logo

М О Я    О С Е Т И Я



Иван Тургенев

Стихи в прозе, мысли

ПРОЗӔЙӔ ФЫСТ ӔМДЗӔВГӔТӔ, ХЪУЫДЫТӔ

Дрозд

САУЦЪИУ - II

Ногӕй та хуыссын сынтӕджы... ногӕй та мӕ хуыссӕг нӕ ахсы. Кӕддӕры сӕрдыгон сӕумӕрайсом та мӕм фӕзынди, мӕ алывӕрсты ӕртыхсти. Ӕмӕ та мӕ рудзынджы бын зары сау-цъиу — ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рӕхойы уыцы хъӕдгом.
Фӕлӕ мын цъиуы зарӕг удӕнцой нӕ хӕссы, мӕ хъӕдгомы мӕт дӕр мӕ нал вӕййы. Мӕн удхарӕй марынц ӕндӕр, кӕрон кӕмӕн нӕй, ахӕм судзгӕ хъӕдгӕмттӕ. Уыдонӕй сырх цых-цырджытӕй кӕлы мӕ уарзон, мӕ зынаргъ туг, кӕлы, мӕнӕ бӕрзонд хӕдзӕрттӕй уарыны дон чъизи, ӕлгъаг уынгтӕм куыд фӕкӕлы, афтӕ.
Ме 'фсымӕртӕ мингӕйттӕй мӕлынц, басӕттӕн кӕмӕн нӕй, уыцы фидӕртты къулрӕбынты. Мӕ мингай ӕфсымӕрты мын мӕлӕты ӕвирхъау дзыхмӕ ӕппарынц ӕнарӕхст фӕтӕгтӕ.
Мӕлынц мингӕйттӕ, хъаст нӕ кӕнынц, афтӕмӕй, сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц, нӕ сыл ауӕрдынц се 'нарӕхст фӕтӕгтӕ дӕр.
Ам раст ӕмӕ зылыны ничиуал сбӕрӕг кӕндзӕни: найгӕнӕн машинӕ куыристӕ ныхъуыры, нӕмгуытӕ дзы кӕм ис ӕмӕ дзы айдагъ зыгуым кӕцы у, уый та рӕстӕг равдисдзӕни.
Цы сты уыдоны цур мӕ хъӕдгӕмттӕ? Цы сты мӕ хъизӕмӕрттӕ? Ӕз скӕуын дӕр нӕ уӕндын. Фӕлӕ сӕр судзы, ӕмӕ уд ныкъкъуытты вӕййы — ӕмӕ, фыдгӕнӕгау мӕ сӕр ам-бӕхсын, мӕ зӕрдӕ кӕмӕй сцъӕх, уыцы базты бын.
Судзгӕ-уыраугӕ ӕртӕхтӕ рахъуызынц ӕмӕ ӕрлӕсынц мӕ рустыл, ӕрлӕсынц мӕ былтӕм... Цы сты уыдон? Цӕссыгтӕ ӕви туг?
Майрӕмы мӕй, 1877

Перевел Ахсар Кодзати
См.: Мах дуг.- 2018.- №9.- Ф. 75.

Разговор

НЫХАС
Нӕдӕр Юнгфрауыл, нӕдӕр
Финстерааргор-ныл адӕймаджы къах
нӕма ӕрлӕууыд.

