logo

М О Я    О С Е Т И Я



ФИРДОУСИ

Хаки́м Абулькаси́м Фирдоуси́ Туси́ (935–1020)  – персидский поэт, классик  персидской литературы, автор эпической поэмы «Шахнаме» («Книга царей»). Пользуется популярностью и считается национальным поэтом в Иране, Таджикистане и Афганистане.
Фирдоуси родился в окрестностях города Туса, в  Хорасане, входившем тогда в  Саманидское государство. О детстве и юности Фирдоуси сведений почти нет. Он получил хорошее по тому времени образование. Его поэтическое имя Фирдоуси переводится как «райский». Он высоко ценил знание: «К словам разумным ты ищи пути, весь мир пройди, чтоб знания обрести» и получил прозвище «хаким» («мудрец», «учёный») за глубину и широту своих знаний.
Длительное время Фирдоуси жил в  Газни, на территории современного Афганистана, где находился на службе у падишаха Махмуда (которому и посвятил «Шахнаме»). Однако мысль поэмы о том, что лишь наследственные носители царской власти имеют на неё право, не понравилась султану Махмуду, которого более устраивала правомерность силы, а не наследственности.
Фирдоуси был похоронен в городе Тус в своём собственном саду, поскольку местные религиозные власти не разрешили похоронить его на городском кладбище. Губернатор провинции  Хорасан распорядился построить мавзолей над могилой Фирдоуси, после чего это место стало объектом массового поклонения.
Впоследствии место захоронения пришло в упадок. Оно было восстановлено к 1000-летию со дня рождения поэта в период 1928—1934 годов. После чего могила Фирдоуси возведена в ранг иранской национальной святыни.

«ШАХ-НАМЕ»

Баситы Залинайы талмац

Сказание о Сухрабе
КАДÆГ СОХРАБЫЛ
Ды фехъуыстай бирæ, ныр базон æххæст,
Куыд цыди Рустам 'мæ Сохрабы 'хсæн хæст.
Кæй уды нæ бауадздзæн судзаггаг маст,
Фыдæлтыккон кадæг Рустамимæ баст?
Куы 'взара цъæх къалиуыл зилгæуад тых,
Куы ахæсса дардмæ рæгъæдцухæй дыргъ –
Уыдзæни дæ цæсты тыхджын 'мæ ныфсхаст,
Æви дын уыдзæни фыдракондыл барст?
Мæлæты азарæй кæд фервæзæн нæй
Цæмæн мa фæкæнæм мах хъарджытæ стæй.
Мæрдты бæстæй никуыма раздæхтис лæг,
Нæ зоны, цы дзы ис, уæлæуыл цæрæг.
Кæй зæрдæ нæ сайдта бæллиццагдæр тар?
Ныр дæр ма нæ байгом ис никæмæн дуар.
Гæнæн ис, æвдадзау уыдзæн дын мæлæт,
Ыссардзæн дæ тыхст уд æндæр ран дзæнæт.
Зæгъæм, 'мæ æрцыди æнæмæлгæ цард,
Зæххыл уæд æппæтæн нæ уыдзæн бынат.
Кæм сирвæза 'виппайды 'хсидгæйæ зынг,
Æнæмæнг йæ алварс æрцæудзæни сыгъд.
Гъе уыцы бæллæхы ыссардзæн йæ сæфт,
Фырзæронд бæласæн йæ ног тала уæд.
Æгъатырæй судзы мæлæты сырх зынг,
Зæронд уа, æвзонг уа, уый фестдзæн фæнык..
Хъыгагæн, лæппуйæн йæ цин у тæссон,
Мæлæтæн æрмæст кар нæ вæййы æфсон...
Гъе афтæ у цардæн йæ фидар закъон.
Дæ зæрдæ куы вæййы сыгъдæг зæдтæн гом,
Дæлимон дæ удмæ куы нæ цæуа 'ввахс,
Уæлæрвтæн йæ фæндон сæрныллæгæй райс.
Сыгъдæгудæй арвит дæ бонтæ, цæмæй,
Æмбæлай дæ царды кæроныл фæрнæй.
Фæстаг балцы дар-иу дæ зæрдыл фæдзæхст -
Хæрзхабæрттæ демæ фæхæссын æрмæст.
Ныр та уын æз дзурын Сохрабы хъысмæт,
Йæ фыдимæ тохы куыд райста мæлæт.

РУСТАМ ЦÆУЫ ЦУАНЫ
Фыдæлтыккон таурæгъ сымахæн кæнын,
Зæхкусæджы радзырд уæ размæ хæссын.
Æрхъуыста йæ уый та мобедæй. Уæд, дам,
Сæурайсомы райхъал бæгъатыр Рустам.
Ысфæнд кодта цуанмæ фæцæуын хæстон,
Йæ сагъадахъ райста, æрбаста йæ рон.
Ыстæй уæд йæ дугъоныл сæвæрдта саргъ,
Тыхджын уыд йæ дугъон, нæ йын уыдис аргъ.
Æххормаг домбайау, ызнæт 'мæ хъæддых,
Тураны 'рдæм сарæзта барæг йæ ных.
Йæ размæ быдырон тыгъдады цæрдæг
Сæрибар хъæддаг бæхтæ ссæндынц кæрдæг.
Фæцагайдта Рехшы, æриста йæ фат,
Уырны йæ, уыдзæни йæ цуаны бæркад.
Йæ фат æмæ 'рдынæй ныфсхаст æмæ хъал -
Хъæддаг бæхтæ хъазгæ ныццагъта дзæвгар.
Фæстæдæр ыссардта рæувадат бынат,
Ыскодта æмбырдгонд цъыхырыйæ арт.
Бæрзонддæр бæласыл æрхаста йæ цæст,
Æдуидаг æй стыдта 'мæ сарæзта уæхст.
Гуымиры хъæддаг бæхы зынгтыл фыхта,
Уæлартыл йæ физонæг рогæй зылдта.
Æрцыди æнæхъæнæй кусæрттаг хæрд,
Ысцымдта бæзджын магъз ыстджытæй, стæй уæд,
Йæ дойны ныссаста, ныйивæзта ком,
Æфсæстæй бæгъатыр ныффæлдæхт дæлгом.
Гъе уыцы рæстæджы йæ дугъон бæх Рехш
Цъæх быдыры кодта æнæсцухæй мерс.
Кæцæйдæр фæзындысты уырдæм æваст
Турайнаг æфсæддонтæй авд æви аст.
Гуымиры æфсургъæн куы федтой йæ фæд,
Хъæзбыны йæ байдыдтой агурын уæд.
Куы 'ркастысты хъавгæйæ Рехшмæ дзæбæх,
Ныххаудта сæ зæрдæты диссаджы бæх.
Кæрæфæй йыл давджъытæ хъула кæнынц,
Архъантæй йæ 'рцахсынмæ уыдон тырнынц.
Тызмæг дугъон ахсын нæ комы уæддæр,
Лæбуры сæм карзæй, домбайæ фыддæр.
Зæвæтдзæвдæй иуы ныммардта цæхгæр,
Ыстыдта дзы иннæмæн уайтагъд йæ сæр.
Æфсæддонтæн се 'ртыккаг зæххыл дæлгом
Ныффæлдæхт. Æфсургъыл нæ цæуы сæ бон.
Ныфсджынæй та давджытæ февнæлдтой цырд,
Тыххæйты сын уыцы бæх ахст уæд æрцыд.
Сахары 'рдæм аскъæрдтой Рехшы, цæмæй
Пайда дзы сæхицæн ыскæной фæрнæй.
(Фæстæдæр, дам, ефс бæхтæм уагъд уый æрцыд-
Уыдысты дыууиссæдз - рæсугъд æмæ цырд.
Бæхрæгъау - алæмæттаг дугъонтæй 'взæрст,
Ныййардта дзы байраг уым иунæг æрмæст.)
Йæ тарф фынæй уалынмæ райхъал Рустам,
Нæ зоны, кæй бахаудта дугъон фыдран.
Фæсидти уый Рехшмæ, йæ фæдтыл æрзылд,
Æфсургъæн йæ кой мæ йæ хъæр дæр нæ уыд.
Йæ дугъоны сæфтыл хъыг кæнгæ, ныфссаст,
Бæхагур Рустам Семеганмæ фæраст.
Йæхинымæр дзуры: «Хъаймæты фæдæн,
Мæхи ма куыд равдисон адæмы 'хсæн.
Мæ фæстæ зынхæссæн уаргъ ласгæ цæуын:
Фыранкдзарм, ызгъæрхуд, мæ фат æмæ 'рдын.
Хъæбатыр æнæ бæхæй тохы - æдых,
Куыд сæтдзынæн фистæгæй знæгтæн сæ тых.
Зæгъдзысты турайнæгтæ: - Фесæфт йæ бæх,
Мæрдонфынæй цалынмæ кодта. "Бæллæх!
Цы чындæуа дарддæр? Фæразын хъæуы!»
Бæгъатыр æрхæндæгæй размæ цæуы.
«Фæцагурон искуы мæ дугъоны фæд,
Мыййаг мæм кæд раздахид йе 'ргом хъысмæт».
Уæззау уаргъ хæсгæйæ фæцæуы уæйыг,
Йæ уды ныббадтысты маст æмæ хъыг.

