АНТОН ПАВЛОВИЧ ЧЕХОВ
В ПЕРЕВОДАХ ОСЕТИНСКИХ ПИСАТЕЛЕЙ И ПОЭТОВ
(Автор проекта: Хекилаева Л.)
«…Если бы я жил на Кавказе, то писал бы там сказки. Удивительная страна!..»
«…Пережил я Военно-Грузинскую дорогу. Это не дорога, а поэзия, чудный фантастический рассказ… Поглядите вверх – там страшно глубокое небо, пол – дно Терека; по дну вьётся змея пепельного цвета… Змея злится, рвётся и щетинится… Стены высоки, небо ещё выше… Голова кружится! Это Дарьяльское ущелье, или, выражаясь языком Лермонтова, теснины Дарьяла… Жить у Дарьяла и не писать сказки – это свинство!..»
«…Я никогда в жизни не видел ничего подобного. Это сплошная поэзия, не дорога, а чудный фантастический рассказ, написанный демоном, который влюблён в Тамару…»
А.П. Чехов
Повести и рассказы
«Белолобый». Худ. С. Соколов
Белолобый
Урсных
Стонг мадæл бирæгъ сыстад цуан акæныны зондæй. Йæ лæппынтæ, æртæйæ дæр, уыдысты тарффынæй. Уыдон хуссыдысты дзыгъуырæй æмæ кæрæдзи хъарм дардтой. Асдæрдта сæ мад æмæ ацыд. Уыдис уалдзыгон мæй мартъи, фæлæ æхсæв бæлæстæ къæрццытæ кодтой уазалæй, декабры куыд кодтой, афтæ, æмæ æвзаг цъус куы радардтаис, уæд иу æй уазал райдыдта æлхынчъытæ кæнын. Мадæл бирæгъ уыди низæмхиц, уымæй химæнкъараг: цы фæнды чысыл уынæрмæ дæр иу фестæлфыд æмæ æппын æдзухæй йæ хъуыдыйы уыдысты йæ лæбпынтæ: куы ничи сæ бахъыгдарид бынаты æнæ йæхи. Тæрсын æй кодтой адæймаджы æмæ бæхы фæдты тæф, бындзæфхæдтæ, амад сугтæ æмæ талынг фадзысджын фæндаг; афтæ йæм кастис, цыма, бæлæсты фæстæ мæйдары лæууынц адæм æмæ кæмдæр хъæды фале ниуынц куйтæ…Г. Тогузов
«Ванька». Худ. Кукрыниксы. 1941
Ванька
Ванька Жуков, девятилетний мальчик, отданный три месяца тому назад в ученье к сапожнику Аляхину, в ночь под рождество не ложился спать. Дождавшись, когда хозяева и подмастерья ушли к заутрене, он достал из хозяйского шкафа пузырёк с чернилами, ручку с заржавленным пером и, разложив перед собой измятый лист бумаги, стал писать. Прежде чем вывести первую букву, он несколько раз пугливо оглянулся на двери окна, покосился на тёмный образ, по обе стороны которого тянулись полки с колодками, и прерывисто вздохнул. Бумага лежала на скамье, а сам он стоял перед скамьёй на коленях…Ванкæ
Ванкæ Жуков, фарастаздзыд лæппу, æртæ мæйы размæ цырыхъгæнæг Аляхинмæ ахуыр кæнынмæ лавæрд чи æрцыд, уый, цыппурс æхсæв не ’схуыссыдис æнафонмæ. Банхъæлмæ касти, цалынмæ йæ хицæуттæ æмæ дæлмастертæ аргьуанмæ ацыдысты, уæдмæ, стæй уæд хæдзары хицауы скъаппæй райста черниладон, иу згæхæрд пъероджын ручкæ æмæ, йæ разы иу æнцъылдтæ гæххæтты гæбаз æрæвæргæйæ æмæ йæ алæгьзытæ кæнгæйæ, райдыдта писмо фыссын. Йæ фыццагдæр дамгъæ ныффыссыны агьоммæ Ванкæ иуцалдæр хатты тарст-хуызæй ракасти дуар æмæ рудзгуытæм, зулмæ скасти талынг къуымы дзуары нывмæ, йæ фæйнæ фарс къалодкæты тæрхæджытæ кæмæн уыд, уымæ, æмæ, фæуром-фæуромгæнгæ, арф ныуулæфыди. Гæххæтт уыдис бандоныл æвæрд, лæппу йæхæдæг та бандоны раз йæ уæрджытыл лæууыди…
А. Саламов
Жалобная книга
Лежит она, эта книга, в специально построенной для нее конторке на станции железной дороги. Ключ от конторки «хранится у станционного жандарма», на деле же никакого ключа не нужно, так как конторка всегда отперта. Раскрывайте книгу и читайте:
«Милостивый государь! Проба пера!?»
Под этим нарисована рожица с длинным носом и рожками. Под рожицей написано:
«Ты картина, я портрет, ты скотина, а я нет. Я – морда твоя»…
Хъастхæссæн чиныг
Æвæрд ис уый, гъе-уыцы чиныг, сæрмагонд йæхицæн конд, бæрзонд фынгарæст лагъзгонды мидæг æфсæйнаг фæндæджы станцæйы. Лагъзгонды дæгъæл «æвæрæны ис станцæйы жандармæ», хъæугæ та уæвгæ ницæмæн кæны дæгъæл, уымæн æмæ лагъзгонд кæддæриддæр гом у. Райгом кæн чиныг æмæ кæс: «Хорзыл-аудæг æлдар! Фыссæны бырынкъ фæлварынæн!?» Уымæн йæ быны хæмхудты нывæвæрд даргъ фындз æмæ сыкъатимæ. Хæмхудты бын фыст: «Ды дæ ныв, æз портрет, ды дæ фос, æз та нæ. Кæс: – дæ мукъу дæн æз»…Г.Тогузов
«Злоумышленник». Худ. Кукрыниксы. 1941
Злоумышленник
Перед судебным следователем стоит маленький, чрезвычайно тощий мужичонко в пестрядинной рубахе и латаных портах. Его обросшее волосами и изъеденное рябинами лицо и глаза, едва видные из-за густых, нависших бровей, имеют выражение угрюмой суровости. На голове целая шапка давно уже не чёсанных, путаных волос, что придаёт ему ещё большую, паучью суровость. Он бос…Фыдгæнæг
Суды слестгæнæджы размæ лæууы къаннæг, хæрз мæллæджытæ музуккаг лæг хъулæттæ хæдоны æмæ æмпъызтытæ хæлафы. Йæ цæсгом сæхгæдта бæзджын хъуынтæй æмæ дзуары хæбуздзыхъытæй, йæ цæстытæ та ма зынынц бæзджын, дæлæмæ фæлдæхт æрфгуыты бынæй æмæ йæм кæс, уæд афтæ зыны, цыма мæстыгæр хиуыл хæцон у. Йæ сæры хъуынтæ рагæй фаст нæ уыдысты æмæ худы хуызæн зындысты, æмæ йæ уый ноджы тынгдæр æвдисы мæстыгæр хиуылхæцонхуызæй. У бæгъæввад.
– Денис Григорьев! – райдыдта слестгæнæг, – хæстæгдæр ма æрбацу æмæ дæ цæмæй фæрсон, уымæн дзуапп дæтт. Ацы июлы 7-æм бон æфсæнфæндаг хъахъæнæг Семен Акинфов райсомæй фæндагыл куы фæцæйцыдис 141-æм версты рæзты, уæд дæ уым баййæфта, релстæ спъалытæм кæмæй фидар кæнынц, уыцы гайкæ æфтаугæ! Мæнæ ис, кæс, уыцы гайкæ! Гъе уыцы гайкæимæ дæ æркодта ахсгæ дæр. Хъуыддаг афтæ уыд, æви нæ?..
Д. Мамсуров
«Ионыч». Худ. Ю. Гершкович
Ионыч
Старцев всё собирался к Туркиным, но в больнице было очень много работы. И он никак не мог выбрать свободного часа. Прошло больше года таким образом в трудах и одиночестве; но вот из города принесли письмо в голубом конверте.Ионыч
Старцев йæхи цæттæ кодта Туркинтæм, фæлæ рынчындоны уыдис тынг бирæ куыст, æмæ йæ бон уæгъд сахат равзарын нæ уыд. Афтæмæй афæдзæй фылдæр рацыдис. Фæлæ, мæнæ, горæтæй æрвгъуыз къонверты æрбахастой фыстæг.
Верæ Иосифы чызг рагæй тухæн кодта йæ сæрнизæй, фæлæ йæ фæстаг рæстæджы, Котик куы тæрсын кодта консерваторимæ цæуынæй, уæд суртæ кæнын райдыдта арæхæй-арæхдæр. Туркинтæм уыдысты æппæт горæты дохтыртæ дæр æмæ, æппынфæстаг, рад æрхæццæ хъæууонмæ дæр. Beрæ Иосифы чызг æм ныффыста зæрдæагайæг фыстæг, уым æй куырдта æрцæуын æмæ йын йæ тухитæ фенцондæр кæнын. Старцев æрцыд æмæ уый фæстæ арæх, тынг арæх цæуын райдыдта Туркинтæм. Уый, æцæгæйдæр, гыццыл феххуыс кодта Верæ Иосифы чызгæн, æмæ уый алкæмæн дæр дзырдта, ай диссаджы дæсны дохтыр кæй у. Фæлæ ныр уый Туркинтæм йæ низы тыххæй нал цыдис...
И. Дзукаева
«Каштанка». Худ. П. Пинкисевич
Каштанка
Æвзонг бур куыдз, – таксæ æмæ хæдзарон куыдзæй æмхæццæ мыггаг, – йæ мукъутæм гæсгæ раст рувасы æнгæс разгъор-базгьор кодта тротуарыл дыууæрдæм æмæ тарстхуызæй алырдæмты касти. Йуæй-иу хатт-иу хъиу-хъиугæнгæ æрлæууыд, æмæ-иу куы йæ иу, куы йе ’ннæ æргъæфст къах сисгæйæ, асагъæс кодта, ау куыд хъуамæ фадзæгъæл уыдаин, зæгъгæ,
Уымæн йæ зæрдыл тынг хорз лæууыд, æгас бон куыд арвыста æмæ фæстагмæ ацы æнæзонгæ тротуармæ куыд æрбафтыд, уый…
Я. Хозиев
Каштанкæ
Такс æмæ хумæтæджы куыдз, лæбпын, сырхбын – бæкæсгæйæ рувасы хæрз æнгæс, куыдз ратæх-батæх кодта тротуарыл куы размæ, куы фæстæмæ, æмæ тарстхузæй алырдæм касти. Хадтæй-хадт-иу фæлæуыд æмæ-иу, ниугæйæ, сыд къæхтæй, куы иу, куы иннæ фæзил кæнгæйæ, хъавыди йæхицæн дзуапп дæдтынмæ: цымæ куыд æгъдауæй рарæдыдаин ардæм?
Каштанкæ тынг хорз хъуыды кодта, йæ бон куыд арвыста æмæ, фæстагмæ, ацы æнæзонгæ тротуармæ куыд æрбафтыд, уый. Бон райдыдта уымæй, æмæ Каштанкæйы хицау – стъолтæаразæг Александры фырт Лука, худ йæ сæрыл æркодта, йæ дæларм иу хъæдын цыдæр сырх кæлмæрзæны тыхтæй акодта æмæ фæдзырдта:
- Каштанкæ, цом!..
К. Гутнов
«Крыжовник». Худ. А. Бисти
Крыжовник
Ещё с раннего утра всё небо обложили дождевые тучи; было тихо, но жарко и скучно, как бывает в серые пасмурные дни, когда над полем давно уже нависли тучи, ждёшь дождя, а его нет. Ветеринарный врач Иван Иваныч и учитель гимназии Буркин уже утомились идти, и поле представлялось им бесконечным. Далеко впереди еле были видны ветряные мельницы села Мироносицкого, справа тянулся и потом исчезал далеко за селом ряд холмов, и оба они знали, что это берег реки, там луга, зелёные ивы, усадьбы, и если стать на один из холмов, то оттуда видно такое же громадное поле, телеграф и поезд, который издали похож на ползущую гусеницу, а в ясную погоду оттуда бывает виден даже город…Хъалгъæнтæ
Суанг сæумæ райсомæй фæстæмæ арв æгæсæй дæр уыди къæвдайы мигътæй æмбæрзт; боныхъæд – сабыр, сатæг æмæ æнкъард, мигътæ сæхи ныллæг куы æруадзынц быдыры сæрмæ, æмæ æнхъæлмæ куы кæсай, ныртæккæ рауардзæн, зæгьгæ, фæлæ куы нæма фæуары, ахæм боны хуызæн.
Ветеринарон дохтыр Иван Иваныч æмæ гимназы ахуыргæнæг Буркин цæуынæй бафæлладысты æмæ сæм быдыр касти æнæкæрон. Дардæй гæзæмæ зындысты Мироносицкий хъæуы уадгуырæйттæ. Рахизырдыгæй адаргъ сты бирæ обæуттæ æмæ хъæуы æдде дæрддзæф кæмдæр сæ кæрон сæфти. Сæ дыууæ дæр зыдтой: уый у доны был, уым ис уыгæрдæнтæ, цъæх хæристæ, бæстыхæйттæ, æмæ уыцы обæуттæй иуыл куы слæууай, уæд уырдыгæй дæр зынынц æндæр ахæм уæрæх быдыртæ, телеграф, стæй дардмæ уырынгтæ калмау чи фæцæй лæсы, ахæм поезд. Ирд бон уыцы обауы сæрæй суанг горæт дæр ма фæзыны…
Х. Ардасенов
«Неудача». Худ. Л. Подольский
Неудача
Илья Сергеич Пеплов и жена его Клеопатра Петровна стояли у двери и жадно подслушивали. За дверью, в маленькой зале, происходило, по-видимому, объяснение в любви; объяснялись их дочь Наташенька и учитель уездного училища Щупкин.
– Клюет! – шептал Пеплов, дрожа от нетерпения и потирая руки. – Смотри же, Петровна, как только заговорят о чувствах, тотчас же снимай со стены образ и идем благословлять... Накроем... Не отвертится тогда, пусть хоть в суд подает.
А за дверью происходил такой разговор…
Рæдыд
Илья Сергеич Пеплов æмæ йæ ус Клеопатpa Петровна лæууыдысты фæсдуap æмæ иттæг зæрдиагæй хъуыстой. Дуары мидæгæй, чысыл уаты, авæццæгæн, ныхас цыдис уарзондзинадыл: уарзондзинады тыххæй дзырдтой сæ чызг Наташа æмæ уездон училищейы ахуыргæнæг Щукин.
– æнхъалдæн хъуыддаг хорз цæуы – йæхи тыххæй уромгæйæ, сабыргай загъта Пеплов. – Хъусыс, усай, куыддæр йæ уарзондзинады кой скæной, афтæ къулæй дзуары ныв райс æмæ сын арфæ ракæнæм. Бамбæрстай? Дзуары нывы цур сын арфæ куы ракæнæм; уæд хьуыддаг тæрхондонмæ куы бацæуа, уаддæр нын нæ чызджы æнæ ракургæ нал уыдзæн. Дуары мидæгæй та цыдис ахæм ныхас…
Ч. Коблов
«О любви». Худ. В Панов
О любви
Уарзондзинады тыххæй
Дыккаг бон аходæнæн æрæвæрдтой тынг адджын хъæбынтæ, хæргæ-хæфсытæ æмæ фысы фыдæй кæтлеттæ; æмæ ма цалынмæ хæргæ кодтой, уæдмæ сæм уæладзыгмæ ссыди хæринаггæнæг Никанор, уазджыты зæрдæ цы хæринаг зæгъы,;цавæр сихор сын скæна, уый бæзонынмæ. Никанор асæй уыди рæстæмбис, йæ цæсгом пух, чысыл цæстытæ, даст æмæ йæм бакæс, уæд фенхъæлдтаис, цыма йæ рихитæ даст не ’сты, фæлæ йын сæ тонгæ ныччынди.