Альпы цъуппытӕ... Цӕхгӕр къӕпхӕнты дӕргъӕй-дӕргъмӕ рӕхыс... Хӕхты тӕккӕ бӕстастӕу.
Хӕхты сӕрмӕ фӕлурсцъӕх, рухс, ӕгомыг арв. Къӕс-къӕсгӕнаг уазал; хъӕбӕр, цӕхӕртӕкалгӕ мит; миты бынӕй сӕ цыргъ бырынчъытӕ сдардтой, их цъар кӕуыл сӕвӕрдта, ахӕм дымгӕхост, иуӕй иннӕ егъаудӕр къӕдзӕхтӕ.
Арвы дыууӕ къабазӕй сӕхи хӕрдмӕ ивазынц дыууӕ уӕ-йыджы: Юнгфрау ӕмӕ Финстерааргорн.
Ӕмӕ дзуры Юнгфрау йӕ сыхагмӕ:
—     Цы зӕгъдзынӕ ногӕй? Дӕумӕ хуыздӕр зыны дуне. Цы ис бынӕй?
Рацыди цалдӕр мин азы — иу минут. Ӕмӕ ныннӕрыди Фин-стерааргорны хъӕлӕс:
—     Зӕхх ӕмвӕтӕнӕгӕй ӕхгӕд у ӕврӕгътӕй... Банхъӕлмӕ кӕс!
Рацыди ноджы мингай азтӕ — иу минут.
—Ныр та? — фӕрсы Юнгфрау.
—Ныр уынын. Бынӕй уыцы иу нывтӕ: дзыгъуыр-мыгъуыртӕ. Дӕттӕ цъӕх дарынц, хъӕдтӕ — тар, фӕныкхуыз дурты рӕдзӕгъдтӕ. Сӕ цуры рауай-бауай, размӕнт-базмӕнт кӕнынц сасктӕ, цыдӕр дыкъахыгтӕ, дӕу дӕр ӕмӕ мӕн дӕр чи нӕма счъизи кодта, ахӕмтӕ.
—Адӕм?
— 0, адӕм.
Рацыди та мингай азтӕ — иу минут.
—Ныр та? — фӕрсы Юнгфрау.
—Цыма фӕкъаддӕр сты уыцы сасктӕ, — нӕры Финстераар-горны хъӕлӕс. — Зӕхх мӕм хуыздӕр зынын байдыдта: дӕттӕ фӕнарӕгдӕр сты, хъӕдтӕ — тӕнӕгдӕр.
Рацыди та ноджы мингай азтӕ — иу минут.

-Цы уыныс? — фӕрсы Юнгфрау.
—Мӕнӕ цыма махырдыгӕй фӕсыгъдӕгдӕр, — дзуапп дӕтты Финстерааргорн, — далӕ, дӕрддзӕф ран ма цыдӕр хъулӕттӕ зыны, стӕй дзы лыстӕг змӕлджытӕ дӕр ис.
—Ныр та? — фӕрсы Юнгфрау, цалдӕр мин азы фӕстӕ — рацыд иу минут.
—Ныр хорз у, дзуапп радта Финстерааргорн, — алы ран дӕр — ӕфснайд, цӕст кӕуылты ӕххӕсы, уым бӕстӕ урс-урсид дары... Алы ран дӕр — мах мит, ӕмлӕгъз мит ӕмӕ их. Цъиу-ызмӕлӕг нӕй, дуне — сабыр.
—Хорз, — сдзырдта Юнгфрау. — Фӕлӕ цыма ӕгӕр бирӕ дзӕнгӕда фӕцагътам, мӕ зӕронд лымӕн. Фынӕй афон у.
—О, фынӕй афон у.
Хуыссынц уӕйыг хӕхтӕ, хуыссы кӕрдӕгцъӕх, ӕрттиваг арв, мыггагмӕ чи ныхъхъус, уыцы зӕххы сӕрмӕ.
Ӕртхъирӕны мӕй, 1878

Перевел Ахсар Кодзати
См.: Мах дуг.- 2018.- №9.- Ф. 76.

