logo

М О Я    О С Е Т И Я



Шолохов Михаил Александрович
зындгонд уырыссаг фыссæг (1905 – 1984)

Михаил Александрович Шолохов (1905 – 1984) – советский писатель, обладатель Нобелевской премии по литературе, автор таких известных произведений как «Тихий Дон» и «Поднятая целина». Подробнее: https://obrazovaka.ru/alpha/s/sholoxov-mixail-aleksandrovich-sholohov-mihail-aleksandrovich#ixzz5gpJkehLC



ХОЙРАДЖЫ КОМИССАР

I
Сæ зылдмæ дæр æрцыд облæсты хойраджы комиссар. Дзырд­та æнæвдæлонæй, йæ рæдæнг даст мукъу æнæрвæссон расчъил-басчъилгæнгæйæ:
— Статистикæ куыд амоны, афтæмæй дæ бæрныгонд зылдæй хъуамæ æнæмæнг райсай сæдæ фæндзай мин путы хор. Дæу, æмбал Бодягин, æз ацы зылды хойраджы комиссары бынаты уымæн сæвæрдтон, æмæ амалджын, сæрæнгуырд кæй дæ. Мæ зæрдæ дыл дарын. Мæй дын æмгъуыд… Трибунал дæр а дыууæ боны зындзæн. æфсад æмæ центры хор мæнæ афтæ хъæуы… — Йæ армы тигъæй йæ хурх лыггæнæгау адаудта, æмæ йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд. — Фыдæнæн æй чи ’мбæхса хор — æхсгæ!
Йæ цыбырæлвыд сæрæй æркуывта æмæ ацыд.

II
Телыхъæдтæ, сырддонцъиуау гæпп-гæпгæнгæ, кæрæй-кæронмæ æрцагайдтой æппæт зылдыл дæр, стæй фехъусын кодтой: хорист стынг кæнут!
Хутортæ æмæ хъаллæтæ-станицæтæ хъазахъ-хорыгуыстгæн­джытæ, сæ зынаргъ буц рæттæй сæ астæутæ дзæбæх æрбалвасгæйæ, хъуыды дæр ыл нæ акодтой, афтæмæй æмхуызон уынаффæ рахастой:
— Хуыцауы ницæуыл хор дæттын?! Никæддæр!..
Кæртыты, цæхæрадæтты, уынгты, хуыздæр кæмæ куыд каст, афтæ æхсæвыгæтты уæрмытæ фæкъахтой, æхсæст мæнæу дæсгай, сæдæгай путтæй баныгæдтой. Алчи дæр йæ сыхаджы тыххæй зыдта, кæм æмæ сæ куыд чи бафснайдта йæ хор, уый.
Фæхъус сты…
Бодягин хордомæг къордимæ зилдух кæны зылдыл. Тачанкæ­йы цæлхыты бынæй миты хъыллист ссæуы, халасæвæрд каубыд гæрæнтæ фæстæрдæм згъорынц. Изæргæрæтты цъынд­­­-д­заст рухс. Хъаллæ — иннæ хъаллæтау, фæлæ ай Бодягинæн йæ райгуырæн къæс у. æхсæз азмæ нæ фендæрхуызон.
Афтæ уыд: июль арауы, ауæдзты былтыл йæ бур-бурид фынк акалдта къаппа-къуппа, тæккæ хорæфснайæнтæ, Игнашкæ Бодягиныл сæххæст цыппæрдæс азы. Карста æмæ ссывта фыд æмæ сæ кусæгимæ. Фыд сæ кусæджы, сагойы дæндаг кæй асас­та, уый тыххæй ныццавта; фыдмæ хæрзхæстæг бацыд Игнат, загъта йын, йæ дæндæгтæ нылхъивгæйæ:
— Æлгъаг дæ, баба…
— Æз?!
— Ды…
Игнат фæуæлгоммæ йæ фыды тымбыл къухы мыхъхъæй, но­джы ма йæм дзы саргъы гæрзæй æрлæвæрдта. Изæрæй, сæхимæ быдырæй куы ’рбацыдысты, уæд фыд дыргъдоны бал бæласæй лæдзæгæн бæзгæ къалиу ралыг кодта, самадта йæ æмæ — йæ зачъетæ даугæйæ, лæдзæг Игнаты къухты фæсагъта:
— Бавдæл, мæ фырт, æмæ æрзил бæстæтыл, æмæ дæ сæры иучысыл зондыхъæр куы бацæуа — раздæх-иу фæстæмæ, — æмæ йæ мидбылты схъæлхудт бакодта.
Афтæ уыд, — ныр та тачанкæ сыф-сыф кæны халасæвæрд каубыдты рæзты, фæстæрдæм лидзынц хæдзæртты хъæмпынсæртæ, кæркæ-мæркæ ахуырст ставнæтæ. Бодягин йæ цæст ахаста сæ хæдзары раз зайæг къутæртыл, скаст хæдзары сæрыл æдзæмæй хъихъругæнæг æфсæйнаг уасæгмæ — йæ базыртæ ныттыгъта; Игнат æй фембæрста, йæ хурхы уадындзтæ йын цыдæр куыд ахгæдта, уый — улæфт ын нал фаг кодта. Изæрæй сæ фысымы афарста:
— Зæронд Бодягин ма сæрæгас у?
Уый бæхифтындзæн дзаумæттæм зылдис, йæ куыст фæ­уагъта, æмпылд цæстытæй ракаст:
— Хъæздыгæй хъæздыгдæр кæны… Ног ус æрбакодта, зæронд йæ цардæй ахицæн, фырт кæмдæр фесæфт, ай та, зæронд бодз, иу идæдзæй иннæмæ згъоры.
Стæй, йæ ныхасыуаг фæзæрдиагдæр кæнгæйæ, бафтыдта:
— Хæдзардзин у, хъуыддаджы лæг… Исты зонгæ дын у?
Райсомæй, аходæн куыд хордтой, афтæ цæугæцардгæнæг ревтрибуналы сессийы сæрдар загъта:
— Знон дыууæ кулаччы сходы адæмы ардыдтой, хор, дам, ма дæттут, зæгъгæ… Джигулгæнгæйæ ныхкъуырд лæвæрдтой, дыууæ сырхæфсæддоны снадтой. Иннæтæн зонды хос: тæрхон сын скæндзыстæм æмæ сæ агуыпп ласдзыстæм…

III
Трибуналы сæрдар, раздæры боцкъатæгæнæг, æмбырдты агъуыс­ты ныллæг сценæйы, цыма ног мигæнæныл зæлланггæнаг тæлы æрцавта, уыйау фехста бардзырд:
— Агæрах сæ кæнут!..
Дыууæйæ сæ уынгмæ фæцæйкодтой… Фæсте чи цыд, уый Бодягины фыд разынд. Йæ бур зачъетæн æрмæст сæ кæрæттæ фæхаласдзæф сты. Йæ хурсыгъд, æнхъырдтæ къæбут ын Игнат йæ цæстæнгасæй афæндараст кодта, рахызт сæ фæдыл...
Асинты раз хъалагъурты хицауæн загъта:
— Уæртæ ма мæм уымæ фæсид, зæрондмæ.
Тыхцыд кодта зæронд, ныггуыбыр æфхæрдхуызæй, базыдта фырты, æмæ йæ цæстытæ цæхæр скалдтой, стæй æрмынæг сты. Йæ цæстæнгас æрфгуыты хъентæ-ментæ хæмпæлы бын бамбæхста:
— Сырхытимæ дæ, хъæбул?
— Уыдонимæ, баба.
— Бæз-з-зы… — Йæ цæстæнгас кæдæмдæр аздæхта.
Хъусæй аззадысты.
— æхсæз азы кæрæдзи нæ федтам, баба, æмæ, цæуыл дзурæм, уый нын нæй?
Зæронд уыцы мæстыгæр нынцъылдтæ кодта йæ ныхвæйнæг, хъæддыхæй сдзырдта:
— Нæй, æвæццæгæн… Фæйнæ фæндагыл фæцæуæг стæм — афтæ схаудта нæ хал. Мæн мæхи ис-бисы тыххæй фехсын æмбæлы, мæхи амбармæ сæ кæй нæ уадзын, уый фыдæй дæн — контрæ, фæлæ искæй хордонмæ чи ныхилы, уый та закъо­нæн хион у? Стигъут, тых сымахырдыгæй ис.
Комиссар Бодягины цыргъ русты дзыхъхъыты царм цъæх афæл­дæхт.
— Мах мæгуырты не стигъæм, искæй хидвæллойæ чи сбонджын, уыдоны рæбынтæ та халамæрзæнæй сыгъдæг кæнæм. Ды æппæты фыццаг фæцъырдтай æххуырстыты туг цæргæ-цæрæнбонты!
— æз мæхæдæг куыстон æхсæвæй æмæ бонæй. Бæстæтыл нæ лекка кодтон мæнæ дæуау!
— Чи фæллой кодта — кусджытæ æмæ зæхкусджыты хицау­дзинады фарс æрбалæууыдысты, ды та йыл хъиладзагъдæй сæмбæлдтæ… Кауæй мидæгдæр æй нæ бауагътай… Уыйадыл дын дæ рыг скалдзысты, дымгæмæ дæ ныддардзысты!..
Зæронды хæрхæргæнаг улæфт æддæмæ бырста. Фæсус хъæ­лæ­сæй загъта, цыма фæстаг æндахы хал рæмыгъта, уымæй размæ сæ иумæ цы хал баста, уый:
— Ды мæнæн фырт нæ дæ, æз та дæуæн фыд нæ дæн. Дæ фыдмæ ахæм ныхæстæ кæй сфæрæзтай, уый тыххæй æртæ æлгъысты фæу, Хуыцауы налат! — Ату кодта æмæ æдзæмæй фæраст. Цæхгæр фæзылд, æргом цинæмхæццæ фæхъæр ласта: — Ннæ, Игнашкæ!.. Ау, нал фембæлдзыстæм, дæ мадæн та дын цы хуыздæр ныссидон! Хоперæй æрбалæгæрдынц хъазахъæгтæ уæ хицаудзинады хурх дзæнгæл кæнынмæ. Кæд нæ амæлин, Мады-Майрæм мæ кæд бахъæууай кæнид, — мæхи къухтæй дын дæ уд сласин.

