logo

М О Я    О С Е Т И Я



Мукба Анзор
абхазаг фыссæг (1946)

Цардау дæргъвæтин фæндаг
Радзырд

Бон изæрырдæм згъордта. Денджыз æмæ Анатолийы хæхты æхсæн дæлвæзы йæхицæн æвæджиауы бынат равзæрста горæт Самсун. æмæ ныр, йæ мингай цырæгътæ куы ссыгъдысты, уæд бынтон йæ хуыз скалдта. Мæ лымæн Дауытимæ цы фысымуаты цардыстæм знонæй нырмæ, уырдыгæй — «Кавкасиа»-йæ рацыдыстæм æмæ денджызы былгæрæтты фæраст стæм. Хъуамæ тагъд хæстæг лæууæг галуаны райдайа адæмон зарджытæ æмæ кæфтыты Абхазы ансамблы концерт — ам ис гастрольты, фæлæ мах уым æндæр цыдæр хъуыддæгтæ ис...
Уæрæсейырдыгæй дымдта уазал дымгæ, бынæттон цæрджытæ йæ «сыбираг» хонынц: æнæуый бонты ацы сыгъдæг горæтæн сæ кой дæр кæмæн нæ вæййы, уыцы рыг, чъизитæ систа уæлдæфмæ, бырæттæ иу ранæй иннæмæ хæссы, ныздухы сæ йæ хъуырдзæвæнау уылæнты зæххы сæрмæ. Денджыз дæр знæт у. Дон абухын кæны, былгæрæттæм æй тæры рæгътæ-рæгътæй, æмæ уыдон дæр, сæхи урс къæдзæхтыл андзаргæйæ, фынчытæ фестынц. Модæтæм æргомыздæхт фæззæг йæхи дарæсты сфæлыста горæты сæрмæ къуыбыртæ: сæ фæхстæй алы зайæгойтæ сырх æмæ бур цæхæр калынц, рæвдауынц зæрдæ сæ уындæй.
Денджызау сабыр нæу горæт дæр, æнхъизы. Дыууæрдæм кæнынц машинæты дзугтæ; уалдзыгон хур бон чыргъæдæй ратæхæг мыдыбындзытау катайаг рауай-бауайыл систы адæм — алырдæмты тындзынц, батыгуыр вæййынц чысыл дуканиты цур, будкæты раз — базары хъуыддаг æнцой нæ зоны. Фæндаггæрæтты къордгæйттæ æмæ иугæйттæй лæууынц æнахъом чызджытæ æмæ лæппутæ — æнæхсад, æнæфснайд, скъуыдтæ пысулты, хурысыгъд, уæлдайдæр амы æнæкæрон сæрды хурмæ. Стæй куыддæр дæрдджынхуыз сты, цардæууылд афтæ æвзонгæй дæр. Сæ къухты уыдис даргъ уислæдзджытæ — сæ кæрæттыл гуылтæ фидаргонд, сæ разы зæххыл та дынджыр кæхцыты алы адджинæгтæ. æмæ сæ тых-сæ бынæй хъæр кæнынц, уæй сæ кæнынц, сæ цурты цы машинæтæ тæхы, уыдоны мидæг бадджытæн. Алчи дæр сæ табу кæны Хуыцауæн, зæгъы, æмæ исчи куы бауромид æмæ сæ иу цалдæр лирæйæ куы балхæнид истытæ, æмæ сæ куы самондджын кæнид, фæлæ — ничи уромы, лакæй цæхæртæкалгæ дзуг сæ цурты сыффытт кæны. æмæ ахæм ныв æрмæст Самсуны нæ фендзынæ, æнæхъæн Туркæн дæр йе ’рвылбон цард ахæм у. Ардæм фыццаг хатт чи æрбафта, уый фенхъæлдзæн, зæгъгæ, æмæ Турчы рауæй-бауæй йеддæмæ ницы кусынц. Фæлæ ма ам бирæ æндæр хъуыддæгтыл дæр хæст сты. Уæвгæ, алы бæстæты дæр куыд у, афтæ.
— Куыд æнхъæлыс, исчи фæзындзæн? — æнæнхъæлæджы сдзырдта Дауыт.
— Омæ уæдæ иууылдæр æрбадæлдзæх сты, хъуамæ ма сæ исчи уа... Цæй, цы йыл тæрхæттæ кæнæм, бæрæг уыдзæн, — загътон æз.
Суанг Спорты галуанмæ æдзæмæй фæцыдыстæм. Йæ цуры бирæ дзыллæтæ уыд, фæлæ йæ бæрæг бæлвырдæй нæ загътаис, кæдæм цæуæг сты, уый — йе концертмæ, кæнæ та, галуаны алыварс цы парк уыд, уырдæм тезгъо кæнынмæ. Фæлæ мах, концертмæ чи цыд, уыдон дæр се ’ппæт не ’ндæвтой... æмæ мæнæ арвы бын лæууæм æдас æргомæй, хъæрæй абхазагау дзурæм — уыцы зæрдæйæ, кæд нæм, чи нæ хъæуы, уыдон сæхæдæг æрбайсиккой сæхи, зæгъгæ.
— Уартæ нæм иу лæппу нымдзаст, æвæццæгæн, нæхионтæй уыдзæн, — Дауыт мын, иу фондз æмæ ссæдз азы кæуыл цыдаид, ахæм лæппумæ бацамыдта, паркмæ бацæуæны тæккæ цур лæууыди.
— Абхазаджы æнгæсæн уæвгæ дæр куынæ у, — сабыргай загътон æз.
— Гæнæн ис, æмæ йæ мад туркаг уа, — мæ хъусы мын бадзырдта Дауыт, лæппу махырдæм кæй æрбацæуы, уый куы фæфиппайдта, уæд.
— Уый сымах æрбацыдыстут Кавказæй? — бафарста нæ, нæ тæккæ цурмæ æрбацæугæйæ.
— О-о...
— Сымах дæр æмæ уым цы туркæгтæ цæры, уыдон нын æфсымæртæ сты! — нæ къухтæ нын зæрдиагæй райста, бахудт æмæ нæм йæ бурбын дæндæгтæ равдыста.
— Адæмтæ иууылдæр æфсымæртæ сты, — æз дæр бахудтæн мæ мидбылты.
— Нæ, æфсымæр, нæ! Чырыстæттæ махæн æфсымæртæ ницы хуызы сты, уыдон сайд сты — уырыс, гуырдзы, бердзентæ... Сымах — нæхионтæ, турк...
— Мах абхазæгтæ стæм, æфсымæр! Ам уе ’хсæн дæр цæры абхазæгтæ, ам сæ «абаза», зæгъгæ, хонынц, — куыд гæнæн ис, афтæ фæлмæндæр загътон æз.
— Бынæттон абаза пысылмон сты, туркæгтæ. Сымах та уым, Кавказы, ау, пысылмон диныл хæст не стут?
— Нæ иу хай — пысылмон, иннæ — чырыстон.
— æппæт пысылмæттæ дæр — не ’фсымæртæ. Иннæтæ та...
æз ын фехъусын кодтон фыддæрадæны хуызæн:
— Мæ фыд пысылмон у, мæ мад та чырыстон.
— æллæх, æллæх, уымæн та гæнæн-уæвæн куыд ис?! — æнæзонгæ лæппуйæн йæ цæсгомы хуыз аивта. Стæй йæ цыма ацахста. — æз демæ зæрдæбын ныхас кæнын, ды та хынджылæг скъæрыс, нæ? Цæмæн мæ хъазыс, цæмæн мыл худыс?
— Мур дæр нæ! Мæ фæсонырхæджы дæр нæй! æцæг цы у, уый дын æргомæй зæгъын, — мæхиуыл æй куы æрæууæндын кæнин, ууыл архайын.
— æмæ уæд мæнæ комкоммæ дæхæдæг та цы диныл хæст дæ?
— æз дыууæтæн дæр табугæнæг дæн... Мæзджытмæ дæр цæуын æмæ аргъуанмæ дæр. Хуыцау — иу у.
Лæппу тынгдæр ныддис кодта:
— Тобæ, тобæ! æмæ уæдæ, зæгъыс, чырыстон дæр дæ æмæ уыцы иу рæстæг пысылмон дæр?
— Ноджыдæр ма иу диныл хæст дæн, æмæ мæм уый æппæтæй цытджындæр у, уæлæхох кæны иннæтыл.
— Уый та ма дзы кæцы у?!
— Муртаккаг.
— Ома, ома? Цавæр дин у — йæ кой дæр ын куы никуы фехъуыстон.
— Абхазæгтæ уыцы дин райстой чырыстон æмæ пысылмон уырнынады размæ. Чырыстийы дин нæм рагон ромæгты фæрцы æрбафтыд, Мæхæмæт-пехуымпары дин та туркæгты руаджы. Фæлæ нæ туджы фыдæлтæй нырмæ муртаккаг дин бацыд, уый сæйрагдæр у, æнæдзырддаг... — Уæзданæй йын амонын хъуыддаджы уавæр, æууылд ныхасæй.
Мæ быцæуæмбал фæхъус, стæй фæкъæссавæлдæхт, цæхгæрæй дзурынмæ бавнæлдта:
— Исламæй нымаддæр дин нæй! æппæтæй бæрзонддæр æмæ цытджындæр Аллах у! Ды, сайд чи у, æнæрæстаг, уыдоны дзыхæй дзурыс!..
Мæн нæ фæндыди, ныхас скарз уа, уый, æмæ фыццагау лæгъзæй дзурыныл архайын, уымæн та йæ туг лыстæнтыл рафыхт æмæ мын, æцæг рæстдзинад цы у, уый амоныныл схæцыд:
— æппæтæн дæр сæрæвæрæн Аллах у! æппæтæй уæлдæр! Дунейы мидæг иу дин дæр йæхи пысылмон динимæ нæ акъуырдзæн, йе ’мсæр никæддæр уыдзæн. Турк та — хуыздæр адæм! Балкантæй Китаймæ — иууылдæр турк сты, афтæ кавказæгтæ дæр... Мах иууылдæр  кæддæрты Алтайы цардыстæм — уыд иу ахæм номдзыд стыр лæг Алп Арслан,туркаг, æмæ нæ уый скодта ардæм. Сымах дæр уыцы заманты Алтайы цардыстут, фæлæ фæстæдæр уæхи Кавказмæ райстат. Мах ардæм Хазары денджызы хуссайраг былгæрæттæй æрбафтыдыстæм, уæд нæ хуыдтой туркæгтæ — сельджуктæ. Сымахонтæ та цæгатыуылты сарæзтой сæ ных Кавказмæ. Уырыс сæ сухты цагъд кæнын куы райдыдтой, бынсæфт, уæд сæ мах суазæг кодтам нæ пысылмон æфсымæртау, фервæзын сæ кодтам. Ды æппæт уыдæттæ ма зонай, уымæн уæвæн нæй, фæлæ цыдæр гæдывад дæ, дæ зæрдæ не ’ргом кæныс...