Собака

КУЫДЗ

Уаты стӕм дыууӕйӕ: мӕ куыдз ӕмӕ ӕз. Ӕдде ниуы, цӕрӕгудтыл стыр тас чи ӕфтауы, ахӕм ӕвирхъау тымыгъ.
Куыдз бады мӕ цуры ӕмӕ мын комкоммӕ мӕ цӕстытӕм кӕсы.
Ӕз дӕр ын кӕсын йӕ цӕстытӕм.
Куыдз мын цыма раст исты зӕгъынмӕ хъавы. Уый ӕгомыг у, дзурын нӕ зоны, йӕхӕдӕг йӕхи дӕр не 'мбары, фӕлӕ йӕ ӕз ӕмбарын.
Ӕз ӕмбарын: ацы сахат уый риуы дӕр ӕмӕ мӕ риуы дӕр цӕры уыцы иу ӕнкъарӕн, ныртӕккӕ кӕрӕдзийӕ ницӕмӕй хицӕн кӕнӕм. Мах бынтон ӕмхуызон стӕм, нӕ алкӕй риуы дӕр судзы, тыбар-тыбур кӕны иу зынг.
Мӕлӕт ӕрбатӕхдзӕн ӕмӕ йӕ йӕ уазал, уӕрӕх базырӕй афутт кӕндзӕн...
Ӕмӕ — кӕрон!
Уый фӕстӕ ма чи раиртасдзӕни, махӕй алкӕй мидӕг дӕр цавӕр зынг сыгъдис, уый.
Нӕ! Цӕрӕгой ӕмӕ адӕймаг нӕ кӕсынц кӕрӕдзимӕ...
Кӕрӕдзи халдих дыгай цӕстытӕ кӕсынц ацы исдуг кӕрӕдзимӕ.
Ӕмӕ цӕрӕгойы ӕмӕ адӕймаджы дыгай цӕстытӕй алкӕцыйы дӕр — иу иннӕмӕ — тарстхуызӕй йӕхи ивазы уыцы иу цард.
Ӕртхъирӕны мӕй, 1878

Перевел Ахсар Кодзати
См.: Мах дуг.- 2018.- №9.- Ф. 76.

Дурак

ӔДЫЛЫ

А дунейыл цардис ӕмӕ уыдис ӕдылы.
Бирӕ рӕстӕг цардӕй хъулау хъазыди. Фӕлӕ йӕм рӕстӕгӕйрӕстӕгмӕ хъуысын байдыдтой тауыстӕ: тентекк цы вӕййы, уый, дам, у ацы лӕг.
Хорзау нал уыд ӕдылы ӕмӕ сагъӕс кӕнын байдыдта, уыцы тауыстӕн кӕрон цы хуызы скӕна, ууыл.
Ӕмӕ ӕвиппайды йӕ талынг сӕрызонды куы фегуырид ӕнахуыр хъуыды... Ӕмӕ дын ӕвӕстиатӕй куы бавналид йӕ ахсджиаг куыстмӕ.
Уынджы йыл йӕ зонгӕ амбӕлд ӕмӕ йын номдзыд нывгӕнӕгӕй ӕппӕлынтӕ систа...
— Байхъусма! — фӕхъӕр ласта ӕдылы. — Уыцы нывгӕнӕг архивы амӕддаг раджы куы ссис... Ау, уый нӕ зыдтай? Уӕллӕй, уый ӕнхъӕл дын нӕ уыдтӕн... Цыдӕр фӕстӕзад адӕймаг дӕ!
Зонгӕ лӕг фӕтарст ӕмӕ ӕвиппайды ӕдылыимӕ сразы.
—Цы диссаджы хорз чиныг бакастӕн абон! — ӕдылыйӕн дзырдта йӕ иннӕ зонгӕ.
—Байхъусма! — фӕхъӕр ласта ӕдылы. — Худинаг дын
нӕу? Уыцы чиныг къухмӕ райсынмӕ дӕр нӕ бӕззы: адӕм ыл рагӕй былысчъилтӕ кӕнынц... Ау, уый нӕ зыдтай? Цыдӕр
фӕстӕзад адӕймаг дӕ!
Ацы зонгӕ дӕр фӕтарст ӕмӕ ӕдылыимӕ сразы.
—Цы диссаджы лӕг у мӕ хӕлар N.N.! — дзырдта ӕдылыйӕн йе 'ртыккаг зонгӕ.
— Йой дын ӕцӕг уӕздан адӕймаг! —Байхъусма! — фӕхъӕр ласта ӕдылы. — N.N.
цъаммартӕн сӕ бынӕй ласгӕ куы у! Йӕ хиуӕтты бастыгъта.
Уый чи нӕ зоны, иу ахӕм куынӕ и! Ды фӕстӕзад адӕймаг дӕ!
Ӕртыккаг зонгӕ дӕр ӕдылыимӕ сразы ӕмӕ йӕ хӕларыл йӕ къух ауыгъта.
Ӕмӕиу кӕмӕйдӕриддӕр ӕппӕлыдысты ӕдылыйӕн — алкӕмӕн дӕр ӕм уыди цӕттӕ дзуапп.
Ӕрмӕстиу стӕм хатт уайдзӕфгӕнӕгау бафтыдта йӕ ныхасмӕ:
—Куыд кӕсын, афтӕмӕй ма ды авторитеттыл ӕууӕндыс.
—Цъаммар! Хӕрамы дзӕкъул! — дзырдтой ӕдылыйӕ йӕ зонгӕтӕ. — Фӕлӕ — зонды къуыбар!
— Стӕй йын цы 'взаг и! — ныхасмӕ маиу бафтыдтой иннӕ зонгӕтӕ. — 0, стыр курдиаты хицау у!
Хъуыддаг уымӕ ӕрцыд, ӕмӕ иу газеты редактор ӕдылыйӕн лӕгъстӕ кӕнын байдыдта, кусынмӕ, дам мӕм рацу критикӕйы хайады хицауӕй.
Ӕмӕ дын ӕдылы алцы дӕр ӕмӕ алкӕй дӕр критикӕ кӕнын куы байдаид, йӕ сонт митӕй иу дӕр нӕ ныууагъта, афтӕмӕй.
Кӕддӕр авторитетты мисхалы бӕрц дӕр ницӕмӕ дардта, фӕлӕ ныр йӕхӕдӕг авторитетӕй агӕпп ласта. Ӕмӕ йын фӕсивӕд табу кӕнынц, стӕй дзы тӕрсынц.
Ӕниу цы кӕной мӕгуыр фӕсивӕд? Табу кӕнын бӕргӕ не 'мбӕлы... фӕлӕма бафӕлвар — табу ма кӕн — ӕвиппайды фӕстӕзады бынаты абаддзынӕ!
Ӕдылытӕн тӕппудты 'хсӕн нӕл гӕдыйы цард и.
Хуымгӕнӕны мӕй, 1878