РУСТАМ СЕМЕНГАНМÆ ÆРЦЫД
Ысхæццæ тыхстхуызæй бæгъатыр Рустам,
Йæ бæллæхыл дзуры æппæт Семенган –
Кæй баззад æнæ "фсургъæй сахъгуырд богал,
Мæнгард давд кæй æрцыд йæ хæстон æмбал.
Паддзах 'мæ фæсдзæуинтæ - уыцы рæстæг
Сæ уазæджы размæ фæуайынц цæрдæг.
Рустамы куы федтой, уæд бакодтой дис,
Йæ сурæт зæрин хурау ирдæй зындис.
Цыма йын Рустам уыд йæ хуыздæр хæлар,
Бæлццонæн зæгъы Семенганы сæрдар:
« Хуыцауы æвзæрст лæг, дæ фæндæгтæ раст!
Цы къæйных ныппæрста дæ зæрдæйы маст!
Дæ фарсмæ æрлæууын - нæ сæйрагдæр хæс,
Дæ алы фæндон дæр кæндзыстæм æххæст.
Нæ удтæ, нæ хæзнатæ — алцы дæ бар,
Уыдзынæ нæ намысджын, кадджын æлдар».
Фæсабыр фæдисоны зæрдæйы хъыг,
Æууæнды зæрдиаг ныхæстыл уæйыг.
Паддзахæн уый дзуры: «Цъæх фæзыл фыдæх
Æнæ саргъ, æнæ уидон баййæфтa бæх.
Мæ дугъоны агургæ рацыдтæн уæд,
Æркодта мæ ныр Семеганмæ йæ фæд.
Мæнæй дын уыдзæни зæрдиаг лæвар,
Куы ссарай мæ бæхы, мæ уæздан хæлар.
Куы не ссарон Рехшы, мæ дугъоны æз,
Æрæййафдзæн бирæты 'ндон карды уæз».
Нæ номдзыд бæгъатыр, - зæгъы йын паддзах,
Дæ ныхмæ нæ уæндæм ысдзурын дæр мах.
Мæ кадджындæр уазæг уыдзынæ мæнæн,
Дæ ныхасæн не 'ппæт дæр стыр аргъ кæнæм.
Дæ зæрдæйы сагъæс дын ахсæв фæрнæй
Фæсурдзыстæм иумæ нæ карздæр сæнæй.
Нæ сæйраг хъуыддаджы уыдзыстæм ныфсхаст,
Ыссардзыстам давæджы, 'рцæудзани ахст.
Дæ диссаджы дугъон кæмдæр ис хæстæг,
Æмбæхстæй нæ фæуыдзæн бирæ рæстæг.
Æууæнд мыл, мæ номдзыд хъæбатыр богал,
Рæхджы дæм зындзæни дæ хæстон æмбал».
Рустамæн ныфсдæттæгау уыцы ныхас, -
Йæ сагъæс дзы ферох, фæмынæг йæ маст.
Паддзахы ныхæстæ йæ удæн - зынаргъ,
Ыскæндзæн фæрныг фынгыл уыдонæн аргъ.
Нæ сахъгуырды галуанмæ хоны æлдар,
Лæггад ын кæны Семеганы сæрдар.
Фæхуыдта йæ куывдмæ уæздæтты, стæй уæд
Æфсадæн сæ хистæрты. Нозт æмæ хæрд
Фæсдзæуин лæппутæ сæ фынгмæ хæссынц,
Уым уазджытæн нуазæнтæ дзагæй дæттынц.
Зæрдæскъæфтæй кафынц сæ уазджыты раз
Сырхуадул чызджытæ, гæлæбутау раст.
Фæндыры алæмæты зæлтæ фæлмæн
Рустамæн йæ зæрдæмæ уадзынц тæмæн.
Куы сфæлмæцыд бадтæй, æрцагуырдта уат,
Цæттæ уыди уайтагъд йæ хуыссæн бынат.
Фæхуыдтой йæ уатмæ, уым кодта уæлдæф
Рæсугъд æмæ диссаджы уардиты тæф.

