logo

М О Я    О С Е Т И Я



МАГОМЕД КУДАЕВ (1933)

Писатель Кабардино-Балкарской литературы. С 1980 года печатается в республиканских газетах и литературном журнале  «Минги-Тау». Автор книг «Судьба» (1995), «Из огня в полымя» (1995), «В дороге» (1998).
Член Союза писателей России.

АРМЫДЗАГ ХОРЫ НӔМГУЫТӔ
Новеллӕ

Арын дзы, йӕ фыдыуӕзӕгӕй кӕй сыстын кодтой ӕмӕ кӕйдӕр бӕстӕйы чи баззад, уыдоны рухс ном.

Фондзаздзыд сывӕллон иунӕгӕй хъазыд Баксаны комы Кыл-дыйы хъӕуы ӕлыгӕй конд хӕдзары кӕрты. Тымбылкъухы йас дуртӕй сис арӕзта. Хатгай-иу, йӕ къухмӕ дур сисгӕйӕ, ныхас кодта хӕдзары къулмӕ ӕнцойгонд къамимӕ. Уырдыгӕй йӕм, мидбылты худгӕйӕ, каст, афицеры пъагӕттӕ кӕуыл уыд, ахӕм ӕфсӕддон.
- Куыд дӕм кӕсы, мӕ фыд, мӕнӕ ацы дур дӕлӕ уым сфидаудзӕн? Ды куыд зӕгъай, афтӕ бакӕндзынӕн.
Лӕппу ахӕм хуызы ныхас кодта, йӕ Райгуырӕн бӕстӕ ӕмӕ йӕ адӕмы сӕрвӕлтау Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты алы фронтты, йӕ туг калгӕйӕ, знӕгты ныхмӕ хъӕбатырӕй чи тох кодта, уыцы фыдимӕ. Райсомы сатӕг дымгӕ ӕнӕхуынд уазӕгау къуымты ра-зылд, йӕ рог базырӕй къам раппӕрста, фӕлӕ йӕм лӕппу фӕцырд, ацахста йӕ, къӕмдзӕстыг хуызӕй йӕ ӕрбалхъывта йӕ риумӕ ӕмӕ дарддӕр йемӕ ныхас кодта.

-Мӕ фыд, фӕрӕдыдтӕн, ӕмӕ мын ӕй ныббар, - загъта ӕмӕ къам ногӕй къулы ӕнцой ӕрӕвӕрдта. Раласта йӕ къурткӕ ӕмӕ, цӕмӕй дымгӕ ногӕй къам ма раппара, афтӕ йӕ бааууон кодта ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ куыст дарддӕр кӕны.
-Мӕхӕмӕт, мӕ къона, дӕ фыд ног къам куы нӕ сӕрвита, уӕд нӕм уый йеддӕмӕ ӕндӕр нӕй. Къӕрцхъусдӕр у, хъахъхъӕн ӕй, дымгӕ йӕ куыд нӕ ахӕсса, афтӕ, - фӕлмӕн хъӕлӕсы уагӕй загъта, йӕ дзыккутӕ зӕрин хуры тынты хуызӕн кӕмӕн уыдысты, ахӕм рӕсугъд сылгоймаг. Ӕргуыбыр кодта ӕмӕ сывӕллоны цӕстытӕн аба кодта.
-Мамӕ, мӕ фыдмӕ писмо куы 'рвитай, уӕд ма йӕм-иу ныф-фысс, цӕмӕй бирӕ къамтӕ сӕрвита. Хорз? - йӕ мады узӕлд ын тынг ӕхсызгон кӕй уыд, уый йӕ хъӕлӕсы уагӕй ӕвдисгӕйӕ, загъта лӕппу.
-Хорз, мӕ удлӕууӕн, ныффысдзынӕн, - йӕ цӕссыгтӕ йӕ сӕрбӕттӕны кӕронӕй асӕрфгӕйӕ, загъта мад. - Мӕхӕмӕт, мӕ зӕрдӕйы уидаг, абон дукани иннӕ хӕттытӕй раздӕр бай-гом кӕндзысты. Хъуамӕ, Ташкурумӕй (Тырныаузӕй) алцытӕ ӕрбаласой. Исты ахӕр, ӕмӕ цом.