Перевел Ахсар Кодзати
См.: Мах дуг. 2018. №9. Ф. 78.

Завтра! Завтра!

РАЙСОМ! РАЙСОМ!

Куыд афтид, уӕнгмард ӕмӕ ницӕйаг у, цы бонтӕ арвитын, уыдонӕй алкӕцы дӕр! Цы чысыл фӕд ныууадзынц сӕ фӕдыл! Куыд ӕнӕсӕрфатӕй азгъордта сахат сахаты фӕстӕ!
Афтӕмӕй адӕймаджы цӕрын фӕнды, зынаргъ ын у цард, йӕ зӕрдӕ йыл дары, йӕ зӕрдӕ дары йӕхиуыл дӕр, йӕ фидӕ-ныл дӕр... Ехх, цы хӕрзтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы уый фидӕнмӕ! Фӕлӕ йӕм афтӕ цӕмӕн кӕсы, ӕмӕ сомыбонтӕ, нырма ныр чи аивгъуыдта, уый ӕнгӕс нӕ уыдзысты?
Уӕвгӕ йӕм афтӕ нӕ кӕсы. Стӕй хъуыды кӕнын дӕр нӕ уарзы, ӕмӕ иттӕг раст кӕны.
«Багъӕц, райсом, райсом!» — йӕхицӕн зӕрдӕтӕ авӕры адӕй-маг, цалынмӕ йӕ уыцы райсом ингӕны амӕддаг нӕ бакӕны, уӕдмӕ.
Иугӕр ингӕны амӕддаг куы бауай, уӕд та ма цӕй хъуыды ӕмӕ цӕй цыдӕр!
Сыфтӕры мӕй, 1879

Перевел Ахсар Кодзати
См.: Мах дуг.- 2018.- №9.- Ф. 78.