* * *

Изæрæй хъæугæрон дымгæгуыройы иувæрсты сыджыткъах­æнтырдæм — ардæм феппарынц хæдмæл стурты, — къордæй базылдысты. Комендант Тесленко йæ лулæ асыгъдæг кодта, цыбырæй загъта:
— Уæхи хæстæгдæр байсут æрхмæ…
Дзоныгътæ фæндагбылты чъизи мит кæрдихтæ-кæрдихтæй карстой. Бодягин сæм фæрсмæ бакаст, загъта, цыма йын улæфт нæ фаг кæны, уыйау:
— Хæрам зæрдæ мæм ма бадар, баба…
Дзуапмæ банхъæлмæ каст.
Дуне хъусæй лæууыд.
— Иу… дыууæ… æртæ!
Куыройы разæй бæх ахаста, дзоныгъ удаистæй хæрдмæ хауд, мæнæ-мæнæ фæфæлдæхдзæн — йæ рæтæнæгъдты ахуырст къæлæт ма дæргъвæтин рæстæджы фæзын-фæзын кодта æрвцъæх мигъвæлмы æрæфсæрæг митбыдыры сæрмæ.

IV
Телыхъæдтæ, сырддонцъиуы гæпп-гæппау, фæцагайдтой æппæт зылдыл дæр кæрæй-кæронмæ, стæй фехъусын кодтой: Хопер сыстад. æххæсткомтæ бынты-быны сыгъд. Сæ кусджытæй сын кæй æргæвдгæ скодтой, чи та сæ фæлыгъд.
Хоргуркъорд зылдмæ ацыд. Хъаллæйы ма суткæ æмгъуыдæй баззадысты Бодягин æмæ трибуналы комендант Тесленко. Цæмæй хоркалæн пунктмæ фæстаг уæрдæттæ æд хор тагъддæр арвитой, ууыл архайдтой. Райсомæй æрбамидæг уадтымыгъ. Алцыппæт скъæфта, зилдухæнтæ кодта, хъаллæ урс мылазоны бын фæцис. Изæрмæ бирæ нал хъуыд, афтæмæй фæзмæ тæргæ бæхæй æрбакалдысты иу ссæдз барæджы. Митхъæпæнты бын норст хъаллæйы сæрты аивылд фæдисы дзæнгæрджытæ. Бæхты мыр-мыр, куыйты ниуын, дзæнгæрæджы фæллад, фæсус хъæрахст.
Сыстад…
Уæлвæз къуыбыры саргъау цъуппы фале фесты дыууæ барæ­джы, уый дæр тыхтæй-амæлттæй. Дæлвæз та, хиды уæлæ, бæхы къæхты æмдзæгъд. Раззаг, афицеры бухайраг худ ыл, ехсæй æрлæвæрдта хæрзмыггаг даргъкъах дугъонмæ.
— Нæ нын аирвæздзысты коммунисттæ!..
Фæскъуыбыр Тесленко йæ ныллæг, фæлæ тыхджын цъæх бæхы рохтæ базмæлын кодта.
— Куыннæ дын мæ баййафдзысты!
Сæ бæхты тыхтард нæ кодтой. Зыдтой йæ, къуыбыртæ иу дæс æмæ ссæдз версты фæтæнæн кæй сты, уый.
Сæ сурджытæ фæйнæрдæм апырх сты. æхсæв хурныгуылæнырдыгæй, зæххы кæроны дæле, фæгуыбыррагъ, ныннорста йæхи. æртæ версты цыдæр рауадаиккой хъаллæйæ, афтæ æрхы бын хæмпæлты Бодягин кæйдæр ауыдта. Бæх æм батардта, фæсус хъæлæсæй йыл фæхъæр ласта:
— Цы хæйрæг дæ ’рбахаста ардæм, цы ныффæтъæн дæ ам?
Бынтон æнахъом лæппу разынд, цъæх-цъæхид мыдадзæй сæрстау, тыхамалæй банкъуыст. Бодягин ехс бæрзонд фæхаста, бæх йæ мукъу­тæ хæрдмæ фæкодта, сиргæ цыдæй йæм хæстæгдæр балæууыд.
— Цæмæй ныддæвдæг уай, уый дæ фæнды, хæйрæджы бæркъа? Куыдæй æрбафтыдтæ ардæм?
Саргъæй æргæпп ласта, æргуыбыр æм кодта, йæ хъустыл æнæбоны сыф-сыф ауад:
— Ныссалдтæн, мæ фыды хай… Сидзæр дæн… хилын иу ранæй иннæмæ æвæгæсæгæй. — Йæ сæр сылгоймаджы скъуыд­тæ уæлгуыры æрбатыхта æмæ фæхъус, ныссабыр.
Бодягин йæ цыбыр кæрцы цæппæртæ суæгъд кодта, сабийы æрбатыхта йæ хъæбысы æмæ ма тыхтæй-фыдтæй схызт бæхмæ — уый фегоммæгæс.
Сæппæй уадысты. Лæппу кæрцы бын стæфст, йæхимæ æрцыд, гæрз роныл фидар ныххæцыд. Бæхтæн сæ тахт сабырæй сабырдæр кодта, сæ хæр-хæр цыд, мæстæлгъæд-иу ныммыр-мыр кодтой, сæ сурджыты къæхтыхъæр хъусгæйæ.
Тесленкойæн дымгæ йæ хъæлæс дзаг кодта, нæ йæ уагъта дзурын, фæлæ уый уæддæр хъæр кодта, Бодягины бæхы барцмæ фæлæбур-фæлæбургæнгæйæ:
— æрис лæппуйы! Нæ сæ хъусыс, хæйрæджы байзæддаг? Аппар æй, чи зоны, æмæ ма кæд аирвæзиккам!.. — Мад, фыд ын нал ныууагъта, Бодягинæн йæ салд сырх къухтæ ехсæй æрцъыкк, æрцъыкк кодта. — Куы нæ баййафой — æрфарин нæ кæндзысты! Уæ саусыгъд бакæнай дæ дзæгъæлдзу гуырдимæ!..
Бæхтæ кæрæдзи баййæфтой, баиу сты сæ фынккалгæ хæмхудтæ. Бодягины къухты туг калд, афтæ йын сæ снадта Тесленко. Уый та йæ дæвдæг æнгуылдзтæй йæхимæ æлхъывта сывæллоны тихалæг буар, дзылары бос саргъы хъусмæ бæтгæйæ; дамбацамæ йæхи ивæзта.
— Нæ ныууадздзынæн æнахъомы, басийдзæн!.. Ахъуытты у, зæронд хæдмæлхор, амардзынæн дæ!
Хъæлæсыдзагæй нынниудта халасрихи украинаг, бæхы рохтæ æрбалхъывта:
— Нæ нын бантысдзæн алидзын! Шабаш!..
æнгуылдзтæ — кæйдæр, æцæгæлонау æгоммæгæс; йæ дæндæгты къæс-къæс цыд Бодягинæн, йæ ронæй лæппуйы саргъыл цæхгæрмæ бæтгæйæ. Афæлвæрдта йæ, цас фидар баст у, уый — бахудт:
— Барцыл фидар хæц, хъунцъ!
æхсаргарды кæрддзæмæй бæхы рагъ æрдаудта Тесленко, йæ зæбул рихиты бын фæцавта йе ’нгуылдзтæ, абырæджы æхситтæй ныкъкъуыззитт ласта. Дæргъвæтин рæстæджы бæрц фæкастысты бæхты фæдыл, уыдон æхсызгон рогæн æрлæвæрдтой. Фæрсæй-фæрстæм æрхуыссыдысты. Хус гæрæхтæй æмдзæф фæкодтой фæскъуыбырæй сзынæг бухайраг худты…