Куыддӕр мад дзырд фӕци, афтӕ райхъуыст, ӕнӕхъӕн хъӕуы, стӕй ма суанг цӕугӕдон Баксаны уынӕр дӕр йӕ быны чи фӕкодта, ахӕм бирӕ машинӕты гуыв-гуыв. Йӕ уд йӕ къӕхты бынӕй ауад Самхъызӕн. Фӕлӕбурдта лӕппумӕ ӕмӕ йӕ йӕ риумӕ ӕрбалхъывта. Саби та йӕхи феуӕгъд кодта йӕ мады хъӕбысӕй ӕмӕ азгъордта, раздӕр кӕм хъазыд, уырдӕм. Фелвӕста йӕ фыды къам, амбӕхста йӕ йӕ роны ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ мадмӕ йӕхи ныл-хъывта.
Райсомы ӕнцой ӕмӕ Кылдыйы хъӕуы сабыр уаг халгӕйӕ,
Баксаны комы уым уӕлӕмӕ фӕцӕйцыд машинӕты чырӕ. Йӕ фырты йӕ хъӕбысы ӕрбакӕнгӕйӕ, мад дзӕвгар рӕстӕг лӕууыд ӕмӕ каст сӕ фӕстӕ, стӕй, йӕхимӕ ӕрцӕугӕйӕ, бацыд хӕдзармӕ.
Сахат дӕр нӕма рауад, афтӕ банкъардта, цыма зӕхх йӕ къӕхты бын кӕдӕмдӕр фӕцӕуы. Бӕстӕ хъӕр ӕмӕ хъӕлӕба сси. Уасыдысты хъомтӕ ӕмӕ фыстӕ, хъӕр кодтой адӕм. Рай-хъуыст топпы гӕрӕхтӕ ӕмӕ куыйты зӕрдӕхалӕн ниуд. Сыхӕгтӕ иууылдӕр базмӕлыдысты. Хъӕуыл ахӕлиу, се 'ппӕты дӕр сӕ цӕрӕн бынӕттӕй ӕрвитынц, зӕгъгӕ, ахӕм ныхас. Баксанӕн йӕ хуссарварсырдыгӕй доны сӕрты стыр хид кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ афицертӕ салдӕттимӕ бавнӕлдтой хъӕуы цӕрджыты чысыл хидыл фистӕгӕй ахизын кӕнынмӕ. Алы хӕдзар дӕр уыд дыууӕ-ӕртӕ салдаты бӕрны. Уыдон бардзырд радтой, цӕмӕй адӕм сахат ӕмӕ 'рдӕгмӕ фӕндагмӕ рӕвдзӕй рацӕуой. Сӕ гӕнӕнтӕ ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ цӕрджытӕй алчидӕр архайдта йемӕ фылдӕр дзаумӕттӕ райсыныл. Самхъызӕн йӕ хъӕбулӕй дарддӕр ничи уыд. Фондзаздзыд сывӕллонмӕ та ацу ӕмӕ ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс... Йӕ лӕджы йын хӕстмӕ куы акодтой, уӕдӕй нырмӕ фондз азы рацыд. Уымӕн йӕ бинонтӕн «хорзӕй баззайут» зӕгъыны фа-дат дӕр нӕ фӕци. Фыццаг ӕм Финляндимӕ хӕстмӕ фӕсидтысты, уый фӕстӕ та - Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстмӕ. Ӕмӕ ныр афицеры цины Райгуырӕн бӕстӕ хъахъхъӕны немыцаг ӕрдонгтӕй. Фадат ын куы фӕвӕййы, уӕд йӕ хъӕбулы зӕрдӕ барухс кӕны чысыл лӕвӕрттӕй. Ӕрӕджы йын сӕрвыста тӕнӕг сӕракӕй фӕлмӕн цырыхъхъытӕ. Кӕд Мӕхӕмӕтӕн дынджыр уыдысты, уӕддӕр лӕппуйы цинӕн кӕрон нӕ уыд.
Ныр уыцы цинӕн йӕ фӕд дӕр нал баззад. Мигъты фӕстӕ чи бамбӕхсы, ахӕм хурау ӕй ӕппындӕр нал тавы.
Самхъыз ӕппынфӕстагмӕ бамбӕрста, ӕцӕгӕйдӕр сӕ сӕ фыдыуӕзӕгӕй кӕй ӕрвитынц, уый. Йӕ фыртыл хъармдӕр дзаумӕттӕ скӕнгӕйӕ, райдыдта йӕхи цӕттӕ кӕнын. Мӕхӕмӕт, цы уавӕр сӕвзӕрд, уый ӕнкъаргӕйӕ, нӕ кӕугӕ кодта, нӕ -тӕргӕйттӕ. Зылд йӕ мады алыварс ӕмӕ йӕ фарста, цӕмӕй йын ах-хуысс кӕна, уымӕй. Самхъыз хъавыд йӕ къахыдарӕс акӕнынмӕ, фӕлӕ йӕм Мӕхӕмӕт фӕцырд: «Фӕлтау мӕнонтӕ скӕн!» - ӕмӕ йын йӕ разы ӕрӕвӕрдта йӕ фӕлмӕн цырыхъхъытӕ.