Старик

ЗӔРОНД ЛӔГ

Ралӕууыди сау мылазон, уӕззау дуг...
Дӕхи ристӕ, дӕ уарзон адӕмы, дӕ къабӕзты низтӕ, зӕрон-ды тыхст ӕмӕ уырыд бонтӕ... Цы уарзтай, дӕхи нывондӕн цӕй тыххӕй хастай, уыдӕттӕ лӕзӕрынц, ныххӕлӕттаг сты. Уырдыгмӕ згъорын райдыдта фӕндаг.
Цы чындӕуа? Дзыназыныл схӕцӕм? Еусар кӕнӕм? Дӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр уыдӕттӕй нӕ баххуыс кӕндзынӕ.
Ӕфхӕрдтытӕ чи баййӕфта, ӕрдӕгхуыскъ чи у, уыцы бӕла-сыл сыфтӕртӕ стӕмдӕр и, стӕй лыстӕгдӕр сты, фӕлӕ нырма цъӕх-цъӕхид дарынц.
Ды дӕр дӕхи ӕрбамбырдтӕ кӕн, дӕхимидӕг нынныгъуыл, ӕрымыс кӕддӕры бонтӕ — уым, дӕ удӕн йӕ рӕбинагдӕр къуы-мӕй, ферттивдзӕни, дӕхицӕй даррдӕр фенын кӕй бон нӕу, уыцы цард, ӕмӕ дӕм ӕрбакӕлдзӕни дӕ уалдзӕджы дзыхъ-хъынног сыфтӕрты ӕмӕ дидинджыты рӕвдаугӕ комулӕфт, йӕ хуызтӕ парахатӕй скалдзӕни кӕддӕры адджын дуг.
Фӕлӕ дӕхи хъахъхъӕн... размӕ ма кӕс, мӕгуыр зӕронд лӕг!
Сусӕны мӕй, 1878

Перевел Ахсар Кодзати
См.: Мах дуг.- 2018.- №9.- Ф. 79.

Путь к любви

УАРЗОНДЗИНАДМӔ ФӔНДАГ

Ӕппӕт ӕнкъарӕнтӕ дӕр дӕ ӕркӕндзысты уарзондзинадмӕ, о, ӕппӕт ӕнкъарӕнтӕ: фыдӕх, фӕсмон, ӕвӕлмас, ӕфсӕрм, хӕлардзинад, тас, суанг ӕлгъ дӕр.
О, ӕппӕт ӕнкъарӕнтӕ дӕр... иуӕй фӕстӕмӕ — уый у арфӕ.
Арфӕ хӕс у. Алы рӕстзӕрдӕ адӕймаг дӕр фиды йӕ хӕстӕ...
Фӕлӕ уарзондзинад ӕхца нӕу.
Хурхӕтӕны мӕй, 1881

Перевел Ахсар Кодзати
См.: Мах дуг.- 2018.- №9.- Ф. 80.

Мне жаль

ӔЗ ТӔРИГЪӔД КӔНЫН

Ӕз тӕригъӕд кӕнын мӕхицӕн, иннӕтӕн, ӕппӕт адӕмӕн, сырдтӕн, мӕргътӕн... цыдӕриддӕр цӕрӕгудӕй ис, уыдонӕн. Ӕз тӕригъӕд кӕнын сывӕллӕттӕн ӕмӕ зӕрӕдтӕн,
ӕнамӕндтӕн ӕмӕ амондджынтӕн... амондджынтӕн ӕна-мӕндтӕй тынгдӕр тӕригъӕд кӕнын.
Ӕз тӕригъӕд кӕнын уӕлахиздзаутӕн, уӕлахизтыл цин чи кӕны, уыцы фӕтӕгтӕн, разагъды нывгӕнджытӕн, хъуыдыгӕн-джытӕн... поэттӕн.
Ӕз тӕригъӕд кӕнын лӕгмарӕн ӕмӕ амӕддагӕн, фыдындтӕн ӕмӕ рӕсугъдтӕн, ӕфхӕрд чи 'ййафы ӕмӕ ӕфхӕргӕ чи кӕны, уыдонӕн.
Куыд фервӕзон тӕригъӕд кӕныны «низӕй»? Цӕрын мӕ нӕ уадзы. Тӕригъӕд, стӕй ноджы ӕрхӕндӕг.
0 ӕрхӕндӕг, ӕрхӕндӕг, цы дӕ, уымӕй атадтӕ тӕригъӕды! Адӕймагӕн дӕлдӕр ӕрхизӕн нӕй.
Фӕлтау хӕлӕг куы кӕнин!..
0, хӕдӕгай, хӕлӕг дӕр кӕнын — дуртӕм...
Ӕртхъирӕны мӕй, 1878

Перевел Ахсар Кодзати
См.: Мах дуг.- 2018.- №9.- Ф. 80.