* * *

Æртæ суткæйы уым фæлдæхтæй лæууыдысты. Тесленко йæ хомæй хуыд чъизи мидæггаг хæлафы, хъусты онг фаст комæй арвæн æвдыста салд туджы æнхъизгæ къуыбар. Бодягины бæгънæг риуыл æдасæй тæррæстытæ кодтой быдирон гопджын цъиутæ; йæ къæртт гуыбын æмæ йын йæ афтид цæстыкъуырфытæй хъуыд­дагхуызæй уыгътой саусыг хъæбæрхоры нæмгуытæ.
1925

ХАРБЫЗГÆНД

I
Фыд хъаллæйы атаманæй æрбацыд хъæлдзæгæй, цыдæр æхсызгон хабар дзы базыдта, æвæццæгæн. Йæ худын йæ бæзджын æрфгуыты бын ныссагъд, йæ былтæ сæнцъылдтæ сты тыхурæд мидбылхудтæй; ахæмæй, ныры хуызæнæй, рагæй нал федта йæ фыды Митькæ. Фронтæй куы сыздæхт, уæдæй фæстæмæ йе ’мгæрæтты дæр ма ауайай, æдзухдæр уыд уыцы хъуынтъыз, æлхынцъæрфыг, æнæвгъау радæнг-бадæнг кодта цыппæрдæсаздзыд Митькæйы æмæ-иу дæргъвæтин рæстæджы хъуыдыдзастæй йæ бур зачъетæ рафас-бафасыл сси. Фæлæ ныр та, раст цыма хур мигъты ’хсæнæй ракаст, уыйау Митькæйы дæр — йæ размæ фæцис æнæнхъæлæджы, — рæвдаугæ расхойæгау кодта схизæнæй æмæ ныххудт:
— Уайгæ, зæбулкъух, тæхгæ цæхæрадонмæ, фæдзур дæ мадмæ сихор кæнынмæ!
Сихоргæнгæйæ æнæхъæн бинонтæй бадтысты: фыд зæдтæ æмæ дауджыты сурæтты бынмæ, мад даргъ бандоны кæрон йæхи пецмæ хæстæгдæр нылхъывта, æнæсой хъæрмхуыпп куы схъуылуппытæ кодтой, уæд фыд йæ хъуынджын зачъе дыууæ дихы фæкодта æмæ та, йæ цъæхбын былтæ сæнцъулгæйæ, йæ мидбылты бахудт:
— Мæ бинонтæн хъуамæ нæ цины хабары тыххæй æз арфæ ракæнон: абон мæн снысан кодтой æфсæддон-быдирон тæрхондоны комендантæй нæ хъаллæйы… — Фæхъус, стæй та бафтыдта: — Германы хæсты дæр мын Хуыцауы дзæгъæлы нæ лæвæрдтой алы цинтæ, афицер кæй дæн æмæ-иу хъæбатырæй кæй фесгуых­тæн, уыдæттæ дæр хицауадырдыгæй рохуаты нæ баззадысты.
Стæй, сырхгæнгæйæ, йæ цæсгом туджы зилгæйæ, йæ цæстытæ Федормæ фæцæхæр кодта:
— Ды та, æнаккаг, дæ сæр цы ’руагътай? Дæ фыды цин дын цинаг нæу? И? Федькæ, ды мын дæхимæ кæс!.. æнхъæлыс, æмæ йæ æз нæ уынын, ды мужиччытимæ куыд сæмвос дæ, уый? Дæу тыххæй, æбузныг, æз йæ цæстысындз хъуамæ суон атаманæн? «Ды, дам, — зæгъы мын, — Анисим Петры фырт, фидарæй хæцыс хъазахъхъаджы номыл, Федор та, дæ фырт, бæлшæвиччытимæ фемдзæхдон, ссæдз азы йеддæмæ йыл нæма цæуы, æвгъауаг у, исты ахæм ыл куы ’рцæуа…» Зæгъ æй æргом, куыдзы хъæвдын: цæуыс се ’мбырдтæм уыцы гомгуыбынтæн?
— Цæуын.
Митькæйы зæрдæ фесхъиудта, загъта — фыд Федорæн иу ахъаззаг хафт ныккæндзæн, фæлæ уый æрмæст стъолы сæрты, йæ къухтæ атымбылгæнгæйæ, батасыд, фæтъæлланг ласта:
— æмæ ды уый зоныс, сырхæфсæддон скъæтгуыбын, æмæ мах тæккæ райсом дæ хæлæртты кæй æрцахсдзыстæм, уый? Ды уый зоныс, æмæ мах тæккæ райсом хуыйæг Егоркæйы æмæ куырд Громовы кæй фехсдзыстæм?
— Нæ, нæ зонын, фæлæ йæ ныр зондзынæн.
Мад нæ фæрæвдз Федоры йæ фæстæ акæнын, нæ бантыст Митькæйæн удаистæй фæхъæр кæнын, цалынмæ фыд, йæ къух дард фæхæсгæйæ, уæззау æрхуы къус æхста, уæдмæ. Йæ саст хæцæны цыргъ тигъ нынныхст Федоры цæсты сæрмæ. Лыстæг æлвæст тагæй туг ныццавта æнахуыр дæрддзæфмæ. æнæ­дзургæйæ Федор йæ тугамæст цæст сæхгæдта. Мад, нæтгæ хъæрзгæйæ, æрбахъæбыс кодта лæппуйы сæр, фыд та, даргъ бандон гыбар-гыбургæнгæйæ афæлдæхта æмæ, федде уæвгæйæ, дуар йæ фæстæ ныггуыпп ласта.
Суанг изæрмæ змæлæнтæ кодта мад. Чырынæй хурмæ хусгонд кæсæгты баст систа, хызыны сухаритæ ныккалдта, уый фæстæ рудзынджы цур æрбадт, Федоры мидæггæгтæ æмпъуз­гæйæ. Йæ цурты фæцæйцæугæйæ, Митькæ уыдта, мад, йæ сæр мидæггæгты æргъомы фæцæвгæйæ, æнæзмæлгæйæ куыд бады, уый — æрмæст йæ уæхсчытæ лæбырдтæ уæлгуыры бын ризæгау куы размæ фæвæййынц, куы фæстæмæ сæмраст вæййынц.
Фыд сæударæй æрбацыд æмбырдæй æмæ, йе ’хсæвæр дæр нæ бахæргæйæ, йæ уæлæдарæс дæр нæ раласгæйæ, сынтæгыл бафæлдæхт. Федор, йæ къæхты бын пъолы фæйнæджытæ куыд нæ фæхъинц кæной, афтæ йæ къахфындзтыл бахъуызыд къæбицмæ, райста саргъ, дзылар æмæ кæртмæ рацыд.
— Митя, ардæм-ма рауай!
Митькæ родты здæхта, фехста йæ уис лæдзæг, бацыд æфсымæ­ры цурмæ. Цыдæр æгъдауæй йæ æмбæрста, Федор Доны фале большевиктæм цæуынвæнд кæй скодта, уый — уырдыгæй алы хурыскастыл дæр ленк кæнын райдайы æмæ сæ хъаллæйы сæрты уылæнгай фæивылы сармадзанты æмыр æмбу. Бафарста йæ Федор, йæ цæстытæ иуварс азилгæйæ:
— Нæ йæ зоныс, Митяй, бæхдон æхгæд у?
— Гуыдырæхгæд у… Цæмæн дæ бахъуыд йæ бæрæг зонын?
— Хъæуы мæ, æвæццæгæн. — Фæхъус Федор, йæ дæндæгты ’хсæнты æхситтæй ахъазыд, стæй æнæнхъæлæджы сусу-бусумæ рахызт: — Бæхдоны дæгъæлтæ сты нæ фыды базы бын… йæ нывæрзæны… рамырх сæ… мæнæн æдзæугæ нал у…
— Уæд кæдæм?
— Сырх гвардимæ… Ды нырма æнахъом дæ, фæстæдæр æй бамбардзынæ, рæстдзинад кæйырдыгæй цæры, уый… Гъемæ уæдæ æз цæуын хæстмæ зæххы сæраппонд, мæгуыр адæмы сæрвæлтау, стæй уый тыххæй, цæмæй иууылдæр æмхуызон уой, хъуамæ ма уа нæдæр хъæздгуытæ, нæдæр мæгуыртæ, фæлæ æппæт дæр сты æмхуызон.
Федор суæгъд кодта Митькæйы сæр, хъуынджын æрфыгæй йæ бафарста:
— Дæгъæлтæ рахæсдзынæ?
Митькæ дзуапп радта æнæкъуызгæйæ:
— Рахæсдзынæн, — Федормæ йæ чъылдым раздæхта æмæ, фæстæмæ нæ фæкæсгæйæ, хæдзармæ фæраст.
Уаты уыд талынггомау, æнады дыв-дыв кодтой царыл фынæйгæнæг бындзытæ. Дуаргæрон раласта Митькæ йæ къахыдарæс, хæцæн хæрдмæ сæлвæста (ма фæхъинц кæна дуар), байтыгъта йæ æмæ бæгъæмвадæй хъавгæ басирæгау кодта сынтæджы цурмæ.
Йæ сæр рудзынджырдæм, афтæмæй уæлгоммæ хуыссыд фыд, йæ иу къух йæ дзыппы, иннæ сынтæгæй æрзæбул, амонæн æнгуыл­дзы стыр ных, тамакойæ сбур, пъолы фæйнæгмæ ныббыцæу. Йæ улæфт буаромгæйæ, бацыд Митькæ сынтæгмæ, æрлæууыд, байхъуыста фыды æнхъизгæ хуыр-хуырмæ. æдзæм дуне, сбæзджын æмæ нындзыг… Фыдæн йæ бур зачъейы дзулы муртæ æмæ айчы цъары стигъæнтæ, йæ уæрæхгом дзыхæй мæстæлгъæдæй бырсы спъиртты хъылмадæф, кæмдæр йæ хъæлæсы бын та хæр-хæр кæны æмæ йæхи уæлæмæ рæмудзы хуыфæг.
Митькæ йæ къух базмæ баивæзта, йæхицæн та йæ зæрдæ æнæрынцойæ: тук-тук-тук-тук…
æмæ йæ туг дæр, сæрмæ ныццæвгæйæ, хъусты сындзджын дзæнгæрджытæ цæгъды. Раздæр йæ иу æнгуылдз фæцавта базы бын, стæй иннæ. Бырынцъаг гæрзы уаццагыл андзæвыд, дæгъæлты басты уазал банкъардта, сындæггай сыл йæхимæ рахæцыд, афтæмæй дын ын фыд йæ къухæй йе ’фцæггот куы ацахсид:
— Ды кæдæм ныхилыс, фыдгуырд? æз дын ныртæккæ дæ сæрыхъуынтæ дæ тæккæ къухты фæсадздзынæн!
— Баба! æз дæу бирæ уарзын, тынг бирæ! Мæнæ мæ бæхдоны дæгъæлтæ хъæуынц… Райхъал дæ кæнон, уый та мæ зæрдæ нæ бакуымдта…
Фыд Митькæмæ йæ рæсыд цæстытæ сзылдта, йæ тугбадт цæстытæ.
— æмæ дæ цæмæн бахъуыдысты дæгъæлтæ?
— Дондарын афон цыма у…
— Уый зæгъ… — Фыд дæгъæлтæ пъолмæ раппæрста æмæ, къулырдæм азилгæйæ, арф ныуулæфыд æмæ минуты фæстæ ногæй схæр-хæр кодта.
Уыциу тахт раласта кæртмæ, Федормæ — уый сарайы бын йæхи баууон кодта. Дæгъæлтæ йын йæ къухы фæсагъта, афарста йæ:
— Кæцыйы дзы ракæндзынæ бæхтæй?
— Уырсы.
Къæхты бынæй сулæфыд Митькæ, Федоры хæдфæстæ цæугæйæ, загъта мынæг хъæлæсæй:
— Федя, нæ фыд мын мæ царм астигъдзæн, уый дæм нымады нæу?..
Федор ницы загъта, æнæдзургæйæ бæхдонæй уырсы ракодта, саргъ ыл сæвæрдта, дæргъвæтин рæстæджы къахæй æгъдæнцой æрцахсынмæ нæ арæхст æмæ, кæртыдуарæй куыд рацæйцыд, афтæ, саргъæй йæхи бынмæ æруадзгæйæ, сусæгæй дзурæгау загъта:
— Фæраз, быхс, Митяй! Нæ мæгуырты хъиутæ бирæ нал хæрдзыстæм, нæ фыдæн та, Анисим Петры фыртæн, мæ ныхæстæ рафæзм, дæуыл кæнæ мамайыл йе ’нгуылдзæй дæр куы андзæва, — ахæм мастисджыты йын бафтаудзынæн йæ фæдыл æмæ…
æмæ кæртыдуарæй федде, дард фæндагмæ уырсы разæнгардгæнгæйæ, Митькæ та каурæбын æрбадт дзуццæджы, фæндыд æй Федоры фæдыл, цалынмæ йæм зына, уæдмæ фæкæсын, фæлæ йын йæ цæстытæ цыдæр цæхджын цъар куырм кодта æмæ йын йæ хъæлæс цыдæр къуыбыр æхгæдта.