-   Дӕ сӕрыл хаст фӕуон, мӕ уды катай мын чи 'мбары, - йӕ фырты рӕвдаугӕйӕ ӕмӕ йын йӕ цырыхъхъытӕ кӕнгӕйӕ, дзырдта Самхъыз.
Амынд афон Самхъыз рахызт уынгмӕ. Йӕ иу къухӕй хӕцыд лӕппуйыл, йӕ иннӕ къухы та хаста, иу чумӕданы йын чи ба-цыд, уыцы дзаумӕттӕ. Тӕккӕ рахизӕны йын салдӕттӕй иу йӕ цырыхъхъытӕм фӕкомкоммӕ ӕмӕ дзы бадомдта, цӕмӕй сӕ ра-ласа. Самхъыз не сразы. Салдат ӕррайау фӕци, йе уӕхскӕй топп ӕррӕцыхта ӕмӕ йӕ, ӕлгъитгӕ-ӕлгъитгӕйӕ, сылгоймаджы ныхыл авӕрдта. Лӕппу скуыдта ӕмӕ, йӕ мады къӕхтыл ныттыхсгӕйӕ, куырдта:
-   Ратт ын сӕ! Ӕз мӕ фыдмӕ ныффысдзынӕн, цӕмӕй ма нын ноджыдӕр ахӕмтӕ сӕрвита.
Салдат, Самхъызы ныхӕй хӕцӕнгарз айсгӕйӕ, йӕ мадыл чи баныхӕст, уыцы сывӕллонмӕ ӕнӕрвӕссон хуызӕй сдзырдта:
-   Куыдзӕй гуырд! - ӕмӕ йӕ йӕ къахӕй скъуырдта. Самхъызы цӕстытӕ атартӕ сты, салдатӕн сыгъдӕг уырыссагау
загъта:
-   Уый куыдзӕй гуырд нӕу, фӕлӕ хӕстон советон афицеры фырт у! Сырд, ӕлгъыст фӕу, йӕ адӕймаджы цӕсгом чи бахордта. Фӕлдыст дын фӕуӕнт, дзӕгъӕл куыдз.
Самхъыз уал иу цырыхъхъ раласта ӕмӕ йӕ салдаты цӕсгомыл ныццавта.
Дыккаг цырыхъхъ нӕма раласта, афтӕ сӕ хъӕрмӕ фӕзынд афицертӕй иу ӕмӕ, цы 'рцыд, уымӕй сӕ афарста.
-   Ӕмбал хистӕр лейтенант, ацы салдатыл цӕсгом нӕй, мӕ къӕмисӕнмӕ мын хӕцӕнгарз ныддаргӕйӕ, домдта, цӕмӕй мӕ цырыхъхъытӕ раласон. Стӕй нӕм ӕвзӕрдзыхӕй дар дзырдта. Мах дӕр дӕу хуызӕн советон афицеры бинонтӕ стӕм ӕмӕ знаджы ӕвзӕр цӕстӕнгасы аккаг не стӕм.
Мӕхӕмӕт кӕд уырыссаг ныхӕстӕй бирӕ нӕ бамбӕрста, уӕддӕр, дзырд цӕуыл цӕуы, уый банкъардта ӕмӕ йӕ мады ныхӕстӕ фӕбӕлвырддӕр кӕныны тыххӕй йӕ ронӕй райста йӕ фыды къам ӕмӕ йӕ, афицермӕ бадаргъ кӕнгӕйӕ, загъта: «Мӕ фыд».
Афицер лӕппуйы къухтӕй райста къам, йӕ цӕстытӕ донӕй айдзаг сты, ӕмӕ сӕ, Самхъызӕй йӕ цӕсгом иуварс аздахгӕйӕ, асӕрфта. Стӕй хъуынтъыз бонау йӕ цӕсгом фӕтар.
- Цы дӕ фӕнды, уый кӕн, фӕлӕ дӕ абонӕй фӕстӕмӕ куыд нал фенон, афтӕ бакӕ! Тагъд ардыгӕй фесӕф! - фӕхъӕр кодта салдатыл.