Алехин афтæ, рæсугьд Пелагея, дам, ацы хæринаггæнæджы уарзта. Фæлæ Никанор нуазаг æмæ фыдзонд кæй уыдис, уымæ гæсгæ Пелагеяйы нæ фæндыд уымæ моймæ ацæуын, разы уыди йемæ афтæ цæрыныл. Никанор та диныл фидар хæстадæймаг уыд, æмæ йæ, уымæ гæсгæ, афтæ цæрын нæ фæндыдис. Уый домдта, цæмæй Пелагея йæ ус бауыдаид, æмæ-иу загъд самадта йемæ, суанг ма йæ нæмгæ дæр кодта, куы-иу срасыг ис, уæд…
Х. Ардасенов
«Печенег». Худ. П. Пинкисевич
Печенег
Печенег
Жмухин Иван Абрамыч, отставкæйы рацæуæг хъазахъхъаг афицер кæддæр службæ кодта Кавказы, ныр та цæры сæхимæ хуторы. Уый кæддæр уыдис æрыгон, æнæниз, тыхджын, ныр та у зæронд, хус, æмæ гуыбыр, хъуынджын æрфыг æмæ йын урс рихитæ. æмæ иу сæрдыгон æнтæф бон Жмухин горæтæй фæцæйцыди сæхимæ, хутормæ. Горæты уый мархо дардта æмæ нотариусмæ фыста йæ бынтæ ныффæдзæхсыны гæххæтт (иу-дыууæ къуырийы размæ æвиппайды цæмæйдæр æрбарынчын ис), æмæ ныр вагоны, цалынмæ фæндагыл уыдис, уæдмæ æппынæдзухæй йæ сæры зилдух кодтой алы æнкъард хъуыдытæ; уый хъуыды кодта, йæ мæлæты бон кæй æрхæстæг кæны, зæххон цард кæй ницы у, уыдæттыл. Провальевы станцæйы, – ахæм станцæ та ;ис Донецы фæндагыл, – Жмухины вагонмæ æрбацыд иу фæлурс, бурхил лæг, рæсгæмбис кар, хæмпус, рæсыдхуыз, йæ къухы дæрдджын пъартфел, æмæ æрбадти йæ бакомкоммæ. Ныхас сын бацайдагъ ис…
А. Саламов
«Письмо к учёному соседу». Худ. Ю. Игнатьев
Письмо к учёному соседу
Село Блины-Съедены
Дорогой Соседушка.
Максим… (забыл как по батюшке, извените великодушно!) Извените и простите меня старого старикашку и нелепую душу человеческую за то, что осмеливаюсь Вас беспокоить своим жалким письменным лепетом. Вот уж целый год прошёл как Вы изволили поселиться в нашей части света по соседству со мной мелким человечиком, а я всё ещё не знаю Вас, а вы меня стрекозу жалкую не знаете. Позвольте ж драгоценный соседушка хотя посредством сих старческих гиероглифоф познакомиться с Вами, пожать мысленно Вашу учёную руку и поздравить Вас с приездом из Санкт-Петербурга в наш недостойный материк,
населённый мужиками и крестьянским народом т.е. плебейским элементом…
Фыстæг мæ ахуыргонд сыхагмæ
Mæ ахсджиаг сыхаг!
Максим... (дæ хорз фыды ном мæ æрбайрохи. Хуыцауы хатыр бакæн! Хатыр бакæн æмæ ныббар зæронд лæгæн, æмæ адæймаджы аивцух удæн уый тыххæй æмæ дæу мæ ницæйаг фыстæгæй, мæ дыгъал-дыгъулæй хъыгдарынмæ мæ ныфс кæй бахастон. Ныр æнæхъæн афæдз рацыд, ды мах зæххы корийыл куы æрцардтæ, мæ хуызæн чысыл адæймаггонды цур, фæлæ дæ æз нæма зонын, ды та мæн тæригьæддаг цъыр-цыраджы нæ зоныс. Уæдæ мын бар ратт мæ иууыл зынаргъдæр сыхаг æмæ ацы зæронд гиероглифты фæрцы базонгæ уон демæ, дæ ахуыргонд арм дын фыныгъдауæй райсон, æмæ дын ракæнон Санкт-Петербургæй нæ ницæйаг дунæмæ кæй æрцыдтæ, уый тыххæй, уымæн æмæ нæ сæфт зæххы къорийыл махырдыгонæй æрмæст музуккæгтæ æмæ зæхкусæг адæм, ома плебейты элемент чи у, уыдон цæрынц…
Н. Джусойты
«Радость». Худ. С. Тюнин
Радость
Было двенадцать часов ночи.
Митя Кулдаров, возбуждённый, взъерошенный, влетел в квартиру своих родителей и быстро заходил по всем комнатам. Родители уже ложились спать. Сестра лежала в постели и дочитывала последнюю страничку романа. Братья-гимназисты спали.
– Откуда ты? – удивились родители. – Что с тобой?
– Ох, не спрашивайте! Я никак не ожидал! Нет, я никак не ожидал! Это… это даже невероятно!..
Цин
Уыди æмбисæхсæвы дыууæдæс сахаты. Митя Кулдаров йæ ныййарджыты хæдзармæ фæдисы згъорд бакодта æмæ уаты къуымты силлæг. Йæ ныййарджытæ нæмæ бафынæй сты. Йæ хо хуыссæнуаты касти чиныг. Йæ гимназист æфсымæртæ та фынæй уыдысты.
– Кæцæй фæдæ? – дисы бафтыдысты йæ ныййарджыта? Цы дыл æрцыд?
– Уæ хорзæхæй, ма мæ фæрсут! æз уый æнхъæл никуы уыдтæн. Нæ нæ, æз уый æнхъæл никуы уыдтæн. Уый бауырнинаг хъуыддаг нæу!
Митя йæ дзыхыдзаг ныххудти æмæ йæхи къæлæтджыныл æруагъта, уымæн æмæ фырцинæй йæ къæхтæ йæ быны нал цыдысты…
Ч. Коблов
      Худ. С. Тюнин
Смерть чиновника
В один прекрасный вечер не менее прекрасный экзекутор, Иван Дмитрич Червяков, сидел во втором ряду кресел и глядел в бинокль на «Корневильские колокола». Он глядел и чувствовал себя на верху блаженства. Но вдруг… В рассказах часто встречается это «но вдруг». Авторы правы: жизнь так полна внезапностей! Но вдруг лицо его поморщилось, глаза подкатились, дыхание остановилось… он отвёл от глаз бинокль, нагнулся и… апчхи!!! Чихнул, как видите. Чихать никому и нигде не возбраняется. «Смерть чиновника». Чихают и мужики, и полицмейстеры, и иногда даже и тайные советники. Все чихают…Чиновничы мæлæт
Иу диссаджы рæсугьд изæр театры бандæтты дыккаг рæнхъыл бадти, уыцы изæрæй къатдæр рæсугъддæр чи нæ уыд, ахæм экзекутор Иван Дмитрийы фырт Червяков, æмæ биноклæй каст песæ «Корневилаг дзæнгæрджытæм». Каст æмæ йæхи иттæг хорз æнкъардта. Фæлæ æвиппайды... Радзырдты ацы «æвиппайды» арæх æмбæлы. æмæ раст сты автортæ: цард йемдзæг у æнæнхъæлæджы цаутæй. Фæлæ æвиппайды Червяковы цæсгом фенцъылди, йæ цæстытæ арф аныгъуылдысты, улæфын æй бон нал уыд... Бинокл йæ цæстытæй райста, æргуыбыр кодта æмæ... æппчхи!! æрыхснырста. Куыд уынут, æтæмæй æхснырсыны бар, кæй зæгъын æй хъæуы, алкæмæн алы ран дæр ис. æхснырсынц мужуккæгтæ дæр, полицмейстертæ дæр æмæ хаттæй-хатт, æгæрыстамæй, сусæг уынаффæгæнджытæ дæр. Алчи дæр æхснырсы…
Г. Дзугаев
«Смерть чиновника». Худ. С. Тюнин
Чиновничы мæлæт
Иу хæрзаив изæр, иумæй æнæ хæрзаивдæр чи уыди, ахæм екзекутор, Иван Дмитрич Червяков, бадтис къæлæтджынты дыгкаг рæгъы æмæ бинокльтæй кастис «Корневилы дзæнгæрджытæм». Уый кастис æмæ йæхи æнкъардта тæхудиаджы бæрзондыл. Фæлæ æваст… радзырдты мидæг арæх фæзыны ацы «фæлæ æваст». Автортæ раст сты: цард афтæ дзаг у æвастдзинæдтæй! Фæлæ æвиппайды йæ цæсгом банхъырдтæ ис, йæ цæстытæ йæ ныхмæ сфардæг сты, йæ улæфт банцадис… уый биноклæй йæ цæстытæ раиуварс кодта, æргуыбыр кодта æмæ… æпчхи!! æрæхснырсыдта, куыд уынут, афтæмæй. æхснырсæн кæмæндæриддæр æмæ кæмдæриддæр ис…
«Спать хочется». Худ. Кукрыниксы
Спать хочется
Хуыссæг æй ахсы
Æхсæв. Сывæллонгæс Варькæ, æртындæсаздзыд чызг, авдæн узы æмæ сабыргай хъырнæгау зары:
Ахуысс, ахуысс, уæ мæ бон,
æз та зарджытæ кæнон...
Дзуары нывы раз судзы чысыл кæрдæгхуыз цырагь; уаты иу къуымæй йæ иннæ къуыммæ ис синаг баст, синагыл – сывæллоны хæцъилтæ æмæ стыр cay хæлаф ауыгъд. Цырагъы аууон царыл зыны стыр цъæх зиллаккæй, сывæллоны хæцъилтæ æмæ хæлафы даргъ аууæттæ та æрынцадысты пецыл, авдæныл, Варькæйыл... Цырагь тыбыр-тыбыр куы райдайы, уæд зилдакк æмæ аууæттæ , райгас вæййынц æмæ змæлын байдайынц, цыма сæ дымгæ бауигьы; уыйау. æнуд уæлдæф. Уат кæны туаг хъæрмхуыппы æмæ къахыдарæс аразæн æрмадзы тæф…
Х. Ардасенов
«Спать хочется». Худ. А. Бисти
Хуыссæг æй ахсы
Æхсæв. Сывæллонгæс Варкæ иу æртындæсаздзыд чызг, узы сывæллоны авдæн æмæ цадæггай зары:
Алолай, алолай...
Афынæй кæ, айрæзай!
Зæды нывы раз цырагъ судзы. Фатеры иу къуымæй иннæйы онг тыгъд ис бæндæн; йæ уæлæ ауыгъд – сывæллоны хæцъилтæ æмæ стыр сау уæрджытæ æмбæрзæн. Цырагъæй царыл æмбæлы стыр цъæх аууон. Хæцъилтæ æмæ хæлаф та даргъ аууæттæ æппарынц пец, авдæн æмæ Варкæйыл.
Цырагъы рухс куы байдайы дзойтæ кæнын, уæд аууæттæ цыма райгас вæййынц æмæ байдайынц змæлын, цыма сæ дымгæ уигъы, уыйау. Уат у æнуд;
кæлы бас æмæ цырыхъхуыйæн дзаумайы смаг.
В. Газзаев
«Средство от запоя». Худ. П. Пинкисевич
Средство от запоя
Æвронггæнæн хос
Горæт Д. фыццæгæм къласы хицæн купейы гастрольты ссыд зындгонд аивкæсæг æмæ худæджы рольты хъазæг Фениксов-Дикобразов 2-аг. Вагзалмæ йæ размæ чи рaцыд, уыдон иууылдæр зыдтой, зындгонд лæг уымæй размæ æртыккæгæм къласы купейы кæй цыд, фыццæгæм къласмæ та билет фæстаг станцæйы размæ станцæйы кады тыххæй кæй балхæдта. Ноджы ма иууылдæр федтой, кæд æрæгвæззæг уыди æмæ уазал, хаста, уæддæр зындгонд лæгыл кæй уыдис рог уæлæдарæс: тæнæг пæлæз æмæ фурды гæдыйы цармæй дардвæд худ. Фæлæ йæм адæм уæддæр тынг æнхъæлмæ кастысты, æмæ куыддæр вагоны асинтыл Дикобразов 2-æмы хуыссæгхъæлдзæгæй цæсгом ауыдтой, афтæ сæ зæрдæтæ æхсызгон рæхуыст скодтой, алкæй дæр фæндыд йемæ базонгæ уæвын. Антрепренер Почечуев ын уырыссаг æгьдаумæ гæсгæ æртæ хатты апъа кодта æмæ йæ сæхимæ йæ фатермæ аласта…
М. Дзасохов
«Толстый и тонкий». Худ. С. Алимов
Толстый и тонкий
Стæвд æмæ тæнтъихæг
Николайы æфсæнвæндаджы вагзалы сæмбæлдысты дыууæ хæлары: сæ иу – ставд, иннæ – тæнтъихæг арæзт. Ставд нырма ныртæккæ бахордта сихор вагзалы, æмæ йæ царвæйдзаг былтæ æрттывтой, цæттæ балтау. Херес æмæ флёрд-д ’оранджы тæф дæр ма дзы цыди. Тæнтъихæг та уыцы сахат вагонæй рахызти æмæ уаргъифтыгъд уыди чумæдантæй, картонкæтæй æмæ тыхтæттæй. Кодта ветчинайы æмæ къофийы тæф. Йæ фæсчъылдымæй касти иу даргъ роцъо цола сылгоймаг – йæ ус, æмæ бæрзонд гимназист, йæ цæст дардта цъынд, хурмæ кæсæгау; уый та уыди йæ фырт…
А. Саламов
Ставд æмæ нарæг
Николаевский æфсæйнаг фæндаджы вагзалы баиу сты дыууæ хæлары: иу ставд, иннæ нарæг. Ставд нырма ацы цъусдуг скодта сихор вагзалы æмæ йæ царвæй дзаг былтæ рæгъæд балтау æрдтывтой. Цыди дзы херес æмæ флерд-оранжы тæф. Нарæг та ныр ма ацы цъусдуг рахыстис вагонæй æмæ йыл уыдысты уаргъ æвæрд чемодантæ, тыхтонтæ æмæ картонтæ. Цыди дзы фæхсыны æмæ кофейы пъæрайы тæф. Йæ фæсчилдымæй разырдæм кастис тæнтъихæг даргъ роцъоджын сылгоймаг – йæ ус æмæ бæрзонд цъынддзаст гимназист – йæ фырт…
Г. Тогузов
«Тоска». Худ. Кукрыниксы. 1941
Тоска
Вечерние сумерки. Крупный мокрый снег лениво кружится около только что зажжённых фонарей и тонким мягким пластом ложится на крыши, лошадиные спины, плечи, шапки. Извозчик Иона Потапов весь бел, как привидение. Он согнулся, насколько только возможно согнуться живому телу, сидит на козлах и не шевельнётся. Упади на него целый сугроб, то и тогда бы, кажется, он не нашёл нужным стряхивать с себя снег… Его лошадёнка тоже бела и неподвижна. Своею неподвижностью, угловатостью форм и палкообразной прямизною
ног она даже вблизи похожа на копеечную пряничную лошадку…
Æрхæндаг
Кæмæн радзурон мæ хъыгдзинад?