II
Фыд уаты пæлхъ-пæлхъгæнаг хуыр-хуырæй бæстæ йæ сæрыл систа. Митькæ Гнедойыл дзылар бафтыдта, сбадт ыл æмæ йæ Донмæ акодта цынайынмæ æмæ дон бадарынмæ, сæ хæдзардарæг фыдæбойнаг бæх Гнедойы цæфхæдты бын хъыс-хъыс кæны, бынмæ лæзæргæйæ, дæвдæг хус мел, æрх-æрх донгæронмæ ныццыдысты, бæхы дзылар рафтыдта, феппæрста йæ пысултæ, сæумæйы талынгдзæф уымæлæй зыр-зыргæнгæйæ, æмæ йæ хъустыл ауад, дард кæмдæр цæугæдоны сæрмæ куыд апырх сармадзаны уынæр­гъын æмæ, цыма уылæнгай ивылы, уыйау анхъæвзта Доныл. Сæумæ­дæвдæджы æлхыскъгæнаг уазал доны мидæг иннæрдæм ахызт, æмæ уый Митькæ, сæрбынмæ нынныгъуылгæйæ, æгæр хорз дæр ма  æнкъардта, фæлæ бахудт йæ мидбылты, ахъуыды кодта: «Афонмæ Федор, чи зоны, æмæ ныридæгæн большевиктимæ ис… Сырхгвардийы службæ йе ’ккой скодта…»
Йæ хъуыдытæ хæдзармæ, фыдмæ, æндæрырдæм аздæхтысты, æмæ æмгуыппæй йæ цин цыдæр æрбацис, ахуыссыд, мæнæ зынджы стъæлфæн дымгæмæ куыд асау уа, афтæ. Уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй здæхт фæстæмæ хъæмæ, ныммæйдар сты Митькæйы цæстытæ.
Хæдзармæ куы баввахс, уæд та ахъуыды кодта: «Ныр лыгъд ма ратт уырдæм… большевиктæм… рæстдзинад уыдонмæ цæры, афтæ дзырдта Федор. Йæ къæдзилыл мæ хæцын хъуыд. Фыд мын мæ царм айсдзæн… мæ фындзæй мын сырхбын хамбохъ рауадздзæн…»
Схизæны раз рафтыдта дзылар æмæ аивæй бацыд агъуыстмæ. Уатæй фыд радзырдта фæсус хъæлæсæй:
— æмæ уырсы та цы ’фсонæй нæ акодтой найынмæ?
Митькæ æхсгæ кастæй бакаст мадмæ — уый бандзыг пецы фарсмæ, æмæ, йæ туг цæлхъ-цæлхъгæнгæ зæрдæйы куыд цæнд кæны, уый банкъардта.
— Уырс бæхдоны нæй!..
— æмæ уæдæ кæм ис?
— Нæ йæ зонын…
— æмæ Федор та кæм ис?
— Нæ йæ федтон.
Уаты, йæ къахыдарæс кæнгæйæ, цырыхъхъытæй сыр-сыр кæны фыд. Цæлгæнæныуылты къæбицмæ бацыд, йæ фынæйхъæлдзæг рæсыд цæстытæй æхсидæвтæ схъиудта.
— Кæм ис саргъ?.. — ныннæрыд тыргътæй.
Митькæ мадмæ хæстæгдæр балæууыд æмæ-иу уартæ кæддæр куыд уыд, сабидуджы, афтæ ныр дæр ныззæгæл мады къухыл. Фыд цæлгæнæнмæ бахызт, йæ къухы гæрз рон æууæрды.
— Ды дæгъæлтæ кæмæн радтай?
Мад йæ фæстæ бакодта Митькæйы.
— Ма йæ фæнæм, Анисим… Чырыстийы хатырæй, ма йæ ныццæв!.. æви дæм дæ фыртæн дæр тæригъæд нæй?
— Иуварс, хæйрæджы амæддаг!.. Дæумæ дзурын æви кæмæ дзурын? — Иуварс ассыдта мады. Миткæйы пъолыл æрфæл­дæхта, къахæй йæ хъуыддагхуызæй хоста, дзæвгар, æгъатырæй, уæдмæ, цалынмæ Митькæйы хъæлæсæй æмыр, хъæрзынау хъæртæ ирвæзтысты.