— Уартæ галуаны къулыл кæй барельеф фидаргонд у, уый дæр туркаг уыд — о, йæ ном куы хæссы ацы бæстыхай...
— О! Яшар Догу цыппар хатты сси дунейы чемпион, уый, хъæбысхæстæй æмбал кæмæн нæ уыд, ахæм туркаг богал у! — лæппуйы цæстытæн сæ цæхæр скалд.
— Дæуæн иууылдæр туркæгтæ сты, мах та йæ тынг хорз зонæм, цы туг — цы стæг у, уый: сыгъдæг уыбыхаг, нæхи Цæгат Кавказæй!
— О, о, уыбыхаг у, Самсуны вилайетæй. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр æцæджы хъуыддагæй Яшар Дагу у туркаг!
Нæ, айимæ быцæуы цæуын рæстæг бынтон дзæгъæлы сафæн мадзал у — нæ йæ басæтдзынæ зонды фæрцы...
— Цæй-ма, æз æй адде кæнон, — Дауыт раздæр æрбалæууыд. Ныронг нæм æнцад хъуыста, æндæр уæдæ зæгъгæ дæр цы кодтаид — туркагау не ’мбæрста, фæлæ нын нæ ныхасы ахасты æууæлтæй хъуыддаг æмбæрста, лæппу цыдæр тентекгонд кæй у, уый уыдта.
— Бауадзæм уал æй, цымæ цы уаид, — загътон æз æмæ та лæппумæ аздæхтæн. — Уартæ уыцы цыртдзæвæн та Ататюрк Кемалæн у? — Монумент лæууыд паркмæ бацæуæны иуварс. Амонгæ та йæм уымæн бакодтон, цæмæй нæ ныхас æндæр донвæдыл куыд ацыдаид.
— Уымæн нæ цæсты кад нæй! — цæхгæр фæкодта лæппу, цыртдзæвæнырдæм йе ’ргом дæр нæ азылдта, афтæмæй.
— Мах та уый зонæм, æмæ Кемал стыр хъуыддæгтæ кæй сарæзта, ацы бæстæйæн стыр хæрзты кæй бацыд, — райдыдтон æз. — Схæцыд сæрибарыл æмæ фæуæлахиз, республикæ сарæзта, адæмы рухсмæ рахуыдта, Турчы бакодта дунеты раззагдæр паддзахадты æхсæнмæ, Европæйы иу хай йæ скодта...
— Йæ бæллæх дæр уый уыд, уый! Осмæны импери фехæлдта, султаны йæ бæрзонд къæлæтджынæй расхуыста, чырыстæттимæ нæ сæмдзæхдон кодта — рæствæндаг уыдыстæм æмæ нæ ныттæссармæтæ кодта. Фæлæ, бахъæц, æрцæудзæн мастисæн бон, æмæ йын мах иу цыртдзæвæн дæр нал ныууадздзыстæм, сымах Уæрæсейы Ленины онтæ куыд ныддæрæн кодтат, афтæ. Ралæудзæн уыцы тæхудиаг рæстæг, ралæудзæн! — йæхæдæг дæр йæхицæн æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ хъæрæй загъта æнæзонгæ лæппу, фæлæ дын уый хæдуæлвæд тарст цæстытæй алырдæмты куы ахъахъхъæнид, ома, ничи йæ фехъуыста, зæгъгæ. Фæлæ йæ цæст ахæмæй куы никæуыл æрхæцыд, тæссаг  искæуыл, уæд та фæхъæбатыр, æрмæст уæддæр йæ хъæлæс фæсастбын. — Ататюрк нæ динæн аргъуыц нæ кодта, йæхи атигъ кодта фыдæлты царды бындуртыл, суанг ма водкæ дæр æнцъыхта! æмæ йæ уый бабын кодта, æххæст бын...
— Ам бирæтæ нæ дарынц ком хъæбæр нозтыл...
— Дæ хъуыддаг раст: цыртдзæвæнтæ дæр ын уыдон сæвæрдтой куыдзы фаджысæй арæхдæр. Фæлæ, бахъæц, уыдоны рад дæр æрхæццæ уыдзæн, мæнæ нæ парти «Рефах» куы фæуæлахиз уа, уæд. Уыцы тæккæ бон мæнæ сымах хуызæттæн дæр сæ чъизи къах ацы табуйаг зæххыл æрæвæрыны бар нал уыдзæн, — йæ хъæлæс бынтондæр фæдæрзæг, йæ цæстытæ æргом фæсудзинджын сты.
— Уый — дыууæйыл у, фæлæ дæ мæнæ ацы тæккæ сахатыл мах та нæ концертмæ хонæм. Кæд нæм дæ зæрдæ чысыл æрфæлмæн уаид...
Зæгъгæ ацы хатт ницы кодта, æрмæст ныл йæ судзгæ цæстыты æхсидæвтæ мæстæйхæлгæйæ æрбахста, йæхи иуварс айста. Фæлæ ма йæм ахсджиаг зæгъинæгтæ баззад, æмæ уайсахат фæстæмæ фездæхт:
— Кæд туркаг æгъдæуттæ уæ цæсты афтæ ныллæг æвæрд сты, уæд сымахæн ам ницы мигæнгæ у. æмæ концерт-манцерт дæр хъуамæ ма дæттат! — йæ ныхæстæ йæ дæндæгты ’хсæнты сыф-сыф кодтой. Аздæхт æмæ фæцæуы.
Раст уыцы уысмыл, чысыл фалдæр къордæй цы лæппутæ æмæ чызджытæ лæууыд, уыдонæй иу ныллæджытæ лæппу фæхицæн æмæ нын нæ ныхасæмбалмæ фæсидт. Паркмæ йæ бахуыдта æмæ адардгомау сты ныхæстæгæнгæ. Сæ фæдыл æдзынæг кастæн æмæ дын уалынджы æнæзонгæйы къухы дамбаца фегуырд: нæ зонгæйы хурхыл бахæцыд йæ сæрибар галиу къухæй, дамбаца та йын йæ тæккæ ныхмæ сбыцæу кодта.
— Гъе, уый дын махонтæй, — загъта Дауыт.
— Мах тыххæй исты фыдбылыз куы ’рцæуа, уымæй тæссаг, — загътон æз æмæ сæм батагъд кодтон.
— Ма сæ хъыгдарут, — чидæр нæм чъылдымырдыгæй сдзырдта абхазагау.
— Алы боны æгас нæм цæут, не ’фсымæртæ абхазæгтæ! — иу дæс æмæ ссæдз азы кæуыл цыдаид, ахæм лæппулæг нæм комкоммæ æрбацæуы — хæрзуынд, хæрзарæзт. Йæхи бацамыдта: — Мæ ном у Билиант, мæ мыггаг Гарба, цæрын Саисуны. Уартæ уæ кæд уыцы æдылыдзæф бафхæрдта, уæд æй мурмæ дæр ма дарут, мах ын йæхионтæ йæхирдыгæй фæкæндзыстæм.
— Нæ, уый мах нæхæдæг бафхæрдтам бар-æнæбары, йемæ не сразы стæм, абхазæгтæ дæр туркæгтæ сты, зæгъгæ, куы ныффæрск, уæд.
— Йæхæдæг дæр лазаг у, фæлæ ныттурк. Сæнтдзæф у рагæй дæр... — паркмæ йæ чи ахуыдта æдылы къоппайы, уыцы лæппу нæм æрбахæстæггомау. — Уый дæр абхазаг у, — бацамыдта йæм Билиант. — æвзаг æмбары, фæлæ, хъыгагæн, йæ бон дзурын нæу.
— Эрхан. Эрхан Мгудз, — загъта ныллæджытæ лæппу, нæ къухтæ нын райсгæйæ.
— æмæ йæ фыд та Эрханæн зоны нæ мадæлон æвзаг? — бафарста Дауыт.
— Нæй йын фыд. Амард. Фæлæ ма йæ фыдыфыд æгас у, æмæ уый тынг хорз зоны не ’взаг. Бирæ цыдæртæ бавзæрста йæ царды дæргъы Хасан Мгудз, бирæтæ федта, — загъта Билиант.
— Цы цахъхъæн у уагæр зæронд? — бацымыдис дæн æз, тынг мæ бафæндыд, Хасанимæ куы базонгæ уаин, уый.
Бирæ туркаг абхазæгтау Билиантæн дæр зын уыд йæ мадæлон æвзагыл нымайын, нымæцтæ хорз нæ зыдта æмæ ныссуйтæ.
— Туркагау ын бацамон йæ кар, æз дæ бамбардзынæн.
— Нæуæдз дыууæйы сæрты акаст, — фæкодта Эрхан, Билиантимæ цæуыл дзурæм, уый кæронмæ бамбаргæйæ.
— Уый дын гъе! Ахады цæсты йæ кар. Фæлæ ма йæ къæхтæ йæхи бар сты, цæуын ма йæ бон у?
— Нæ, ме ’фсымæр, ныр бирæ азты у хуысгæ рынчын. æцæг йæ зонд йæхимæ ис, зæрдæ дæр ын хорз ис — махæй хуыздæр хъуыды кæны алцыдæр, — Билиант хатыркурæгау бахудт. — Махæй, зæгъгæ, уæд мæхицæй зæгъын.
— Чи зоны, æмæ рабадид, æрхизид йæ сынтæгæй зæхмæ, Абхазийæ æрбафтæг бæлццоны куы фенид, уæд. Дард цæуын æм нæ хъæуы, сахатырдæгмæ... Йед... О, кæд уæ æвдæлы, уæд, — Эрхан нæм лæгъстæйаг цæстытæй каст, тынг æй фæндыд йæ фыдыфыдæн уыцы хорз ракæнын: йæхи цæстытæй ма фена фыдæлты æмзæххон-æмбæстæйаджы.
Дыккаг бон райсомæй кæй сæмбæлдзыстæм, уый тыххæй баныхас кодтам. Концерты фæстæ Эрхан батагъд кодта сæхимæ, фæлæ ма мах дзæвгар рæстæг арвыстам бынæттон абхазæгтимæ зæрдиаг ныхæстæгæнгæ.
Ныхасгонд куыд уыдыстæм, уымæ гæсгæ йæм Эрханмæ фысымуаты цур æнхъæлмæ кастæн. Кæд сатæг уыд, уæддæр зноны дымгæйæн йæ кой дæр нал баззад: денджыз æруæздан сабыр, цыма, æхсæвы цы фынтæ федта, уыдон æрымысыныл архайдта йæхимидæг, уыйау; арв сæгъы цæстау цъæх-цъæхид сыгъдæг, хур та йæ рæдау тынтæ æрвыста æмызмæлдгæнæг горæтæн хæхты сæрты.
