* * *
Кæнын та рафт-бафт, нал мæ ахсы хуыссæг.
О, утæхсæн, фыдæхсæв мыл ныддаргъ.
Кæсын æнхъæлмæ —
Суинаг боны рухсæй
æдзæмæй дарын мæйдарæн цырагъ.
Тæргæйттымæй
Алтъами ссыгъта
Йæ зæрин цырæгътæ.
Разæй та — уазæлттæ, ихкъæвда: оххай,
Цал ныфсы байсæфдзæн сомбон æдзардæй!..
* * *
Разыйы дзуапп куы райстон æз дæуæй, —
Æрцыди уалдзæг,
Æрдз йæ хуыз ыскалдта,
Фæрухсдæр ысты
Адæмы цæсгæмттæ —
Парахатæй сыл мидбылхудт фæзынд.
Дæ дзырд ыссис
Æгас бæстæн хæрзгæнæг.
Йæ кæлæны тых
Аххæссæд æнустыл!
Бес-Уæгъуыры тæлмацтæ
// Мах дуг.– 2008.– № 4.