III
Тынгæй тынгдæр хъуыст сармадзанты абухын. Райсомæй-иу хъомрæгъау хизæнмæ куы тардтой, уæд Митькæ зæронд дымгæгуыройы бынмæ сбадт. Дымгæмæ-иу куыройы сæрыл тасмачъи дзыгъал-мыгъул æмæ хыртт-хыртт кодта, йæ базыртæ-иу дæргъвæтин æмæ удласæн хъинцъ-хъинцъ райдыдтой æмæ, æндæр мæнгæфсон мыртæ йæ быны ссæндгæйæ, кæцæйдæр къуыбыры фалейæ хъуыст бæзджын мыхъхъ: бу-у-ух!..
Сæумæйы æрвцъæх мигъвæлмæй тæнæг хъæццулау æмбæрзт хъæугæроны æрхыты-иу уыцы нæргæ уынæргъын тынг æрæгмæ басабыр. Хъаллæйы астæуты алы райсом дæр Донырдæм кæрæдзийы фæдыл цыдысты сармадзан æмæ æнæуи нæмгуы­тæ, стæй сындз телтæ ласæг чырæтæ. Фæстæмæ ластой уæззау цæфты, сыстхæрд хъазахъхъæгты, фæзы-иу сæ зæхмæ равгæдтой хъаллæйы правленийы цур. Цымыдис кæрчытæ-иу хæдзардзинæй бамбырд кодтой бапъирозты сыгъдтытæ, тугамæст бинтытæ, бæмбæг туджы фæзгъæртимæ æмæ-иу лæмбынæг хъуыс­той адæмы хъæрзынмæ, æрдиагмæ, цæфты фæсус хъæлæсæй фыдæлгъыстытæм.
Митькæ архайдта, цæмæй йæ фыд йæ цæсты кæронæй дæр куыд нæ уыдтаид, ууыл. Фæсаходæн-иу ацыд æд æнгуыртæ Донмæ, уым-иу, былгæрон бадгæйæ, каст, хидыл-иу бæхджын æфсад куыд цыдысты, куыд гыбар-гуыбур-иу кодтой тачанкæтæ, рыг-иу куыд сбадт йæ сæрмæ фистæг æфсадæн. Хæдзармæ здæхт изæргæрæтты. æхсæвыцæстыл хъаллæмæ æрбатардтой уацайраг сырхæфсæддонты къорд. æнгом рæнхъытæй цыдысты, бæгъæмвадæй, пырхытæ цинелты. Чызг хъазахъхъæгтæ-иу уынгмæ разгъордтой, тутæ сын кодтой се ’фхæрд рыгæйдзаг цæсгæмттыл, æнæуаг дзыхæй сæм дзырдтой — лæгтæ æмæ сыл æфсæддон хъахъхъæнджытæ сæхи худæгæй хастой. Митькæ сæ фæдыл цыд, уацайрæгты къæхты бынæй къуыбылæйттæ цы рыг кодта, уый ныхъуырдта; цыдæр, æрхæндæг ын нылхъывта йæ зæрдæ, æмæ уый дæр йæхи къултыл хойæгау кодта… Алы цæстытæм дæр каст — сау æрвцъæх зилаччыты мидæг уыдысты, иу æвзонг æнæрихи цæсгомæй иннæмæ хаста йе ’нгас æмæ æнхъæлмæ каст, мæнæ ныртæккæ ацы цъæхцинелджынты ’хсæн йе ’ фсымæр Федоры базондзæн, зæгъгæ.
Фæзы, æхсæны сарайы цур, раздæр-иу адæм сæ хор кæм бафснайдтой, уый раз баурæдтой уацайрæгты. Митькæ уыдта, правленийы къæсæрмæ йæ фыд куыд рацыд æмæ, йе ’хсаргарды хæрдгæбыд босы коцорайæ хъазгæ, йæ дзыхыдзагæй фæхъæр ласта:
— Уæ худтæ сисут!
Уыцы зивæггæнгæ систой сæ худтæ сырхæфсæддонтæ, сæргуы­бырæй лæууынц, рæстæгæйæ-рæстæгмæ асусу-бусу кæнынц, сæ фист сæртæ ныхынц. Ногæй та зонгæ тызмæг хъæлæс:
— Рæнхъгай слæуут! Цырддæр, сырх емынæ!
Бæгъæмвад къæхты сыр-сыр цæуы. Хъизæмайраг цæсгæмтты фæныкхуыз рæнхъ айтынг правленийы къæсæрмæ.
— Нымайгæ фыццаг-дыккагæй!
Фæсус домд хъæлæстæ. Сæ сæртæ ахуыр змæлд фæкæнынц фæрсырдæм. Митькæйы хъæлæсы та цыдæр нынныхст, тæригъæд кæны ацы æцæгæлонау адæмæн, йæ зæрдæ дудгæ рыстæй риссы уыцы тæригъæдæй, улæфт ын нал фаг кæны, æмæ йæ царды мидæг фыццаг хатт банкъардта æгæрон æнæуынондзинад йæ фыдмæ, уый хиуарзон мидбылхудтмæ, уый бурхъис зачъетæм.
— Сарамæ марш! Марш-арш!
Иугай цыдысты дуары сау хъоргъы мидæмæ. æппæты фæстаджы, дæлæмæдзыды, тугæйдзаг хæцъилтæй баст сæр фыд æхсаргарды тъæпæнæй æрдаудта; уый, йæ къæхтæ къуыргæ æмæ цудгæйæ, азгъордта иу фондз санчъехы, стæй уæззаугай дæлгоммæ æрфæлдæхт сæдæгай къæхтæй над хъæбæр зæххыл. Фæз худæгæй срæмыгъта, хъæлæстæй акъуырма, цæстытæ цæхæр скалдтой, сылгоймæгтæ сæтæйдзаг дзыхтæй худтысты, Митькæ та æрдиаггæнæгау фæхъæр кодта, йæ уазалдзæф æрмттæй йæ цæсгом ахгæдта æмæ, адæмыл йæхи къуыргæйæ, уынджы ныййарц.