Уæдмæ æмгъуыды дæс сахаты дæр аивгъуыдтой, мæнæ-мæнæ иуæндæс ралæудзæн, Эрхан зынæг та нæй æмæ нæй. Зæрдæйы нæ уырныдта, æмæ ахæм фæлтæрд æмæ фендджын зæронд лæджы байзæддаг фæлывд разына, йæ дзырдæн хицау ма уа. «Мацы йыл æрцæуæд, Хуыцау мацы фыдбылыз зæгъæд», — фегуырд мæ сæры, фæлæ уыцы сахат фæсфисынæй цавæрдæр рог машинæ ратахт фæдисон тахтæй æмæ мæнæ фысымуатырдæм æрбаскъæры. Эрхан йæ иу æмбалимæ.
— Дæ райсомтæ хорз, æфсымæр! æз Исмет дæн, Мгудзайы цытджын мыггагæн хæстæг æййафын. Эрхан тынг мæт кодта, кæй æрæджы кæнæм, уый тыххæй. æппæт дæр мæн аххос у, бахатыр ын кæн — цыдæр хъуыддæг æвæстиатæй бакæнинаг уыд, — Исмет абхазагау сыгъдæг дзырдта, ноджы æнæ акцентæй.
— Ницы кæны, цæугæцарды цынæ ’рцæуы, æрмæст тынг цыбыр баст стæм рæстæгæй, — загътон æз.
— Мæнæ ма дыууæ ’мбалмæ банхъæлмæ кæсæм чысыл — немæ куы ацæуой, уæд хуыздæр уыдзæн...
— Мах изæрæй нæхимæ здæхæм, Абхазимæ.
— Эрхан мын æй загъта. Нæ уæ бафæстиат кæндзыстæм уыйбæрц, баййафдзыстут.
— Тынг уæ куынæ батыхсын кæниккам, уый мæ фæнды.
— Цæй тыхстыты кой кæныс?! Зæронд нын карзæй ныффæдзæхста, æнæ уый фенгæ куыд нæ ацæуат, афтæ.
æрбахæццæ сты нæ дыууæ æмбæлццоны дæр. Горæтæй ахызтыстæм. Эрхан сау кæсæнцæстытæ бакодта æмæ дзы йæ машинæмæ æрлæвæрдта, иннæты иугай-дыгай йæ фæстæ уагъта. Исмет  дæр дзæгъæл бадт нæ кодта. Куы нын цæй тыххæй дзырдта, куы та цæй тыххæй — рагæпп-багæпп кодта йæ иу дзуринагæй иннæмæ. Бакаст Анкарайы университеты, уыд экономикæйыл хæст, разамынд лæвæрдта иу егъау куыстуатæн, цæвиттон, йæ хид асæрфыны фадат дæр ын нæй, ахæм æнæвдæлон у. Фæлæ, дам, йæ рæбинаг дæр сагъæс-мæт у, Абхазийæн цæмæй фæахъаз уа экономикон æгъдауæй йæ къахыл слæууыны хъуыддаджы, ууыл. «Базарад сырæзын кæнын хъæуы нæ дыууæты æхсæн», — балхынцъ кодта йæ ныхæстæ. Мах дæр æй цæмæйдæрты афарстам, цытæ дзуры, цы фæндтæ йæм ис, уыдон нæ кæй æндавынц, уый равдисыны охыл. æмæ уæд биноныгдæр æмæ бæстондæрæй райдыдта:
— Абхазийы хъæды иттæг хорз бæлæстæ зайы... Хорз, зæгъгæ, уæд зынаргъ хъæдæрмæг. Сымах сæ бацæттæ кæндзыстут, æрласдзыстут сæ портмæ, уырдыгæй та сæ нæ туркаг хæлæрттæ сæ наутыл ардæм фæхæццæ кæндзысты. Ам хорз æхцатæ фидынц хъæдæрмæгæн, уæлдайдæр тæрс æмæ сывылдзæн. Зынаргъ у тулдз дæр, Майкъоппæй йæ æрбампъухынц. Хъæдгуыст кæд снывыл кæнат, уæд ахадгæ æххуыс фæуыдзыстæм иумæ Абхазийæн. Уæ соцъитæ дæр дзæбæх сты, ставд, фæлæ, иннæтæ куыд дзурынц, афтæмæй, дам, цыма фæлмæнгомау у. Ам сæм кадджындæр сыбираг соцъитæ сты. Бæргæ, бæргæ, уый ласын уæ къухы куы ’фтид, уæд æхцайы бын фæуиккат. Мæхæдæг æз фадинаг хъæд уартæ суанг Мексикæйæ æрбаппарын, сласын Африкæйæ, — Исмаил ахæм хуызы дзырдта, цыма, уый куынæ уаид, уæд бæсты сæфт æрцæуид. æмæ искуыдæр ма ома уый хуызæн лæджы æххуысæй дæхи дæр æмæ æнæхъæн Абхазы бæстæ дæр æнæ хай кæн!..
— æмæ, ме ’фсымæр, ды искуы Абхазийы уыдтæ? — бафарстон æй æз.
— æз — нæ, фæлæ дзы мæ хæлар туркæгтæ уыдысты, ноджы къорд хатты. Бирæ хъæдтæ дзы ис, зæгъгæ, дзурынц. æмæ сывылдз сугæн кæй калут, уый дæр зонын. Уæд искуыдæр ма уый фендæуыд, æмæ...
— æмæ цæмæй æппæт дæр дæхи цæстæй фенай, уый охыл дæр нæу дæ фадат фæцæуын? — ногæй та йæ бафарстон.
— Тæккæ райсом дæр, æфсымæр! Фæлæ мæ иннæбон Мозамбикмæ ныууайын хъæуы. Уырдыгæй куыддæр сыздæхон — сымахмæ мæ хъæуы. Цалынмæ уæ хъæд бындзагъд нæма ныккодтат, уæдмæ йæ фенон.
— Хорз. Фæлæ дæ æндæр ницы æндавы дæ фыдæлты бæстæйы?
— æвзалы дæр ма! Замманай кокс, дам, уæм ис, — æмæ, циу кокс, уый нын райдыдта амонын, фæлæ йæ æз фæурæдтон:
— Хъуыддаг æмбæрст у...
Иуцасдæр нæ ничиуал ницы дзырдта. Нæ машинæ стыр фæндагæй иуварс базылд, æмæ ныр чысыл горæтгонды уынгты дардтам нæ фæндаг. Исмет, æз æй цас æмбæрстон, уымæ гæсгæ йæхимидæг тыхсæгау кодта, цы фæндтæ фæхаста уæдæйсарæй, уыдонæн ын кæй ницы бæлвырд дзуапп ис махырдыгæй, уый тыххæй. Мах та хъусæй бадæм. æмæ уæд, æддæмæ рудзынгæй ацамонгæйæ, горæты ном загъта:
— Чертамбæ. Амæ хауы, мах цы хъæумæ цæуæм, уый дæр.
— Ам, ацы горæтгонды дæр цæры абхазæгтæ? — бафарста Ражден, не ’ппæтæй дæр хистæр лæппулæг.
— Бæлвырд æй нæ зонын. Фæлæ, дам, дзы раздæр цыма цардысты. Стæй цы фесты — иунæг Хуыцау йæ зонæг, — Исмет йæ уæхсчытыл бæрзонд схæцыд.
Эрхан æнæдзургæйæ йæ куыст кæны, дугъы уайы æмæ нымад минуттæм горæтæй фæфале стæм. Уалынджы асфальты лæгъз дæр фæцис æмæ ныр та, нæ рыгкалгæ, тындзæм хуыргалд сосавæндагыл. Нæ акомкоммæ арвмæ фæцыдысты хæхтæ — нæхи, Абхазийы хæхтæ зæрдыл лæууын кодтой, фæлæ сæ фæхстыл, бæстырæсугъды цæсгомыл ностæ куы уа, уыйау зындысты æнæфсис адæймаджы хæлофгæнæг фæдтæ: рох хохвæндæгтæ, лæбырдтытæ, хъæддзух гæмæхтæ — цы йæ хъуыд, уыдон рарæдывта зыдгæнæг налат лæг æмæ ацыд дарддæр æрдзы уд ласынмæ.
æз Исметмæ сарæзтон ме ’ргом:
— Цы зæгъдзынæ, Исмет, уалæ уыцы хъуыддæгты тыххæй та?
Цыма сæ фыццаг хатт уыны, уыйау скаст хæхтæм, цъус сыл афæстиат кодта йæ хус цæстытæ.
— Цард йæхионтæ домы... æгъатырæй. Замманай хъæд задис ацы фæхстыл — агургæ æмæ æнаргæ фæйнæггаг. Дуне æхца бакуыстой хъæды хицæуттæ, кæй исбон сты амы зæххытæ, уыдон. Бæлас та — цы? Бæлас та ногæй æрзайдзæн, схъæд уыдзæн...
— Сæдæ азы дæр æххæст нæма рауайдзæн, афтæ!
— Цы бачындæуа — цард йæхионтæ домы... — Исметы цæсгомыл сагъæссаг хъуыдытæ сæ тар уылæнтæ рауагътой.
— Абхазийы та мах бæласмæ, лæппу йæ уарзон чызгмæ цы цæстæй фæкæсы, ахæм цæстæй кæсæм. æмæ, дам, æй йæ бындзарæй акал æмæ, дам, æй ауæй кæн...
Исмет бынтон нырхæндæг, йæ дзыхæй хъыпп-сыпп нал хауд. Ныр цыдыстæм хæххон доны былгæрæтты — нæхимæ къадакуырæйттæ кæуыл фæкæнынц, ахæм дон.
Дæ алыварс ахæсс дæ цæст, æмæ алы ран дæр нартхоры хуымтæ. Иу цæхгæр фæзилæн ма, иу дыдагъ фæтæн уынг ма æмæ цалдæр сæдæ метры фæстæ Эрхан æрурæдта цавæрдæр хæдзары дуармæ, стæй йæ сау кæсæнцæстытæ æриста йæ фындзы хъæлæй æмæ нæм æнцад кæсы. Кæртмæ бахызтыстæм. Нæхи абхазаг кæрты хæрзæнгæсæн — уæрæхзылд, кæрдæгæмбæрзт, дыууæуæладзыгон агуыридур хæдзары чъылдымæй зыны дыргъдон, йæ кæрон нартхоры къуту, уый цур кæрчытæ цыдæртæ стыр хъæзуатонæй уыгътой; иуварс лæууыд уæрдон, йæ цæлхытæ машинæйы цæлхытæй.