РУСТАММÆ ÆРББАЦЫД СЕМЕНГАЙНАГ ПАДДЗАХЫ ЧЫЗГ ТЕХМИНЕ
Æмбисæхсæв ахызти. Бонцъæхтæм 'ввахс
Фæсдуарæй æрбайхъуыстис сусæг ныхас.
Рустамы хуыссæнуатмæ байгом ис дуар,
Мыдадзон цырагъæй куы барухс и тар.
Ыххуырст чызг æрбахызт, йæ фæдыл æхсин-
Йæ уындæй æфтауы зæрдæскъæфгæ цин.
Зæрин хурау калы йæ цæсгом тæмæн,
Йæ бакаст – æфсæрмхуыз, йæ бахудт – кæлæн.
Хæрзконд кипарисау, йæ былтæ - сырх бал,
Йæ рустыл – Йемены цæхæркалгæ лал.
Æрдынау - æрфгуытæ, йæ дзыкку - зæлдаг.
Йæ цæстытæ рухс æмæ амондæй дзаг.
Цыма йæ ысфæлдыста уарзтæн Хуыцау,
Рæсугъд мæ сыгъдæг у уæларвон зæдау.
Йæ уындæй хъæбатырæн бахус йæ ком,
Зæрдæскъæфтæй ары Ыскæнæджы ном.
Йæ уазæгæн дзуры: «О диссаджы 'хсин,
Кæцæй мæм фæзындтæ, æнæнхъæлгæ цин?»
«Мæ ном Техмине у», - зæгъы йын æргом, -
"Мæ зæрдæ мын тоны æнæрай фыдбон.
Мæ фыд Семенганæн йæ кадджын сæрдар,
Уыдысты йæ фыдæлтæ номдзыд, хъайтар.
Мæн аккаг нæлгоймаг паддзæхты 'хсæн нæй,
Нæ хæхбæсты чи у рæсугъддæр мæнæй?!
Нырмæты мын ничима федта мæ хуыз,
Мæ ныхасæй никæйы сбуц кодтон æз.
Дæу тыххæй-иу арæх æз фехъуыстон, зон,
Бæгъатыры кадæн кæм уыдис кæрон!
Дæ кард дын куы фенынц фыранк йе домбай,
Зæрдæскъуыд фæвæййынц - мæлæт у сæ хай.
Куы фены хæххон цæргæс дардмæ дæ фат,
Ныууадзы йæ нывонд мæ атæхы дард.
Куы бацæуыс тохы, тыхгæнæг дын нæй,
Дæ разæй уæд рацæуы тугæйдзаг зæй.
Æфтыдта мæ дисы дæ кадджын хъысмæт,
Æдзухæй дæуыл уыд мæ зæрдæйы мæт.
Бæллыдтæн дæ риуыл куы руадзин мæ сæр, -
Мæ цинæн сыгъдæг зæд æрхаста дæу дæр.
Æнусмæ дæ фарсмæ, дæ зæрдæ зæгъæд,
Мæ уд дæр, мæ цард дæр дæ нывонд фæуæнт.
Æдзухæй мæ цæстытыл уайы дæ хуыз,
Мæ уарзтæн йæ уацары бахаудтæн æз.
Дæуæн æз ныййардзынæн аккаг бындар,
Ысуыдзæн дæу хуызæн хъæбатыр, богал.
Уындæй æмæ кондæй уыдзæни æххæст,
Йæ хъысмæт, йæ сомбон - Хуыцауы фæдзæхст.
Зындзæни дæ дугъон дæр, мауал кæн мæт,
Нæ бæстыл æрзилдзыстæм, ссардзыстæм фæд".
Паддзах-чызг йæ ныхас кæронмæ фæцис,
Рустамæн æргом дзырд æхсызгон уыдис.
Йæ зондæй, йæ кондæй сыгъдæгуд æхсин
Хъайтары фæтæн риуы бауагъта цин.
Уæлдайдæр, куы фехъуыста Рехшæн йæ кой,
Уæд барухс йæ зæрдæ, ыссардта æнцой.
Паддзахы рæсугъд чызг йæ уды ныххауд,
Æрвиты мобеды йæм минæвар тагъд.
Мобеды ныхæстæй фæхъæлдзæг сæрдар -
Йæ сиахсаг - хъæбатыр 'мæ номдзыд богал!
Паддзахæн æхсызгон у ахæм цæдис,
Рустамæй æнтысджындæр зæххыл кæм ис!
Æххæстгонд æрцæудзæн богалы фæндон,
Йæ чызджы йын кадимæ ратдзæни сом.
Æппæт Саманганы бæрæгбон уыдис,
Сæ цинæйдзаг зарæг уæларвмæ хъуыстис.
Рустамæн уæздан лæгтæ арфæ кæнынц,
Зæрдæбын ныхæстæ йын уыдон зæгъынц:
"Фæрнæйдзагæй ,рвитут уæ иумæйаг цард,
Дæ фыдгултæ лидзæнт дæ цыргъ кардæй дард!"
Бæрæгбон æрхаста æрыгæттæн фарн.
Йæ къаимæ иунæгæй баззад Рустам.
Йæ цонгыл уый дардта алæмæты цæг,
Мæ бирæтæ кодтой йæ цæгмæ хæлæг.
Йæ уарзонмæ радта йæ зынаргъ лæвар,
-Чызг мын кæд ныййарай, - загъы йын хъайтар,-
Уæд иу ын йæ дзыккуйыл ацы цæг сбæтт,
Рæвдауæд æй алкæддæр хурау хъысмæт!
Куы мын радта Дунейы Скæнæг бындар,
Йæ къухыл-иу бакæн йæ фыды лæвар.
Тыхджынæй ныфсхастæй ысрæзæд мæ фырт,
Куыд хæсса хъæбатыры ном æмæ цыт.
Куыд кæна æртхъирæнтæ хурмæ, йæ фат
Цæргæсæн куыд æппара арвæй йæ мард".
Фæдзырдта йын бирæ ныхæстæ богал,
Паддзахы рæсугъд чызг йæ мойæ уыд хъал.
Зæрин хур куы айтыгъта зæххыл йæ хъарм,
Бæрзондæй куы срухс кодта бæстæ, Рустам
Ысцæттæ уæд балцмæ, æрбаста йæ рон,
Хъæбыс гæнгæ йе 'фсинæн загъта: хæрзбон.
Ныххызтис сылгоймаджы зæрдæмæ рис,
Æрхæндæг йæ цардæн æмбæлццон ыссис...
Æрбацыд уæдмæ Семенганы сæрдар,
Фæрсы йæ: "Куыд арвыстай де 'хсæв, хъайтар?
Дæ дугъон дæр разынд, дæ хæстон æмбал"
Æхсызгон уац фехъусгæ, номдзыд богал
Йæ бæхыл æвæстиатæй сæвæрдта саргъ,
Паддзахы ныхæстæн ыскодта уый аргъ.
Сабулмæ бæгъатыр ныфсджынæй æрцыд,
Уым никæмæн загъта, кæм уыд, йе цы уыд