Изæрдалынгтæ. Уымæл мит уæззаугомау зилдух кæны, хæрзæрæджы цы фанартæ ссыгьтой, уыдоны цур æмæ тæнæг, фæлмæн цъарæй бады хæдзæртты сæртыл, бæхты рæгътыл, адæмы уæхсчытыл, худтыл. Бæхтæрæг Ионæ Потапов цикъæйы хуызæн урс-урсид адардта. Ныггуыбыр, удæгас адæймагæн астæу æртасын кæнын йæ бон цас у, уый бæрц æмæ афтæмæй бæхтæрæджы бадæныл бады æнæзмæлгæйæ. Мит ыл æнæхъæн обау куы æрхауид, уæддæр йæ æрцæгъдыныл хъуыды дæр нæ акæнид…
Г. Агузаров
Зæрдæйы маст
Изæрмилтæ. Сæлæф миты егъау пирæнгæмттæ зивæггæнæгау зилахар кæнынц, нырма хæрз æрæджы кæй ссыгътой, уыцы фанарты алыфарс æмæ тæнæг фæлмæн цъар æвæрынц уæлхæдзæрттыл, бæхты чъылдымтыл, уæхсджытыл, худтыл. Бæхдæpær Иона Потапов сæрæй къæхты бынмæ сурс, раст цыма цæстылуайæн уыд, уыйау. Уый ныкъæдз, адæймаджы буарæн ныкъæдз уæвын цас йæ бон у, уый бæрц, бады дзоныгьы чъилыл æмæ не змæлы. Афтæ зыны, цыма йыл митзæй куы рацæуид, уæддæр, æвæццæгæн, йæ
уæхсджыты мит не ’рцæгъдид... Йæ чысыл бæх дæр урс-урсид адардта митæй, фæлæ не ’змæлы. Йæ бынаты æдзæмæй кæй лæууы, йæ буар мæллæг кæй у, йæ къæхтæ – лæдзджытау æмраст, уыйадыл æввахсмæдæр, капеччы аргь, бæхы хуызæн пряникау зыны. Уый, æвæццæгæн, цыдæр арф хъуыдыты ацыд…
Н. Джусойты
«Унтер Пришибеев». Худ. Кукрыниксы. 1941
Унтер Пришибеев
Унтер Пришибеев
– Унтер-афицер Пришибеев! Дæу аххосджыи кæнынц уымæй, æмæ ныры сентябры 3-æм; бон ды ныхасæй æмæ армæй бафхæрдтай урядник Жигины, волосты хицау Аляповы, сотский Ефимовы, æвдисæнтæ Ивановы æмæ Гавриловы, стæй ма ноджыдæр æхсæз зæхкусæджы, æмæ уымæй фыццаг æртæйы ды бафхæрдтай, се службæйы хæстæ куы æххæст, кодтой, уыцы рæстæджы. Дæхи аххосджын хоныс æви нæ?
Пришибеев, æнхъырдтæ унтер, йæ цæсгом цы ракæнон арæзт, афтæмæй салдаты лæуд акодта æмæ дзуапп дæтты хæр-хæргæнаг, æнуд хъæлæсæй, цыма командæ кæны, уыйау цырд æмæ къæрцц ныхасæй.
– Дæ иуылуæздандзинад, господин миравой судья! Уæдæ цы, закъоны æппæт статьятæм гæсгæ алы хъуыддагмæ дæр æркæсын æмбæлы дыууæрдыгæй. Аххосджын æз нæ дæн, фæлæ иннæтæ се ’ппæт дæр…
С. Доев
Хамелеон
Через базарную площадь идёт полицейский надзиратель Очумелов в новой шинели и с узелком в руке. За ним шагает рыжий городовой с решетом, доверху наполненным конфискованным крыжовником. Кругом тишина… На площади ни души… Открытые двери лавок и кабаков глядят на свет божий уныло, как голодные пасти; около них нет даже нищих.
– Так ты кусаться, окаянная? – слышит вдруг Очумелов. – Ребята, не пущай её! Нынче не велено кусаться! Держи! А… а!..
Хамелеон
Базары фæзы фæцæуы пъæлицæйы надзиратель Очумелов, ног цинелы мидæг, йæ къухты цыдæр тыхтон. Йæ фæдыл санчъехтæ кæны бурхил городовой, уымæн йæ дæларм, кæмæйдæр кæй байстой, ахæм сыхырна хъалгъæнтæй цъуппдзагæй. Сыбыртт дæр никæцæй хъуысы. Базары фæзы иу змæлæг нæй. Дуканиты æмæ нуазæндæтты гом дуæрттæ дунейы рухсмæ кæсынц æнкъардæй, æххормаг дзыхтау; æгæр мæгуыр сæ разы мæгуыргуртæ дæр нæй.
– Гъа, уæдæ, хæцгæ кæныс, æлгьыстаг? – æвиппайды айхъуыста Очумелов. – Лæппyтæ, ма йæ ауадзут лидзын! Ныр хæцыны дзырд нæй! Хæцут ыл! А... а!..
Х. Ардасенов
«Хамелеон». Худ. Кукрыниксы. 1941
Хамелеон
Г. Дзугаев
Хирургия
Земская больница. За отсутствием доктора, уехавшего жениться, больных принимает фельдшер Курятин, толстый человек лет сорока, в поношенной чечунчовой жакетке и в истрепанных триковых брюках. На лице выражение чувства долга и приятности. Между указательным и средним пальцами левой руки – сигара, распространяющая зловоние.
В приемную входит дьячок Вонмигласов, высокий коренастый старик в коричневой рясе и с широким кожаным поясом. Правый глаз с бельмом и полузакрыт, на носу бородавка, похожая издали на большую муху. Секунду дьячок ищет глазами икону и, не найдя таковой, крестится на бутыль с карболовым раствором, потом вынимает из красного платочка просфору и с поклоном кладет ее перед фельдшером.
Хирурги
Хъæууон рынчындон. Дохтыр бынаты нæй, ус курынмæ ацыд, æмæ йæ бæсты рынчынты уыны ферсыл Курятин, ставд адæймаг, дыууиссæдз аздзыд, фæуд чесунча жакеты æмæ лæбырд трико хæлафы. Йæ цæсгомыл хæс æмбарыны æмæ æхсызгон хорзы æнкъарындзинад йæхи ’вдисы йæ галиу къухы амонæн æмæ астæугкаг æнгуылдзты æхсæн – сигар, кæцæй уадзы фæйнæрдæм фыд æвзæр смаг.
Рынчынты уынæн уатмæ æрбацæуы аргъуаны диаконгонд Вонмигласов, бæрзонд, бæзæрхуыг зæронд лæг сауджыны морæ пæлæзы æмæ тæнæг мæскуы роны. Йæ рахиз цæст у урс æмæ æрдæг ныкъуылд, йæ фындзы рагъыл бызычъи, дардмæ зыны дындджыр бындзы хуызæн…
Г. Тогузов
«Человек в футляре». Худ. С. Алимов
Человек в футляре
На самом краю села Мироносицкого, в сарае старосты Прокофия, расположились на ночлег запоздавшие охотники. Их было только двое: ветеринарный врач Иван Иваныч и учитель гимназии Буркин. У Иван Иваныча была довольно странная двойная фамилия – Чимша-Гималайский, которая совсем не шла ему, и его по всей губернии звали просто по имени отчеству; он жил около города на конском заводе и приехал теперь на охоту, чтобы подышать чистым воздухом. Учитель же гимназии Буркин каждый год гостил у графов П. и в этой местности давно уже был своим человеком…
Адæймаг агъуды мидæг
Мироносицкийы хъæуæн йæ тæккæ кæрон, старостæ Прокофийы сарайы æхсæвиуат кæнынмæ æрынцадысты, кæмæн банафон ахæм цуанæттæ, дыууæйæ – фосы дохтыр Иван Иваныч æмæ гимназы ахуыргæнæг Буркин. Иван Иванычæн уыди цыдæр æнахуыр дывæр мыггаг – Чимша-Гималайский:, загъгæ, фæлæ йыл нæ бадт æмæ йæ æгас губернийы адæм дæр хуыдтой æрмæст йæ ном æмæ йæ фыды номæй. Уый царди горæтмæ хæстæг, бæхты заводы кæрты æмæ ныр ардæм рацыди цуан кæнынмæ æмæ сыгъдæг уæлд?ф?й ф?улæфынмæ. Гимназы ахуыргæнæг Буркин та-иу алы сæрд дæр граф П-тæм уазæгуаты уыди æмæ йæм æгас зылды дæр кастысты хионы цæстæй…
Х. Цомаев
«Лебединая песня (Калхас)». Худ. П. Пинкисевич
Лебединая песня (Калхас)
Светловидов. Вот так фунт! Вот так штука. В уборной уснул! Спектакль давно уже кончился, все на театра ушли, а я преспокойнейшим манером храповицкого задаю. Ах, старый хрен, старый хрен! Старая ты собака! Так, значит, налимонился, что сидя уснул! Умница! Хвалю, мамочка. (Кричит.) Егорка! Егорка, черт! Петрушка! Заснули, черти, в рот вам дышло, сто чертей и одна ведьма! Егорка! (Поднимает табурет, садится на него и ставит свечу на пол.) Ничего не слышно... Только эхо и отвечает…
Светловидов (Калхасы дарæсы, йæ къуxы мыдадзæй цырагъ, рахызт гримгæнæн хатæнæй æмæ æйттæи худы). Гъе. Уый та дын джиранка! Гъе, уыйта дын хъуыддаг! Гримгæнæны бафынæй дæн! Спектакл кæд æмæ кæд фæцис, театры иу змæлæг нал ис, æмæ æз кæдæнцад-æнцойæ хуыррытт кæнын мæхицæн. æтт, ма дæ байрадæуа дæуæй, ацы зæронд хуычъы цыдæр! Зæронд куыдз нæ дæ! Уæдæ уый бæрц ныллалым дæ, æмæ бадгæйæ афынæй дæ! Цæй зæндджын дæ! Раппæлын дæ хъæуы, мæ хур, раппæлын (хъæр кæны). Егорка! Егорка, хæйрæджыты сæйраг!..
Н. Джусойты
«Медведь». Худ. С. Алимов
Медведь
АРС
(Иуактон пьесæ)
Архайджытæ:
П о п о вæ, Е л е н æ И в а н о в н æ, помещицæ, идæдз ус, йæ рустыл
мызгъуыртæ.
Смирнов, Григорий Степанович, рагон чи нæу, ахæм помещик.
Лука – Поповæйы лæггадгæнæг, зæронд лæг.
Уазæгдон Поповæйы хæдзары.
П о п о в æ (йæ уæлæ — саутæ, æдзынæг кæсы хуызистмæ) æмæ Лука.
Л у к а. Хорз нæ кæныс, æхсин... Дæхи сафыс, æндæр ницы.., æфснайæг сылгоймаг æмæ хæринаггæнæг ацыдысты æрыскъæфтæ тонынмæ, алы удгоймаг дæр цин кæны суанг ма гзеды дæр, йæ зæрдæйы дзæбæхæн, йæхи ирхæфсы, – тезгъо кæны, сырддон-цъиутæ ахсы; ды та бон изæр-мæ уаты бадыс моладзан сылгоймаджы хуызæн æмæ хъæлдзæгдзинадæй ницы уыныс. Оххай, цавæр у! Ныр æнæхъæн аз рацыд, ды уатæй æттæмæ кæдæй нæма ракастæ!
А. Гулуев
Читать дальше
II
П о п о в æ (иунæгæй).III
П о п о в æ æмæ Лука.IV.
П о п о в æ, Лука æмæ Смирнов,
Смирнов (æрбацæйцæугæйæ, Лукайæн). Къулбадæг, бирæ уарзыс дзæнгæда цæгъдын... Хæрæг! (Поповæйы куы ауыдта, уæд йæхицæн аргъ кæнгæйæ.) æхсин, мæхи дыи зонын кæнын; отставной поручик артиллерийæ, зæхджын Григорий Степанович Смирнов! Стыр хъуыддаджы тыххæй мæ бахъуыдис дæу бахъыгдарын...
П о п о в æ (йæ къух æм нæ радта, афтæмæй). Цы дæ хъæуы?
С м и р н о в. Дæ мой, чи амарди, уыимæ æз зонгæ уыдтæн. Уый дардта мæнæй, дыууæ векселмæ гæсгæ, мин æмæ ссæдз туманы. Райсом мæ зæххыты банкмæ проценттæ бафидын кæй хъæуы, уымæ гæсгæ дæ курæг дæн, цæмæй мын, æхсин, ме 'хца бафидай абон.
П о п о вæ. Мин æмæ ссæдз туманы...æмæ дæ цæй тых хæй дардта мæ мой æхца?
С м и р н о в. Сысджы-иу æлхæдта уый мæнæй.
П о п о в æ (арф ныуулæфгæйæ, Лукамæ). Уæдæ, Лука, ма ферох кæн, зæгъ, Тобийæн сысджы иу æстæм хай уæлдай куыд радтой, афгæ. (Лука ацыд. Смирновмæ.) Кæд Николай Михайлович дæуæй æхца дардта, уæд дын, ай- гъай, бафиддзынæн дæ хæс, фæлæ, бахатыр кæн, дæ хорзæхæй, абон мæм æхца нæй. Иннæбон горæтæй мæ приказчик æрбаздæхдзæн æмæ цы'мбæлы, уый дын бафидын кæндзынæн, фæлæ ныртæккæ дæ фæндон сæххæст кæнынæн амал нæй... Стæй абон мæ мойы мæлæтыл æвдæм мæй сæххæсти, æмæ мæ зæрдæйы ахаст æхцайы хъуыддæгты 'рдæм нæу.
Смирнов. Уæдæ æз та афтæ дæн ныртæккæ, æмæ райсом проценттæ куы нæ бафидон, уæд мæ дымгæмæ ныддардзысгы. Уæд мыи мæ исбон ныффысдзысты!
П о п о в æ. Иннæбон де'хца райсдзынæ.
С м и р н о в. Мæн æхца иннæбон нæ хъæуы, фæлæ мæ хъæуы абон.
П о п о в æ. Бахатыр кæн, фæлæ абон дæ хæс бафидын мæ бон нæу.
С м и р н о в. Мæнæн та иннæбонмæ фæлæууæн нæй.
П о п о в æ. Уæдæ дын куыд акæнон, кæд мæм ныртæккæ нæй, уæд!
С м и р н о в. Уæдæ бафидын дæ бон нæу?
П о н о в æ. Мæ бон нæу...
С м и р н о в. Гъм!.. Уый дæ фæстаг ныхас у?
П о п о в æ. О, мæ фæстаг ныхас.
С м и р н о в. Фæстаг ныхас! Бынтон?
П о п о в æ. О, бынтон.
С м и р н о в. Стыр бузныг. Нæ зæрдыл æй бадардзыстæм. (Йæ уæхсджытыл схæцыди.) Стæй, дам, уæд мæсты ма кæн! Ныртæккæ мыл фæндагыл амбæлди акцизнæй æмæ мæ фæрсы: „æдзух мæсты цæмæн кæныс, Григорий Степанович?" Уæ хорзæхæй, уæдæ куыд нæ мæсты кæнон? æхца мæ хъæуы хи аргæвдыны онг... Знон боны- цъæхтыл рацыдтæн æз нæхицæй, фæзылдтæн мæ хæсджын-тыл сеппæтыл дæр, æмæ мын дзы иу уæддæр куы бафы- стаид! Куыдзы фæллад бакодтон. æниу æхсæвиуат кæм кодтон? – кæмдæр, иу дзуттаджы дуканийы, арахъы боцкъайы цур... Фæстагмæ ардæм дæс æмæ æртиссæдз версты фæцыдтæн, æмæ мæ суазæг кæнынмæ хъавынц „зæрдахас- тæй!" Куыд нæ мæсты кæнон уæд?
П о п о в æ. æз дын, æнхъæл дæн, бæлвырд куы загътон: приказчик горæтæй æрбаздæхдзæн, æмæ уæд райсдзынæ де'хца.
Смирнов. æз приказчикмæ не'рбацыдтшн, фæлæ æрбацыдтæн дæумæ! Бахатыр мын кæ ме'взаджы уаг, фæлæ мæн дæ приказчик цæмæн хъæуы, фыдгæнд дзы кæнын?
П о п о в æ. Бахатыр кæ, хорз лæг, фæлæ æз ахæм æнæконд ныхæстæ æмæ ахæм хъæлæсы уагмæ хъусын ахуыр нæ дæн. æз даем нал хъусын. (Ацыди тагъд-тагъд.)
V
С м и р н о в (иунæгæй).