Дыккаг уæладзыгмæ схызтыстæм рæсугъд амад асинтыл. Уазджыты стыр уатыл бацыдыстæм хицæн хатæнмæ. Къуымы диваныл уæлгоммæ хуыссыд незамантаг зæронд лæг, раст пехуымпары хуызæн уыд. Цы йыл уыд хъуынæй — иууылдæр урс-урсид, суанг æрфыг æмæ цæстыхауæй. æхгæд цæстытимæ хуыссыд, фæлæ нын нæ къæхты уынæр куы айхъуыста, уæд ракаст, схæцæгау кодта йæ сæрыл.
— æрбахæццæ стут? — йæ хъæлæс рæуæг уддзæфау уыд, комы лæмæгъ улæфтау, йæ рустæ цыма сæ арф къуырфыты змæлгæ дæр нæ бакодтой, афтæ зынд.
— Глалды... Мусафыр глалды... О, æрбахæццæ сты. Уазджытæ æрбахæццæ сты! — загъта Эрхан, зæронды хъусмæ æргуыбыргæнгæйæ.
— æмæ мыл уæд схæц, гормон, схæц уæлдæр! — куыддæр мæстæлгъæдæй фæкодта зæронд лæг. Эрхан æй рабадын кодта, йæ фæсонтæм ын стыр баз сæвæрдта. — Гъемæ нæм амондджын къах æрбавæрут æмæ нæм Хуыцауы уазджытау буцæй æгас цæут, не ’фсымæртæ Абхазы бæстæй! — загъта Хасан, йæ чысыл тыхтæ ма цас амыдтой, уыйас тыхджын хъæлæсæй. Мах ын хъавгæ йæ хускъалиуджын къух радыгай истам. — Ныр мæ фæстæмæ æруадз, Эрхан.
— Табуафси, мидæмæ! — сдзырдта Исмет æмæ нын нæ къухтæ райста.
Йæ фæстæ нын æгасцуай загъта Эрхан дæр. Стæй æнæсым — æнæсыбырттæй дыууæ сылгоймаджы æрбацыдысты æмæ нын æфсæрмдзастæй туркагау салам радтой: «Хоть глалдыдыныз», ома æхсызгон нын у уæ сæмбæлд.
— Уæ хорзæхæй, сбадут, — æрхатыд нæм Исмет.
Ражден, куыд хистæр, йæхи Хасанмæ хæстæгдæр æруагъта, мах та Дауытимæ йæ дæлфæдтæм æрцахстам нæ бынæттæ. Зæронд дзæвгар рæстæг ницы дзырдта. Мах дæр нæ ныфс нæ хастам уымæй раздæр исты зæгъынмæ. Фæлæ æдзæмæй дæр кæдмæ лæудзыстæм, зæгъгæ, йæхимидæг скарста, æвæццæгæн, Ражден æмæ баздæхт зæрондмæ:
— Цæй, куыд дæ, нæ фыдыхай?
Исмет æм æргуыбыр кодта æмæ йын йæ хъусы бадзырдта, уазджытæ дæ де ’нæниздзинадæй, дæхи куыд æнкъарыс, зæгъгæ, уымæй фæрсынц.
— Мæн абхазæгтимæ ныхасгæнгæ тæлмацгæнæджы сæр никæцырдыгæй хъæуы, мæ хур акæнай, — тыхтæй-амæлттæй хъуыстысты зæронды ныхæстæ. — æцæг хъусæй сæ рæвдзытæй нал дæн, æмæ, уæ хорзæхæй, чысыл хъæрдæрæй дзурут. Ам сымахæн, абхазæгтæ, бар ис уæ хъæлæсыдзагæй дæр дзурынæн, Хуыцау уыл баузæлæд! Уæхæдæг æй уынут, ныххæлддзаг дæн. Фæлæ хъаст нæ кæнын. Иугæр Абхазийæ ардæм æрбахæццæ адæм, уæд мæнæн дæр мæ уавæр хъуамæ зынгæ фæхуыздæр уа. Сымахæй ферох уæд, æз ахæм æнæбон-æнæхъару кæй дæн, уый æмæ æргомдзырд ут мемæ, ма мыл ауæрдут. Хъуыддæгтæ иууылдæр Хуыцауы бæрны сты...
— Аллах зæрдæхæлар у, фæдзæбæхдæр уыдзынæ æнæмæнг, — зæрдæтæ йын æвæрдта Ражден, Турчы цæрæг абхазæгты ныхасыуаг сфæзмгæйæ.
— Аллахы ном æрымысыдтæ, мæ дуне, æмæ дыл хæрзаудæн кæнæд! Фæлæ уыцы Аллахыл мæнæ æз иу удæй не ’ууæндын: æцæг зæрдæфæлмæн куы уаид, уæд мæ хуызæн лæппуйы афтæ ныххæфс кодтаид! — Хасан йæ мидбылты бахудт. — Хорз, мæн уал рохуаты фæуадзæм æмæ фæлтау сымах тыххæй аныхæстæ кæнæм. Абхазийы рагæй нал уыдыстут?
— Уæлæмæ дæр æмæ дæлæмæ дæр æнæхъæн мæй, — хъазгæмхасæнты загъта Ражден дæр.
— æмæ Турчы зæххыл кæмыты уыдыстут?
— Адапазартæ, Дюздже, Истамбул, Измит, Бурса...
— æмæ уæм куыд кæсæм?
— Ницы уын у, дзæбæх цæрут, хъæздыг...
Хасан цасдæр хъуыдытыл фæцис, стæй та бафарста:
— Тæккæ знон та Самсуны уыдыстут, нæ? Хорз.
Гъемæ уæ чи ахуыдта, чи уын радта æмбæлгæ æгъдау — кæмæ ма разынд ома йæ фыдæлты æфсарм, абхазаг къона ма кæй хæдзары ис?
Мах кæрæдзимæ ракæс-бакæс кодтам, ницы дзурæм.
— Чи уыд уыцы абхазаг лæг, æмæ йæ фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ сымахау буц уазджытæн гал чи аргæвда? — нæ лæууы, фæрсы нæ дарддæр зæронд.
— Хорз нæ сбуц кодтой, дзæбæх цæстæй нæм ракастысты, — куыддæр фæливæн дзуапп дæтты Ражден.
— æргом ныхас ут, зæгъгæ, уын нæ фæдзæхстон? — арф ныуулæфыд Хасан. — Мæй, зæгъут, стут ам. Агъа... æмæ, ау, иу адæмымыггаг абхазаг лæгыл дæр нæ фембæлдыстут?
— Куыннæ, куыннæ... Бирæтыл дæр ма...
— Федтат, йæ паспорты, абхазаг у, зæгъгæ, фыст кæмæн ис, ахæм лæджы?
— Нæ, ахæмыл нæ бамбæлдыстæм...
— æмæ, абхазагау æнæкъуызгæйæ чи дзуры, ахæм сывæллæттæ дæр нæ федтат?
— Нæ, ахæм сабитимæ дæр нæ базонгæ стæм...
— æмæ искуы уæ цæст абхазаг æвзагыл фыстытыл æрхæцыд? Радиойæ, телевизырæй райхъуыст абхазаг хъæлæс? Иу ахæм бынат уын бацамындæуыд, ай мæнæ абхазæгты у, зæгъгæ? Ахæм ранмæ уæ акодтой, абхазагау кæм ахуыр кæнынц? Турчы зæххы сæраппонд йæ цард чи рауæлдай кодта, уыцы абхазæгты цыртдзæвæн уын равдыстой? æппæт уыдæттæ йæ цин-йæ маст кæмæн сты, ахæм адæймаджы кой уæ хъустыл æруад? Нæ федтат, нæ фехъуыстат!.. æмæ уæд цы цæсгомæй зæгъут, мах ам хорз цæрæм, зæгъгæ?! Сымах куынæ уат, къæм кæм нæй, ахæм æргомдзырд, сымах нын куынæ бадарат нæ цæстмæ нæ аиппытæ, уæд — чи? Кæмæй нæ уа ахæм ныфс? æмæ куыд ис æппæт уыцы хъуагдзинæдтæ аиуварсгæнæн? Зæгъут-ма, зæгъут, нæ зынаргъ æфсымæртæ. Кæд, кæм æмæ куыд кæнæм?
— Цалынмæ ам стут, æцæгæлон бæстæйы, уæдмæ уын зæрдæзæгъгæ царды гæнæнтæ нæ уыдзæн. Иу мадзал ис æрмæст æппæтæн дæр — фыдæлон райгуырæн зæхмæ раздæхын, — фидарæй загътон æз, нæ фысымæн дзуапп дæтгæйæ.
— Аздæхын-йа... æмæ уый айдагъ сымах зонд у, æви...
— Ахæм хъуыдытыл хæст у æнæхъæн Абхазы бæстæ дæр.
Зæронд иу цъус асагъæссаг, стæй цадæггай райдыдта:
— Хистæртæй ахæм æмбисонд фехъуыстон... Иуахæмы, дам, арс афтæ куы срæцугъид: «Ацы аз хъæздыг тыллæг уыдзæн». Бафарстæ йæ уыд, цы бæрджытæм гæсгæ йæ зоны, уымæй. Уый сын цæхгæр дзуапп радта: «Мæн афтæ фæнды!» Ома уыцы æмбисондæй æз уый зæгъинаг дæн, æмæ æрмæст уæ фæндон фаг нæу хъуыддаджы сырæзтæн.
Уыйадыл Ражден фемæхст, бæстон æмæ биноныгæй фæдзырдта, Абхазийырдыгæй цытæ арæзт цæуы, цæмæй Турчы цæрæг абхазæгтæ сæ фыдæлты бæстæм раздæхой, уыдæтты тыххæй. Хасан æм стыр зæрдиагæй фæхъуыста, стæй разыйæ загъта:
— Мæ фæллад зæрдæйæн сой сты дæ раныхæстæ, уæ нысантæ уын иунæг цытджын Хуыцау уæ къухы бафтын кæнæд. Фæлæ дæ æз, кæронмæ цы не ’мбарын, уымæй бафæрсинаг дæн. Хъыг уæм ма фæкæсæд, фæлæ уæ мах уым кæцырдыгæй бахъуыдыстæм? Стæй нæхæдæг дæр цы архайæм Абхазийы? — Нæ тугæфсымæртæ стут, нæ туг, не стæг! æмæ æфсымæртæ куы бамбырд уой сæхи зæххыл, уæд кæуылты фæхъомысджындæр уыдзыстæм. æмæ стæй не ’ппæт æгъдæуттæ дæр фæстæмæ сæ гаччы сбаддзысты. æгъдау кæмæн ис, уыцы адæм та рæсугъд сты! — кæдæй-уæдæй цалдæр ныхасы фæд-фæдыл загъта Дауыт дæр.
— Тыхджындæр цæмæй фæуат, уый уæ кæй фæнды, уыцы фæнд хорз куыд нæу, фæлæ уæм уымæ тырнындзинад кæд фæзынд? Мæнæ уæм гуырдзиаг Гамсахурдиа æртхъирæнтæ кæнын куы райдыдта, уæд?