Без гнезда

ӔНӔ АХСТОНӔЙ

Цы фӕуон? Куыд кӕнон? Ӕз, ахстон кӕмӕн нӕй, ахӕм маргъы хуызӕн дӕн... Ныппыхцылтӕ, афтӕмӕй бады бӕгънӕг, хус къалиуыл. Ам баззайа — ӕмӕ йӕ зӕрдӕ хӕццӕ кӕны... атӕхид, фӕлӕ кӕдӕм?
Ӕмӕ ӕваст йӕ базыртӕ айтыгъта — ӕмӕ дард кӕдӕмдӕр фехста йӕхи, раст цыма бӕлон цъиусурӕй фӕтарсти. Кӕд ӕм искуыцӕй разынид кӕрдӕгхуыз хибар къуым, кӕд уым йӕхицӕн сбиид, уӕд та рӕстӕгмӕ кӕм цӕра, ахӕм ахстон.
Маргъ тӕхы, тӕхы ӕмӕ цырддзастӕй кӕсы бынмӕ.
Йӕ бынмӕ бур ӕдзӕрӕг быдыр, ӕдзӕм, ӕнӕзмӕлгӕ, мард.
Маргъ тагъд кӕны, ӕдзӕрӕг быдыры сӕрты атахт ӕмӕ ӕрхӕндӕгӕй кӕсы бынмӕ.
Далӕ — денджыз. Уый дӕр бур, мӕрдонхуыз, раст ӕдзӕрӕг быдыры халдих. Ӕрмӕст ай змӕлгӕ кӕны, стӕй абухы, кӕрон нӕй йӕ гуыр-гуырӕн, йӕ нӕрынӕн. Йӕ гуылфӕнты иугӕн-дзон хъеллауы нӕй цард, у зӕрдӕцъӕхгӕнӕн ӕмӕ дзы ӕрфы-сымгӕнӕн нӕй.
Бастади мӕгуыр маргъ... Йӕ базыртӕ ӕрлӕмӕгъ сты, йӕ тахт ныггӕлиртӕ. Арвмӕ бӕргӕ фехсид йӕхи... фӕлӕ уыцы афтид, ӕнӕбын тарфы ахстон куыд сбидзынӕ?..
Фӕстагмӕ йӕ базыртӕ ӕруагъта... ӕмӕ, дӕргъвӕтин хъӕрзт-гӕнгӕ, денджызы ныххауд.
Уылӕн ӕй уайсахат аныхъуырдта... ӕмӕ размӕ алӕгӕрста, раздӕрау ӕнӕсӕрфат гуыр-гуырӕй не 'нцад, афтӕмӕй.
Цы кӕнон, куыд кӕнон ӕз та? Кӕд мӕнӕн дӕр денджызы ныххауын афон у...
Тъӕнджы мӕй, 1878

Перевел Ахсар Кодзати
См.: Мах дуг.- 2018.- №9.- Ф. 75.