Уый фӕстӕ афицер Мӕхӕмӕтмӕ радта йӕ фыды къам, ахӕцыд ын йӕ къухыл ӕмӕ сӕ хиды онг ахӕццӕ кодта. Фӕндараст сын загъта ӕмӕ аздӕхт. Хидыл цытӕ цыд, уыдон та - диссӕгтӕн дзу-ринаг. Фенхъӕлӕн уыд, дуне сӕрра, зӕгъгӕ. Адӕм куы базыдтой, ӕрвитгӕ сӕ кӕнынц, уый, уӕд иуӕй-иутӕ сӕ фос, дзӕгъӕлӕй сӕ ныууадзынӕй тӕрсгӕйӕ, ӕрбатардтой стыр фӕндаджы цурмӕ, сӕ хицӕутты фӕстӕ чи згъордта ӕмӕ иу ран чи бабирӕ сты, уыцы куыйтӕ та кӕрӕдзи хъуын-хъис калдтой. Цӕмӕй ма фӕхицӕн уой ӕмӕ иу машинӕйы сбадой, уый тыххӕй ӕрвадӕлтӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕ кӕрӕдзимӕ хъӕр кодтой. Самхъыз, йӕ сывӕллоны йӕ хъӕбысы ӕрбакӕнгӕйӕ, машинӕтӕй иуы дзуццӕджы ӕрбадт. Адӕм иууылдӕр сӕ бынӕттӕ куы ссардтой, уӕд машинӕтӕ араст сты сӕ фӕндагыл.
Куыйты иу хай ныййарц сӕ хицӕутты фӕстӕ, фӕлӕ машинӕтӕ фӕтагъддӕр кодтой сӕ цыд, ӕмӕ уӕд уыдон фӕсте аззадысты. Чысыл фӕстӕдӕр та ӕппындӕр нал зындысты.
Адӕмы ӕрӕмбырд кодтой Налцыччы ӕфсӕнвӕндаджы вокзалы ӕмӕ сӕ бавгӕдтой фосласӕн вагӕтты.
Уалдзӕг нӕма ӕрбахъарм, ӕмӕ вагӕтты уыд тынг уазал. Ӕнӕбон зӕрӕдтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ сӕхи ӕруагътой къуызыртӕ фӕйнӕджытыл, иннӕтӕ сӕхи байстой къуымтӕм ӕмӕ, ӕнӕдзургӕйӕ, дзуццӕджы бадтысты. Уыцы ӕмыр ӕхгӕд вагӕтты ӕппӕтӕй зындӕр уый уыд, ӕмӕ дзы адӕймагӕн йӕхи хъуыдыйы ауайынӕн ӕппындӕр ницы фадат разынд. Уӕлдай ӕвирхъаудӕр уавӕрты бахаудысты сылгоймӕгтӕ. Сӕхӕдӕг вагоны иу къуым ширмӕйӕ фӕхицӕн кодтой. Фӕлӕ семӕ хӕринаг ницы рахастой ӕмӕ ӕххормагӕй мардысты.
Бон-иу иу хатт ӕдзӕхх доныл скодтой цыдӕр хъӕрмхуыпгонд. Алкӕмӕн дӕр дзул лӕвӕрдтой барстӕй. Мӕхӕмӕт ӕмбӕрста уавӕр, архайдта йӕ мады хъыджы нӕ бацӕуыныл, тӕргӕйттӕ нӕ кодта, стӕй хӕринагыл нӕ куыдта.
Куыддӕр Казахстаны арӕныл бахызтысты, афтӕ стыр станцӕты иу иннӕйы фӕдыл вагӕттӕ уӕгъд кӕнын райдыдтой поездӕй. Самхъыз йӕ фыртимӕ цы вагоны уыд, уый станцӕ Отары эшелонӕй фӕхицӕн кодтой. Иннӕ вагӕтты Алма-Атайы 'рдӕм арвыстой. Салдӕттӕ адӕмы, фос куыд уа, афтӕ нымадтой ӕмӕ сӕ бадын кодтой бӕхтӕ кӕнӕ галтӕй ифтыгъд уӕрдӕтты. Цы хъӕутыл сӕ уӕрстой, уырдӕм семӕ цыдысты коменданттӕ. Самхъызы цалдӕр бинонтимӕ баластой, Сырх Октябрь чи хуынд, ахӕм чысыл хъӕумӕ. Цы ӕрдӕгхӕлд ӕлыгӕй конд хӕдзӕртты сӕ ӕрцӕрын кодтой, уыдонмӕ базылдысты ӕмӕ сӕ мӕгуыры бонтӕ ӕрвитын райдыдтой.