— Ууыл тыхсæг уыдыстæм иудадзыг дæр, — баппæрстон мæ ныхасы хай æз дæр.
— æмæ нын ныронг уыцы хабар цæуыннæ хъусын кодтат? Хуыздæр цы куыстой комкоммæ уæхи фыдæлтæ? — æнæнхъæлæджы зæронды хъæлæс фæбæрзонддæр, фæкарзгомау.
— Сымах дæр кæд ам сойтæ нæ марзтат, уæддæр нæ фыдæлтæ уæлдай зындæр уавæры уыдысты, сызмæлд дæр æмæ сæ сныхас дæр нæ уагътой. æфсæн дуæртты мидæгæй уыд сæ цард, сæ байгом та уыдонмæ нæ хауд, — фæсномыг ныхæстæй йын æмбарын кодта хъуыддаг Ражден.
Хасан ныр дæргъвæтиндæр рæстæг фæхуыссыд хъусæй, стæй, быннозæй ныуулæфгæйæ, фæсусбын хъæлæсæй райдыдта:
— Хъыгагæн, рæстытæ дзурыс. Зындгонд мын сты уæ царды æууæлтæ. О, ницы хуызы байтындздзынæ æфсæн дуæрттæ, сæ дæгъæлтæ дæумæ нæ, фæлæ æндæр искæмæ куы уой, уæд. Афтæ у уавæры æвæрд... Фæлæ, куыдфæнды фæуæд æмæ цыфæнды фæуæд, æрмæст сымахæн байрæджы. Нæ бæдæйнаг фыдæлтæ рухс дунейæ ахицæн сты, сæ царды кæронмæ æцæгæлон бæстæйыл нæ фæиузæрдион сты, нæ сын садджын, афтæмæй. Фыдæлты зæхх, райгуырæн бæстæгæнгæйæ. Ме ’мгæрттæ та, кæд ам райгуырдысты, уæддæр сæхи афтæ хатыдтой, цыма æфсæн къалатийы мидæг бадынц. æмæ уæллаг дуне дæллагыл баивтой, сæ бон нæ бацис фыдæлты карз рæдыд сраст кæнын. Бæргæ, абон цы фадæттæ æмæ гæнæнтæ ис, уыдон сæ рæстæджы куы уыдаиккой, уæд сын, чи зоны, æмæ бæлвырд истытæ бантыстаид, æнцондæр сын уыдаид базмæлын...
— Гъемæ хъуыддагæн абон дарддæр æргъæвæн нал ис! Фæсивæдæй бирæтæ тæккæ райсом дæр у цæттæ Абхазимæ ацæуын.
— Хистæртæм та цы зонд ис? Семæ лæгæй-лæгмæ æрныхас кодтат? Кæд — о, уæд цы уыди сæ дзуапп?
— Сæмбæлдыстæм. Дзырдтам зæрдæйæ-зæрдæмæ. æмæ, дам, мах цы, мах, дам, разы стæм, æрмæст хъуыддæгтæ аразæг Уæллаг у...
Зæронд йæ мидбынаты базмæлыд.
— Куыннæ стæй! æрхиздзæн сæм йæ бæрзонд бадæнтæй Аллах, йæхи сæм сæргом кæндзæн æмæ бардзырд ратдзæн абхазæгтæн, гъæйдæ-марш Абхазимæ, зæгъгæ. Фæлæ абоны онг Аллахы цæстытæм лæджы фырт нæма бакаст. Зæронд хæррæгъ йæ адзалы боныл фæхъуыды кæны, æнцад-æнцойæ мæлæтыл, мæ цæстыты рухс, сымахæн та уæ сагъæс цардыл у. æмæ ахæм ныхмæвæрд æууæлты кæрæдзи цы хуызы бамбарæм, иу зонд — иу хъуыдымæ цæй фæрцы æрцæуæм?
— Омæ кæд сæхæдæг ардыгæй фенкъуысинаг не сты, уæд сæ цоты ауадзæнт, — цыма йæ исчи фæуроминаг уыд, уыйау тагъд-тагъдæй загъта Дауыт.
— Нæ, мæ къона, нæ! Цард, ды йын куыд хуымæтæг æнхъæл дæ, уымæй бирæ вазыгджындæр у, фендджын лæг дзы дæрдтыл æргъæвы йæ зонд. Куыд хъуамæ ауадзой сæ ныгæнджыты æндæр бæстæм, йæ мæрдты фæндагмæ дзагъултæ чи кæны мæнау, уыдон? Чи дæ бафснайдзæн, чи дыл æркалдзæн йæ хъарм цæссыг...
— æмæ фæсивæд хивæнд куы разыной нырыккон уавæрты æмæ сæхи фæнд куы атæрой, нæхимæ, нæхи Абхазимæ цæуæм, зæгъгæ, уæд та? — Дауыт фæцæхджын кодта ныхас.
— Цæмæй фæсивæд хистæрты æвастæй исты саразой, сæхи фæнд атæрой, уымæн уæвæн нæй — мах нæ кæстæрты фыдуаг ахуыр нæ кæнæм.
— æмæ уый ныры дуджы дæр ма хорз у, æви куыд? — ныццæхгæр Дауыт.
— Куыд æмæ мæ цы хуызы фæрстытæ кæныс, мæ дунейы рухс, уымæ гæсгæ бæрæг у, нырма бынтон æрыгон кæй дæ, уый. Абхазаджы уаг, йæ удыконд мæнæ ам не сфидар, нæ фыдæлты бынтæ сты, Абхазийæ сæ æрбахастой семæ. Кæрæдзи куы нал æмбарæм, иу нæ иннæмæн хатыр куы нал зона, искæй зондæн куынæ быхса, уæд ма нæм цæй апсуарæ  уыдзæн, цæй хæдбар адæм. Абхазаг фæтк нæм куы нал уыдаид, уæд фос дæр фос æмæ адæм дæр фертонтæ.
— О, ныронг уыд уый уæ ирвæзæн хос, ахъазгæнæг мадзал, фæлæ ныры рæстæджыты та? — иуварс нæ алæууы уæддæр Дауыт, баййардта зæронды.
Хасан дзы, æвæццæгæн, рафæлмæцыд, дзуапп раттыныл ын нал батагъд кодта, йæ цæстытæ царыл рахаф-бахаф кодта. æрæджиау ныхас адарддæр кодта:
— æгъдау кæддæриддæр адæмæн сæ ирвæзæн хос у. æмæ — абон дæр. Куыннæ, куыннæ, рæстæг дæр æмæ царды æууæлтæ дæр сæхионтæ кæнынц, фыццагау тыхджын нал у нæ апсуарæ дæр. Уæдæ хион-хæстæг дæр уыйас нал зонæм, уарзты хъару сæтты, хистæр — кæстæры фæтк дæр фæцудыдта. Цы сæ бæсты сæйрагдæр? Сæйрагдæр сси мулкдзуан, æхца ссивын, дæ рæбынтæ дзаг кæнын, — куыддæр æвæндонхуызы дзырдта зæронд йæ иударон ныхæстæ.
æз нал фæлæууыдтæн, Дауыт æгæр фемæхст, зæгъгæ, æмæ загътон:
— Чи загъта, æхца нæ хъæуынц, уый, фæлæ дунейыл уæддæр æппæт уæййаг нæу: дæхицæн дзы фыдыбæстæ, мадæлон зæхх нæ балхæндзынæ...
— Раст загътай, мæ хур... æрмæст сусæггаг никæмæн у: сымах фæсивæд æмæ мах фæсивæд, кæд тугæй иу сты, уæддæр ивддзаг кæнынц. æрвылрайсом дæр æз мæнæ уымæ хъусын, — Хасан радиомæ бацамыдта. — Ног хабæрттæ мын æрбахæссы Абхазийæ. Айфыццаг дын цавæрдæр чызг афтæ куы зæгъид: «Мæ удлæууæн Абхазы зæхх, кæд æз нæ уарзын дæу, уæд мæ цæмæн хъæуы мæ рæзгæ цард!» Мæ зæронд зæрдæ уæрыккау скафыд, мæ цæссыг мæ хъуырмæ схæццæ, мæ уазал туг бацырын... Хуыцау æй хорз амондæй барæвдауæд... Ам та абхазæгтæй афтæ ничи зæгъдзæн, уымæн æмæ уыдонæн сæ Райгуырæн бæстæ Турк у. Абхази сæ фыны дæр куы никуы федтой, уæд æй куыд уарзой?! Мах сын-иу нæ фыдæлты мысинæгтæй цы фæзмыдтам, уыдон сæм аргъауау кастысты. Уыдон азымы даринаг не сты уый тыххæй. Уæтæры, дам, цы фыс нæй, уый бирæгъты амæддаг свæййы. Адæймаг йæ райгуырæн зæххæй куы фæиртæсы, уæд бирæ цæмæйдæртæй бавдæлон вæййы. Хуыцауы фыдæх баййæфтам, уымæн æмæ йæ тæригъæды бацыдыстæм. Абхазы бæстæ йæхицæн фæфæстауæрц кодта Хуыцау адæмтæн зæххытæ уаргæйæ, нæ фыдæлтæ та дзы лидзæг фесты... æмæ — кæдæм? Тæдзынæгæй цыхцырæгмæ! Мæнæ æцæгæлон адæмы ’хсæн тайæм, нæ хъæстæ сæфы. Нæ йæ ахсы мæ кæлмхæрд сæр, чи æмæ ма нæ цы фервæзын кæндзæн, уый... æхца, дам, дæм кæд ис, уæд чидæр æмæ цыдæр дæ; нæй дæ дзыппы иу дзæбæх рыппы фаг — ничи дæ уыны, ничи дæ хъусы...
Афтæ у царды домæн — æгъатыр домæн. æнæ мулк лæг лæг нæу. æмæ тæлфын хъæуы, зилдух. Фæсте аззадтæ — сæ къæхты бын дæ бассæнддзысты размæ лæгæрдджытæ, — Исметæн Хасаны хатдзæгтæ йæ зæрдæмæ кæй нæ цыдысты, уый бæрæг уыд.
— Мæ чысыл хур, бацамон ма мын дæхи, куынæ дæ хъуыды кæнын, — Хасан æм йæ къухы бынты каст. Исметæн зæронды ныхæстæ фæхъыг сты, фæлæ йын йæ фарст æнæ дзуаппæй дæр куыд ныууагътаид, æмæ йæм бацыд, йæ былтæ йын йæ хъусыл баныхæста æмæ йын бацамыдта йæхи. Зæронд æнцад хуыссы. Исмет та йын ногæй йæ фыды ном загъта, хъæрæй фæкодта:
— Исмет дæн, Исмет!
— æмæ нæ куыд рагæй никуал абæрæг кодтай? — уыцы уæзданхуызæй йæ бафарста Хасан.