С м и р н о в. Кæс-ма, дæ хорзæхæй! Зæрдахаст... Авд мæйы размæ йæ мой амарди! Фæлæ мæн проценттæ фидын хъæуы, æви нæ? æз уæ фæрсгæ куы кæнын, проценттæ фидын мæ хъæуы, æви нæ? Гъы, дæуæн дæ мой амард стæй дæ зæрдæйы ахаст. æмæ ахæм цыдæртæ... приказчик кæдæмдæр ацыд, хæйрæджыты хай фæуа, фæлæ уæд мæнæн та цы кæнын кæныс? Ме'фстаударджытæй уæлдæфон тымбылæджы мидæг атæхон? æви азгъорон æмæ уыц-иу згъордæй мæ сæр къулмæ фæцаразон? æрцыдтæн Груздевмæ – сæхимæ нæй, Ярошевич æмбæхсгæ бакодта, Курицынимæ та мæлæтон хыл фæдæн, æмæ йæ,чысыл мабахъæуа, рудзынгæй разыввытт кæнон; Мазутов емынæйæ рынчын у, амæн та – йæ зæрдæйы ахаст. Гъы! æмæ иу æфстауфидæг нæй! Уый афтæ уымæн у, æмæ сæ æгæр сфыдуаг кодтон, æз æгæр фæлмæнзæрдæ дæн, лæмæгъ, æгæр уæздан дæн семæ; пъолсæрфæн, сылгоймаг, лехъына! фæлæуут уал! Базондзы стут мæ! æз мæхицæй хынджылæг кæнын никæйы бауадз- дзынæн, хæйрæджы хай фæуат! æз дæр ам баддзынæн, цалынмæ мын ме'хца бафида, уалынмæ! Брр!.. Уæдæ цы мæсты дæн абон, цы! Фыр мæстæй ме'уæнгтæ ризынц, мæ улæфт дæр фехгæны... Уæу, мæ хуыцау, мæ зæрдæ дæр куы фæцæуы! (Хъæр кæны.) Лæггадгæнæг!
VI.
С м и р н о в æмæ Лука.Смирнов. Нæ, куыд уæм кæсы уый?! Адæймаг йæ хъуырмæ сси æхцайы тыххæй, мæхи æрцауындзыны онг сдæн. уый та мын мæ хæс нæ фиды, уымæн æмæ, хъусут æм! -йæ зæрдахаст æхцайы хъуыддæгты'рдæм нæу!.. Уый æцæг сылгоймаджы зонд у, гъе! æз гъе уый тыххæй ни кæд уарзтон, стæй ныр дæр нæ уарзын сылгсймагимæ дзу рын. Сылгоймагимæ дзурыны бæсты мын æндондæр у топпыхосы боцкъайыл бадын. Брр!.. Уазал дæр ма мæ хуылфы ацыд, афтæ мæ смæсты кодта уыцы шлейф! Дардмæ куы ауынын сылгоймаджы – уыцы поэтикон сфæлдыстады, – уæд фырмæстæй мæ къæхтæ адонзоныг вæййынц. Раст ма фæдас ныхъæр кæн, æндæр ниды.
VII.
Лука (æрбацыд æмæ йæм дæдты дон). æхсин рынчын у æмæ йаехимæ цæуын никæйы уадзы.Лука (иннæрдæм). Ацы фыдбылыз та нæм кæцæй касти гъе... Цы хæйрæджытæ йæ æрбахастой...
VIII.
П о п о в æ æмæ Смирнов.Смирнов (фæзмы). æнæзонд æмæ æнæхсæст ныхæстæ! æз нæ зонын мæхи сылгоймæггимæ дарын!æхсин, ды сырддон цъиутæ цас федтай дæ цæргæ цæрæнбонты, æз сылгоймæгтæ уымæй фылдæр федтон! æртæ хатты æртæ лæгимæ кæрæдзи æхстам сылгоймæгты тыххæй, дыууадæс сылгоймаджы ныууагътон æз мæхæдæг, фарастæй та мæ сæхæдæг ныууагътой! Гъо! Уыдис рæстæг кæддæр, æдылы куы уыдтæн, рæсугъд иыхæстæ куы кодтон, къæлæстæ куы кодтон... куы уарзтон, хъизæмар куы кодтон, мæймæ-иу куы улæфыдтæн, хурмæ фыхау-иу куы сдæн, тайгæ куы кодтон, ихæн куы кодтон... Мондаг уарзт кодтон, мæ зонд фæцæуыны онг, хæйрæг мæ бахæра, дзæнгæда цагътон, дзæгъындзæгау, дзырдтон сылгоймаджы барты тыххæй, мæ исбоны æмбис уарзондзинады фæдыл фесæфтон, фæлæ ныр – аууонæй æнцаддæр! бузныг! Ныр мæ нал фæсайдзыетут! æгъгъæд у! Сау цæстытæ, мондаг цæсгытæ, сырхсырхид былтæ, русты дзыхъытæ, мæй, сусæг ныхас, зæрдæбын улæфтытæ –уыдæттыл, мæ хуры хай, æз ныр сау суари лæр нал раттдзынæн! æз дæуæй ницы зæгъын, фæлæ æппæт сылгоймæгтæ, стырæй-чысылæй, цы сты, уымæй – гæды, фæлывд, фыддзых, хахуыр, æнæууæнк, æнæхатыр сты. Фæлæ мæнæ амæй куы зæгъай (йæ них бахоста), уæд, – ныббар мын ме'ргом дзырд,– сырддон цъиу кæцыфæнды сылгоймаджы дæр уайтагъд къалосы авæрдзæн. Иуæй-иу хъазхъуыр сыл- гоймагмæ бакæс, уæд – тæнæг хыз, эфир, зæды къалиу, милуан циндзинады, йæ кой айхъуысы, фæлæ йын йæ зæрдæмæ куы ныккæсай, уæд – хуымæтæджы кæфхъуындар! (Фæлæбурдта бандонмæ, йæ къæскъæс ссыди, асасти.) Фæлæ бынтон замана та уый у, æмæ уыцы кæфхъуындар,– цæмæ гæсгæ,– нæ зонын, фæлæ афтæ æнхъæлы, æмæ уарзондзинад, рæсугъд æмæ уæзданады æнкъарæнтæ æрмæст сылгоймаджы тыххæй лæвæрд сты! Хæйрæджыты хай фæуинагæн, мæнæ мæ ацы зæгæлыл мæ къæхтæй æрцауындзут, кæд сылгоймаг, чысыл къæбылайы йеттæмæ, искæй уарзын зоны!.. Уарзондзинады уый æрмæст сæт уадзын æмæ нæтын зоны. Нæлгоймаг зындзинад кæм æвзары æмæ нывондæн йæхи кæм æрхæссы, уым сылгоймаг йæ уарзондзинад къæдзил тилынæй æмæ фындзмæ лæбурынæй æвдисы. Ды де'намондæн сылгоймаг дæ, æмæ хъуамæ дæхимæ гæсгæ
зонай, сылгоймаг циу, уый. Зæгъ ма мын, уæдæ, æргом: дæ цæрæнбонты искуы федтай ахæм сылгоймаг, растзæрдæйæ, æнæ фæливгæйæ чи уарзы, иу гæндзон чи у? Нæ федтай! Иу зæрдионæй уарзынц æрмæст зæронд устытæ æмæ аиппджын сылгоймаегтæ! Тагъддæр сæмбæлдзынæ сыкъаджын гæдыйыл, кæнæ урс халоныл, иу зæрдионæй чи уарзы, ахæм сылгоймагыл сæмбæлынæй!
П о п о в æ. Фæлæу ма, уæдæ, дæумæ гæсгæ иузæрдион чи у уарзоидзинады хъуыддаджы? Мийаг, нæлгоймаг?
С м и р н о в. Бæгуыдæр, нæлгоймаг!
П о п о в æ. Нæлгоймаг! (Мæсты худт.) Нæлгоймаг иу зæрдион у уарзондзинады! Мæнæ цы ног хабар ис! (æрбатæвд уæвгæйæ.) Чи дын радта афтæ дзурыны бар? Нæлгой маг иузæрдион у æмæ нæ сайы! Уæдæ кæд æнæ дзургæ нæй, уæд зон, æз кæй зыдтон æмæ кæй зонын нæлгоймæгтæй, уыдонæй сеппæтæй дæр хуыздæр уыди мæ мой... æз æй уарзтон тынг, ме'ппæт зæрдæйæ, æрыгон æмæ зондджын сылгоймаг цас фæразы уарзын, уыйас; æз ын ратгон мæ хуыздæр бонтæ, мæ амонд, мæ цард, мæ исбон, куывтон ын, æмæ... æмæ цы? Уыцы хуыздæр нæлгоймаг сайдта мæн алы къахдзæфæн дæр. Куы амарди, уый фæстæ йын йе стъолы лагъзы мидæг ссардтон йæ уарзондзинады письмотæ; æгас ма куы уыди, уæд та,— зæрдæ ныккæрзы!—ныууагъта-иу мæ къуыригæйттæ иунæ гæй, мæ цæстыты раз æндæр сылгоймæгты фæдыл хадти æмæ мæ сандта æдзæсгомæй, ме'хцатæ мын хардз кодта адæмы устытыл, хынджылæг кодта мæ сыгъдæг уар- зондзинадæй... Афтæ мæ сайдта, фæлæ йæ æз уæддаер уарзтон, нæ йыл цыдтæн сайдæй... Уый нæ, фæлæ куы амарди, уый фæстæ дæр ма йæ нæ сайын, уарзын æй. æз мæхи ба ныгæдтон ацы цыпнар къулы æхсæн мыккагмæ æмæ суанг мæ амæлыны бонмæ дæр нæ раласдзынæн мæ саутæ...
Смирнов (мæспш худт кæнæгау). Гъы... Саутæ!.. Не'мбарын æз, кæул мæ нымайыс, уый? Цыма æз не'мбарын, цæй тыххæй дарыс уыцы саутæ, цæй тыххæй ныгæныс дæхи цыппар къулы æхсæн, уый! Ай-гъай! Уый сæрæмбæрзт, поэзион хъуыддаг у! Фæцæйцæудзæн ацы хæдзары рæзты и у цавæрдæр юнкер, кæнæ иу цыбырдым поэт, æрбакæсдзæн рудзгуытæм æмæзæгъдзæн: «Ам цæры сæрæмбæрзт рæсугьд Тамарæ, йæ мойы уарзгæйæ, йæхи цыппар къулы æхсæн чи баныгæдта, уый». Зонæм мах уыцы хиндзинæдтæ!
Попова (æрбамæсты ис). Куыд загътай? Куыд хъæцы дæ цæсгом мæнæн ахæм ныхæстæ зæгъын!
Смирнов. Ды цæрдудæй дæхи баныгæдтай, фæлæ дæхи пудрæйæ сцæгъдын нæ ферох кодтай!
Поп о вæ. Куыд уæндыс ды мемæ ахæм ныхæстæ кæ.нын?
С ми р н о в. Хъæр ма кæн, дæ хорзæхæй, æз дын приказчик нæ дæн! æз алцы дæр йæ номæй фæхонын. æз сылгоймаг нæ дæн æмæ кæддæриддæр æргом фæдзурын мæ фæндон! Хъæртæ мыл ма кæн!
П о п о в æ. æз нæ хъæр кæнын, фæлæ ды' дæхæдæг хъæр кæныс! Ныууадз мæ æнцад мæхицæн!
Смирнов. Мæ хæс мын бафид æмæ уæд ацæудзынæн.
П о п о в æ. æз дын æхца нæ раттдзынæн!
Смирнов, Раттдзынæ!
П о п о в æ. Фыддæрагæн дын капекк дæр нæ раттдзынæн! Айс дæхи ардыгæй, ныууадз мæ æнцад!
Смирнов. æз нæдæр дæ мой дæн, нæдæр дын уарзон дæн æмæ мын, табуафси, хылтæ ма кæн. (Сбадти.) æз нæ уарзын ахæм митæ.
П о п о в æ (мæстæй фьщгæйсе). Сбадтæ?
Смирнов. Сбадтæн.
П о п о в æ. Курын дæ, æмæ айс дæхи ардыгæй!
Смирнов. Бафид ме'хца,.. (иу фарсы'рдæм). Эх, куыд мæсты дæн! Куыд мæсты дæн, куыд!
П о п о в æ. Нæ мæ фæнды æдзæсгом адæймагимæ ныхас кæнын! Атте у ардыгæй! (Исдугмæ фæхъуси.) Нæ ацæудзынæ, уæдæ? Нæ?
Смирнов. Нæ!
П о п о в æ. Нæ?
Смирнов Нæ!
П о п о в æ. Хорз уæдæ! (.Дзæнгæрæг бацагъта.)
IX.
У ы д о н æмæ Л у к а.X.
У ы д о н æмæ ПоповаСмирнов. Сæрра дæн, æвзонг лæппуйау бауарзтон, æдылыйы хуызæн! (Поповæаæн йæ къухмæ фæлæбурдта Поповæйæн йæ къух срыст æмæ фæхъæр кодта) Уарзын дæ! (Йæ зонгуытыл æрхаудта.) Куыд никуы ма
уарзтон, афтæ тынг дæ уарзын! Дыууадæс сылгоймаджы æз ныууагътон, фараст сылгоймаджы та мæ сæхæдæг ныууагътой, фæлæ дзы иуы дæр, дæу куыд бауарзтон, афтæ нæ уарзтон... Кæлæхы галау фæкалдтæн, мæ былтæ 'рæппæрстон... Лæууын мæ зонгуытыл, æдылыйы хуызæн, дзурын дæм, баком мын, зæгъгæ... Худинаг æмæ аллыйаг! Ныр фондз азы дæргъы никæйы бауарзтон, мæхицæн дзырд радтон, æмæ ныр æваст бауарзтон. Сонт богъау кæйдæр кæрты смидæг дæн! Мæ къух дæм дæттын. Баком мын. Разы дæ æви нæ? Нæ разы кæныс? Ма разы кæн, уæдæ! (Сыстад æмæ тагъд-тагъд фæцæацыд дуары здæм.)
П о п о в æ. Фæлæу-ма...
Смирнов (фæлæууыди). Цы кæныс?
Поповæ. Ницы, цæугæ. Уæвгæ фæлæу... Нæ, цæугæ, дæугæ! Me сæфт дæ уынын! Нæ, уæд та... Ма ацу! Ах, куы зонис, æз куыд мæсты дæн, куыд мæсты дæн, уый! (Стъолмæ ливор баппæрста.) Бандзыг сты ме 'нгуылдзтæ ацы ницæйагæй... (Фырмсестæй йæ кæлмæрзæн аскъуыдта.) Цæмæ ма кæсыс? Ахъуытты у!
С м и р н о в. Хæрзбон pay.
П о п о в æ. Гъо, гъо, атте у!.. (Хъæр кæны.) Кæдæм фæцæуыс? Фæлæу-ма... Уæвгæ, цæугæ. Ах, куыд мæсты дæн! Ма мæм цу хæстæг, ма мæм цу!
С м и р н о в {бацыд и йæм). Куыд мæсты дæн мæхимæ? уæдæ! Гимназисты хуызæн бауарзтон, лæууыдтæн мæ зонгуытыл... Уазал дæр ма ацыди мæ буары... (Гуымирыгомау.). Уарзын дæ! Цæмæн мæ хъуыди, дæу кæй бауарзтон, уый! Райсом мæ проценттæ фидын хъæуы, хоскæрдын дæр рай- дыдтой, ам та ма мын—ды... (Йæ астæуыл ын йæ цонг æрбавæрдта.) Мæхицæн ацы хъуыддаг никуы ныббардзынæн ..
Поповæ. Аду мæ цурæй! Айс дæ къухтæ! æз дæ...ме сæфт уьшын! Ба-барьермæ! (Дæргьвæтин пъа.)
XI.
Уыдон, Л у к а – æдфæрæт, цæхæрадон гæс– ха ламæрзæнимæ, б æ х т æ р æ г- сагоимæ æмæ к у с д ж ыт æ —лæдзджытимæ.
Предложение
Усгур
(Хъæлдзæг ныв)
АРХАЙДЖЫТÆ:
Степан Степаны фырт Чубуков, помещик. А. Гулуев
Читать дальше
Л о м о в (иунæгæй)
Ломов Ихæн кæнын... ризын, цыма экзамены размæ дæн Фæлæ сæйраджы дæр тæрсын нæ хъæуы. Рафæнд-бафæнд бирж куы кæнон æмæ æцæг уарзондзинадмæ куы æнхъæлмæ кæ- сон, уæд афтæмæй у.с никуы ракурдзынæн... Ejpp... Уазал мы; у... Натали Степановнæ хорз æфсин у, фыдуынд дæр нæу, ахуыр- гонд дæр у... цы ма мæ хъæуы хуыздæр? Фæлæ уæддæр ма хъусты гуыр-гуыр цæуы {Дон нуазы).