Мӕхӕмӕт фыццаг рӕстӕг ӕххормаг не 'ййӕфта. Семӕ цы чы-сыл мулк ӕрластой, уый Самхъыз сабыргай ссад ӕмӕ хорыл ивта. Фӕлӕ фӕззӕджы куы фӕуазӕлттӕ кодта, уӕд сӕм, сӕ рӕбынӕй цы райсой, уый нал уыд. Ӕмӕ уӕд иннӕ ӕрвыст адӕмимӕ, хорӕфснайӕнты фӕстӕ быдырты цы иугай ӕфсиртӕ баззад, уыдон уыгътой. Фӕлӕ-иу бон изӕрмӕ гуыбырӕй цы хоры нӕмгуытӕ фембырд кодтой, уыдон сын-иу хъалагъуртӕ байстой.
Ахӕм рӕстӕг-иу Самхъыз ӕрӕмбырд кодта къӕцӕлтӕ ӕмӕ, цӕмӕй Мӕхӕмӕт ма мӕт кӕна, уый тыххӕй-иу, сӕхимӕ ӕрбаздӕхгӕйӕ, дзырдта, зӕгъгӕ, ӕфсиртӕ ӕмбырд кӕнынмӕ нӕ уыд, фӕлӕ арт кӕнынӕн лыстӕнтӕ амал кӕнынмӕ. Хӕринаг та-иу скодта, йӕ рӕбыны уӕлдай тыхстдӕр бонтӕн кӕй дардта, уыцы ӕвӕрӕнтӕй. Мӕхӕмӕты бафсадыны фӕстӕ-иу йӕхӕдӕг баззад ӕххормагӕй ӕмӕ-иу ӕнӕхъӕн бон нызта ӕрмӕстдӕр дон.
Цӕмӕй хӕринаг скӕной, уый тыххӕй бӕласы хус къалиутӕ ӕмӕ къӕцӕлтӕй кодтой арт. Дымгӕтӕ ӕмӕ къӕвдатимӕ ралӕууыд фӕззӕг, стӕй фӕуазӕлттӕ кодта. Уыд ахӕм рӕстӕджытӕ, ӕмӕ-иу уаты къӕртайы дон ныссалд.
Октябры кӕрон ныууарыд мит, ӕмӕ сын сӕ ирвӕзынгӕнӕг хоры нӕмгуытӕ уидзын ферох кӕнын бахъуыд.
Уый сын фаг нӕ уыд, фӕлӕ ма Самхъыз дӕр фӕрынчын. Рӕстмӕ йын йӕ къӕхтыл слӕууын нал ӕнтыст. Йӕ рӕуджытӕ суазал сты, хуыфыд, хуыдуг кодта ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрста. Ноджы ма йе 'вӕрӕнтӕ дӕр сафтид сты.
Самхъызӕн йӕ сӕрыстырдзинад ӕмӕ йӕ раст хъомылад бар нӕ лӕвӕрдтой мӕгуыргур цӕуынӕн. Стӕй кургӕ дӕр кӕмӕй цы ракодтаид, кӕд ӕмӕ йӕ алыварс адӕм сӕхӕдӕг мӕгуырӕй мар-дысты, уӕд? Ӕрмӕстдӕр сын сыдӕй ма амӕлынӕн стыр ныфсы хос уыд быдыры хоры ӕфсиртӕ ӕмбырд кӕнын.
Цы армыдзаг хъӕбӕрхоры нӕмгуытӕ сфӕстауӕрц кодта, уыдонӕй сцӕттӕ кодта курмач, ӕрӕвӕрдта йӕ Мӕхӕмӕты раз. Лӕппу нӕмгуытӕн сӕ иу хай ахордта, иннӕ хай, «мамӕ, ӕз бафсӕстӕн», зӕгъгӕ, йӕ мады цур самадта.
-  Ӕз ӕххормаг нӕ дӕн, - загъта-иу Самхъыз ӕмӕ, иунӕг гага дӕр йӕ дзыхмӕ нӕ сисгӕйӕ, йӕхи цӕттӕ кодта, быдырмӕ ӕфсиртӕ уидзынмӕ.
Алы хъуымацы гӕппӕлтӕй йын бахуыдта ӕрмкъухтӕ, стӕй Мӕхӕмӕты батыхта цалдӕр фӕлысты зӕронд дзаумӕттӕй, ӕмӕ араст сты быдырмӕ. Цалынмӕ уырдӕм хӕццӕ кодтой, уӕдмӕ хур акъул. Рӕвдз-рӕвдз сӕ къӕхтӕ ӕмӕ къухтӕй мит хафгӕйӕ, агурын райдыдтой ӕфсиртӕ.