СУХРАБЫ РАЙГУЫРД
Куы 'рхæццæ йæ афон, уæд ноггуырд фæзынд,
Зæрин хурау калдта цæхæртæ йæ уынд.
Ды загътаис, ногæй нæм райгуырд Рустам,
Гъе науæд та Сам, гъе хæстон Нериман.
Куы бахудт йæ мидбылты саби, йæ мад-
Уæздан Техмине йæ æсхуыдта Сухраб.
Ныфсхастæй рæзыдис, Рустамау - йæ уынд.
Мæйдзыдæй уый аздзыд сывæллонау уыд.
Æртæ йыл куы сæххæст, уæд тохмæ бæллыд,
Йæ фондз азмæ йе 'сгуыхт ном бæстыл нæрыд.
Дæс азмæ æппæты тыхджындæр ыссис,
Йæ ныхмæ тых æвзарæг ничи цыдис.
Æрбацыд мæ загъта уæндонæй: "Мæ мад,
Фæнды мæ æцæгдзинад базонын тагъд.
Цæмæ дæн æмгæрттæй æппæты уæлдæр,
Уæларвон бæрзæндтæм æсхастон мæ сæр?
Мæ фыдæлтæ чи сты? Куы бафæрсой мæн
Кæй фырт дæн? Цы зæгъдзынæн адæмы 'хсæн?
Мæнгдзинад куы зæгъай дæ фыртæн мыййаг,
Нæ уыдзæн мæ мастæн нæ зæхх-бæстæ фаг.
Фæлмæнæй йæ ныййарæг дзуапп ын дæтты:
"Дæ зæрдæ æрсабыр кæн, ма кæн мæсты!
Дæ фыд у æхсарджын хъæбатыр Рустам,
Дæ фыдæлтæ - Заль, мæ Нейрем æмæ Сам.
Гъе уый тыххæй арвы бæрзæндтæм цæуыс-
Дæ кадджын мыггагæн йæ намыс хæссыс.
Ыскæнæг куы сфæлдыста дуне, уæдæй
Нырмæты Рустамау нæ уыд æмæ нæй.
Нæ зæхх-бæсты Самау нæ уыдис æнтыст,
Уæларв æм æндзæвын нæ хаста йæ ныфс".
'Мæ радта Рустамæй фыстæг ын тыхстæй,
'Мæ йемæ хæзнатæ: зынаргъ дуртæ стæй
Сызгъæрин æхцатæй чыссæтæй æртæ,
Лæвæртæ Рустамæй йæ ноггуырд фыртæн.
Уыдысты Иранæй йæ уарзонмæ 'рвыст,
Æхсызгон уац дардæй богалыл куы 'рхъуыст.
Хæзнатæ дæтгæйæ фæдзæхста йын мад,
"Дæ фыды лæвæрттæн 'скæн аккаг бынат.
'Стæй ноджы ма загъта: "Мæ хъæбул, Сухраб,
Дæ фыды ном ма 'рхъусæд карз Афрасьяб.
Фæнды йæ, æфхæрдгонд куы фæуид Рустам,
Кæй фестад йæ фæстæ гæныстон Туран.
Хæрамдзинад рагæй дæ фыдмæ хæссы,
Куы бауай йæ амæттаг, уымæй тæрсын.
Тыхсын ма æз ноджы, куы фена дæ фыд
Кæй байрæзт хъæбатыр хæстонæй йæ фырт,
Йæ бындармæ 'рсиддзæн æвæстиатæй уæд,
Мæнæн та мæ зæрдæ æскъуындзæни мæт".
- Мæ уæздан ныййараг, - Сухраб ын зæгъы, -
Гъе ахæм æцæгдзинад ацы зæххыл
Нæ бамбæхсид иу дæр! Цытджынты фæдон,
Кæмæн хъуысы дардмæ йæ кад æмæ ном.
Кæй тых æмæ намысыл дзурынц æрмæст -
Мæ фыд у! Йæ фыртæй нæ уыдзæн æмбæхст.
Æрымбырд кæндзынæн æппæты къуымтæй
Æфсад æз турайнаг хæстонтæй. Ыстæй
Паддзахы къæлæтджынæй хаудзæн Кавус,
Æнустæм Иранмæ нæ бауæндзæн Туз.
Ыссардзысты азар Новрез мæ Бехрем,
Горгин мæ Гудерз, Гив ыстæй Гостехем.
Рустамæн ирайнаг паддзахы бынат
Æд галуан, æд къæзна æз ратдзынæн тагъд.
Ыстæй уæд мæ фæндаг Туранмæ æмраст,
Æрцæудзæнис уым Афрасьябы тых саст.
'Паддзахы къæлæтджын куы 'рцахсон æваст,
Мæ арц уæд бæрзонд хурмæ сисдзынæн раст.
Ираны паддзах - ус уыдзына, æууæнд.
Æз тохы домбайау хæццынæн, æууæнд.
Хъæбатыр Рустам, стæй йæ бындар - Сухраб -
Кæмæ ма æрхаудзæн сæрдары бынат?
Кæм кæнынц æлдариуæг хур æмæ мæй,
Уым стъалыты рухсæн ыстыр бартæ нæй.

 

СОХРАБ  ЙÆХИЦÆН БÆХ  ÆВЗАРЫ
"Мæ ныййарæг, - дзуры Сухраб æм фæлмæн, -
Тых æвзарæн хæсты ды фендзынæ мæн!
Хъæуы ма мæ дугъон, алæмæттаг бæх,
Æндойнаг сæфтджытæй куыд рæмудза зæхх.
Сæгуытау цæрдæг къах, цæргæсау йæ тахт,
Цъæх фурды кæсагау мæ дугъон уæд тагъд.
Мæн хуызæн богал йын, æд хотых, æд гæрз,
Æвæллайгæ дугъы куыд нæ кæна уæз.
Куыд кæндзынæн фистæгæй мемæ æфсад?
Æнæ бæхæй тохы уыдзынæн æгад".
Сохрабы ныхæстæй фæхъæлдзæг ис мад,
Уæлæрвтæм æй 'схаста сæрыстырдзинад.
Æрвиты æрыгон фыййæутты, цæмæй
Æртæрой рæгъæуттæ æвзаргæ бæхтæй.
Хъæуы, дам, Сохрабы гъе ахæм æфсургъ,
Тыхæй мæ цырддзинадæй чи нæ у цух.
Хæх бæсты æрзылдысты, алы кæмттæй
Рæгъау йын æртардтой æвзаргæ бæхтæй -
Сæ иуæй сæ иннæ хуыздæр æмæ тагъд.
Сæ размæ архъанимæ рацыд Сухраб.
Бæхты 'хсæн куы фены сæрæндæры, 'васт
Уæд фидар бæндæнæй æрцыуы уый ахст.
Ыстæй йын йæ фæсонтыл 'руадзы йæ къух,
Мæ уайтагъддæр саст рагъ фæвæййы æвсургъ,
Æрхауы Сохрабы раз дугъон богал.
Цæрдæг къах æвзæрст бæхтæй бабын дзæвгар,
Йæ тыхтæн æмсæр бæх нæ ары уæйыг,
Æрынкъард. Ныххызти йæ зæрдæмæ хъыг.
Æрбацыд æм уалынмæ 'фсæддон æввахс,
Мæ загъта Сохрабæн æхсызгон ныхас:
"Ис Рехшæй гуырд дугъон мæм, бæхты хуыздæр,
Домбайæ тыхджындæр, цæхæрæй тæвддæр.
Уый хохау тыгъд быдырты 'ппæтæн зыны,
Уый рог мæргътыл дугъы уæлахиз кæны.
Зæрин хурау калы цæхæртæ уындæй,
Цырддæр æмæ тагъддæр нæ бæстæйы нæй.
Йæ зæвæтæй киты фæкæндзæни сур,
Йæ гæпп у æрвырттывд, йæ фæтæн риу - дур.
Уый айнæг къæдзæхтыл сычъийау цæрдæг,
Цъæх фурды кæсагау - нæ йæ 'рцахсдзæн лæг.
Фæдисы куы атæха фатау мыййаг,
Нæ бамбæхсдзæн дугъонæй никæм ызнаг".
Уæд райхъуысти кънязæн йæ цинæйдзаг худт,
Ныфсдæттæг ныхæстæй фæхъæлдзæг йæ уд.
Æвæстиатæй араст, йæ фæндаг уæрæх,
'Мæ мæнæ, йæ размæ алæмæты бæх.
Сухраб ын йæ фæсæттыл 'руагъта йæ къух,
Уыны йæ, хæстон тохы 'сбæздзæн æфсургъ.
Æрлæгъз кодта дугъоны, сæвæрдта саргъ,
Стæй артау йæ бæхмæ æсгæпп кодта тагъд.
Цъæх хох Бисотунау ыл барæг зындис,
Йæ быны хъæддых бæх цæрдæгæй цыдис.
Стæй разыйæ загъта уæд номдзыд хъайтар:
"Кæдæй - уæдæй разынд мæ хæстон æмбал!
Ныр сисдзынæн тохы æдæрсгæйæ кард,
'Мæ фенад кæндзынæн Кавусæн йæ цард".
Зæрдæргъæвдæй 'рыздæхт фæстæмæ Сухраб,
Цæттæ у хæстон балцмæ ацæуын тагъд.
Сæрдармæ, кæй тых æмæ намыс нæрынц,
Æфсæддонтæ алы бынæттæй цæуынц.
Мæ куры йæ паддзах бабайы Сухраб:
"Æххуыс æмæ зондджын уынаффæ мын ратт!"
Иранмæ, дам, 'фсад мæ фæкæнын фæнды,
Бæллын, дам, ыссарын мæ номдзыд фыды.
Куы фехъуыста уыцы ныхæстæ сæрдар,
Æрымбырд ын кодта йæ балцмæ дзæвгар:
Рæгъæуттæ хæргæфстæй, æвзаргæ бæхтæй,
Сызгъæрин æхцатæ, зынаргъ дуртæ стæй
Хæстон лæджы згъæртæ... Сæрыстыр æлдар
Йæ чызджы лæппуйæ у диссаджы хъал.
Йæ номыл нæ кæны лæвæрттæ æвгъау,
Йæ бæсты цæрджытæн паддзах у рæдау.