Куропатки

ХУЫРГӔРЧЫТӔ

Дӕргъвӕтин ӕмӕ, фервӕзӕн кӕмӕй нӕй, уыцы низ мын мӕ уд мӕ хъуырӕй ласы, ӕмӕ хъуыдытыл фӕдӕн: цы 'взӕрдзи-над сарӕзтон, ахӕм карз ӕфхӕрд цӕмӕн баййӕфтон? Уый раст нӕу, раст нӕу!
Ӕмӕ мӕ сӕры фегуырди мӕнӕ ахӕм ныв...
Ӕрыгон хуыргӕрчыты къорд — иу ссӕдзы бӕрц — ӕрӕмбырд сты кӕрддзыхы. Кӕрӕдзимӕ сӕхи балхъывтой, рыджы бӕгъдулӕг кӕнынц, амондджын сты. Уалынджы иу ӕнӕхайы-ры куыдз кӕцӕйдӕр фӕзынд ӕмӕ сӕ фӕтӕрсын кодта. Хуыр-гӕрчытӕ уыциу пӕррӕст сластой. Райхъуысти гӕрах, ӕмӕ хуыргӕрчытӕй иу базырсастӕй, туджы мӕцгӕйӕ, ӕрхауд. Йӕ иу къах иннӕйы фӕдыл ласгӕйӕ ма тыхтӕ-фыдтӕй скъӕлдзойы бынмӕ бабырыд.
Цалынмӕ йӕ куыдз агуырдта, уӕдмӕ, чи зоны, ӕнамонд хуыргарк дӕр афтӕ хъуыды кодта: «Ссӕдз уыдыстӕм кӕрӕдзи ӕнгӕстӕ. Уӕд иннӕтӕй уӕлдай ӕз цӕмӕн сдӕн цуаноны ам-ӕддаг? Иннӕтӕй уӕлдай ӕз цы ракодтон ӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ амӕлон? Цӕмӕн? Мӕ иннӕ хотӕй уӕлдай ӕз кӕм фӕаххос-джын дӕн? Уый раст нӕу!»
Ӕнцад хуысс, рынчын цӕрӕгуд, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс мӕлӕты фӕзындмӕ.
Хурхӕтӕны мӕй, 1882

Перевел Ахсар Кодзати
См.: Мах дуг.- 2018.- №9.- Ф. 75.

Тургенев сказал
ТУРГЕНЕВ ЗАГЪТА

Зонды къуыбар куы фестай, уӕддӕр ахуыр кӕн, ахуыр кӕн, абетӕй райдай, афтӕмӕй.

Дон-Кихоты хуызӕттӕ куы нал уа, уӕд уадз ӕмӕ историйы чиныг ӕхгӕд ӕрцӕуа. Уымӕн ӕмӕ дзы цы бакӕсай, уый нал уыдзӕни.
Ӕрдзӕн йӕхи мидӕг хин митӕ нӕй, у хуымӕтӕг, йӕхицӕй буц никуы вӕййы, ӕнӕхъуаджы къленц митӕ нӕ кӕны, уӕл-дай монцтӕй цух у, стӕй — хорз зӕрдӕйы хицау.

Тӕригъӕддаг у, ӕнӕ идеалтӕй чи цӕры, уый.

Алы адӕмӕн дӕр сӕ цард абарӕн ис хицӕн адӕймаджы цардимӕ. Ӕрмӕст адӕм хицӕн адӕймагӕй уӕлдай рагӕй фӕстӕмӕ ноггӕнгӕ цӕуынц.

Размӕ цӕут, цалынмӕ уӕ бон у, уӕдмӕ. Къӕхтӕ дыдӕгътӕ кӕнын куы райдайой, уӕд та ӕрбадут фӕндаггӕрон ӕмӕ ӕнӕ-мӕтӕй кӕсут бӕлццӕттӕм, хӕлӕг сӕм ма кӕнут, афтӕмӕй — уыдон дӕр дард нӕ ацӕудзысты.

Космополит ницы у, космополит у ноль, нолӕй ӕвзӕрдӕр; адӕмӕй ӕмӕ аивадӕй иппӕрдӕй нӕдӕр рӕстдзинад и, нӕдӕр цард, ӕппындӕр ницы ис.

Куыд афтид, куыд уӕнгуагъд ӕмӕ ницӕйаг у, чи аивгъуыд-та, уыцы бонтӕй алкӕцы дӕр! Фӕдтӕ куыд гыццыл ныууадзы йӕ фӕстӕ! Куыд ӕнӕсӕрфат, ӕнӕрхъуыдыйӕ азгъорынц сахӕттӕ кӕрӕдзи фӕстӕ!

Афтӕмӕй адӕймаджы цӕрын фӕнды, цард зынаргъ у, йӕ зӕрдӕ йыл фӕдары, ныфсытӕ февӕры йӕхицӕн, феууӕнды фидӕныл...
Ехх, цы бирӕ цӕмӕдӕрты ӕнхъӕлмӕ кӕсы фидӕнӕй!