Мит куы рауарыд, ууыл кӕд цалдӕр боны йӕддӕмӕ нӕ рацыд, уӕддӕр дзӕбӕх ныхъхъӕбӕр, ӕмӕ йын дымгӕ йӕ салд уӕлцъарыл ӕнцонӕй сыххуытт кодта. Йӕ быны мит та уыд хӕмпус, ӕмӕ йӕ дымгӕ фӕйнӕрдӕм йӕ базыртыл хаста. Хурныгуылдмӕ ма сахатӕй къаддӕр баззад, афтӕмӕй мад ӕмӕ фырт цалдӕр ӕфсиры йеддӕмӕ не ссардтой. Самхъыз бафӕллад ӕмӕ йӕ йӕ къӕхтӕ размӕ нал хастой. Мӕхӕмӕтмӕ та афтӕ каст, цыма мад, миты хъӕбӕр цъарыл арф фӕдтӕ уадзгӕйӕ, цӕуы йӕ хӕдфӕстӕ. Афтӕмӕй та ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта, куыд дзы адард ӕмӕ йӕ фӕсте кӕй баззад, уый. Фездӕхт ӕмӕ йӕм агурӕг азгъордта. Мӕхӕмӕт цы фӕдтӕ ныууагъта, уыдоны цур, йӕ къухыл йӕхи ӕруадзгӕйӕ ӕмӕ тыхулӕфт кӕнгӕйӕ, митыл бадт Самхъыз. Йӕ хъӕбулы фенгӕйӕ, йӕ къух йӕ быны фӕтасыд ӕмӕ размӕ митыл йӕхи бахаста. Лӕппу цӕф сырдау ныууынӕргъыдта ӕмӕ йӕ уӕрджытыл ӕрхауд.
-  Мамӕ, цы кӕныс? - йӕ фӕлурс цӕсгоммӕ йын кӕсгӕйӕ ӕмӕ йӕ хъарм цӕссыгтӕ ныхъуыргӕйӕ, тарстхуызӕй фарста.
Самхъыз хуыссыд митыл ӕмӕ тыхамӕлттӕй дзырдта:
-  Мӕхӕмӕт, мӕ хъӕбул, мӕ зӕрдӕлӕууӕн, дӕ фыд ӕнӕмӕнг дзӕбӕх ӕмӕ сӕрӕгасӕй сыздӕхдзӕн хӕстӕй ӕмӕ йын-иу зӕгъ, уӕ дыууӕйы дӕр мӕ удӕй фылдӕр кӕй уарзтон, уый. Уый фӕстӕ Хъуыранӕй бакаст иу чысыл сурӕ - Хуыцаумӕ куывд ӕмӕ, арф ныуулӕфгӕйӕ, парахат цӕстӕй скаст арвмӕ ӕмӕ басабыр. Дымгӕ та зылд быдыры къуымты, йӕхи-иу ахафта Самхъызы цӕсгомыл ӕмӕ йын, чысыл раздӕр йӕ рустыл цы судзгӕ цӕстысыгтӕ згъӕлдысты, уыдонӕй сарӕзта урс фӕрдгуытӕ.
Мӕхӕмӕт схӕцыд йӕ мады сӕрыл ӕмӕ йӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакодта.
-  Мамӕ, Хуыцауӕй курӕгау дӕ курын, ма амӕл! - ӕмӕ ноджы хъӕрдӕрӕй ныккуыдта.
Уыцы фондзаздзыд сывӕллоны тӕригъӕдмӕ кӕсгӕйӕ, дойнаг дур дӕр аскъуыдайыд.
Армыдзаг адӕмы аххосӕй сӕфт ӕнӕхъӕн адӕмы фидӕн, уӕдӕ ӕрмӕст ацы сывӕллоны сӕр цытӕ бавзӕрста, уый дӕр ницӕимӕ абарӕн уыд. Уазал хъызт зымӕджы, митӕй ӕмбӕрзт ӕмвӕтӕнӕг быдыры зыбыты иунӕгӕй уый бадт йӕ мард мады цур ӕмӕ хъарӕггӕнӕгау цыдӕртӕ кӕугӕйӕ дзырдта. Ахӕм зындзинад бауромын стыр адӕймаджы бон дӕр нӕу, уӕд цавӕр фӕрстӕ хъуыд уыцы сывӕллонӕн? Ничи йын баззад, йӕхи кӕмӕ бакъул кӕна, чи йын фӕтӕригъӕд кӕна, йӕ уды рыст ӕмӕ йын катай чи бамбара, ахӕм. Фӕлӕ алцыдӕр Хуыцауӕй аразгӕ у, хъысмӕты ныхмӕ адӕймаг ӕдых у.
Цыбыр рӕстӕгмӕ цы тухитӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста, ныр ма йын уыдоныл бафтыд сидзӕры уаргъ дӕр. Мӕнӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы изӕрдалынгты бады миты рагъыл ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй йӕ мады мардыл кӕуы. Ничи йӕ хъусы, хъӕуӕй йӕм ничи батагъд кӕндзӕн, йӕ рыст зӕрдӕмӕ йын ничи ныккӕсдзӕн.