IV
Мад пецы уæлхъус архайы, йæ хæринаг конд фæвæййы. Митькæ йæм фæрсырдыгæй баласта йæхи æмæ, иуварсмæ кæсгæйæ, загъта:
— Маманькæ, гуылтæ ма скæн… сойыфыхтæ… æз сæ уыдонæн ахæссин, сарайы чи бады… уацайрæгтæн.
Мады цæстытæ донызылд.
— Ахæсс, мæ къона, чи йын цы зоны — кæд æмæ мах Федор дæр афонмæ искуы удхар кæны… Уацайрæгтæн дæр мадæлтæ ис, уыдоны базтæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, хус нæ кæнынц.
— æмæ фыд исты куы базона, уæд та?
— Хуыцау ма зæгъæд! Митенькæ, æхсæвыцæстыл сын ахæс­дзынæ. Чи сæ хъахъхъæны, уыцы хъазахъхъæгтæм сæ рат­дзынæ æмæ сын зæгъдзынæ, цæмæй сын сæ бадæттой…
Цыма барæй кодта, уыйау хуры цыд фæсындæгдæр æмæ хъæуы сæрмæ хилы, лæсы, æппындæр æй Митькæйы катай никæ­цырдыгæй æндавы, уæлдайхуызон дæр нæ кæны. Тыхтæй-фыдтæй банхъæлмæ каст, цалынмæ талынг йæхи æруагъта, уæдмæ, стæй фæзмæ бацыд, гæрæны телты æхсæнты гæккуырийау фæкуыси æмæ — комкоммæ дуармæ, йæ къухæй йæ фæсрон хæринæгты хуыныл хæцы.
— Кæцы дæ? æрлæуу! æхсын дæ!
— æз дæн… мæнæ цыдæр комдзаг æрбахастон уацайрæгтæн.
— Чи — æз? Ахъуытты у, цалынмæ, мæ хъыримаджы цæгат цы ад кæны, уый нæма базыдтай, уæдмæ! æхсæвыгон дæ кæдæм сардыдта дæ  хæйрæджы хай — бон дын фаг нæ уыд хуынтæ хæссынæн?
— Фæлæуу-ма, Прохорыч, ай, цыма, коменданты тырын у...
— Ды Анисим Петровичы фырт ма у?
— Уый дæн…
— æмæ дæ чи ’рбарвыста кæрдзынимæ? Дæ фыд?
— Нæ-æ-æ…  Мæхи хъæппæрисæй æрбацыдтæн.
Митькæмæ дыууæ хъазахъхъаджы хæстæг бацыдысты. Хистæр, зачъеджын, Митькæйы хъус ацахста.
— æмæ дæу, хъуымыздзых, чи скодта уацайрæгтæн хуын­тæхæссæг? Уый дæ сæрæй нæу дæ бон æрцахсын, æмæ уыдон махæн нæ цыфыддæр знæгтæ кæй сты? æмæ, зæгъæм, æз дæ фыдæн дæ хабæрттæ куы фехъусын кæнон, уæд та? Тынг дыл баузæлдзæн?
— Ныууадз, Прохорыч! Искæй хардзæй хæлцыл тынг ауæр­дыс, кæйдæр кæрдзын дæ фæлхас у? Цыфæндыйæ дæр дыууæ хъæлæсæй не ’мпулдзынæ, райс ын йæ хуын, бадæтдзыстæм æй!
— æмæ Анисим Петровичы хъустыл исты куы ’рцæуа, уæд та? Дæуæн циу, дæуæн де ’взаг хуылыдз у, мæнæн та ме ’ккой бинонтæ ис, дæ хуызæн хъæды халонау иунæг нæ дæн. Ахæм хъуыддаджы тыххæй хæсты цæхæры стæлфдзынæ, ноджы ма дын дæ фæлмæнтæм цъæхснаг уистæй æрдæтдзысты…
— Дæлимоны амæддаг фæу, цы тъизыс?.. Йей, лæппу, кæдæм ныййарц дæ, рахæсс дæ къæбæр, ратдзынæн æй, æндæр уæдæ куыд…
Митькæ йæ дзæкъулгонд æрыгон гæсмæ радта; уый йæм йæхи фæгуыбыр кодта, бадзырдта йын йæ хъусы:
— æз æртыццæг æмæ майрæмбонты вæййын гæс… Уæд-иу хæсс.
Алы æртыццæг æмæ майрæмбоны дæр Митькæ изæрыгæтты цыд фæзмæ; сындз тел æй куыд нæ тона, афтæ-иу хъавгæ бабырыд гæрæнтыл, радта-иу гæсмæ йæ дзæкъул æмæ та-иу хъæмæ раздæхт, ныгъуылдтытæгæнгæ фæстæмæ фæкæсфæкæсгæнгæйæ.

V
æрвылизæр дæр, куыддæр-иу хъаллæйы сæрмæ йæхи сызгъæрин донытылд хæнкъуытæ æхсæв байтыгъта, афтæ сарайæ ракодтой уацайраг сырхæфсæддонты къорд æмæ сæ хъалагъур­ты цæстдардæй тардтой быдырмæ — æхсырхуыз мигъвæлмы норст æрхытæм. Дымгæ-иу хъæумæ хус гæрæхты дæнг-дæнг æрбахаста. Уацайрæгтæ-иу кæд ссæдзæй фылдæр уыдысты, уæд-иу сæ фæстæ, йæ цæлхытæй хъинц-хъинцгæнгæ, фæраст пулеметджын тачанкæ. æхсгæ дзы чи кодта, уыдон бæхтæрæджы фарсмæ бандоныл æррæдзæ-мæдзæ кодтой, уый йæ тамако сдым­­-с­­дым кодта, йæ цæхæр-иу скалд, бæхты рохтыл-иу æвæндон­хуызæй æрбахæцыд, уыдон дæр æнæбары цыдæй цыдысты, гом пулемет дæр мынæг æрттывд кодта йæ комхæлиу хъæлæсæй, раст цыма хуыссæгхъæлдзæгæй йæ ком ивæзта, уыйау. Сахатырдæджы фæстæ-иу æрхы рæйæгау скуыста пулемет, йæ къæрццæмдзæгъд-иу хъуыст, стæй-иу тæргæ бæхæй здæхтысты фæстæмæ, æхсджытæ хæрдмæ хаудтой бадæн фæйнæджытыл, бæхтæрæг ехсæй æнæвгъау дзæхст кодта фынкалгæ, уынæргъгæ бæхты, тачанкæ-иу коменданты агъуысты тæккæ раз дзыхълæуд фæкодта — фынæй уынгмæ уырдыгæй дзагъыр­­дзастæй кастысты æртæ рухскалгæ рудзынджы.
æртыццæджы изæрæй фыд загъта Митькæйæн:
— Фæныкгуызæй нæма бафæлладтæ? Уæдæмæ ма æхсæвæддæ хизынмæ атæр Гнедойы, æмæ цырддзаст у — ма дын баирвæзæд мæнæуы хуымтæм! Искæй хоргæнд фæдастдзæф ис, зæгъгæ, уæд мын сар дæ сæр кодта!..
Бæхыл дзылар бафтыдта Митькæ, сусæгæй ма йын мадæн бантысти бафæдзæхсын:
— Маменькæ, дæхæдæг-иу ахæсс исты къæбæр… Хъала­гъурмæ йæ ратдзынæ.
Сæ сыхаг лæппутимæ ацыдысты хибар сæрвæттæм, атаманы зæххыты фалæмæ. Дыккаг бон хурыскасты размæ райсомра­джы фæзынд. Бæхы мидæмæ бакодта, рафтыдта дзылар, Гнедойы кæрдæгдымст гуыбын дзы уарзæгой дзæхст бакодта, æмæ хæдзармæ бацыд. Цæлгæнæнмæ куыддæр бахызт — сагъдауæй аззад — пъол дæр æмæ къултæ дæр туджы пырхæнты. Пецы тигъ дæр тугамæст. Уатæй нæтын, хуыдуггæнæджы хæр-хæр хъуысы… Митькæ къæсæрыл бахызт, æмæ мад пъолыл фæлдæхтæй, йæ туджы мæцы, цæсгом сырххъулæттæ рæсыд, йæ дзыккутæ цæстытыл тугæйдзаг æхсæрдзæнæй æркалдысты. Суыдта Митькæйы, ныууынæргъыдта, базмæлыд, йæ гæндзæхтæ цæгъдæгау, исты сдзура, уый та йæ бон нæу. Йæ рæсыд комы йæ цъæх-цъæхид æвзаг скатай, йæ афтид цæстытæ хъæддаг худтæй худынц, йæ хъæлæсæй сырхбын фыцгæ сæт кæлы…
— Ми… ми… тя… тя… тя…
æмæ — худы æррадзæфау Митькæ, батæ кæны мады къухтæ, йæ тугæвдылд цæстытæн. Туг бацахст, ныссау… æрбахъæбыс ын кодта йæ сæр, йе ’нгуылдзтыл та туг æмæ цæйдæр бырынцъаг урс гæбæзтæ… Мады фарсмæ пъолыл лæууы фыды наган, йæ хæцæн тугахуырст…
æддæмæ куыд ратахт, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Каурæ­бын ныффæлдæхт, сыхæгты ус æм сæ кæртæй дзуры удаист хъæрæй:
— Лидзгæ, мæ дуне, удхæссæг дæр дæ кæм не ссара, уырдæм! Базыдта йæ дæ фыд, мад уацайрæгтæн кæрдзын кæй ахаста, уый æмæ йæ мæлæтдзаг над скодта, дæумæ æртхъирæнтæ кæны!