Исмет ын æгæр хорз дæр ма фехъуыста йæ ныхæстæ, фæлæ фæстиат кодта дзуапп раттынмæ. Цыма салдат у, Хасан та инæлар, уыйау æмраст лæууыди.
— Дæу нæ фæрсын? Кæдæй нырмæ нæм нал уыдтæ, уый банымайынæн ма дæ?
— Сæттын мæ зылыныл...
— Сæттыс... æниу ма басæтт! æнæхъæн фондз азы дæ къах нæ къæсæрæй нал æрбавæрдтай. Уæд уый куыд у?! Уæдæмæ рæстдзинад фехъусынæй тæрсыс! Афтæ нæу?
Исмет ныкъкъæмдзæстыг. Ногæй та цыдæртæ дзуры зæронды хъусы, æцæг ныр туркагау. Нæ уавæр махæн дæр сæ хæрзтæй не схуыдтаис: цыдæр сусæггаг хабæрттæ ис се ’хсæн, æмæ махæн уæд куыд кæнгæ у — лæууой ма сæ цуры, æви нæхи кæртмæ райсæм, зæгъгæ, стыхстыстæм.
— Абхазагау дзур дын зæгъын, абхазагау! — Хасан рафыхт, йæ хъæлæс фæдæрзæг. — Уазджытæй æфсæрмы кæныс? Уадз, æмæ хъусой! Уадз, æмæ йæ зоной, цытæ нæ рауад, уый. Ахæм чъизитæ ды цы цæсгомæй ныхæсты бацыдтæ не ’фсымæртимæ — фыдæлтыккон Абхазийæ æрбацæуджытимæ? Мæ хо фæлтау куы атъæпп ластаид, дæу ныййарыны бæсты! Де скъæт хытъыны мæт йеддæмæ дæ ницы ис! Фидиссаг чи у, уыцы туркаг ралли-балли кæны Истамбулы уынгты æмæ йæхи стауы, æз, дам, абхазаг чызгæн афтæтæ æмæ уфтæтæ бакодтон. Ды та, бон æмæ æхсæв нæ хынцгæйæ, æхцатæгæнæг дæ, мулкдзуаны æнцой нæ зоныс. Уæд худинаджы дæ хъустæм æвдылдæй æхцатæй цы аразыс?! Кæд дæ лæджыхъæды бон æндæр ницы у, уæд ды та дæхи амар! Уæд та ма дæ бирæ æхцатæй мæ иу цæстæй ракæсын кæн дзæбæх, мæ къахæн мæхæдæг исты амал кæндзынæн... Уæй, мæнæ цы мæгуыр дæн, цы æнамонд дæн! Кæйдæр къæхты бынмæ æрхаудта нæ апсуарæ... — Зæронд фырмæстæй тыхулæфт кодта. Исмет ын йæ дзыхмæ доны агуывзæ бахаста. — Айс æй иуварс! — Исмет агуывзæ фынгыл æрæвæрдта, ацыд хатæнæй. — Бахатыр мын кæнут, æфсымæртæ, мæхи йæм нал баурæдтон...
— Дæ ком анхъæвз, чысыл аназ дон, — мæ ныфс æм бахастон æз.
— æри-ма, æцæг дæр, — сразы уайтагъд. — Бузныг, мæ хур акæнай! Кæй зæгъын æй хъæуы, мах ма фæндыд зæрондимæ аныхæстæ кæнын, фæлæ, цы ’рцыд, уый фæстæ æфсæрмы дæр кодтам, ногæй йæ куыд тыхсын кæнæм, зæгъгæ. æрмæст æй йæ мастимæ иунæгæй дæр куыд ныууагътаиккам...
— Рацæут Абхазимæ, зæгъгæ, сæ хонут фæсивæды. Хорз, фæуæд, цæуæнт. Фæлæ уæ ахæмтæ кæцырдыгæй бахъуыдысты? Ницы йæ æндавы ацы дунетыл æхцайæ фæстæмæ. Йæ иунæг хойы туркачы разæй скодта, уымæн æмæ уый бонджын уыд. Цалдæр мæйы фæстæ йын æй, йæ мондæгтæ дзы куы систа, уæд феддæдуар кодта, æндæр æрхаста. Ай та йын, лæг циу, уый нæ фенын кодта, афтæмæй мын йæ фæсрон хъуырæйнæмгæ дары, дынджыр дамбаца. Абхазаг лæджы ном цæсты æфтауы, лæхмарг! Гъемæ уын уый дæр нæ фæсивæдæй иу. Хъæуы уæ? — Хасаны маст нæ сабыр кæны. — Фæлæ бынтон сæфт не сты уый æмхуызон! Уæдæ ма уыцы туркаг бавзарæд Адалазартæ æмæ Дюзджейы искæй хойæ афтæ ахынджылæг кæнын! Фениккой йæ кæстæртæ... Ам та махонтæ чысыл сты, æмæ уыйадыл æдых, æнæныфс. Куыдз дæр, кау ныллæгдæр кæм у, ууылты гæппытæ кæны, лиуыры. Йа-æллæх, æллæх... — зæронд схъæрзыд, йæ маст уромгæйæ.
Цасдæр не ’ппæт дæр дурдзæфтау бадтыстæм, ничи нæ ницы дзырдта. Хасан та йæхæдæг сдзырдта:
— æхсæрдæс мыл сæххæст, æндæр нæ... Гъемæ иуахæмы... Мæлæты хъал уыдысты сæхицæй, мæлæты! Арвы цот æнхъæлдтой сæхицæй... æмæ дын дзæгъæлдзырд, дзæгъæлæвнæлд кæнынц нæ чызджытæм. Уыдон — туркæгтæ, мах — æрцæуджытæ, абхазæгтæ, цыдæр абхазæгтæ... æртæйæ дæр сæ фыстау сæргæвстон, сæ къæхтыл сын дуртæ бабастон æмæ сæ денджызы æвджид бакодтон. Гъе, афтæ хъахъхъæдтам раздæр абхазаджы кад æмæ ном, фæлæ ныр... Бынтон сæфтмæ нæ бирæ нал хъæуы... О, иу хъуыддагæй ма уæ бафæрсинаг уыдтæн: уыцы Гамсахурдиайы цы тилы, цы йæ хъæуы сымахæй?
— Нæ сæр куыд нæ хъил кæнæм, уый сæ фæнды гуырдзыйы, — загъта Ражден. — Адæмæн хъылма уадзы сæ зонды...
— Тæссаг у ахæм адæймаг, адæмы зонд тæссармæгæнæг. æмæ къæрцхъус, цырддзаст ут. О, бирæ сты гуырдзы?
— Цыппар милуаны...
— Махонтæ та?
— Сæдæ мины цыдæр... Нæхимæ дæр, Абхазы бæстæйы дæр нæхицæй фылдæр сты...
— æмæ йед... Хæстæгдзинад нæй уе ’хсæн?
— Куыд нæ! Кæрæдзийæн каистæ æмæ сиæхстæ стæм, бирæ хæрæфырттæ иутырдыгæй дæр æмæ иннæтырдыгæй дæр.
— Омæ уæд бафидауæн нæй, уæд?! Уæвгæ та куыд бафидаудзынæ дæ хæдзары йæхи фысым чи скодта йæ налат æхсарæй, уыйимæ... Хуыцауæн табутæ кæнын хъæуы, æндæр уын чи баххуыс кæндзæн, мæгъа...
— Ницы хъомыс нын сты мур дæр! — ссыгъд Дауыт.
— Хъæбатыр кæй стæм, уый дызæрдыггаг нæу, мæ къона, фæлæ æгæр бирæ сты уыдон. Ноджы ма сæ турк афтæ дзурынц: «Гуырдзиаг æмæ залиаг калмы чувал голладжы иумæ ныппæрстой, йæ ком ын бабастой. Цас рауадаид, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ дын голлагæй калмы æрдиаг ссыд. Куы йæ бафарстой, цы ’рцыд, уымæй, уæд, дам, мыл гуырдзиаг фæхæцыд!» æппæт адæм æмхуызон не сты калмæй калмдæр, фæлæ лæг хъуамæ йе знагæн йæ аргъ зона. æмæ чи æрбалæууа фæдисы бон уе ’мварс, ахæм уын ис? — Хасан стыр мæты кæй бацыд, уый йыл фæзынд — ныттардзæсгом.
Ныхас мæхимæ райсын сфæнд кодтон.
— Мах хæст нæ фæнды, нæ нæ хъæуы иуырдыгæй дæр. Фæлæ нæм куы ’рбабырсой, хæст куы самайой немæ, уæд разындзæн, нæ фарсмæ чи ’рбалæууа, уый. Тыхы фæрцы нæ нæ удæгасæй зæххытæ нæ, фæлæ дуры къæртт дæр ничи байсдзæн.
— Уæддæр уæ ныфс кæмæй хæссут, кæмæй? Нæхи лæппутæ æхсар хъуаг не сты, лæгдзинадырдыгæй сæм мæ зæрдæ не ’хсайы, фæлæ уæм æххуысмæ куыд фæзындзысты арæнты сæрты? Уæ зæрдæ турк æмæ уырысыл ма дарут — уыдон мах æмвæндæй фæтардтой нæ фыдæлты уæзæгæй. Стæй уыдон куынæ уаиккой, уæд нæм гуырдзы дæр сæ дæндæгтæ нæ цыргъ кæниккой. Уырыс... Уыдоныл та æппындæр ма æууæндут. æрмæст сæ ныхмæ дæр макуы фæут! Куыд æнхъæл дæн, афтæмæй фехъуыстаиккат Мустафа Кемалы кой. Йæ мæлæты къахыл лæугæйæ афтæ ныффæдзæхста туркаг адæмæн: «Кæмфæнды дæр схæцут, æцæг уырысимæ хæсты макуы бацæут!» Куырыхон зонды хицау лæг уыд Кемаль!..
Хасан æхсызгонæй цыма сулæфыд: йæ зæрдиагдæр хъуыдытæ зæгъын ын бантыст ома. æмæ нæ уæд Абхазийы тыххæй фарстыты бын фæкодта. Кæд-иу исты йæ зæрдæмæ фæцыд, уæд та-иу «Табу Хуыцауæн!», зæгъгæ фæкодта, науæд та — «Иншаллах!» æмæ куыд фæстæмæ барайдзаст йæ цæсгом. æмæ йæ бафарстон:
— Ныр ис Абхазимæ ацæуæн. Нæ дæ фæнды дæ фыдæлты зæхх фенын?
— Йæх, йæх... æнæбазырæй ма... Мæнæ хъандзалбазыр æрыгон куы уыдтæн, уæд цалдæр хатты афæлвæрдтон уырдæм бафтын, фæлæ æфсæн дуæрттæ æгæр фидар æхгæд разындысты уæд, — æмæ та фæмигъбадт йæ хуыз.