Æнæ ус ракургæ та мын нæй. Иуæй мыл ныр 35 азы цæуы- ус курын афонæй уэглдайдæр у. Иннæмæй мæ хъæуы, ныр иухуызон æнцойцард... Мæ зæрдæ иизджын у, æдзух рæхойы... Ноджы суцца дæр дæн æмæ арæх мæсты кæнын... Ныртæккæ дæр мæ былтæ ризынц æмæ мæ рахиз дæсты уæлтъæфал стъæл фын байдыдга... Фæлæ бынтон æвзæр циу ' æхсæв нæ фынæп кæнын. Куыддæр æрхуыссын æмæ фынæй кæнын райдайын, аф тæ мын цыдæр мæ галиу фарс срæхойы æмæ суанг мæ уæхск æмæ мæ сæр дæр ма сриссынц... Фæгæппласын сонтау, арацу бацу кæнын æмæ та æрхуыссын, фæлæ та куыддæр хуыссæг мæ цæсты абады, афтæта мæ фарс сриссы, æмæ афтæ иу ссæдз хатты,
Л о м о в æмæ Натали Степанов н æ.
Н а т а л и {æрбацæуы). А-цæй-гъе! Ам ды дæ, мæ фыд та мын афтæ, къупецаг, дам, товар æлхæнынмæ æрбацыди! Æгас цу, Иван Василы фырт!
Л о м о в. Дæ бон хорз, уæздан Натали Степановнæ!
Н а т а л и. Ныббар мын,- мæ уæлæ раздарæн. Цы хуызæ- нæй дæм рацыдтæн?
Хъæдур сыгъдæг кæнæм хус кæнынæн. Цæй æрæгмæ нæм фызындтæ? Сбад! (Бадынц). Хæрын дæм дæуы?
Л о н о в . Бузныг. Хæрдджын дæн.
Н а т а л и . Уæд та тамако адым... Мæнæ спичкæтæ... Абон цы хорз бон у, знон та ахæм уарын уыди, æмæ кусджытæ æнæхъæн бон ницы бакуыстой. Сымах цал мæкъуылы ныккар- стат? æз æгæр базыд кодтон æмæ æнæхъæн сæрвæт æркарстон æмæ ныр тæрсын мæ хосæн бамбийынæй. Фæлтау уал куы фæлæу- уыдаин... Фæлæ уый та циу? æнхъæлдæн æмæ дыл фрак куы ис1 Гъе уый дын ног хабар! Хуынды цæуыс, мийаг? Цæй раесугъд сдæ... æцæг, æцæг, афтзе арæзт цæмæн дæ?
Л о м о в (тыхсгæйæ). Уыныс, дытджын Натали Степанов- нæ... хъуыддаг афтæ у...курын дæ æмæ мæм байхъус... Ай-гъай, ды дис кæндзынæ æмæ мæсуы дæр суыдзынæ, фæлæ'æз... (.Иæхи чымæр) ихæн та кæнын.
Натали. Цы хабар у? (Фæхъуса) Цæй!
Л о м о в. Мае ныхас фæцыбыр кæндзынæн... Ды кадджын' Натали Степановнæ, зоныс рагæй, суанг мæ сывæллонæй нырмæ дæр, уæ бинонты кæй зонын. Мае фыды хо æмæ йæ мой, мæ бынтæ кæмæй райстон, уыдон бирæ уарзтой дæ фыд æмæ да? мады. Ломовты мыккаг æмæ Чубуковты мыккаг кæддæриддæр лымæн уыдысты æмæ кæрæдзи уарзтой, хæстæджыты хуызæн. Ноджы ма, дæхæдæг куыд зоныс, афтæмæй мæ зæхх æмæ уæ зæхх æмарæн сты. Хъуыды ма кæ кæд кæныс, уæд мæ Хъом- Сæрвæттæ сымах бæрзбыны размæ сты.
Н а т а л и. Ныббар, дæ дзырды разæй цæуын. Ды зæгъыс „мае Хъом-Сæрвæттæ"...аемæ уыдон дæу сты?
Ломов. Маен сты...
Н а т а л и. Гъе, уый дын уый!.. Хъом-Сæрвæттæ мах сты.
Л о м о в. Нæ, маен сты, кадджын Натали Степановнæ.
Натали. Гъе уый та дын ног хабар, æмæ даеу кæцæй сты?
Ломов. Кæцæй та цы хоныс? æз сымах бæрзбын æмæ Сыгъд Цъыфджыны хсæн цы Хъом Сæрвæттæ ис, уыдон тых- хæй дзурын.
Натали. О, о! Гъе, уыдон мах сты!
Л о м о в. Нæ, рæдийыс, кадджын Натали Степановнæ, уыдон мæн сты!
Н а т а л и. æрчъиц, Иван Васили фырт! Рагаей баисты сымах?
Л о м о в. æз мæхи æмбарын кæдæй—бандыдтон, уæдæй нырмæ мæн сты!
Н а т а л и. Нæ, ныууадз, бахатыр кæн, дæу не сты!
Л о м о в. Гæххæттытæй бæрæг у, Натали Степановнæ.
Хъом-Сæрвæттæ кæддæр дзырдтаг уыдысты -уый раст у, фае. i.> ныр алчи дæр зоны, мæн кæй сты. Ныр сыл дзурын дæр на i хъæуы. Мæ фыды хойы мады мад ралæвар кодта уыцы Хъом Сæрвæттæ дæ фыды фыды кусджытæн, уыдон ыæ фыды хойы мады мадæн агуыри дуртæ кæй кодтой, уый тыххæй. Дæ фыды кусджытæ, уыцы Хъом-Сæрвæттæ хордтой иу дыуиссæдз азы бæрц æмæ сæ сæхи хонын байдыдтой, стæй закъон куы рацыдн.
Н а т а л и. Ды куыддзурыс, æппындæр афтæ нæу. Мæ фыды фыд дæр æмæ уый фыд дæр хуыдтой, уыды зæхх суанг Сып. i Цъыфдзасты онг сæхи. Гъе уымæй бæрæг у, Хъом-Сæрвæттн1 мах кæй уыдысты. Цы дзырдтаг у уый—не'мбарын. Дæ ныхæст.т мын хъыг дæр ма сты;
Л о м о в, æз дын гæххæгг фенын кæндзынæн, Натали Степановнæ.
Н а т а л и. Нæ, ды, æвæццæгæн, хынджылæг кæныс кæи;г мæ мæстæй марыс. Цы ног хабар у! Иу æртæ фондзссæдз азы бæрц зæхх мах у, ныр нын афтæ зæгъынц—зæхх, дам сымах нæу! Иван Василы фырт, ныббар мын, фæлæ мæ хъустыл дæ|> не'ууæндын... Мæнæн зынаргъ не сты, уыцы Хъом Сæрвæттал Уым æрмæст уыдзæни иу фондз дæсæтины æмæ сæ аргъ у фылдæр-фылдæр дæс æмæ ссæдз туманы, фæлæ рæстдзинадьм кæй нæ дзурыс, уый мæ мары. Цы фæиды дзурай, фæлæ рæстдзинадыл куы нæ дзурай, уæд уымæ хъусын нæ фæразып.
Л о м о в. Байхъус мæм, курын дæ! Дæ фыды фыды кусджы тæ-г.загътон дын—кодтой мæ фыды хойы мады мадæн агуырн дуртæ. Мæ фыды хойы мады мад уыдонæн сæ зæрдæ балхæны- ны тыххæй...
Натали. Фыды-фыд, мады-мад, фыды хо!.. æз ам ницы æмбарын. Сæрвæттæ мах сты, æндæр ницы.
Ломов. Мæн сты!
Н а та л и. Мах сты! Дыууæ боны куы фæдзурай æмæ да' узелæ фынтдæс фрачы куы скæнай, уæддæр мах сты! Дæ- уæй мæн ницы хъæуы, мæхион дæр никæмæн ауадздзынæн, куыд дæ фæнды афтæ!
Л о м о в. Мæн, Натали Степановнæ, Сæрвæттæ нæ хъæ- уыни, фæлæ æз дзырдæн зæгъын. Кæд дæ фæнды, уæд, табуаф- си æз дын сæ лæвар дæр ракæндзынæн.
Н а т а л и. æз дын сæ мæхæдæг дæр балæвар кæндзынæи, уымæн æмæ мæн сты!.. Диссаг дæ, Иван Василы фырт! Нырм;г дæ мах хорз сыхаг æмæ хæларыл нымадтам. Фарон дын нæ нап гæнæн машинæ дæр радтам æмæ уый тыххæй нæхицæп нæ нангæнинаг суанг Джиоргуыбайы мæйы онг баззади, ды та, цыма дын цигантæ стæм, ахæм ныхæстæ кæныс. Мæхи зæхх мы к лæвар кæныс. Ныббар, фæлæ сыхаг афтæ нæ фæкæны! Мæнмæ гæсгæ, уый æгæр къæйныхдзинад у, раст куы зæгъæм, уæд...
Л о м о в. Уæдæ, уымæ гæсгæ, æз тыхгæнæг дæн? æхсин! æз никуы никæй зæхх байстон æмæ уый тыххæй мæх:1
мæ уайдзæф дæр никæмæй æруйдздзынэен (Тагъдгомау фæцæуы графинмæ æмсе дон нуазы).
Хъом-Сæрвæттæ мæн сты!
Н а т а л и. Раст нæ зæгъыс, мах сты!..
Ломов Мæн сты!
Н а т а л и. Раст нæ зæгъыс, æз дын фенын кæндзынæн, мах кæй сты, уый. Тæккæ абон арвитдзынæн æз мæ хосдзæутты уыцы сæрвæттæм.
Л о м о в. Цы?
Н а т а л и. Тæккæ абон мæ хосдзæуттæ уым уыдзысты,, зæгъын.
Ломов, æмæ сæ æз ратæрдзынæн!
Н а т а л и. Дæ бои нæу!
Ломов (Йæ зæрдæмæ фæлсебурдта).
Хъом-Сæрвæттæ мæн сты!
Æмбарыс—мæн сты!
Н а т а л и. Хъæр ма кæн, табуафси! Уæхимæ иу мæсты æмæ хъæртæ кæн, ам та уаг зон!
Л о м о в. Мæ зæрдæ афтæ куы нæ дæвид æмæ мæ тугда- дзинты дзæхст-дзæхст куы нæ цæуид, уæд æндæр ныхас бакодтаин демæ!
(Хъæр кæны) Хъом-Сæрвæттæ мæн сты!
Н а т а ли. Мах сты!
Ломов. Мæн сты!
Натали. Мах сты!
Л о м о в. Мæн сты!
Уыдон æмæ Чубуков.
Чубуков (бацæугæйæ) Цавæр хабар у? Цæуыл хъæр кæнут?
Натали. Папа, зæгъ ма, табуафси, ацы лæгæн, кæй сты Хъом-Сæрвæттæ, мах æви уый.
Чубуков (Ломовæн). Мæ хæлар, Хъом-Сæрвæттæ мах сты!
Ломов. Ныууадз, Степан Степаны фырт! Кæцæй сты сымах? Уæд та ды бамбар хъуыддаг! Мæ фыды хойы мады мад рад- та Сæрвæттæ дæ фыды фыды кусджытæн лæвар хæрыны тыххæй рæстæгмæ. Кусджытæ 40 азы сæхицæн зæххæй пайда фæкод- той, фæцахуыр ыл сты, стæй закъон куы рацыди...
Чубуков. Фæлæу, мæ зынаргъ. Дæуæй ферохи, цæй тых- хæй нæ фыстой кусджытæ æхца дæ фыды мадæн, ахæмтæ-йеттæ... Хъом-Сæрвæттæ дзырдтаг кæй уыдысты, ахæмтæ-йеттæ... Ныр та алы куыдз дæр ма зоны, Хъом-Сæрвæттæ мах кæй сты, уый. Ды æвæццæгæн, план нæ федтай!
Л о м о в. æз дын бамбарын кæндзынæн, мæн кæй сты!
Чубуков. Нæ бамбарын кæндзынæ, мæ зынаргъ.
Л о м о в. Бамбарын кæндзынæн.
Чубуков. Афтæ цæуыл хъæр кæныс, мæ хæлар? Xъæрæй ницы рауайдзæни. æз искæмæй ницы агурын, мæхион дæр нæ ауадздзынæн. Цæмæн уæд? Кæд афтæ дзурыс, мæ xæлæр, кæд дæм Сæрвæтттæ, ахæмтæ йеттæ, дзырдтаг кæсыни, уæд сæ æз фæлæвар кæндзынæн музуккæгтæн дæуæн ныууадзыны бæстæ. Гъе, æз афтæ кæнын!
Л о м о в. Не'мбарын, дæ бон куыд у искæй мулк лæвар кæнын?
Чубуков. Уый мæхæдæг зонын, мæ бон у лæвар кæнын æви нæ. Гъе, лæппу! æз ахæм хъæртæм хъусын ахуыр нæ дæн, æз дæуæй дыууæ хатты хистæр дæн æмæ мемæ æгъдауыл хъуамæ дзурай, ахæмтæ-йеттæ.
Л о м о в. Нæ, ды мæн æдылыйыл нымайыс æмæ мыл худгæ кæныс! Мæ зæхх дæхи хоныс æмæ ноджы демæ æгъдауыл куы дзурой, уый дæ фæнды. Хорз сыхæгтæ афтæ нæ фæкæнынц, Степан Степаны фырт! Ды сыхаг нæ дæ, фæлæ тыхгæнæг.
Ч у б у к о в. Цы? Цы загътай?
Натали. Папæ, ныртæккæ хосдзауты Сæрвæттæм apвит!
Чубуков (Ломовæн). Цы загътай, цы хорз лæг?
Н а т а л и. Хъом-Сæрвæттæ мах сты, æмæ æз нæ раттдзынæн, иæ раттдзынæн, нæ раттдзынæн!
Л о м о в. Фендзыстæм! æз дын судæй базонын кæндзынан! мæн кæй сты.
Чубуков. Судæй? Бадæтт судмæ дæр, ахæмтæ-йеттæ дæ бон у! æз дæ хорз, зонын, ды æрмæст судтæм хъаст кæнын уарзыс, уæ мыккаг дæр ахæм у сымахæн! Ахæм!.. Хахуыр...
Л о м о в. Мæ мыккаг дæ дзыхы радавинаг нæу! Нæ мыккаджы ахæм нæ уыдис! тæрхон кæуыл скодтой æхца бахæрыны тыххæй дæ фыды æфсымæры хуызæн!
Чубуков. æмæ уæ Ломов мыккаг та æппæтæй дæр æрратæ куы уыдысты!
Н а т а л и. Сеппæт! сеппæт, сеппæт!
Чубуков. Уæ фыды фыд ностæй æфсис нæ зыдта, уæ фыды кæстæр хо та, Настя Михайловна, архитекторимæ куы алыгъди, ахæмтæ-йеттæ...
Л о м о в. Сымахæн та уæ мад зылын фарс уыди (йсе риу : фæхæцыдис). Мæ фарс срæхуыста... Мæ туг мæ сæры абадти.. Ox, мæ бон! дон!
Ч у б у к о в. Æмæ дæуæн та дæ фыд къамæй хъазæг æмæ фыдгуыбын куы уыди!
Н а т а л и. Дæ фыды хо та хахуыр куы уыди.
Л о м о в. Мæ галиу къах ницыуал æмбары...
Ды та хин, æдзæсгом...
Уæу, мæ зæрдæ... Алчи дæр зоны... æмæ ды æвзæрстыты, рæстæджы мæ цæстытæ цæхæртæ калынц... Кæм ис мæ худ?
Н а т а л и. Мæнгард, æвзæр, цъаммар!
Ч v б у к о в. Дæхæдæг та козбау, æдзæсгом æнæууæнк лæг дæ...О... О!..
Л о м о в. Мæнæ мæ худ, мæ зæрдæ, кæдæм цæуон? Дуар кæм нс? Уæу, мæлын, æнхъæлдæн... Мæ къах ницыуал æмбары (фæцæуы дуармæ).
Ч у б у к о в. Мæ хæдзармæ дæ къах æвæргæ дæр куыд нал æрбакæнай!