VI
Митькæ харбызгæс куы ссис, уæдæй нырмæ мæй рауад. Къуы­быры рагъыл мусонджы цард. Уырдыгæй йæм зынынц Доны æхсыр-урс æрхъуынтаг, къуыбыры дæлфæдтæм æндзыг хъæу æмæ уæлмæрд йæ ингæнты бурбын стъæлфытимæ. Куыстагур куы ’рбацыд ардæм, уæд хъазахъхъæгтæ бæстæ сæ сæрыл систой:
— Ай Анисимы фырт у! Мах ахæмтæ ничердæм хъæуы! Амæн йе ’фсымæр Сырхгвардийы ис, йæ мад та, гацца, уацайрæгты гуыбын даудта. Уалæ йæ бæласы цонгыл æрцауындзын хъæуы, уый йын харбызгæс!
— Ай, уæздан хъазахъ, мызд нæ домы. Хуыцауы хатырæй хъахъхъæндзæн харбызтæ æмæ неситæ. Фæтæригъæд ын кодтат — исты къæбæр ын баппæрстат, науæд та — куыдзау сыдæй ныммæлæд…
— Мур дæр нæ! Ныммæлæд!..
Фæлæ уæддæр атаманы коммæ бакастысты, баххуырстой йæ. Стæй йæ æххуырсгæ дæр куыд хъуамæ ма бакодтаиккой æхсæнад ахæм хъазайраджы: иу мызд дæр нæ агуры, афтæмæй сæрд сæрды дæргъы Хуыцауы хатырæй харбызгæс уыдзæн. æргом пайда…
Нæрстысты, цæттæ рæгъæд кодтой хурфыцæны бонты бур неситæ æмæ дзыгъуыр дæргъытæ харбызтæ. Уæнтæхъилæй рацу-бацу кодта Митькæ се ’хсæнты, йæ хъæр æмæ ’мдзæгъдгæнæнæй тæрсын кодта халæтты. Сæумæйæ-иу рацыд æддæмæ, мусонджы фарсмæ-иу æмбыддзæф хæмпæлтыл схуыссыд, хъуыста-иу, Доны фале сармадзантæ куыд бухъхъытæ кодтой, уымæ æмæ-иу дæргъвæтин рæстæджы уыцырдæм каст йæ фæлмæвæрд цæстытæй.
Рагъмæ, харбызгæнды иувæрсты, цæхгæрбыл мелджын æрхыты иувæрсты залиаг калмы къæдзилау зилгæ-здыхсгæ сивгъуыд­та гуыргъахъхъытæ сæрдыгон фæндаг. Хъазахъ ууылты фæласынц сæрды сæ хостæ, ууылты тæрынц æрхытæм фехсынмæ уацайраг сырхгвардионты. Хурхгонд хъæртæ æмæ топпы гæрæхтæм æхсæвыгæтты арæх райхъал вæййы Митькæ, гæрæхты хæдфæстæ та былгæрæттæ былгæрæтты зайæг хъæд æмæ сау хæристы фале фæниуынц куыйтæ, сæрдыгон фæндагæй фæхъуысынц уæззау къахдзæфтæ, хатгай скъæр-къæр кæны тачанкæ, сæ цæхæр скæлы бапъирозтæн, йæ хъустыл ауайы кæйдæр къуызгæ ныхас. Иуахæмы ныццыд уырдæм Митькæ, къæдз-мæдз æрхытæ æддæг-мидæг кæм ауадысты гæркъаздыхтæй, уырдæм æмæ дзы федта сау туджы фæзгъæртæ, бынæй та, дæлдæр, дурджын бынæй уарындæттæ уæлæнгай ингæны зæхх аластой, æмæ дзы кæйдæр бæгънæг къах хæрдмæ ныхъхъен; къахы уафс ныххус, сæнцъылдтæ, быдирон дымгæ, æрхыты къуымзилæй джигулгæнгæ, мæрдты хуыдуггæнæг хъылмадæф змæста. Уæдæй фæстæмæ уырдæм никуыуал фæраст…
Уыцы бон сæрдыгон фæндагыл къордæй цыдысты иннæ хæттытæй раздæр: сæ фæйнæфæрсты хъазахъхъæгтæ хъала­гъуртæй, астæуæй та уыдон — сырхгвардионтæ, сæ уæлæ уæгъдæппæрст цинелтæ. Хур Доны тæмæнкалæг урс æхсыры сындæггай ныгъуылд, цыма, бонæй йын цы нæ бантыст бакæнын, уый бæлвырд кодта. Былгæрæтты зайæг хъæды сау хæристы цъуппытæм сæхи рауагътой цъиахтæ. Харбызгæнды сæрмæ хæлуарæджы тынау йæхи айтыгъта æдзæм дуне. Мусонджы мидæгæй кæсгæйæ Митькæ йæ цæстæнгасæй фæндараст кодта сæрдыгон фæндагыл цæуджыты, æмæ æнæнхъæлæджы ныййазæлыд кæйдæр хъæр, стæй æрбайхъуыст топпы иугай гæрæхтæ, стынг сты…
Рагæпп ласта Митькæ мусонгæй, акаст уæлбылæй: сæрдыгон фæндагыл æрхытырдæм ныййарц сты сырхгвардионтæ, хъазахъхъæгтæ та, сæ уæрджытыл æрæнцайгæйæ, талф-тулфæй æхсынц, дыууæйæ, се ’хсаргæрдтæ тилгæйæ, сурынц лидзджыты.
Гæрæхтæ сæ хъæрæй хъал кæнынц æндзыг æдзæм дунейы.
Тук-так, так-так… Та-та-тах!..
Мæнæ сæ иу фæкалд, æрхауд йæ къухтыл, фæгæпп ласта, ногæй фезгъоры. Хъазахъхъаг æм хæстæгæй хæстæгдæр кæны…
Мæнæ йæ ныр… Мæнæ йæ ныр… Цæлхзылдæй ферттывта æхсаргард… æрхаудта сæрыл… зæххыл фæлдæхт лæджы къуых­тæ кæны…
Митькæйы цæстытæ атартæ сты æмæ хуры артæй айдзаг ис йæ хъæлæс.