Фӕлӕ цард канд фӕлварӕнтӕй нӕу. Лӕппу фӕлурс мӕйы рухсмӕ ауыдта сау ӕндӕрг. Уый сыхаг хъӕуӕй бӕхыл ӕрбацӕйцыд цӕцӕйнаг Абдул. Адӕм ӕй йе уӕнгты кондмӕ гӕсгӕ Абдул-къӕдзӕх хуыдтой. Уый иу бон дӕр ӕгуыстӕй никуы бадт, кӕддӕриддӕр архайдта адӕмӕн ӕххуыс кӕныныл. Мӕнӕ ныр дӕр, дардмӕ лӕппуйы кӕуын фехъусгӕйӕ, ӕрцавта йӕ бӕхы ӕмӕ Мӕхӕмӕты цур февзӕрд.
Сылгоймаг мард кӕй у ӕмӕ йӕ иунӕгӕй аласын йӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн, уый тыххӕй ӕххуысагур батагъд кодта хъӕумӕ. Лӕппу та нӕ ракуымдта йемӕ, нӕ ныууагъта иунӕгӕй йӕ мады.
Абдулы фӕзындмӕ Мӕхӕмӕт афта суазал, афтӕ басыд ӕмӕ йӕ гӕртт-гӕртт цыд. Йӕ хъӕлӕс фыр куыдӕй ныффӕсус, фӕлӕ уӕддӕр йӕ мадмӕ сидт ӕмӕ дзы атонын нӕ куымдта.
Хуыцау йӕ зонӕг, цӕцӕйнаг лӕг рӕвдз нӕ фездӕхт, зӕгъгӕ, уӕд Мӕхӕмӕт цы бауыдаид. Абдул йӕхӕдӕг дӕр бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, сӕ цӕрӕнбынӕттӕй сӕ куы сыстын кодтой, уӕд ӕмӕ ныр йӕ зӕрдӕмӕ тынг хӕстӕг айста ацы ӕнамонд сидзӕр сывӕллоны уавӕр.
Абдул Мӕхӕмӕты йӕ мады цурӕй систа, раласта йӕ кӕрц ӕмӕ йӕ уымӕй хъарм ӕрбатыхта. Йӕхӕдӕг сӕркъулӕй ӕрлӕууыд мард сылгоймаджы раз. Йӕ хъуыдытӕ йӕ ахастой, ӕцӕгӕлон бӕстӕйы йын ӕххормагӕй чи амард, уыцы мадмӕ. Сӕ бынӕттӕй кӕй сыстын кодтой, уыцы адӕмы минӕвӕртты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстӕй куы рарвыстой ӕмӕ уырдыгӕй куы ссыд, уӕд йӕ мады тынг рынчынӕй сӕййӕфта. Бынтон слӕмӕгъ: йӕ фӕстаг дзулы къӕбӕр дӕр йӕ кӕстӕртӕн фӕстауӕрц кодта. Ныр мӕнӕ йӕ мады хуызӕн ацы сылгоймаг дӕр сыдӕй ӕмӕ уазалӕй йӕ адзал кӕйдӕр бӕсты ссардта.
Хъӕуӕй ӕххуысмӕ фӕзындысты адӕм ӕмӕ йын йӕ уӕззау хъуыдыты хал фескъуыдтой. Абдул Мӕхӕмӕты сӕвӕрдта бӕхыл, йӕхимӕ йӕ ӕрбалхъывта ӕмӕ йӕ ных сарӕзта хъӕуы рдӕм. Мӕхӕмӕт та кӕрцӕй сдардта йӕ сӕр ӕмӕ, хӕкъуырццӕй кӕугӕйӕ каст, йӕ мад кӕм баззад, уыцы бынатмӕ. Адӕм Самхъызы мард сӕвӕрдтой, цы иунӕг дзоныгъ сӕм уыд, уым ӕмӕ йӕ ӕрластой йӕ хӕдзармӕ. Дыккаг бон рӕстӕг фӕсаст, ӕмӕ иумӕйаг тыхтӕй мард баныгӕдтой.
Мӕхӕмӕт йӕ мады ныгӕнӕн бон уым нӕ уыд. Ӕхсӕвы тынг стӕвд кодта ӕмӕ бауадзыг. Фервӕздзӕн, ууыл йӕ зӕрдӕ ничи дардта. Ахӕм уавӕры фӕхуыссыд цалдӕр боны. Йӕ былтӕ ныскъуыдтӕ сты, агуырдта дон ӕмӕ фӕсус хъӕлӕсӕй сидти йӕ мадмӕ.