Н а т а л и. Судмæ бадæтт, стæй уæд фендзыстæм!
(Ломов фæцæуы цудтытæ кæнгæйæ).
V.
Ч у б у к о в æмæ Н а т а л и.
Ч у б у к о в. Хæйрæджы хай фæу! (Мæстыйæ рацу-бацу кæны),
Н а т а л и. Цы æдзæсгом у? Амæй фæстæмæ æууæнд дæ хорз сыхагыл!
Ч у б у к о в. Цъаммар! Афтид сæр!
Н а т а л и. Мæрдты уæнгæл кæйдæр зæхх йæхи бакодта, афтæмæй та ма хыл кæнын уæнды.
Чубуков. Афтæмæй та ма йæ карчы зондæй курæг цæуы, ахæмтæ-йеттæ, и? Курæг!
Н а т а л и. Цы курæг?
Ч у б у к о в. Уæдæ цы! Дæу курынмæ 'рбацыди!
Н а т а л и. Мæн курынмæ? Мæн?
Уæдæ мын æй раздæр цæуылнæ загътай?
Ч у б у к о в. Афтæ арæзт дæр уымæн уыди! Зокъо! Цъырцъыраг!
Н а т а л и. Мæн курынмæ? Мæн? Уæу!
(Бандоныл æрхауд æмæ кæуы).
Раздахут æй! Раздахут æй!.. Уæу! Раздахут æй!
Ч у б у к о в. Кæй раздахæм?
Н а т а л и. Тагъд, тагъд! Нал фæразын! Раздахут æй!
(Йæ зæрдæ бахъарми).
Ч у б у к о в. Цы хабар у? Цы дæ хъæуы? (Йæ сæрыл фæхæцыди). Цы æнамонд лæг дæн. Мæхи амарон! Æрцауындзон! Амардтой мæ тухийæ!
Н атали Мæлын! Раздахут æй!
Ч у б у к о в. Пуй! Ныртæккæ. Ма ку! (фезгъоры).
Н а т а л и (иунæгæй хъæрзы). Цытæ бакодтон! Раздахут æй! Раздахут æй!
Ч у б у к о в (æрбазгъордта). Ныртæккæ æрбацæудзæни, ахæмтæ-йеттæ, хæйрæджы хай фæуа! Уф!
Гъе, ныр, дæхæдæг йемæ дзур, æз нал дзурын...
Н а т а л и (кæуы). Раздахут æй!
Ч у б у к о в (хьсер ксены). Æрбацæуы дын куы загътои! Цы мæгуыр дæ цы чындздзон чызджы фыд! Мæхи аргæвдоп. Æнæмæнг ныргæвдон! Атардтой лæджы, фæхудинаг æй кодтоп, æмæ уый ды уыдтæ... ды!
Н а т а л и. Нæ, ды уыдтæ!
Ч у б у к о в. Мæ аххос та фæцис! (Æрбацæуы Ломов).
Гъеныр дæхæдæг йемæ ныхас кæн. (Ацыди).
VI.
Натали æмæ Л о м о в.
Ломов (æрбацыди, фæлмæцыдæй). Мæ зæрдæ цæвы... Мæ къах ницыуал æмбары... Мæ фарс рæхойы...
Натали. Ныббар мын, æгæр тызмæгæй дзырдтам, Иван Василийы фырт... Ныр æй æрхъуыды кодтон: Хъом-Сæрвæтта бæлвырд дæу сты.
Л о м о в. Мæ зæрдæ йæхи къултыл хойы... мæн сты Хъом- Сæрвæттæ... Мæ цæстыты уæлтъыфæлттæ стьæлфын байдыдтой..,
Натали. Дæу сты, дæу сты Сæрвæттæ... Сбад... (Бадынц) Мах аххос уыди...
Ломов. Æз рæстдзинадыл дзырдтон... Мæн зæхх нæ хъæуы, æз рæстдзинадыл дзырдтон...
Натали. О, рæстдзинадыл... Цæй, æндæр исты ныхас кæнæм...
Ломов. Ноджы мæм бæрæггæнæнтæ ис. Мæ фыды хойы мады мад радта дæ фыды фыды зæхкусджытæн...
Натали. Æгъгъæд у, æгъгъæд у уыцы ныхас... (иннæрдæм). Нæ зонын, цæуыл райдайон дзурын... (Ломовæн). Pæхджы та хъавыс цуаны цæуынмæ?
Л о м о в . О, мæ зынаргъ Натали – саугаркдзуан, фæсхуым гæрдæнты... О, хæдæгай, фехъуыстай æвзæр хабар? – Мæ куыдз, Угадай ды кæй зыдтай, уый фæкъуылых ис.
Натали. Мæгуырæг! Цæмæй цымæ?
Ломов. Нæ зонын... Æвæццæгæн ыл куыйтæ фæхæцыдысты, науæд та нæ къах фелвæст... (ныуулæфыд). Куыйтæн сæ хуыздæр... Йæ аргъыл нæ дзурын... Мироны фыртæн уыиы куыдзыл дыууадæс туманы æмæ æрдæг бафыстон.
Натали. Æгæр бирæ йыл радтай, Иван Василы фырт!
Ломов. Æз та афтæ æнхъæл дæн æмæ æгæр аслам дæр ма у... Тынг хорз куыдз у.
Натали. Папæ йæ Угадайыл аст туманы æмæ æрдаа радта, афтæмæй та Откатай хуыздæр у Угадайæ!
Ломов. Откатай хуыздæр у Угадайæ! Цытæ дзурыс! (худы). Откатай хуыздæр у Угадайæ!
Натали. Кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæр у! Откатай, æцæг ныр ма къæбыла у, фæлæ йæхицæй хуыздæр куыдз Волчанецкимæ дæр нæй.
Ломов. Фæлæу, Натали Степановнæ! Дæуæй ферохи, Откатай сæргъастæу кæй у æмæ сæргъстæу чи вæййы, уый та, цуаны уæвгæйæ, æвзæр ахсы.
Натали. Сæргъастæу? Фыццаг хатт хъусын!
Л о м о в. Баууæнд мыл, дæллаг æфсæр йæ уæллагæй цыбырдæр у.
Н а т а л и. Æмæ йæ ды баргæ скодтай?
Л о м о в. Баргæ скодтон: сурынмæ хорз у, фæлæ æмбæхст маргъæн ницæйаг...
Натали. Мах Откатай тынг хорз мыккагæй у, бæзхъуын, Запрягай æмæ Стамескæйы фырт у. А, дæ хъулон бырынкъæн та мыккаг бæрæг нæй... Стæй зæронд æмæ хæлддзæгтæ у.
Л о м о в . Зæронд у! Æмæ йæ сымах Откатайы хуызæттæй фондзæй дæр нæ баивдзынæн!.. Искуы ма уый æрцыд? Угадай куыдз у,– Откатай – койаг дæр нæу... Стæй Откатайы хуызæн куыйтæ бирæ дæр ис алы дзæгъæлдзутæм цæндтæ сæ счындæуыдзæн. 25 сомы йæ хуыздæр аргъ.
Натали. Иван Василы фырт! Абон демæ дзурæн нæй – кæм Хъом-Сæрвæттæ дæхи хоныс, кæм та Угадайы Откатайæ хуыздæр хоныс... Хорз мæм нæ кæсы, адæймаг йæ фæндон раст куы нæ дзура... Гъе ныр дæхæдæг хорз куы æмбарыс, Откатай фондзыссæдз хатты хуыздæр куы у дæ... дæ сæлхæр Угадайæ, уæд ма дзæгъæл дзырд цæмæн у?
Л о м о в. Куыд кæсын, афтæмæй, Натали Степановнæ, ды мæ куырмыл кæнæ æдылыйыл нымайыс. Бамбар, уæ Откатай сæргъастæу кæй у!
Н а т а л и. Раст нæ зæгъыс.
Ломо. Сæргъастæу!
Натали (хъæр кæны). Раст нæ зæгъыс!
Л о м о в. Хъæр та ма цæмæн кæныс, æхсин?
Натали. Дзæгъæлы цæмæн дзæнгæда дæгъдыс? Афтæ не' мбæлы! Дæ Угадайæн раджы дæр ныххолы хъуыд, ды та ма йæ Откатайыл барыс!
Л о м о в. Ныббар, мæ бон нал у демæ дзурын... Мæ зæрдæ æнкъуысы...
Н а т а л и. Бæрæггонд мын у къаддæр цы цуанонтæ æмбарынц, кæддæриддæр фылдæр уыдон фæбыцæу кæнынц.
Л о м о в. Курын дæ æхсин æмæ банцай... Мæ зæрдæ ратоны... (хъæр кæны). Мауал дзур.
Натали. Нæ банцайдзынæн, цалынмæ басæдтай, Отктаай фондзыссæдз хатты хуыздæр кæй у Угадайæ, уæдмæ!
Л о м о в. Фондзыссæдз хатты æвзæрдæр! Ныххæдмæл уын уæд Откатай! Мæ ныхы фæрстæ... цæст... уæхск...
Н а т а л и. Дæ Угадайы та хæдмæл кæнын дæр нæ хъæуы уымæн æмæ æнæ уый дæр хæдмæл у!
Л о м о в (кæуы). Банцай, мæ зæрдæ аскъуыди!
Натали. Нæ банцайдзынæн!
VII
Уыдон æмæ Ч у б у к о в.Ч у б у к о в. Цы? Æз хахуыр дæн? {хъæр кæны) Банцай!
Л о м о в. Цъаммар!
Ч у б у к о в. Къæбæда! Къæбыла!
Л омов. Зæронд уыры! Цæстфæлдахæг!
Ч у б у к о в. Æнцад. кæннод дæ згæ топпæй фæтымбыл кæндзынæн карчы цъиуау! Къуззитгæнæг!
Л о м о в. Алчи дæр зоны... Ох, мæ зæрдæ!..– Дæ дзæнæты бадинаг ус иу дæ нæмгæ кодта... Мæ къах... мæ ныхы фæрстæ... цæхæртæ... Хауын, хауын!..
Ч у б у к о в. Ды та дæ лæггадгæнæг усы къахы бын дæ!
Л о м о в. О... О... О... атъæпп мæ зæрдæ! Me уæхск acкъуыди... Кæми мæ цонг?.. Мæлын! (Креслæйы æрхауы). Дох тыр! (йæ зæрдæ бахъарми).
Чубуков. Саби! Хъуымызбыл! сымсымаг! Мæ зæрдæ бахъарм!.. (Нуазы дон) Бауадзыг дæн!
Н а т а л и. Цæн цуанон дæ ды? Бæхыл бадын дæр куы нæ зоныс! (йæ фыдæн) Папæ! Цы кæны? Папæ! Бакæс ма йæм, папæ (цъæхахст кæны) Иван Василы фырт! Амарди!
Чубуков. Бауадзыг дæн!.. Нал улæфын!.. Уæлдæф!
Н а т а л и. Амарди! (Ломовы, йæ дысæй тилы) Иван Василы фырт! Иван Василы фырт! Цы бакодтам? Амарди, (бандоныл æрхауди). Дохтырмæ, дохтырмæ! (йæ зæрдæ бахъарми).
Чубуков. Ох!.. Цавæр у? Цы кæныс?
Н а т а л и (кæуы). Амарди! Амарди!
Чубуков. Чи амарди! (Ломовмæ бакæсгæиæ). Æцæг куы амарди! Гъæй, мæ хæдзарыл! Дохтырмæ! (Ломовы дзыхмæ агуывзæ бахаста). Аназ!.. Нæй, нæ нуазы... Æвæццæгæн амарди, ахæмтæ-йеттæ... Цы æнамонд адæймагдæн! Куыд нæ марын мæхи? Нырмæ мæхи цæуылнæ аргæвстон? Цыма лæууын? Æриут мын кард! Æриут дамбаца! Ломов (базмæлыди). Æгас кæны, æнхъæлдæн... Дон аназ!.. гъе афтæ...
Л о м о в. Цæхæртæ... мигъ... Кæм дæн?
Ч у б у к о в. Тагъд ус ракур æмæ фындзæфтыды хай фæу! Разы у (Сæ кьухтæ сын иу кæны).
Фæнды йæ! Хайыр ут, ахæмтæ-йеттæ... æрмæст мæн æнццад ныууадзут!..
Л о м о в. И? Цы? (Стгæйæ) Кæй?
Чубуков. Разы у! Цæй? Кæрæдзийæн апъа кæнут... æмæ хæйрæджы хай фæут!
Н а т а л и (хъæрзы). Æгас у! О, о, разы дæн!
Чубуков. Апъа кæнут кæрæдзийæн!
Л о м о в. Цы? Кæмæн (Наталииæн пъа кæны). Тынг æхсызгон мын у...
Фæлæуут... цы у? Ах, æмбарын... зæрдæ... цæхæртæ... Æз амондджын дæн, Натали Степановнæ! (йæ къухæн ын пъа кæны.) Мæ къах ницыуал æмбары!..
Н а т а л и. Æз... æз дæр амондджын дæн...
Чубуков. Фервæзтæн... Уф! Цыма хох ме'ккойæ рахауд!
Натали. Фæлæ... ныр уæддæр басæтт – Угадай Откатайæ æвзæрдæр кæй у!
Ломов. Хуыздæр у! Натали. Æвзæрдæр у!
Чубуков. Цæй, ныр бинонты цард-амонд бæрæг кæн байдыдта.
Шампайнаг сæн арфæйæн!
Ломов. Хуыздæр у!
Натали. Æвзæрдæр, æвзæрдæр, æвзæрдæр!
Чубуков. (Уыдонæй хъæрдæрæй). Шампайнаг сæн! Шампайнаг сæн!
Æмбæрзæн.
«Три сестры». Худ. С. Алимов
Три сестры
Æртæ хойы
Ольгæ. Нæ фыд амард афæдзы размæ, раст ацы бон, фæндзæм майы, дæ гуырæн боны, Иринæ. Уæд уазал бон уыд, уарыд мит, æнхъæл уыдтæн æмæ уыцы стыр мастæн нæ бафæраздзынæн, мæ бон нæ бауыдзæн, ды дæр уадзгуытæ кодтай. Фæлæ йыл иу аз рацыд, æмæ йыл тынг нал риссæм, афтæмæй йæ мысæм, ды дæ уæлæ урс дзаумæттæ скодтай æмæ дæ цæсгомыл циндзинады тынтæ хъазынц…
Д. Дарчиев
Переводчики
Агузаров Георгий
Ардасенов Хадзыбатыр
Бритаев Созрыко
Газзаев Владимир
Гулуев Андрей
Гутнов Килци (Кирилл)
Дарчиев Давид
Джусойты Нафи
Дзасохов Музафер
Дзугаев Георгий
Дзукаева Ирина
Доев Саханджери
Коблов Чермен
Коцоева Магда
Мамсуров Дабе
Саламов Алихан
Тогузов Газак
Хозиев Яков
Хостикоева Зинаида
Цомаев Харлампий
ЗАМАНА
Зырнæйзилæг Григорий Петров рагæй нырмæ дæр, æмбал кæмæн нæй, ахæм æрмдæсныйыл нымад у æгас Галчины зылды. Æнæуи та уый хуызæн æнæсæрфат æмæ æнæджелбетт лæг не ссардзынæ. Ныр мæнæ йæ зæронд усы рынчындонмæ ласы. Дæс æмæ ссæдз версты йæ ауайын хъæуы, ноджы фæндаг ахæм гуыргъахъхъытæ у, æмæ йыл суанг къазнайы постласæг дæр нæ бафæразид алæгæрдын, уæд ацы фæныкгуыз цы бакæна! Йæ ных ын судзинтæй рæхойæгау хойы æнæхайыры тымыгъ. Мит фæлдзæгъдæнтæ хæссы, æддæг-мидæг уайынц тъыфылты æврæгътæ. Нæ йæ равзардзынæ, зæххæй уары, æви арвæй. Митын мигъы фæлм аныхъуырдта æгас дуне. Æрбадæлдзæх ысты быдыр, телыхъæдтæ, хъæд… Уад фыдниуд куы ныккæны æмæ Григорийыл йæ тых, йæ бонæй йæхи куы ныххуырсы, уæд æм дзоныгъæн йæ къæлæт дæр нал фæзыны. Цола, æнæбон ефс тыхтæ-амæлттæй ласы йæ цыппар къахы. Арф миты йын ныссæдзынц æмæ, бецау, йæ сæр батилынхъом дæр нал вæййы. Фæлæ зырнæйзилæджы тагъд кæнын хъæуы. Йæ бадæнæй фæгæпп-фæгæпгæнгæ ефсы рагъ ныххойы.
