб
Ашик –Кериб –1. Æмбалты Цоцкойы тæлмац –перевод Цоцко Амбалова                               
–2.Дзасохты Музаферы тæлмац – перевод  Музафера Дзасохова

Герой нашего времени
Мах рæстæджы сгуыхт лæг – Цомайты Харлампийы тæлмац – перевод Харлампия Цомаева


Песнь Казбича

Много красавиц в аулах у нас,
Звезды сияют во мраке их глаз,
Сладко любить их, завидная доля,
Но веселей молодецкая воля.
Золото купит четыре жены,
Конь же лихой не имеет цены:
Он и от вихря в степи не отстанет,
Он не изменит, он не обманет.

Михаил ЛЕРМОНТОВӔЙ

КАЗБИЧЫ ЗАРӔГ

Махмӕ хӕхбӕсты рӕсугъдтӕ ис мин,
Калы цӕхӕртӕ сӕ цӕстытӕй цин.
Уыдоны уарзын у зӕрдӕйӕн адджын,
Фӕлӕ сӕрибар дӕр къаддӕр нӕу кадджын.
Сызгъӕрин балхӕндзӕн устытӕ къорд,
Аргъ нӕй ӕфсургъӕн та, уый у ӕрдхорд.
Уымӕн йӕ фезмӕлд цырендӕр у артӕй,
Никуы дыл рацӕудзӕн хинӕй, мӕнгардӕй.
Перевод Музафера Дзасохова

См.: Дзасохты М. Адӕмы цӕст / Дзасохты Музафер.- Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу : Цыкура, 2016.- 383 ф.
Дзасохов М. Глаз народа :  [стихи, переводы].


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов Кавказа
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
       Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.