Мæн та уыцы хабæрттæ бæстондæрæй базонын фæндыд, куыд æмæ йæ цы къуылымпытæ кодта, уыдæттæ.
— Чи уын æхгæдта уæ фæндæгтæ, цы уæ хъыгдардта? — хынцфарст æй кæнын.
Йæ мидбылты зына-нæзына бахудт зæронд, фæлæ уадидæгæн æрбайсæфт йæ рухс равг.
— Дæрдтыл цæуы ныхас, фæлæ мæ иугæр кæм фæрсыс, мæ дуне, уым уын цыбырæй цыдæртæ зæгъон... Сабийæ фæстæмæ бæллыдтæн Абхазы зæхх фенын, нæ хæхтæ, нæ денджыз. Авд азы мыл цыдаид, афтæмæй дын куы абалц кæнин дон-дон мæ фыдыфыды къонамæ. Цастæ адард уыдаин, хæйрæг йæ зонæг, фæлæ мæ фыд фæфæдис, баййæфта мæ æмæ мæ раздæхта, уæдæ куыд... æз та мæ сывæллоны зæрдæйæ афтæ æнхъæлдтон, æмæ мæ бирæ нал хъæуы мæ нысанмæ... Йед... Мæ зæрдæйæ уыцы æнаккæгты хабар бамынæг, ферох. Фæлæ мыл чидæр дзырд бахаста, жандармтæ мæ фæдыл зилын райдыдтой. Мæ фыдæн кæйдæрты номæй фехъусын кодтон, æз Абхазийы бафснайдтон мæхи, зæгъгæ. æмæ та фæраст дæн арæнтырдæм. Фæлæ мæ аскертæ рацъипп ластой — сæфсон сын кодтон, фæдзæгъæл дæн, ома. Ауагътой мæ. Донбæлæгъы аленк кодтон чысыл фæстæдæр арæны æндæр ранмæ. æрмæст та никуы æмæ ницы. Нæ сæттын уæддæр, куы сæумæцъыккæй фæлвæрдтон, куы бæзджын мигъы архайдтон арæны сæрты ахизын, фæлæ арæнгæстæ дæр сæ хæлиудзыхтæй нæ разындысты. Зымæг ралæууыд уæдмæ. Уартæ Артвины иу хъæздыг лæгмæ сæгъгæсæй бацыдтæн. Хæрд æмæ æхсæвиуатыл. æхсæз мæйы фæстæ дзы фæцæуын сфæнд кодтон æмæ дзы мызд бацагуырдтон, уымæн æмæ ма мæ бирæ ’ндæр куыстытыл дæр æфтыдта. æмæ, дам, дын дæ гуыбын кæй æфсæстон, уый ды цы хоныс — фаг дын у! Стæй ма мын лæдзæгæй дæр бацамыдта зонд: ме рагъæн мын иу ратта. æмæ ма уый фæстæ мæ цард цардыл нымад уыдаид, лæдзæгнадæй?! æмæ йын уæд æз дæр, хохаг лæг чи у, уый бацамыдтон — цъайы йæ сæрбынмæ нысхуыстон. æмæ та мæ ных арæнырдæм сарæзтон. Нæй, ницы та рауад мæ хъуыддагæй, хъæмæ раздæхон, уый дæр куыд?..
Бафтыдтæн Чоруммæ, дыууæ азы бæрц дзы фыййауæй фæкуыстон, стæй мæхи раппар-баппар кæнын: Эрзерум, Къайсери... æмæ цы къуымæй нæ ракастæн! æппынфæстагмæ та мæ тъæпп Чорумы фæцыд. Уым абазинтæй фехъуыстон, цавæрдæр Кемаль-паша,дам, æфсад æмбырд кæны. Чи у, цы зондыл хæст у — Хуыцау йæ зонæг. Фæлæ та куы базыдтон, хæцæнгæрзтæ уары, уый, уæд æй бацагуырдтон. æмæ мыл сайд не ’рцыд: радтой мын фондзæхстон, хорз бæхыл мæ сбадын кодтой. Цалдæр мæй афæстиат дæн уыцы æфсады, фæлæ та мæ уырдыгæй дæр мæ сæр айсын бахъуыд. Уый та уымæн, æмæ... Цæвиттон, Блоуы бынмæ уыд нæ рæсæнуат. Иу лазаг мæн тыххæй цыдæр æфхæрæн ныхæстæ сыппæрста, æнæхсад дзыхæй мæм бауæндыд дзурын. Цы ма йын уыд æнæ маргæ! Тыхтæй-амæлттæй ма аирвæзтæн. Куыддæрты бахæццæ дæн Дюзджейы иу къуырма ранмæ — Гумамæ, уым айдагъ абхазæгтæ цард. Фæлæ та ам дæр мæ уидаг нæ ауагътон: мæ хъустыл æрцыд, зæгъгæ, дам, Етем Черкес, убыхаг сæрæнгуырд, хæст расидт æмæ æппæт кавказæгты йæ тырысайы бынмæ хоны. æртæ сæдæйы бæрц баистæм. Ескишехиры фарсмæ хæстыты цабальцагтимæ æмдыхæй бердзенæгты ныддæрæн кодтам. Кемаль-паша хицаудзинады бæрзонд къæлæтджыны бабадынмæ хъавыд, тарстис Черкесимæ ерысæй æмæ йæ адæмы цæсты бафтауыныл архайдта. Фæлæ, Етем дæр йæ дæлæйы кæмæн рауайау, уыдонæй нæ уыд. Фæныхæй ныхмæ сты. æмæ Черкесы хабар сæ хæрзтæй нал уыд, марынвæнд æй кæй кæнынц, уый базыдта æмæ лыгъд радта — знаджы фарс фæцис. Йемæ дзæвгар ацыд нæ абхазæгтæй. Мах, æдзух куыд вæййы, афтæ хъуамæ, чи фæхæрд, састы чи баззад, уый æмуæхск балæууæм — Хуыцауæй нын загъдæуыд афтæ, нæ туджы фыст ис. æз фæцæхгæр кодтон, нæ мæ бафæндыд уыцы фæндагыл ахæцын, фæуагътон сæ сæхи бар æмæ Истамбулмæ ныццавтон. æнæхъæн æртæ мæйы, Абхазимæ цы нау ацæуинаг уыд, уый фæхъахъхъæдтон, фæлæ та мæ фæндтæ фæсыкк сты. Уæд æндæр науæй Трабзонмæ бацыдтæн, уырдыгæй та мæхи арæнмæ хæстæг байстон. Сарпы цур ныр æй Кемаль-паша хонынц, æппæты фыццаг та Адзлагара хуынди, — къордæй абхазæгтæ æрбынатон сты. Ажибатæм бахаудтон, хорз дыууæ ’фсымæры уыдысты. Мæ сусæг фæнд сын сæргом кодтон — сразы сты мемæ фæндаг айгæрдын Абхазимæ. Нæхи дзæбæх бацæттæ кодтам, срæвдз æмæ иу райсом раджы адардтам нæ фæндаг. Нæ хъарутыл баууæндыдыстæм — уæдæ: æртæ гæрзифтонг сагсур лæппуйы! Мигъ ныббадт, æмæ ууыл дæр цин кодтам. Фæлæ та ацы аскертæ, ацы... Баввахс стæм арæнмæ, афтæ нæ бафиппайдтой. Кæрæдзимæ топпы дзыхæй сдзырдтам. Ныккалдтой ныл. Кæстæр Ажибатæн нæмыг йæ тæккæ зæрдæйыл сæмбæлд, дзыхъмард фæци. Хистæр дæр уæззау цæф фæцис. æз æй сæккой кодтон, хæссын æй хæхтырдæм, рæстæггай рахсын фæстæмæ. Иу ран фæцудыдтон нарæг къахвæндагыл, æмæ мæ уаргъ сæрсæфæнмæ асхъиудта. Уæдмæ мын мæ галиу къух фæцæф кодтой — зæбулæй аззад. Уæддæр мæ цыд кæнын. Фæлæ та мæ сæргъæвтой — нæмыг мын мæ зæнджы стæг ныппырх кодта. Мæ зонд фæтар, ахаудтон...
Рынчындоны куы æрчъицыдтон, уæд мæ къах мæ уæлæ нал уыд. Стæй тæрхоны раз æрлæууыдтæн: æртæйы дзы амардтон аскертæй, астæй та цæфтæ фесты. æрцауындзыны тæрхон мын рахастой, фæлæ мын цавæрдæр паша, абхазæгтæм хорз зæрдæдарæг, фæтæригъæд кодта æмæ мын æстдæс азы радтой. Бæргæ фæлвæрдтон ахæстонæй дæр алидзын, фæлæ иу къахонæй цæй лидзæг ис... Гъе афтæ, мæ къонатæ, Абхазимæ мæн хонæг фæндагыл сындзытæ ныккалд, дурты цæндтæ. Мæ фыдыуæзæгыл сæмбæлдтæн æрмæстдæр æртæ æмæ ссæдз азы фæстæ. Мæ ныййарджытæй удæгас ничиуал уыд, хистæр æфсымæр мæ цуры фæмард Балканы хæстыты, кæстæры та нал ныййæфтон: уый дæр хæстмæ фæкодтой дыууиссæдз абхазагимæ — æмхъæуккæгты. Сæ иу дæр йæ райгуырæн къæсæрæй фæстæмæ нал бахызт... Аст æмæ ссæдз хæдзары уыд нæ хъæуы, ныр дзы се ’мбис дæр нал баззад: алы хæцгæ низтæ, хæст, æххормаг азтæ-йедтæ скуынæг кодтой адæмы, чидæртæ та сæхи айстой ардыгæй. Айдагъ зæрæдтæ ма нæм ныссагъд ам. Боны фæстагмæ уыдон дæр аивгъуыдтой æцæг дунемæ, æмæ нæ хорз хъæу сæдзæрæг. Цы дыдагъ уынгыл æрбауадыстут, уый абхазаг ном хæссы, уый ма хæссы абхазаг фæд... Лазæгтæ, курдæгтæ, турк... æллæх-æллæх, — зæронды мæллæг риуы арфæй сирвæзти уынæргъын, æнæбоны хъæрзт. — Хæдзар бамбыд, кæрт хæмпæлы бын фæцис. Алырдæм дæр ахæсс дæ цæст — иууылдæр дæрæн, пырх, æдзæллаг, æдзæрæг кæрты зæрдæуынгæггæнæн уынд. Фæлæ æз дысвæлдæхтæй бавнæлдтон æмæ бонæй бонмæ схуызæн кодтон нæ уæзæг. Ракуырдтон ус, мæ иунæг фырты схъомыл кодтон, бинойнаг ын æрхастон — байзæддаг мын фæзынд, фæлæ мæ фырт бирæ нал ахаста, сидзæрæй ныууагъта Эрханы. æз æппæт дæр кодтон, цæмæй йæхи сидзæрæй ма ’нкъара. Байрæзт, бахъомыл, слæг. æмæ йæхи Самсунмæ аппæрста хуыздæр цардагур, уалынмæ æз фæдæлсыджыт уыдзынæн, æмæ ма уый ардæм уæвгæ дæр раздæха. Гъе, мæ зынаргъ æфсымæртæ, ахæм цæрдтытæй хъазæм... Аргæвстон уæ фыдбирæ ныхæстæй. Фæлæ ам мæ ныхæстæ ’ндæр никæй хъæуынц, — æмæ та зæронд, æз ын цы дон раттон, уый адджынæн банызта. æмæ бæрæг уыд, ахсджиаг цыдæртæ ма йæ зæгъын кæй фæнды, уый. — Нæ мæ уадзы иу хъуыды рагæй дæр цух... Цæмæн, фæзæгъын мæхицæн, фæтарстысты нæ фыдæлтæ уырысæй æмæ куыд, цы хъæбæр зæрдæйæ ныууагътой сæ адджын райгуырæн зæхх — цæуыннæ дзы фæцагъды сты йæ сæрибары сæрвæлтау хæсты? Цы ныфс сæ тардта кæйдæр бæстæм? Ам нын уайтагъд дæр нæ хæстхъом фæсивæд æмæ лæгты æфсады балæууын кодтой: «Уæхи райгуырæн бæстæ нæ хъахъхъæдтат, фæлæ махон та — о!» æмæ — схъазуатон хæстонтæ сты: уартæ дзы æрмæст Чанак-калайы дыууæ бонмæ фæмард авд минмæ æвахс æхсидав лæппутæ! Абхазæгты æнхъæлцаутæ. Стæй Балкантæ, Арави, Болгари... æмæ махыл уæ зæрдæ ма дарут — Абхазы хæхтæ æмæ дзæнæтон дæлвæзтæ уæ руаджы сты цæрæццаг, сымах къухты ис йæ хъысмæт, йæ фидæн. Фæлæ ма уæ цæмæй бафæрсинаг дæн... Ис ма исчи уым нæ хъæстæйæ — Мгудзтæй?