VII
æмбисæхсæв мусонджы уæлхъус фегуырдысты æртæ барæджы.
— Ей, харбызгæс! Чысыл ма æддæмæ ракæс!
Митькæ рацыд.
— Изæрæй дæ цæст не ’рхæцыд, æртæйæ салдаты цинелты кæцырдæм алыгъдысты, ууыл?
— Нæ федтон.
— Де ’нгæс дæхимæ дар, ма нæ асайай! æрдомдзыстæм дæ!
— Ницы федтон… ницы зонын…
— Фæуæд уал афтæ дæр… Цæуæм ардыгæй, æрх-æрх нын Филиновы хъæдмæ цæугæ у. æрхъула кæндзыстæм хъæдыл æмæ сæ уым, цъаммарты, рацъипп ласдзыстæм…
— Ахæц, Богачев…
Боны цъæхтæм нæ бафынæй Митькæ. Хурыскæсæнырдыгæй абухта арв, бæстæ здыуæззау æврæгътæ смæкъуылджын кодтой, æрвдзæфы рæхыстæ куырм кодтой цæстытæ. Уарын та-иу æрбагуылф ласта.
æрбарухсы размæ Митькæ айхъуыста кæйдæр хъæрзын мусонджы цур, цыдæр сыбар-сыбур.
Ныхъхъуыста, фæдурдзæф, тарст фезмæлынæй. Фыртæссæй бандзыг йæ буар. Ногæй та сыбар-сыбур, дæргъвæтин хъæрзын.
— Уый кæцы дæ?
— Хуыцауы хатырæй, ракæс мæм, мæхи дыл фæдзæхсын!..
Рацыд Митькæ, йæ къæхтæ йæ быны тасыдысты, æмæ мусон­джы фæстæ ауыдта уæлгоммæ фæлдæхтæй лæууæг адæймаджы.
— Цы мæрддаг дæ?
— Ма мæ бавдис… ма мæ байсаф… æз знон фехсыны размæ ралыгътæн, хъазахъхъæгтæ мæ фæдыл бафтыдысты… мæ къах йед у… нæмыгдзæф…
Исты куы зæгъид, уый фæнды Митькæйы, фæлæ йын йæ хурхы уадындзтæ æндыснæг ацахста, йæхи йæ уæрджытыл æруагъта, йæ цыппæртыл бабырыд æмæ æрбахъæбыс кодта салдаты зæнгбæттæнты тыхт къæхтæ.
— Федя… Ме ’фсымæры хорз хай! Мæ мады хорз зæнæг…
Ныккарста æмæ мусонгмæ æрбахаста æхсынæны хъæдты æргъом, Федоры къуымы æрбынатон кодта, бакалдта йын йæ уæлæ уырдæм хæмпæлтæ æмæ æхсынæнтæ, йæхæдæг харбызгæндыл зилы.
Сихормæ æдзæсгом цъиахты тардта, афтæмæй та йæ мусонгмæ фæндыд, йе ’фсымæры уарзон цæстытæм кæса, хъуса æмæ йын хъуса йæ ныхæстæм, цы зынтæ æмæ цины хабæрттæ бавзæрста, уыдонмæ. Се ’хсæн фидар дзырдгонд уыдысты: куыддæр æрталынггæрæттæ уа, афтæ Федоры цæф къах хорз бабæтдзысты æмæ зонгæ фæсвæд къахвæндæгтыл хъæд-хъæд дæрдты æрзилдзысты æмæ сæхи Донмæ ныйисдзысты, иннæ фарсмæ баленк кæндзысты, рæстдзинад кæмæ æрфысым кодта, зæхх æмæ мæгуыр адæмы сæрвæлтау тох чи самадта, уыдонмæ. Райсомæй сихормæ сæрдыгон фæндагыл дыууæрдæм кодтой бæхджын хъазахъхъæгтæ, иу дыууæ хатты мусонгмæ дæр баздæхтысты дон баназынмæ. æххæст нæма æризæр, афтæ Митькæ суыдта: цæгæрсæр змис­джын обауы фахсыл æруадысты иу аст барæджы бæрц æмæ уæгъдибар цыдæй ауагътой сæ фæллад бæхты. Уыдон дæр сæ къæхтæ скъуыр-скъуыр кодтой. Мусонджы бацæуæны раз сбадт Митькæ æмæ каст, чи ныккука, уыцы барджыты фæстæ. Йæ сæр фæстæрдæм нæ зилгæйæ, саст хъæлæсæй радзырдта Федормæ:
— Хуысс, Федя, ма разил-базил кæн! Иу бæхджын махырдæм æрбаскъæры.
Хæмпæлты рæдзæгъды бынæй сыхъуыст Федоры бæзджын хъæлæс:
— æмæ йæм иннæтæ æнхъæлмæ кæсынц, æви дарддæр сæ цыды кой кæнынц хъаллæмæ?
— Сиргæ цыдæй алæвæрдтой, далæ рагъы бын фæуыдзысты!.. Цæй, æнцад хуысс.
æгъдæнцæйттыл слæууыд уырдыг, дыууæрдæм цудæгау кæны хъазахъхъаг, йæ ехсæй уæлдæф дзæхст-дзæхст кæны, йæ бæх хидæй ныддонласт.
Ныффæлурс, афтæмæй тыхтæй-амæлттæй сфæрæзта Митькæ:
— Федя… ардæм дугъгæнæг нæ фыд у…
Фыды зачъетæ хидæй схуылыдз сты, йæ хурсыгъд цæсгом сырххъулон афæлдæхт. Бæхы мусонджы тæккæ цур æрурæдта, æрфистæг, Митькæмæ æввахс бацыд.
— Дæу фæрсын: кæм ис Федор?
Митькæйы мæрдон фæлурс цæсгомы йæ туджызылд цæстытæ ныссагъта. Йе ’рвцъæх хъазахъхъаг мундир рæмпæджы хос æмæ хиды тæфæй фындзыхуынчъытæ цавта.
— æхсæвы дæм уыдис?
— Нæ уыд.
— æмæ ай та цавæр туг у мусонджы раз?
æргуыбыр кодта фыд зæхмæ, йæ нæрдæйхæлгæ бæрзæй æфцæгготы сæрты фиуæвæрд дыдæгътæй æрфæлдæхт.
— Цæй-ма, мидæмæ мæ бауадз!
Бацыдысты — фыд разæй, тардзæсгом Митькæ фæсте.
— Дæхи хъахъхъæ, калмæй гуырд… Кæд Федькæйы æм­бæхсыс, уæд уый дæр æмæ дæу дæр топпы дзыхмæ
æрæвæрдзынæн!..
— Нæй ам… ницы йын зонын…
— Къуымы та дын уыдон цавæр хъæллæгътæ сты?
— Мæ лыстæн сты…
— æркæсæм-ма йæм. — Фыд къуыммæ басанчъех кодта, дзуццæджы æрбадт, сабыргай хус хæмпæлгæрдæг æмæ æхсынæны хъæдтæ фæйнæрдæм кæны.
Митькæ фæсте. Йæ цæстыты раз æрвцъæх, фæсонтыл атонынæввонг ивæзт мундир тыбар-тыбур кæны цадæггай здыхсгæ зиллаччытæй.
Минуты фæстæ фыды хъæлæсæй уынæргъгæ сирвæзт:
— Агъа-а-а-а… æмæ ай та циу?
Федоры бæгънæг къах схъил згæхæрд хъæллæгъты æхсæнæй. Фыд йæ рахиз къухы армыдзагæй февнæлдта йæ фарсыл ауыгъд наганы хуымпъырмæ. Митькæ, цух-мухтæгæнгæ, багæпп ласта, ныззæгæл мусонджы къулварс лæууæг фæрæтыл, ныуулæфыд къæхты бынæй — фæхуыдугмæ йæ бирæ нал хъуыд, æмæ, йæ тых-йæ бонæй фæрæт бæрзонд фæхæсгæйæ, фыды бæрзæй æрдаудта…

* * *

Уазал мард буарыл хæмпæлтæ бакалдтой æмæ сæхи айстой. æрхытæ-æрхыты, уадвæлдæхт бæлæсты ’хсæнты, бæзджын какон къутæрты астæуты цыдысты, хылдысты сæ фазыл, бырыдысты. Дон халасдзагъд хохыл йæхи кæм сцæвы, уым хъæуæй иу аст версты дæлдæр цæугæдонмæ ныццыдысты. Сакъадахмæ сæ ных сарæзтой ленкгæнгæйæ; цæугæдонмæ æхсæвы уазал бахъардта, йæ хъæлæсы сæ хаста. Федор хъæрзыд, фæлæ фидар хæцыд Митькæйы уæхскыл.
Баленк кодтой. Хоры нæмыгау ставд змисыл сæ фæллад уагътой дзæвгар рæстæджы дæргъы.
— Цæй, афон у, Федор! Ам Дон афтæ фæтæн нал у, æвæццæгæн.
Ленк та кæнынц. Дон та сын сæ цæсгæмттæ æмæ къубæлттæ сдæры, сæ къухтæ, сæ фæллад кæй суагътой, уыйадыл ныфс­джындæрæй лæгæрдынц размæ.
Сæ къæхты бын сур зæхх. Талынджы дурдзæфæй лæууы æгæндæг хъæд. æнæвдæлон цыдæй фæраст сты…
Арв фæрухсдзæф, кæмдæр бынтон хæстæг нымбу кодта сармадзан. Хурыскæсæнырдыгæй æрвгæрæттæ æнæуæндон фæсырх­­хъулон сты.
1925

Гусалты Барисы тæлмац

// Мах дуг.– 2005.– № 5-6.


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов Кавказа
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
       Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.