Алцыдӕр Хуыцауӕй аразгӕ у. А зӕххыл чи цӕры, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр хуры рухс феныны, стӕй йӕ фӕстаг сулӕфты бонтӕ дӕр йӕ ныхыл фыст сты. Мӕхӕмӕтӕн сӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр Дунесфӕлдисӕг нӕ фӕкъаддӕр кодта. Цыппӕрӕм бон йӕхимӕ ӕрцыд, байгом кодта йӕ цӕстытӕ, афӕлгӕсыд йӕ алфамбылай ӕмӕ ахъӕр кодта йӕ мадмӕ. Фӕлӕ йын дзуапдӕттӕг нӕ фӕци. Ӕмӕ уӕд йӕ зӕрдыл алцыдӕр ӕрлӕууыд: йӕ мад ын ӕрмкъухтӕ куыд бӕхуыдта, мӕнӕуы нӕмгуытӕ ӕмбырд кӕнынмӕ куыд ацы-дысты. Йӕ цӕстытыл ауад, йӕ мад митыл куыд хуыссыд ӕмӕ йӕ дымгӕ урс хъӕццулау митӕй куыд ӕмбӕрзта, стӕй йӕ цӕцӕйнаг Абдул хъӕумӕ куыд ӕрласта, уый.
Хъӕуккӕгтӕй иу дӕр Мӕхӕмӕтмӕ уазал цӕстӕй нӕ ра-каст. Кӕд ӕй Абдул йӕхицӕй никуыдӕм ауагъта, никӕуыл ӕй баууӕндыд, уӕддӕр ӕм-иу хъӕуккӕгтӕ ӕнӕ бауайгӕ ӕмӕ йӕ ӕнӕ арӕвдаугӕ нӕ фесты. Хуыцауӕн табу, Абдулы фӕрцы Мӕхӕмӕт бонӕй-бон хуыздӕр кодта, фӕхӕцыд йӕхиуыл. Чысыл фӕстӕдӕр хабар фехъуыст сыхаг хъӕумӕ йӕ мадырвадӕлтӕм, ӕмӕ ӕрбацыдысты лӕппуйы сӕхимӕ акӕнынмӕ. Цӕцӕйнаджы ӕппындӕр нӕ фӕндыд Мӕхӕмӕты йӕхицӕй ауадзын. Ахӕм зынаргъ ын сси, афтӕ йыл сахуыр, йӕ зӕрдӕйы йын ахӕм хъарм бынат бацахста, ӕмӕ йын зын уыд лӕппуйы хӕстӕджыты уынаффӕимӕ сразы уӕвын. Иунӕгӕй кӕм баззад ӕмӕ йӕм амонд кӕцӕй нӕ худт, уыцы къуымтӕ чысыл Мӕхӕмӕты уды хъармӕй фӕцардхуыз сты. Фӕлӕ уӕддӕр сразы Абдул, ауагъта лӕппуйы йӕ хӕстӕджытӕм, йӕ зӕрдӕйӕ та йӕ атонын нӕ бауагъта. Бӕрӕг ӕй кодта, дардта йӕм йӕ цӕст, уӕдӕ йӕ ӕххуыс ӕмӕ фӕкӕсынхъуаг дӕр нӕ уагъта.

 

Перевела с русского языка Победа Хестанова-Бутаева
См.: Мах дуг.- 2019.- №11.- Ф. 31-40.


Литература народов Кавказа
      Армянская
      Абхазская
        Абхазаг æмбисæндтæ
        Абхазаг таургътæ
        Агындиа Сергей
        Аджба Таиф
        Амаршан Витали
        Аламиа Геннадий
        Ажиба Энвер
        Гогуа Алыкса
        Джинджолия Владимир
        Искандер Фазиль
        Касландзиа Валери
        Квициниа Никъала
        Лагулаа Анатоли
        Лакербай Юри
        Ломиа Константин
        Мукба Анзор
        Хашиг Никъала
        Хашба Риммæ
        Хварцкия Игорь
        Чкадуа Шота
      Балкарская
        Амина Газаева
        Владимир Мокаев
        Кулиев Кайсын
        Муталип Беппаев
        Светлана Моттаева
        Хасан Шаваев
      Грузинская
      Дагестанская
        Аджаматов Аткай
        Ахмедов Мурад
        Гамзатов Расул
      Кабардинская
        Борис Кагермазов
        Мадина Хакуашева
        Зубер Тхагазитов
        Магомед Кудаев


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.