АФРАСЬЯБ ÆРВИТЫ СОХРАБМÆ БАРМАН ÆМÆ ХУМАРЫ
Тураны паддзахæн йæ хъустыл æруад,
Хæстон балцмæ 'сравдз кодта наутæ Сухраб.
Цæуынц æм æфсæддонтæ аллы рæттæй,
'Мæ уымæй æхсарджындæр се 'хсæны нæй.
Йæ былтыл нæма бахус мады æхсыр,
Гъе афтæмæй хæстмæ ныфсджынæй бырсы.
Фыдгултæн уый тугуарæн тохы кæны,
Кавусмæ æргомæй æртхъирæн кæны.
Йæ фæдыл фæкæны хъæбатыр æфсад,
Нæ тæрсы ызнæгтæй, цæттæ у йæ кард.
Цыбырæй, хъæбатыр - хуыздæрты хуыздæр,
Йæ фыдæлтæй разынди ноджы лæгдæр.
Тураны паддзахæн фæхъæлдзæг йæ уд,
'Мæ райхъуысти уайтагъд йæ хинæйдзаг худт.
Турайнаг хæстонтæй æвзæрстгонд æрцыд,
Кæй къухты уæззау кард æнауæрдон уыд -
Хъæбатыр богæлттæ - Хумар мæ Барман,
Фыранкыл-иу рогæй æппæрстой архъан.
Уыд бардзырд, æмбырдгонд æрцæуæнт рæхсчы
Æфсæддонтæ минтæй дыууадæс. Зæгъы
Хумар мæ Барманæн мæнгард Афрасьяб:
"Мæ хинæйдзаг фæндмæ æрхъусут, Сохраб
Куы сæмбæла тохы Рустамимæ уæд,
Йæ номдзыд ныййарæджы ма базонæд.
Хъæбатыр Рустам у йæ тыхæй ныфсджын,
Сухрабима 'схæццæн æнæмæнг, зæгъын,
Гæнæн ис мæлæтдзаг фæуыдзæнис фыд,
Хъуыстгонд у, домбайау тыхджын у йæ фырт.
Рустамы мæлæтимæ сæфтдзæн Иран,
Фæуыдзæнис йемæ Кавус дæр тыхс ран.
Ыстæй уæд æрцæудзæн Сохраб дæр æфхæрд,
Æссардзæн мæйдары нæ къухтæй мæлæт.
Куы фесæфа тохы хъæбатыр мыййаг,
Йæ фыдæн уыдзæни зæрдæскъуыды фаг".
Фæтагъд кодтой номдзыд богæлттæ, цæмæй
Сохрабы æфсадыл æмбæлой фæрнæй.
Паддзах -Афрасьябæй æрвыстгонд уыдис
Бæхтæ, стæй хæргæфстыл æнæнымæц ис,
Паддзахы къæлæтджын зынаргъ дурæй куыст,
Йæ къæхтæ пылы стæгæй. Лалтæй фæлыст
Цæхæркалгæ кады худ. Семæ фыстæг
Зæрдæйæн æхсызгон, ыстыр ныфс дæттæг:
"Куы 'рцахсис Ираны паддзахы бынат,
Æрхæссис уæд дунейæн фарн æмæ кад.
Иран, Семеган мæ Тураны бæстæ
Цæвиттон, æмвæндон сыхæгтæ ысты.
Паддзахы худ тохæй дæхицæн æрхæсс!
Хъæбатыр хæстонты дын 'рвитдзынæн æз.
Турайнаг æхсарджын богæлттæй хуыздæр
Хумар мæ Барманæй нæ зонын æз дæр.
Хæлæг сын дын ма бакæн уазæджы кад,
Дæ дæлбар куыд тох кæной, фадат сын ратт.
Куы расидай, тохмæ лæбурдзысты уæд,
Ыссардзысты 'знæгтæ сæ къухтæй мæлæт".
Паддзахы лæвæрттимæ араст æфсад,
Сæ разæй дыууæ тыхджын барæджы уад.
Сохрабæн йæ хъустыл æхцон уац куы 'руад,
Йæ паддзах - дадайымæ скодта сын кад -
Сæ размæ фæтагъд кодтой. Байдзаг фæрнæй
Сохрабæн йæ зæрдæ æфсады уындæй.
Куы федта фæтæнриу уæйыджы Хумар,
Уæд дисы йæ бафтыдта номдзыд богал.
Бæркадджын лæвæрттæ йын радтой цæрдæг,
Мæ семæ паддзахæй æрвыстгонд фыстæг.
Стæй байхъуыста уазджытæм ноджы Сохраб,
Цы фæдзæхста йе 'рвыст лæгтæн Афрасьяб.
Куы бакаст паддзахæн йæ фыстæг хъайтар,
Уæд раситт æфсæддонтæм, радта сын бар
Ыстæры цæуынмæ. Ныццагъой хъæрæй
Гуымсытæ. Нызмæлыди бæстæ тыхстæй.
Æгæрон æфсадæн йæ ныфс у хъæддых -
Домбай, йе кафхъуындар йæ ныхмæ æдых.
Куыд рацæуы 'знæтæй мæлæт хæссæг уад,
Гъе афтæ Иранмæ ныббырста Сухраб.