Бинонты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсыс? Абарӕн ӕй ис ӕхсы-римӕ... фӕлӕ ӕхсыр уайтагъд сӕнхъизы.

Бӕрзонд нысанмӕ чи тырна, уый хъуамӕ йӕхи уды къоп-пайыл ма хъуыды кӕна.

Чи ацард ӕмӕ иннӕтӕн барон, хатыргӕнӕг чи нӕу, уый йӕхӕдӕг дӕр хатыр кӕныны аккаг нӕу.

Иннӕты сӕрвӕлтау мӕхи нывондӕн хӕссон, зӕгъгӕ, йӕхи-нымӕр афтӕ чи скӕрда, фӕлӕ рагацау алцыдӕр чи фӕрабар-бабар кӕна, уый йӕ уд суӕлдай кӕнынмӕ сарӕхса? Гуырыс-хойаг у.

Уарзондзинад — низ у... уый адӕймаджы йӕхи бакӕны ӕнӕ бафӕрсгӕйӕ, ӕвиппайды, цӕвиттон, низӕй дӕлвӕд-уӕлвӕд ницыуал ныууагъта — халер кӕнӕ тӕфсӕг цы вӕййы, уый у... О, уарзондзинад рӕхыс у, стӕй хуымӕтӕджы рӕхыс дӕр нӕ, фӕлӕ ӕппӕты уӕззаудӕр.

Уарзондзинад ӕмӕ Стонг — иу мадызӕнӕг ӕфсымӕртӕ, цар­ды дыууӕ ахсджиаг уидаджы... Уарзондзинад ӕмӕ Стонг — сӕ нысан иу у: цард цӕмӕй ӕрдӕгыл ма аскъуыйа.

Бирӕ хылтӕ, хъаугъатӕ, мӕстытӕ ленк кӕны ӕвзонджы бонты абухгӕ уылӕнты, ӕмӕ уыцы уылӕнтимӕ афардӕг вӕййынц. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы уылӕнтӕй адджындӕр ницы ис удӕн.

Махӕй алчидӕр дзыхӕй зонды къуыбылой у. Фӕлӕ кӕс ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ рӕзты иу ӕдылы азгъордзӕн, ӕмӕ махӕн бауромӕн вӕййы — йӕ фӕдыл ныййарц вӕййӕм сонт-монты.

Наукӕ цы у, уымӕй космополитикон у.

Нӕ аиппытӕ нӕ хорз миниуджытимӕ иу мӕры рӕзынц, ӕмӕ дзы иу куы стонай, уӕд иннӕ дӕр хъыгдард баййафдзӕни.

Немыцаг архайы йӕ адӕмы аиппытӕ сраст кӕныныл, уымӕн ӕмӕ сын рагацау раиртасы сӕ зиан. Уырыссаг та нырма бирӕ сӕйдзӕн йӕ аиппытӕй.

Ӕнӕ Райгуырӕн бӕстӕ амонд нӕй. Алчидӕр йӕ уидӕгтӕ ауадзы йӕ райгуырӕн зӕххы.

Поэзийӕ лидзӕн ничердӕм и...

О поэзи! Ӕвзонджы дуг! Сылгоймаджы, чындздзон чызджы рӕсугъддзинад. Сымах ӕрмӕстдӕр иунӕг исдуг ферттивут адӕй-маджы цур — рагуалдзӕджы сӕумӕрайсом!

Чи загъта, ӕрхӕндӕг нӕу пайда? У ӕрхӕндӕг ихы халдих раст, Адӕмы нӕ уадзы уый ӕмбийын.

Уайдзӕф кӕныны, ӕфхӕрыны бар ис, уарзгӕ чи кӕны, ӕрмӕст уымӕн.

Рӕстдзинад уӕлдӕф у. Ӕнӕ уый улӕфӕн нӕй.

Перевел Ахсар Кодзати
См.: Мах дуг.- 2018.- №9.- Ф. 83.


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов Кавказа
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
       Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.