— æнæхъæн хъæу дæр ма нæм ис — Мгудзырхуа. Фæлæ де ’рвадæлтæй никуы никæуыл амбæлдтæн... — Ахæм мыггагæн нæм йæ кой дæр нæй, зæгъгæ, зæгъын ын нæ бакуымдта Раждены зæрдæ.
Эрхан æрбауад, зæронды хъусы бадзырдта, минас цæттæ у, зæгъгæ.
— О, о, хорз, науæд нæ уазджыты ныхæстыл фæдардтам, сыдæй сæ марæм... — Махыздæм раздæхта йе ’ргом. — Табуафси, саккаг кæнут саходын нæ цæхх, нæ кæрдзынæй — Хуыцау цы рарвиты, уымæй разы. Бæргæ, кусарт уын куы акодтаиккам... Цæут, уæхæдæг абадут, мæныл ма тыхсут — æз дæр сæ бынтон рох нæ уыдзынæн...
Стыр уаты астæу фынгæвæрд сарæзтой. Исмет нæ бакуымдта немæ сбадын, фыццаг уæладзыгмæ айста йæхи. Эраханæн та хистæртимæ сбадын абхазаг æгъдаумæ гæсгæ не ’мбæлд, уырдыг нын лæууыд. Нæхимæ Абхазийы куыд дæргъвæтин рæстæг фæбадæм, рæгъытæ уадзгæйæ, гаджидæуттæгæнгæйæ, ам афтæ нæ уыд — нæй сæм сæн нуазыны æгъдау пысылмон фæткмæ гæсгæ. Ноджы ма нæ батагъд кæнын дæр хъуыд — Самсунæй Абхазимæ хъуамæ араст уæм дыууæ схаты фæстæ.
Фынгæй сыстадыстæм æмæ хæрзбон зæгъынмæ бацыдыстæм Хасанмæ.
— Цæй тагъд фестадыстут — дард фæндаджы размæ хъуамæ хорз федтаиккат уæхи...
— Уæ минас — мин азы, Хасан. æгæр хорз дæр ма нæ федта Эрхан. Хуыцау уын раттæд, уæ бæркад-бæрæчет бирæ уæд, алы уазæг дæр уæ мах хуызæн буцæй цæуæд! — зæрдæбын арфæтæ кодта не ’ппæты номæй дæр Ражден.
— Кæд исты уæ зæрдæмæ нæ фæцыд — хатырæй нын уæд. Мæ цæхгæр ныхæстæ дæр уæм хъыг ма фæкæсæнт...
Абхазæгтæ та ногæй фенкъуысой æмæ фæстæмæ аздæхой, уый та тынг вазыгджын хъуыддаг у. Фæсивæд къаддæр баст сты туркæгтимæ, Турчы зæххимæ — бæргæ, сæ иу хай уын уæддæр куы акомид сæ рагфыдæлты сæрыстыр бæстæмæ. Фæлæ хистæртæй чи туркæгтимæ тугхæстæг сси, кæмæн ам зæххытæ ис, фабриктæ — заводтæ, базарад... æгæр зын у æппæт уыдæттæ ныууадзын. Стæй уым, Абхазийы, чи уыдзысты? Абхазаг лæг йæ сæрмæ нæ хæссы, мæгуыргур уа, лæгъстæйаг уа, уый... Ноджы ном, куыд не ’мбæлы, афтæ нымады у, чи нæ цы зæгъдзæн, чи нæ цы схондзæн, уый дæр. Ис ма иу ахæм фæзилæн дæр — дин. Ардæм куы ’рбафтыдыстæм, уæд абхазæгтæй стæмтæ уыдысты пысылмон диныл хæст, ныр та æмхуызонæй стæм пысылмæттæ. æмæ...
æз ын йæ ныхас къæйныхæй айстон:
— Хасан, абон Абхазийы уавæр цæхгæр фендæрхуызон: рæхджы дзы мæзджыттæ аразын райдайдзыстæм!
— Уый — иттæг хорз, Аллах уын ахъаз кæнæд!
— æмæ, зæгъæм, сразы сты адæм аздæхыныл, уæд сæ Турк ауадздзæн?
— Ауадздзæн! Цы ма нæ кæнынц — сæ туг сын фæхуыздæр кодтам, нæ фæллæйттæ сын баззайдзысты... Туркæн хорз зæрдæ ис: ницы сæ рох кæны — нæдæр нæ хæрзтæ, нæдæр нæ фыдракæндтæ. Хæрзæрæджыты дæр ма-иу амбæлæн уыд сыгъдсæр туркæгтыл, тæлмæй сыгъд. Абхазаг стигъджыты фæд. Куыст нæ уыд, фæллой нæ уыд, бинонты та дарын хъæуы. æмæ уæд бацу  хъæздыг лæгмæ, йæ сæрыл ын æфсæн тæлы æркæн дзæбæх тæвдгондæй æмæ йæ бафæрс, йæ сызгъæринтæ кæм батъыста, уымæй... Стæй ам куы рафтауæм нæ сæфтæг, уæд нæ цыбыр рæстæгмæ абхазаг æвзаг иу дæр нал зондзæн. æгъдауæй дæр... Цæуыл хъуамæ сахуыр уай, йе ’мхæрæфырт чызджы чи ракуры, уыдоныл?! Науæд та дыууæ ’фсымæры цот дæр бакъæйттæ вæййынц... Нæ, уый нын фидæны фæлтæртæ нæ ныббардзысты... — Хасан та хъæрзæгау ныуулæфыд. — Нал уæ уромын. Фæндаг раст ут. Фæндараст... æмæ уемæ... Эрхан дæр! Аныхас кæнут йемæ, мæ хуртæ, сразы йæ кæнут! æвгъау у фесæфынæн, абхазаг гуырд мауал уа, уымæн!
— Бацархайдзыстæм! — разæнгардæй загъта Ражден, — нæ фесæфдзæн Абхазийы Мгудзы фæд.
— Хур ныккаст мæ зæрдæмæ! Хуыцауы уазæг ут æмæ уæхи фæндиаг уæнт уæ хъуыддæгтæ!
Хæрзбонгæнгæйæ хъавгæ ахъæбыстæ кодтам Хасанæн, дзæбæхæй баззайут, зæгъгæ, раарфæ кодтам сылгоймæгтæн, бабадтыстæм та Эрханы машинæйы æмæ атындзыдтам Самсунмæ.
Фысымуаты кæрты дзæвгар адæм æрæмбырд, хæрзбон-фæндарастгæнджытæ: абхазæгтæ, адыгтæ, горæты хицауады минæвæрттæ...
æнæнхъæлæджы Эрханмæ мидæмæ фæдзырдтой, мæнæ дæ телефонæй агурынц, зæгъгæ. Исмет дæр йемæ фæцæуæг. Хуыздзыдæй рацыдысты, Эрханы цæстытæ бынтон æнкъард.
— Хасан... Мах куы рацыдыстæм, уæд...
Сагъдауæй аззадыстæм. Куыддæр нæ ныфс нæ хастам Эрханæн тæфæрфæсы ныхæстæ кæнынмæ дæр — æнæдзургæйæ-иу æй нæ алчидæр йæ хъæбысы æрбатыхта. Мæнæн сабыргай загъта:
— Хасанæн цы ’гъдæуттæ ’мбæлы, уыдон куы скæнон, уæд æз... æз... æз уыл уым æмбæлдзынæн, хъæу Мгудзырхуаты!
Денджызы уылæнтæ цыма æппæт науты дæр Абхазийырдæм хæссынц, афтæ мæм дзырдта мæ зæрдæ. Апснымæ — уды бæстæмæ...

1995 аз, Сухум.
ГУСАЛТЫ Барисы тæлмац

Мах дуг.– 2008.– № 4.


Литература народов Кавказа
      Армянская
      Абхазская
        Абхазаг æмбисæндтæ
        Абхазаг таургътæ
        Агындиа Сергей
        Аджба Таиф
        Амаршан Витали
        Аламиа Геннадий
        Ажиба Энвер
        Гогуа Алыкса
        Джинджолия Владимир
        Искандер Фазиль
        Касландзиа Валери
        Квициниа Никъала
        Лагулаа Анатоли
        Лакербай Юри
        Ломиа Константин
        Мукба Анзор
        Хашиг Никъала
        Хашба Риммæ
        Хварцкия Игорь
        Чкадуа Шота
      Балкарская
        Амина Газаева
        Владимир Мокаев
        Кулиев Кайсын
        Муталип Беппаев
        Светлана Моттаева
        Хасан Шаваев
      Грузинская
      Дагестанская
        Аджаматов Аткай
        Ахмедов Мурад
        Гамзатов Расул
      Кабардинская
        Борис Кагермазов
        Мадина Хакуашева
        Зубер Тхагазитов
        Магомед Кудаев


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.