СУХРАБЫ ÆРБАБЫРСТ УРС ФИДАРМÆ.
Дзæнхъа дурæй фидар сæ размæ фæзынд,
Иранæн ныфсдæттæг дзæвгар рæстæг уыд.
Сæ фæтæг хъæбатыртæн, тохты фæлтæрд
Хеджирæн йæ бæрны уыд сахар лæвæрд.
Зæронд Годжехем дзы сæрдарæй уыдис,
Дзырдзæугæ хъайтартæй йæ мыггаг цыдис.
Æлдары æвзонг чызг, рæсугъд æмæ хъал,
Бæхыл батты уымæн нæ уыди æмбал.
Куы ауыдта сау рыджы уайгæ æфсад,
Сæ разæй Сухрабы, ныфсхастæй куыд уад,
Йæ фидар ныууагъта Хеджир æмæ тагъд
Сæ размæ йæ дугъоныл фатау фæтахт.
Хæстæгæй-хæстæгдæр сæм барæг кæны,
Мæстыгæр Сухрабæн йæ ласт цирхъ зыны.
Æгæрон æфсадæй фæхицæн цæхгæр,
-Æнамонд! -фæхъæр кодта, - Додой дæ сæр!
Ды тохмæ лæбурыс? Дахимæ-иу кæс!
Дæ бæхæн йæ рохтыл-иу фидардæр хæц!
Зæгъма мын дæ ном 'мæ дæ мыггаг, мæнгард,
Йæ рустæ дыл тондзæн дæ ныййарæг мад.
"Дæхицæй æппæлыс, - Хеджир йын зæгъы,-
Дæ ныхмæ цæттæ дæн мæхæдæг хæцын.
Хеджир дæн, хъæбатыр хæстонты фæтæг,
Фæхауын кæндзынæн дæ сæр дын цæрдæг
Кавус мæ йæ фидиуæг ласдзæн тæвдæй,
Дæ буарæй та бафсæддзæн цъиусур ыстæй".
Хиджиры ныхæстыл ныххудти хъайтар,
Йæ бæхы æрцавта ныфсджынæй богал.
Къæдзæхыйас дугъоныл размæ тæхы,
Цырен артау йе знагыл фехста йæхи,
Джебогъты æзмалдыл на хæцыди цæст,
Хъуыстысты тызмæгæй зæлланг цæфтæ 'рмæст.
Хеджир æй йæ уартæй ныццавта уæлбæх,
Бæгъатыр Сохрабыл нæ сæмбæлд йæ цæф.
Цæрдæгæй Хеджирæн уый радта ныхкъуырд,
Стæй йе 'знаг йæхи уартæй цавдгонд æрцыд.
Уæззау уыд ыстыр дурау номдзыд хæстон,
Сохраб æй йæ бæхæй æриста æнцон,
Фæхæцыд йыл рогæй, стæй фехста йæ дард,
Хеджирæн йæ уды уæззау тас наббатт.
Фæтагъд кодта 'рхизын уæлбæхæй Сохраб,
Ызнагæн йæ хурхмæ æрбавæрын кард.
Хеджир æм йæ къухтæ æсдардта тыхстæй,
Хатыртæ дзы куры тæригъæд хуызæй.
Йæ мастæн йæ фæдыл нæ ацыд Сохраб,
Æрмæстдæр фæкодта йын уайдзæфтæ фаг.
Архъанæй йæ къухтæ æрцыдысты баст,
Ыстæй йæ фæластой Хуманмæ æмраст.
Куы фехъуыст Иранмæ Хеджиры æфхæрд,
Уæд адæмы зæрдæтæм бахызти мæт.
Кæнынц йыл ыстыр маст хæстонтæ æргом,
Сылгоймæгты хъарджытæн нал ис кæрон.