— Матренæ, ма ку… — гуым-гуым кæны лæг, — иучысыл ма бафæраз. Хуыцауы фæндæй рынчындонмæ бахæццæ уыдзыстæм, æмæ дын уайсахат йæд… Павел Иваныч дын хосы æртæхтæ авæрдзæн, намæ дын дæ тугæй рауадзын кæндзæн. Чи зоны ‘мæ дын уыцы хорз дæр йæ цæст бауарза, æмæ дын дæ буармæ спъирттæй базилой, æмæ уæд, йæд у… дæ фарс сулæфдзæни. Павел Иваныч бацархайдзæн… Раздæр уал схъæртæ кæндзæн, йæ къæхтæй зæхх æртъæппытæ ласдзæни, фæлæ бацархайдзæн. Дзæбæх лæг у, хæларзæрдæ, Хуыцау ын æнæниз цард раттæд… Куыддæр æм бахæццæ уæм, афтæ фыццаджы-фыццаг йæ фатеры дуарæй расæррæтт ласдзæн æмæ нын нæ хæйрæджыты нæмттæ зæгъын кæндзæн. Фæдис сисдзæни: «Цы хабар у? Афоныл цæуылнæ ‘рбацыдтæ? Йам сымах хуызæттимæ бон-сауизæрмæ цоппай кæн, æндæр мацы кус! Райсомæй цæуылнæ ‘рбацыдтæ? Фесæф ардыгæй! Дæ дымгæ дæр дын куыд нал ауынон, афтæ! Райсом-иу æрбацу!» Æмæ йын æз зæгъдзынæн: «Йа, ме ‘лдар дохтыр! Де зæд, дæ фарныстæн!» Нуа, дæ ратæрæг хæрæг ратæра! Нуа!
Зырнæйзилæг йæ ефсы рагъ ныххойы æмæ, усмæ нæ ракæсы, афтæмæй дарддæр гуым-гуым кæны:
— «Дæ бæрзонддзинад! Хуыцауардыстæн… Дзуар æфтауын мæхиуыл, мæнгæй кæй ницы зæгъын. Сæударæй рацыдтæн. Куыд хъуамæ æрбахæццæ уыдаин афоныл, кæд æмæ не Скæнæг… Мадымайрæм… йæ масты цæхæртæ æркалдта, фыдтымыгъ рауагъта? Дæхи цæстытæй йæ уыныс… Хорхор бæх дзы нæ ахæцид, мæнæн та, кæсыс, мæ бæх бæх нæу, фæлæ цыдæр мæлдзой фос». Павел Иваныч та абухдзæни: «Зонæм уæ! Уæхи сраст кæнынæн цынæ ‘фсон ссардзыстут! Уæлдайдæр ды, Гришкæ! Рагæй дæ зонын! Абондæргъы арахъхъы дуканимæ иу фондз уады æнæ бакæнгæ кæм фæуыдаис!» Æз ын афтæ: «Дæ бæрзонддзинад! Фыдлæг æмæ æнæдин куы нæ дæн, мыййаг! Мæ ус йæ уд исынмæ куы ‘рцыди, мæнæ мæлгæ куы кæны, уæд мæ арахъхъытæ-йедтæм æвдæлы? Цытæ дзурыс, дæ хорзæхæй! Бын бауæнт уыцы арахъхъы дуканитæ!» Æмæ дæ уæд Павел Иваныч рынчындонмæ бахæссын кæндзæн. Æз мæ зонгуытыл æрхаудзынæн: «Павел Иваныч! Де зæд, дæ фарныстæн! Сæрныллæгæй дын арфæ кæнæм! Ныббар æдылы къоппатæн, æлгъыстæгтæн. Æгæр тызмæг цæстæй ма ракæс музуккæгтæм! Дæ кæртæй нæ тæргæ хъуамæ ракæнай, ды та дæ къæхтæ миты дæр ма самæстай!» Павел Иваныч мæм ахæм каст æрбакæндзæни, цыма мын иу ныддауинаг у: «Мæ къæхты бынмæ хауыны бæсты, æдылы къоппа, арахъхъ ма цъырдтаис, фæлæ дæ бинойнагæн тæригъæд кодтаис. Уисæй нæминаг дæ, бæгуы!» — «Иттæг раст зæгъыс, Павел Иваныч, уисæй нæминаг дæн, Хуыцау мæ фæнæма! Фæлæ уын кувгæ дæр куыд нæ хъуамæ кæнæм, сымах нæ хæрзгæнджытæ куы стут? Дæ бæрзонддзинад! Æцæг дын зæгъын… раст Хуыцауы раз дзурæгау… Куы дæ асайон, уæд-иу мын мæ цæсты бату кæн: Матренæ куыддæр, йæд у… фæдзæбæх уа, йæ къæхтыл слæууа, афтæ дæхи дзыхæй цыдæриддæр зæгъай — бакæндзынæн æй! Тамакодон дæ хъæуа, карелаг бæрзæй… крокеты пуртитæ, зырнæй дын разилдзынæн суанг фæсарæйнаг кегелтæ дæр… Иу капекк дæр дæ нæ райсдзынæн! Мæскуыйы дын ахæм тамакодон сыстдзæни цыппар сомы, æз дæ иу капекк дæр нæ бацагурдзынæн». Дохтыр бахуддзæн æмæ зæгъдзæн: «Цæй, хорз, хорз… Æмбарын дæ! Фæлæ къупри кæй дæ, уый мын хъыг у»... Æз хорз зонын, мæ зæронд, хицæутты раз хи куыд дарын хъæуы, уый. Нæй ахæм хицау, аныхас кæнын кæимæ ма базонон. Æрмæст нæ Хуыцау фæндагыл фæдзæгъæлæй бахизæд. Кæс-ма, тымыгъ куыд футтытæ кæны! Гæбынатæй мæ цæстытæ байдзаг сты.
Зырнæйзилæг йæ гуым-гуымæй не ‘нцайы. Йе ‘взаг йæхи бар ауагъта æмæ дзуры, цæмæй йæ сау маст хурхæй ма амара. Æвзаг бирæ ныхæстæ лæхуры, ноджы фылдæр та хъуыдытæ æмæ фарстытæ гуыры сæры. Бæллæх ыл æнæнхъæлæджы æрбамбæлд, æвиппайды, æмæ ныр йе ‘муд æрцæуынæн нал у, хуызæн хъуыды нал ахсы сæр. Ныры онг цард æнцад-æнæмæтæй, йæ расыг фынты, нæдæр зын искуы бавзæрста, нæдæр цин, стæй дын дудгæ рыстæй йæ уд æвиппайды куы ныккæрзид. Æнæмæт фæныкгуыз æмæ расыггæнаг уадидæгæн агæпп ласта æнæвдæлон æмæ мæтæй йемыдзаг лæгæй. Тагъд кæны кæдæмдæр, суанг æрдзимæ дæр хъæбысæй хæцы.
Дысонизæр райдыдтой йæ замана, йæ бæллæхы хабæрттæ. Хорз æй хъуыды кæны — йæ хæдзармæ иннæ хæттытау фæзынди къуымæлдзæфæй, загъд-замана самадта, тымбыл къухæй æвзыста. Сылгоймаг йæхи нал баурæдта æмæ йæ фыд-зыкъуыр лæгмæ цæрæнбонты фыццаг хатт ныддардта йæ цæсгом. Уымæйразмæ йæ цæстыты зынди хъизæмæртты фæд æмæ саст зæрдæйы ахаст. Ахæм цæстытæ ма вæййы, арæх кæй фæнæмынц æмæ сыдæй кæй фæмарынц, уыцы куыйтæн. Фæлæ ныр усæн уыди тызмæг æмæ æдзæм-æндзыг цæстæнгас. Дзуæртты нывтæй ма сыгъдæджытæ фæкæсынц афтæ, стæй, мæлыны къахыл чи ныллæууы, уыдон. Гъе уыцы æнахуыр, тызмæг цæстыты æнгасæй райдыдтой йæ бæллæхы хабæрттæ. Лæг фæуыргъуыйау, йæ чемы нал уыд. Йæ сыхаджы цола ефс ракуырдта æмæ мæнæ йæ усы рынчындонмæ ласы, кæд ын Павел Иваныч исты мадзалæй йæ раздæры цæстæнгас йæхимæ раздахид.
— Матренæ, ды, йæд у… — гуым-гуым та кæны. — Мыййаг дæ Павел Иваныч куы фæрса, фæнадтон дæ æви нæ, уæд-иу зæгъ: нæ мæ фæнадта! Æнæуи дæр дæ никуыуал фæнæмдзынæн. Уый тыххæй дын мæнæ мæхиуыл дзуар дæр æфтауын. Кæд-иу дæ искуы фæнадтон, уæддæр дæм хæрам никуы фæдæн.
Афтæ-иу мын æнæбары над рауадтæ. Тæригъæд дын кæнын. Æндæр исчи читт дæр нæ фæкæнид, æз та дæ мæнæ ласын, мæ удæй арт цæгъдын. Тымыгъ дæр йæ футтытæй не ‘нцайы! Йа, не Скæнæг, æппæт дæр Дæ бæрны ис! Фæндагыл нæ дзæгъæл кæнын ма бауадз… Куыд у дæ фарс, риссы ма? Матренæ, цы ныхъхъус дæ, дæу куы фæрсын! Риссы ма дæ фарс?
Æнахуыр диссаг æм кæсы, усы цæсгомыл мит куыд нæ тайы, уый. Ноджы йын цыдæр фæлурс-фæныкхуыз дæр у, раст чъизи мыдадзау. Йе ‘нгас — тызмæг, лæмбынæг, арф.
— Æдылы къоппа! Æз дын хæлар ныхæстæ кæнын, Хуыцауæн дзурæгау… ды та, йæд… Æдылы къоппа дæ! Куы рамæсты уон, уæд дæ Павел Иванычмæ нал аласдзынæн!
Йæ дзылары бос æруагъта æмæ сагъæсы бацыд. Усмæ ракæсид æмæ йæ ныфс нæ хæссы, тæрсгæ кæны! Истæуыл æй афæрсынæй дæр тæрсы: куы ницы дзуапп ын ратта. Æппынфæстаг, цæмæй йæ гуырысхотæн кæрон скæна, уый тыххæй усы къух уырзæй асгæрста, кæсгæ йæм нæ ракодта, афтæмæй. Схæцыд ын йæ уазал къухыл, æмæ йын фæстæмæ куыд æрхаудта, уый йæм æрбайхъуыст ехсы къæрццау.
— Амарди, æнхъæлдæн!
Зырнæйзилæг кæуы, дзыназы. Йæ усæн тæригъæд уый бæрц нæ кæны, мæсты йæм цас у: «А дунейыл алцы дæр куыд тагъд арæвдз вæййы!..» Йæ усимæ ницы ма ацарди, нæма аныхæстæ кодта йемæ, нæма йыл баузæлыд, æмæ йын мæнæ æрбамарди. Дыууиссæдз азы фæцард йемæ, æмæ æрбацыдæр и рæстæг, цыма æвиппайды мигъы фæлмы атади... Фыднозт, хылтæ æмæ гæвзы аууон джиугæйæ, царды ад æмбаргæ дæр нæ бакодта. Ныр цыма фыддæрагæн афтæ рауад — йæ ус æрбамарди, тæригъæд кæнын ын куы райдыдта, æнæ уый йæ бон цæрын нæу, стæй йæ разы тынг азымджын у, уый куы бамбæрста, уæд.
— Къæбæргур зылди, мæгуыр! — мысы лæг. — Мæхæдæг æй æрвыстон адæмы æхсæнмæ мамæлайы къæбæр курæг. Æдылы къоппа, иу дыууиссæдз азы ма уæддæр куы ацардаид, науæд, æвæццæгæн, æнхъæлы, æцæг дæр ахæм æмæ ахæм дæн, зæгъгæ. Йа, сыгъдæг Мадымайрæм, цы ма йæ ласын рынчындонмæ? Дзæбæх кæнын æй куы нал хъæуы, ныгæнын æй куы хъæуы. Нуа! Фæстæмæ!
Лæг фæстæмæ раздæхта дзоныгъ æмæ ефсы рагъ йæ тых, йæ бонæй хойы. Фæндаг фыддæрæй-фыддæр кæны. Дзоныгъы къæлæт æппындæр нал зыны. Хатгай дзоныгъ йæхи исты зазы талайыл сцæвы, тала къухтæ ацъæррæмыхст кæны, лæджы цæстытæ иу исдугмæ ауынынц талайы сау æндæрг, стæй та йæ алыварс дуне урс фесты, зилдухгæнæг урс.
«Ехх, ныр ногæй цæрын райдай!..» — тæхудытæ кæны зырнæйзилæг.
Йæ зæрдыл æрлæууыди, Матренæ дыууиссæдз азы размæ цы чызг уыд, уый — æвзонг, рæсугъд, хъæлдзæг. Бонджын хæдзары чызг уыди, фæлæ йæ амæн радтой, уымæн æмæ йын йæ дæсныйадмæ бабæллыдысты. Ног бинонтæн алы фадæттæ дæр уыди хорз цæрынæн, фæлæ йæ бæллæх дæр уый у, æмæ а лæппу чындзæхсæвы фæстæ фыдрасыгæй пецы сæр куыд бафынæй, афтæмæй, зæгъæн ис, абоны бонмæ хуыр-хуырæй фæхуыссыд. Йæ чындзæхсæв ма йæ зæрдыл лæууы, фæлæ уый фæстæ цы уыди, уыдæттæй, маргæ йæ куы акæнай, уæддæр ницыуал æрымысдзæни, нуазгæ, хуысгæ æмæ хыл цы кодта, æндæр. Афтæ атахтысты дыууиссæдз азы…
Митын æврæгътæ чысылгай сау адардтой. Дунейыл æрæнцадысты изæрмилтæ.
— Ныр кæдæм цæуын? — æбалæууыди та йæ зæрдыл. — Ныгæнын æй хъæуы, æз та йæ рынчындонмæ… Мæ сæр бынтондæр сдон!
Йæ дзоныгъ та фæстæмæ раздахы, ефсы рагъ ныххойы. Уый йæ тыхтæ æрбамбырд кæны æмæ футтытæгæнгæ лыстæг сæппæй азгъоры. Лæг ын йе рагъ хойынæй не ‘нцайы… Фæсте цыдæр гуыпп-гуыпп йæ хъустыл ауад, æмæ фæстæмæ нæ ракаст, фæлæ йæ фембæрста, уый марды сæры гуыпп-гуыпп у дзоныгъыл. Бынтондæр баталынг. Ноджы фæкарздæр сты тымыгъы футтытæ…
«Ногæй цæрын куы райдаин, тæхуды!.. — йæ бæллицтæ та нывæнды зырнæйзилæг. — Ног кусæнгарз самал кæнин, куыстæгтæ исин, мæ усæн æхца дæттин… о!»
Йæ дзылары бос æрхаудта. Агуры йæ, архайы йæ сисыныл, фæлæ йын не ‘нтысы, йæ къухтæ йæ коммæ нал кæсынц…
«Уæлдай нал у… — зæгъы йæхинымæры, — ефс мæ йæхæдæг бахæццæ кæндзæни, фæндаг зоны. Иучысыл куы афынæй уаин… Цалынмæ мард æвæрой, дзургæ кæной, уæдмæ уал мæхи куы ‘руадзин».
Лæг йæ цæстытæ æрæхгæдта, рæдзæ-мæдзæ кæны. Иуцасдæры фæстæ йæ хъустыл ауад, ефс куыд æрлæууыд, уый. Ракаст æмæ разæй уыны хъæдкъул хæдзар æви цъынайы хуызæн тарбын цыдæр…
Бæргæ, дзоныгъæй куы рахизид æмæ куы базонид хабæрттæ, фæлæ йæ буар иууылдæр зивæджы цъысымы бахауд, æмæ йæ бынатæй фезмæлыны бæсты фæлтау басийæд… Æмæ тæгæр фынæй авæййы.