СОХРАБ ÆМÆ ГОРДАФЕРИДЫ ТОХ

Æрхъуыста зæронд Годжехемæн йæ чызг
Хеджирæн йæ хабар, йæ зæрдæмæ хъыг
Ныххызтис, мæ уайтагъд нырризыд йæ буар,
Æфхæрд æмæ мастæй йæ цæсгом фæтар.
Хъæбатыр, ныфсхаст уды хицау уыдис
Йæ намысы кой та зæхх-бæстыл цыдис.
Куы райгуырдис, 'схуыдтой йæ Гордаферид,
Нæ уыди йыл тохы тыхгæнæг нырид.
Хеджирæн йæ басаст æм худинаг каст,
Йæ рустæ ныссырх ысты уардийау раст.
Хъайтарау фæндфидарæй уыцы рæстæг
Æфсæддоны хотыхтæ скодта цæрдæг,
Æрымбæрзта ромаг ызгъæрхуд йæ сæр,
Ызгъæрхæдон сбаста бæттæнтæй хъабæр.
Хæцъилрон æрбалвæста фсæддон лæгау,
Ныууагъта йæ фидар, йæ бæхыл зынгау
Ныфсхайстæй фæцагайы Гордаферид,
Тыгъд быдыры райхъуыст тызмæгæй йæ сидт:
"Кæм ысты хæстонтæ? Уæ фæтæг кæм ис?
Уæ номдзыд хъæбатыр ныфсдæттæг кæм ис?
Гуымиры кæфхъуындарау чи у хъæддых,
Кæй зæрдæйы абарын мемæ йæ тых?"
Йæ сидтæн хæстонты 'хсæн дзуапп дæттæг нæй,
Нæ рацыди ничи æфсаддон рæгътæй.
Фыранктыл тыхгæнæг, бæгъатыр Сохраб.
Йæ ныхæстыл худы йæ зæрдæйы дзаг.
Ныннæры йæ хъæлæс:"Цæттæ у мæ кард!
Хъæддаг бæх архъанæй нæ алиддзæн дард.
Æскодта йæ уæлæ цырен артау тагъд
Китайаг ызгъæрхуд, згъæрæфтыд. Сохраб
Æнæзонгæ барæджы размæ фæтахт.
Æрдын йын ныддарта йæ ныхмæ ызнаг.
Мæлæтхæссæг фаттæй Сохрабы сæрмæ
Уаларвы нæ бамбæхсид маргъд дæр. Уæдмæ
Уыны йæ: зын уавæры бахауд æфсад,
Йæ хæстонтæй бирæтæ 'рцыдысты мард.
Хъайтары йæ судзаггаг сау маст хæры,
Тызмæгæй йæ дугъоны  размæ тæры.
Мæлæтхæссæг фаттæм уый сарæзта арц,
Йæ размæ ызнагæн ныфсхастæй ныййарц.
Богалæн йæ зæрдæ у сау мастæй дзаг.
Æрбаппæрста йе уæхсгыл йе'рдын ызнаг,
Цæрдæгæй йæ дугъоны 'рцавта, мæ тагъд
Сохрабæн йæ размæ уый маргъау фæтахт.
Æрхæцыди фидарæй рохтыл 'мæ рæвдз
Хъайтары фæтæн риумæ сарæзта арц.
Ызнаджы æфсæрстæй фæкарздæр йæ маст
Сохрабæн, ныккæрзыд ызнæт сырдау раст.
Къæвдабоны арвы æрттывдау цæрдæг
Хъæбатыр йæ дугъоны 'рцавта тызмæг.
Малатхæссаг арцыл ныххæцыдис, рæвдз
Йæ болатбырынкъæй йыл 'руагъта йæ цæф
Мæ уайтагъд ызнаджы æзгъæрхуд фæсаст,
Уæддæр йын нæ фæци хъайтар чызг ныфссаст.
Куыд адавы пурти æвзыгъдæй човган,
Æриста йæ дугъонæй æфтæ богал.
Куы рахауд, фæкарздæр хæстон чызджы маст,
Йæ кардæй æрцыди Сохрабы арц саст.
Фæстæмæ æсгæпп кодта бæхыл цæрдæг,
Фæсцагайта уайтагъд рыг зæххыл цæрдæг.
Куы бамбæрста тохы кæй нал у æвзыгъд
Фæзылдта йæ бæхы 'мæ иуварс фæлыгъд.
Хæфхъуындар-æфсургъыл фæтæхы хæстон
Ды загътаис, баззад æнæ рухсæй бон;
Уæларвмæ рыг исгæ, ызнагыл фæхæст,
Йæ сæрæй ызгъæрхуд æрцыди æппæрст.
Мæ уалынмæ разынди даргъ дзыкку 'вваст,
Йæ рæсугъд хуыз сæрттывта ирд хурау раст.
Уыны йæ, йæ разы сылгоймаг хæстон.
Паддзах чызджы дарæс у дарын йæ бон.
Мæ бафтыди дисы: "Ирайнагтæм кæд
Ис се 'фсады ахæм хъæбатыр чызг, уæд
Сæ хæстон нæлгоймæгтæ тохы рæстæг
Хæццысты фæнык уадзгæ сæ 'лварс тызмæг.
Тæхгæ архъан фехста хъæбатыр æваст,
Æрцыдис рæсугъд чызг йæ астæуæй ахст.
Фæхъæр кодта: Номдзыд богал дыл фæхæст,
Куыд агурыс ахæм хæрзуындæй ды хæст?
Нырмæты дæу хуызæн нæ ахста архъан,
Мæ къухтæй дын алидзын нал ис, дзейран!"
Хæстон чызг йæ ирвæзты хосæн, æргом
Фæзылдта Сохрабмæ йæ рæсугъд цæсгом.
Зæгъы йын:"Нæ зæххыл хъæбатырты 'хсæн
Домбайау тыхджын дæ, æмбал нæй дæуæн.
Дыууæ фсады тохмæ лæмбынæг кæсынц,
Нæ аллы фæзылд дæр нын уыдон уынынц.
Куы феной мæ дзыкку – уыдзынæ æгад.
Кæндзысты дын фидистæ, сæфдзæн дæ кад.
Зæгъдзысты: "Йæ алыварс систа фæнык
Уæларвмæ, йæ  фыдгул та разынди  чызг.
Пайда дын нæ хæссы нæ дарддæры тох,
Дæу хуызæн хъайтарæн уыдзæни фыдох.
Уыдаид дæ уавæры фидыд хуыздæр,
Мæ зонды уынаффæмæ байхъуыс ды дæр.
Дæ уарзон æмбæлтты, стæй де знæгты 'хсæн
Дæ кады ном хъуамæ бæрзонд уа дæуæн.
Дæ ныхмæ нæ лæудзæни ме фсад, æууæнд,
Мах агурæм фидыд, ды бамбар мæ фæнд.
Нæ бæркад, нæ галуан – уыдзысты дæ бар,
Цæй сæрыл ма тох кæны номдзыд богал?»
Кæсынæй йæм не фсæды барджын Сохраб:
Йæ былтæ сырх лалтæ, йæ цæстынгас – арт.
Йæ цæсгом - уæлавон, зæхкусæджы цин –
Сыфтæрджын бæласау хæрзконд у æхсин.
Йæ цæстытæ – хъуазтæ, æрфгуытæ – æрдын,
Цъæх уалдзæджы дидинджын фæзау йæ уынд.
Зæгъы йын: «Дæ зæрдыл дæ сомытæ дар,
Уыдтай йæ, нæй тохы мæ тыхæн æмбал.
Ды фыдæлты фидарæй ма хæс дæ ныфс.
Уаларвæй бæрзонддæр нæ уыдзæнис. Æз
Мæ цирхъæй дæрæн æй кæндзынæн æнцон,
Йæ арцæй мыл иу дæр нæ андзæвдзæн, зон!»
Æстæй йæ æсуагъта; йæ дугъоныл тагъд
Хæстон чызг тыгъд быдырты фидармæ тахт.
Йæ фарсмæ Сохрабы цæрдæг бæх хæссы.
Мæ æфтæмæй уым сæм æнхъæлмæ кæсы
Зæрон Годжехем стæй хæстон лæгтæ. Цырд
Фæгом кодтой дуæрттæ - чызг ирвæзт æрцыд.
Мæ ногæй та бахгæдтой кулдуар, ыстæй,
Чысылæй, ыстырæй, ныккуыдтой хъæрæй,
Æнамонд цæрджытæн сæ хъыг, стæй сæ мæт
Хеджир æмæ Гордафериды æфхæрд.
Хъайтар чызгмæ рбацыдис урссæр æлдар,
Мæ йемæ хъæбатыр хæстонтæ дзæвгар,
«О, сахъ чызг!», йæ ныхас æлдарæн уыдис, -
Куыд бирæ рæстæг дыл нæ зæрдæ тыхстис.
Уыдтæ ды æхсар æмæ хинæй хæстхъом,
Æгадæй нæ баззад дæ фыдæлты ном,
Æзнаджы уæззау къух – уæларвæн табу!-
Фыдбылыз дын не рхаста тохы, мæ хур».
Ныххудти хъæбатыр чызг Гордаферид,
Сохрабы куы федта, йæ цæсгом фæирд,
Бæгъатырмæ дзуры мæсыджы сæрæй:
«Эй, номдзыд хæстон лæг турайнаг бæстæй!
Ды сафыс дæ рæстæг, уыдзынæ ныфссаст,
Дæ бырсын ныууадз, мæ дæ фæндæгтæ раст!»
«Уæд афтæ! – зæгъы йын мæстыйæ Сохраб, -
Æз ард хæрын мæй æмæ хурæй, мæ кад,
Мæ ном æмæ намысæй, фидар рæхсджы
Æнæмæнг мæ къухты уыдзæн. Æмæ ды,
Мæнгард чызг, кæндзынæ дæ мийыл фæсмон,       
Æнусмæ дыл сбаддзæн цагъайраджы ном.
Хатыр мæ куы курай, нæ дын уыдзæн барст,
Æрвнæрдау ныннæрдзæн мæ зæрдæйы маст!
Æви дæ æрбайрох дæ дыхас нырид?»
Йæ мидбылты бахудти Гордаферид,
Зæгъы йын: «Турайнаг хъæбатыр, ныббар,
Нæ уыдзæн Ираны дын царды æмбал.
Лæвæрд дын нæ фæдæн хъысмæтæй, уый зон,
Ды ауæрд дæхиуыл, о номдзыд хæстон.
Зæгъма мын, æцæгæй турайнаг дæ ды?
Ыстыр кад дын уаид Ираны бæсты.
Уындæй æмæ кондæй нæ дын ис æмбал,
Богæлттæн ды се хсæн тыхджындæр богал.
Кавусмæ куы рхъуыса турайнаджы кой,
Кæй бырсы нæ зæххмæ, уæд сафдзæн æнцой,
Æрвиттдзæн æфсад, мæ Рустам дæр зындзæн,
Дæуæн та дæ хъысмæт кæуинаг уыдзынæн.
Æнæмæнг æрцæудзæнис де фсад тыхсаст,
Сæ амæттаг де `знæгтæн ма фæуы `вваст.
Бæгъатыр, æвгъауаг дæ хъару, дæ ныфс,  
Фыранчы дзæмбытæм дæхæдæг цæуыс.
Ды мауал бырс размæ, дæ раст зонд кæм и?
Æзнæт гал ма афтæ фæдары йæхи.
Адзалы фæндагыл уыдзынæ æдых,
Тураны бæстæтæм ды сараз дæ ных».
Хъайтары фæтæн риуы абухы маст,
Æфхæрæджы митæн нæ уыдзæни барст.
Йæ тызмæг фæндоны нæ цæуы дæрдты,
Æфсæддонтæн фидарæй бардзырд дæтты,
Æгъатырæй бандзарын хæдзæрттыл арт,
Куыд феста фыдæвзарæн адæмы цард.
Стæй загъта: «Æнафон у, бамынæг бон,
Нырттæккæ нæ хæццыстæм. Бонцъæхты сом,
Бæрзон фидар фестын кæндыстæм фæныкк,
Уыдзæни ыстыр тох!» Йæ зæрдæйы хъыг
Æмбæхсгæ йæ бæхы æрцавта цæрдæг,
Цатырмæ фæцагайдта намысджын лæг.

МИНÆВАРДЗЫРД ГОДЖЕХЕМÆЙ КАВУСМÆ

Куы адард Сохраб, уæд фыссæгмæ тыхстæй
Фæдзырдта зæронд Годжехем æмæ стæй
Ираны паддзахмæ æрвиты фыстæг,
Йæ фæндагмæ минæвар 'срæвдз ис цæрдæг.
Фыстæджы паддзахæн æстауы йæ ном,
Цы хабæрттæ 'рцыди, фыссы йын æргом.
"О, кадджын сæргълæууæг, Туранæй æваст
Æфсад нæм æрбабырста карз фыдау раст.
Сæ фæтæг - уæлахизты кадæй рæвдыд
Æрæджы цыппæрдæс йыл сæххæст. Йæ уынд
Уæларвы зæрин хурæй рухсдæр, йæ конд
Гуырвидауц, фæтæнриу, бæласау бæрзонд.
Нырмæты дзы ахæм хъæбатыр нæ уыд,
Йæ къухы уæззау старц бæгъатырæн уыд.
Нымады йын не сты цæугæдон, цъæх хох,
Куы кæна йæ индийаг цирхъимæ тох.
Иран мæ Тураныл куы 'рзилай, уæддæр,
Хъайтарæн йæ тохы нæ уыдзæн æмсæр.
Йæ ном та Сохраб у - ныфсджын мæ хъæддых,
Домбай йе кафхъуындар йæ ныхмæ æдых.
Зæгъдзынæн, йæхæдæг у номдзыд Рустам,
Хæссы уый йæ фыдæл Нейремæн йæ фарн.
Хеджир дæр, кæй намыс хъуыстгонд у зæххыл,
Йæ размæ фæцагайтта йе 'знæт бæхыл,
Фæндыдис æй тохы ысбара цæмæй
Йæ тыхтæ хъæбатыр Сохрабыл. Уæллæй,
Нæ бадтис йæ дугъоныл бирæ рæстæг,
Фæныкъуылдтон иунæг хатт цæст, æмæ лæг
Æппæрстгон æрцыдис йæ дугъон бæхæй.
Хæстон æфсæд кастысты уымæ тыхстæй.
Зæрдæрыст, цæфтæй мæ ныфссастæй Хеджир
Хъæбатыр Сохрабæн йæ уацайраг 'сси.
Тураны æз барджытæ федтон дзæвгар,
Фæлæ дзы нæ уыди Сохрабæн æмбал.
Куы бахауа тохы йæ къухтæм фыдгул,
Йæ сæрмæ æнамондæн ахуысдзæн хур!
Тызмæг тыхы хицау у номдзыд богал
Йæ ныхмæ нæ фæлæудзæн хох дæр. Хъайтар
Быдыртæ ыссæндгæ йæм дугъы цæудзæн,
Стæй хохы хъысмæтыл уымæл зæхх кæудзæн.
Къуылымпы куы кæнæй, дæ хæстон æфсад
Нæ сæрыл хæцынмæ куы не 'рлæууой тагъд,
Ираны бæстæтæ гæныстон нымай.
Ызнагæн йæ къухтæй йæ састгонд нымай.
Богалыл тыхгæнæг нæ разындзæн ам,
Æз загътаин, рацыд йæ хуызы нæм Сам.
Тыхджындæр хъайтартыл тыхгæнæг уыдзæн,
Уæлахиз сыл армы æлхъывдæй кæндзæн.
Гъе ахæм тыхджын къух, уæззау старцы раз
Нæ хуыздæр хъайтартæ уыдзысты ныфссаст.
Мах не сæфт æссардзыстæм, уый та йæ сæр
Уæларвы бæрзæнддæй æсхæсдзæн уæлдæр.
Йæ фæндагмæ не 'фсад цæттæйæ уыдзæн
Æхсæвы, мæйдары фæстæмæ цæудзæн.
Сахат дæр куы бауæм æфæстиат, уæд,
Æссардзæстæм ацы ран не 'ппæтт мæлæт.
Æрбабырсдзæн фидармæ 'фсады сæрты,
Йæ ныхмæ æрлæууын домбай дæр тæрсы".
Йæ фыстæг куы 'рцыди мыхуырæй æхгæд,
Æрцыдис æрвыстлæгæн бардзырд лæвæрд:
"Фыдгултæн æнæзонгæ къахвæдыл ды
Æвæстиатæй аразт у боныцæхты".
Паддзахмæ йæ фыстæг куы арвыста, уæд
Ыстыры цæуынмæ уыд бардзырд лæвæрд.

Баситы Залинайы талмац


Зарубежная литература         Австрийская
        Астрид Кольмайер
        Георг Тракль
        Стефан Цвейг
       Американская
        Марк Твен
        Эзра Паунд
        Эдгар Аллан По
        Эмили Дикинсон
       Английская
       Афганская
        Шах Идрис
       Белорусская
       Венгерская
        Йожеф Аттилæ
        Шандор Петефи
        Балашши Балинт
       Индийская
       Ирландская
        Оксар Уайлд
        Уильям Батлер Йейтс
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
        Ам Бо
       Корейская
        Неизвестный автор
        Чо Хон
       Латвийская
        Аия Бриаака
        Аспазия
      Латинская
       Немецкая
       Норвежская
        Кнут Гамсун
       Персидская
        Омар Хайям
        Фирдоуси
       Польская
       Турецкая
        Хикмет Назым
       Французская
        Сент-Экзюпери Антуан де
        Экушар Лебрен
        Гишар
        Баур Лормиан
        Клод Мерме
        Сен-Желе
        Сенесе
        Жан Расин
        Колен Бюше
        Ла Моннуа
        Гийом де Бребеф
        Фор де Пибрак
        Д’асейи
        Теодор Дезорг
        Алекси Пирон
        Неизвестный автор


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Кудашева Р.
     Короленко В.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Литература народов Кавказа:
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
      Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.