Райхъал, ахуырст къултæ кæмæн уыд, ахæм стыр агъуысты. Рудзгуытæй мидæмæ лæбуры хуры рухс. Зырнæйзилæджы цур — адæм. Архайы йæхи сæм хиуылхæцгæ æмæ æмбаргæ лæгæй равдисыныл.
— Мæ зæрондæн йæ марды уæлхъус исчи куы радзурид! — хаты. — Сауджынмæ фæдзурын хъæуы…
— Цæй, хорз, хорз! Ахуысс уал! — йæ ныхас ын аскъуыдта чидæр.
— Мæ фыдыхай! Павел Иваныч! — дохтыры ауынгæйæ, дисы бацыди зырнæйзилæг. — Дæ бæрзонддзинад! Мæ хæрзгæнæг!
Фæнды йæ рагæпп кæнын æмæ дохтыры раз йæ зонгуытыл æрхауын, фæлæ йæ къухтæ ‘мæ йæ къæхтæ йæ коммæ нæ кæсынц.
— Дæ бæрзонддзинад! Мæ къæхтæ кæм ысты? Цы фесты мæ къухтæ?
— Хæрзбон сын зæгъ дæ къухтæ ‘мæ дæ къæхтæн… Басыдысты! Цæй, цæй… цæуыл кæуыс? Ацардтæ, æмæ Хуыцауæн табу! Æртиссæдз азы батыдтай, цы ма дæ хъæуы?!
— Мæнæ замана!.. Дæ бæрзонддзинад, бæллæх куы у ай, замана!.. Ныббар мын, дæ хорзæхæй! Иу фондз-æхсæз азы ма…
— Цæмæн?
— Ефс кæйдæр у, раттын æй хъæуы… Зæронд усы баныгæнын хъæуы… Рæстæг куыд тагъд атахти! Дæ бæрзонддзинад! Павел Иваныч! Æппæты хуыздæр тамакодон карелаг бæрзæй! Крокетик дын разилдзынæн зырнæй…
Дохтыр йæ къух ауыгъта æмæ уатæй рацыд.
Мамыкъаты Хъазыбеджы тæлмац
ЙÆ УСИМÆ ФÆХЫЛ
— Хæйрæджыты амæддаг фæуат! Куыстæй дæ хæдзармæ куыдзы фæлладæй, сыдæй мæлгæйæ æрбацу æмæ ма дын дæ разы хуызæн хæринаг дæр ма æрæвæрæнт! Уыдон адæм сты!? Ноджы сын уайдзæф дæр ма бакæн! Уайсахат ниуынмæ фæвæййынц! Ус цы бон ракуырдтон, уыцы бон мын фæлтау мæ сæр куы рачындаид!
Уыцы ныхæстимæ лæг йæ уидыг тæбæгъмæ знæт æппæрст бакодта, мæстæй пиллæттæ калгæ фестад æмæ дуар йæ фæстæ ныггуыпп ласта. Ус ныккуыдта, къухтæсæрфæн гæххæтт йæ цæсгоммæ систа, æмæ уый дæр феддæдуар.
Лæг йæ кусæнуатмæ бацыди, диваныл бафæлдæхт, йæ цæсгом базы фæцавта. «Цы хæйрæг мæ ацардыдта ус курыныл! — дзырдта йæхицæн. — Хъуыддаг куы бакодтон, ууыл нымадæй цалдæр боны йеддæмæ нæма цæуы, афтæмæй мæ уд æрдуйæ нарæгдæр ссис. Ахæм царды бæсты фæлтау дæхиуыл дамбаца ныффæздæг кæн!»
Сахаты ‘рдæг дæр нæма рацыд, афтæ дуары æддейæ къæхты хъæр райхъуыст…
«Афтæ у, гъе… Бафхæрдта мæ, фæхъазыди мæ, ныр дуары цурты рацу-бацу кæны, бафидауын æй фæнды… Æнхъæлмæ кæс! Бафидауыны бæсты фæлтау мæхи æрцауындздзынæн!»
Дуар байгом, мынæг хъинц дзы райхъуысти. Чидæр æрбахызт æмæ сабыр, нæуæндон къахдзæфтæгæнгæ диванырдæм бараст.
«Хорз, хатыртæ кур, лæгъстæ кæн, дзыназ… Фучъи дæ нæ хъæуы, фучъи! Цы мæ айсай, уый лæппутæ фендзысты! Мæ дзыхæй сым дæр не ссæудзæни, дæхи куы амарай, уæд дæр… Фынæй дæн мæнæ, стæй мæм дзурын дæр нæ цæуы!»
Лæг базы йæ сæр арфдæр нытътъыста, æмæ дзы мынæг хуыр-хуыр райхъуысти. Фæлæ лæгтæ дæр сылгоймæгтау лæмæгъ сты. Се ‘рфæлмæн кæнынæн бирæ нæ хъæуы. Йæ фæсонтæм буары хъарм куы бахæццæ, уæд хивæндхуызæй диваны чъылдымырдæм бафалдæр кодта, йæ къах батылдта.
«Æгъгъа… Йæхи æрбаласта, æрбандзæвыди мыл, гæды митæй мæ сайы… Мæ уæхскæн та мын аба кæндзæн, йæ зонгуытыл æрлæудзæни. Мæ удымарæг сты уыцы буц митæ!.. Фæлæ… Уæддæр ын ныххатыр кæнын хъæудзæн… Æнхъæлцау у, æмæ йæ тыхсынгæнæн нæй. Иу сахаты бæрц уал æй амæстæймардзынæн, стæй…»
Лæгæн йæ хъусы сæрты асыффытт ласта арф улæфт. Стæй дыккаг, æртыккаг… Уалынджы йæ къухыл банкъардта чысыл къухы бандзæвд.
«Цæй, цы уа, уый уæд! Фæстаг хатт ма йын барын. Сылгоймаг мæгуыр у, фæзæгъынц. Стæй аххосджын мæхæдæг куы дæн! Ницæй тыххæй загъд-замана самадтон… Царды цы не ‘рцæуы, мæ къона!»
Лæг йæ цонг фæстæрдæм аивæзта æмæ хъарм буар æрбахъæбыс кодта.
— Пуй!
Йæ фарсмæ хуыссыди сæ къуыдыр куыдз «Дианкæ».
ОРДЕН
Хæстон прогимназы ахуыргæнæг, коллегион регистратор Лев Пустяков йæ хæлар, поручик Леденцовы фарсмæ цард. Гъемæ ног азы фыццаг бон йе ‘ргом уый хæдзарырдæм сарæзта.
— Хъуыддаг афтæ у, Гришæ, — Ногбоны арфæтæ ракæныны фæстæ йæ ныхас райдыдта Пустяков, — Бæргæ дæ нæ батыхсын кодтаин, ме ‘рдхорды гæбаз, фæлæ мын хуыздæр амал нæй. Уый курæг дæ дæн, æмæ мын ардыгæй изæрмæ дæ Станислав авæр. Къупец Спичкинмæ хуынд дæн бонрæфты. Уыцы æнаккаг Спичкины та дæхæдæг зоныс: ордентæ-йедтæ йæ уд, йæ дзæцц сты, æмæ исты æрттивæгтæ йæ риуыл кæмæн нæ вæййы, уыдон ын емынæйы ад кæнынц. Стæй йын дыууæ чызджы ис... Зоныс сæ — Настя æмæ Зинæ... Ме ‘рдхорд куы нæ уаис, уæд дæм не ‘рбацыдаин... Æмбарыс мæ, нæ? Афтидармæй мæ ма аздах!
Уыдæттæ Пустяков дзырдта къæзгæйæ, фæсырх-иу æмæ-иу дуарырдæм акаст, афтæмæй. Поручик рамæсты, æвзæр ныхас дæр дзы сирвæзти, фæлæ уæддæр фæстагмæ сразы.
Боны дыууæ сахатыл Пустяков цыппæрдзæлхыг баххуырста æмæ Спичкинтырдæм араст. Йæ кæрцы цæппузыртæ нæ|ссæвæрдта æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ йæ риумæ æркасти. Кæйдæр орденæй йæм кæрæдзиимæ ерысгæнæгау æрттывдтытæ калдтой бур сызгъæрин æмæ сæнтурс эмаль.
«Ахæм дзаума лæгæн ныфсы хос у, — хъуыды кодта ахуыргæнæг, æмæ йæ хъуырæй бабызы бапп-баппы хуызæн мыртæ райхъуыст. — Æвæдза, ацы къаннæг диди фондз сомæй зынаргъдæр нæу, фæлæ адæмы цæсты куыд тынг ахады!»
Спичкины хæдзармæ куы бахæццæ, уæд йæ кæрцы тæрттæ фæйнæрдæм аппæрста æмæ бæхтæрæгæн æхца фидынмæ февнæлдта. Афтæ йæм фæкасти, цыма йын бæхтæрæг йæ пъагæттæ, æрттиваг цæппузыртæ æмæ Станислав куы ауыдта, уæд фыр цымыдисæй цавддурау фæци. Пустяков хирвæссон хуыфт скодта æмæ хæдзармæ бацыд. Йæ кæрц ласгæ-ласын стыр уатмæ бакаст. Уым даргъ фынджы уæлхъус бадтысты иу 15 адæймаджы æмæ минас кодтой. Сæ дзолгъо-молгъо æмæ тæбæгъты зæлланг æддæмæ хъуысти.
— Чидæр дзæнгæрæг цæгъды, — райхъуысти хæдзары хицауы хъæлæс. — А-а, Лев Николаич! Табуафси, мидæмæ. Айрæджы кодтай, фæлæ ницы кæны... Мах дæр нырма ныр æрбадтыстæм.
Пустяков йæ риу размæ ракодта, йæ сæрыл уæлæмæ схæцыд æмæ, йæ къухтæ æууæрдгæ, бахызт уатмæ. Фæлæ æвиппайды фæудаист. Фынджы уæлхъус Зинæйы фарсмæ бадтис йе ‘мкусæг, францаг æвзаджы ахуыргæнæг Трамблян. Ацы францаг дын иугæр дæ орден федта, уæд æй зон: дæ худинаджы хъæр айхъуыст æмбойны, æнусмæ куыдзæмгадæй баззадтæ!.. Пустяковы фыццагдæр хъуыды уыди: дæ Станислав дæ риуæй æррæдув, кæнæ та — лидзгæ ардыгæй! Фæлæ орден фидар хуыд у, уæдæ лидзынæн дæр байрæджы. Лæг йæ рахиз къухæй йæ орден амбæрзта, йæхи фæгуыбыр кодта, бадты адæмæн æллæх-биллæхтæй салам радта æмæ, никæй къух райста, афтæмæй раст йе ‘мкусæджы тæккæ бакомкоммæ афтид бандоныл уæззаугай йæхи æруагъта.
«Æвæццæгæн, нозтджын у», — ахъуыды кодта Спичкин, уазæг йæ чемы кæй нæй, уый куы федта, уæд.
Пустяковы цур æрæвæрдтой хъæрмхуыппы тæбæгъ. Лæг йæ галиу къухæй уидыг систа, фæлæ уæздæтты фынгыл галиуæй хæрæн кæй нæй, уый фембæрста æмæ, хæрдджын дæн, зæгъгæ, сæфсон кодта.
— Мæ мадыфсымæр, протоиерей Елееевмæ бауадтæн, æмæ мæ уый… йæд у... хорз федта... Бузныг... Мерси-с...
Лæджы зæрдæ бынтондæр бамæгуыр, маст ын йæ риуы къултæ арыдта: хъæрмхуыппæй мæлæты дзæбæх тæф цыди, уæдæ кæфы дзидзайæн дæр йæ фæздæг калд æмæ фындзыхуынчъытæ хъыдзы кодта. Пустяков афæлвæрдта йæ рахиз къух æрисын æмæ орден галиуæй амбæрзын, фæлæ нæ сарæхсти.
«Бафиппайдзысты мæ... Стæй къух риуы æддæты рахизырдæм куы раивæза, уæд адæм банхъæлдзысты, ацы лæг зарынвæнд цыдæр скодта, зæгъгæ. Æнæбайрайгæ скæной сæ сихорæй — тагъддæр куы ахицæн уаид! Фæлтау трактиры бахæрдзынæн!»
Иуцасдæры фæстæ Пустяков, ныгъуылдтытæгæнгæ, йæ цæстызулæй бакасти францагмæ. Трамблян йæхимидæг тынг батыхст, йе ‘мкусæгмæ къæмдзæстыгхуызæй каст, æмæ уый дæр фынгмæ не ‘внæлдта. Куы фемдзаст сты, уæд сæ дыууæйæн дæр сæ тыхст ноджы фæтынгдæр, сæ цæстытæ дæлæмæ æруагътой æмæ афтид тæбæгътæм кастысты.
«Бафиппайдта мæ, æнаккаг! — ахъуыды кодта Пустяков. — Йæ хæмхудтыл бæрæг у, кæй мæ бафиппайдта, уый! Куыдзы тугæй æхсад у, комдзог. Тæккæ райсом мыл директормæ дзырд бахæсдзæни!»
Фысымтæ ног хæринæгтæ хастой æмæ хастой.
Иу гуыбырфындз бæрзонд лæг сыстади, хъуынджын æмæ йын пака фындзыхуынчъытæ, стæй æрдзæй æрдæгцъынд цæстытæ. Йæ галиу къухæй йæ сæры тенка адаудта æмæ загъта:
— Æп… æп... Æппæтæй нын зынаргъдæр чи у, уыдон тыххæй уæм сидын... Ам цы æхсинтæ бады, уыдон цæрæнбон бирæ уæд!
Адæм æмхуызонæй сыстадысты, сæ нуазæнтæ систой. Уæтты къуымты ныййазæлыд «ура». Сылгоймæгтæ сæ мидбылты бахудтысты, æмæ нуазæнты къуырццытæ сарæх сты. Пустяков дæр сыстади, галиу къухæй систа нуазæн.
— Лев Николаич, дæ хорзæхæй, мæнæ ма ацы нуазæн Настасья Тимофеевнæмæ адæтт! — æрбадзырдта йæм иу нæлгоймаг. — Аназын ын æй кæн!
Пустяковы ацы хатт йæ рахиз къухы æххуыс бахъуыд, æмæ йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. Станиславæн, мæгуырæг, æппынфæстаг, бонырухс фенын бантыст æмæ йе ‘нцъылд сырх ленты дæлбазырæй цæхæртæ скалдта. Лæг афæлурс, йæ сæр дæлæмæ æруагъта æмæ францагмæ тарстхуызæй бакаст. Уый дзы дисгæнгæ йæ цæстытæ ныссагъта, цыма йæ истæмæй бафæрсынмæ хъавыд. Йæ былтæ гæзæмæ хинхудт кодтой, цæсгомыл та сабыргай тайын байдыдта къæмдзæстыг…
— Юлий Августович! — францагмæ бадзырдта фысым. — Мæнæ ма ацы авг уæ разы æрæвæр!
Трамблян йæ рахиз къух æнæбары раивæзта æмæ... о, амонд! Пустяков ын йæ риуыл ауыдта орден. Станиславæй ноджы кадджындæр чи у ахæм — Аннæ! А-гъа, а францаг дæр мæхи хуызæн фæлитой у! Пустяков фыр цинæй бахудти, бандоныл йæхи парахат уагъд æркодта... Ныр æй йæ орден æмбæхсыны сæр нал хъæуы! Дыууæйæ дæр æмхуызон тæригъæдджын сты æмæ ма цæмæй тæрсой! Нал фæхудинаг уыдзысты…
— А-а-а... Гъым!.. — бауасæгау кодта Спичкин, ахуыргæнæджы риуыл орден куы ауыдта, уæд.
— Афтæ, гъе! — загъта Пустяков. — Диссаг дæм нæ кæсы, Юлий Августович! Бæрæгбоны размæ нæм цы хъазтизæртæ уыд, уым иннæ ахуыргæнджытæй уæлдай куы ницы сгуыхты фестæм, уæд мах цæмæн равзæрстой хицæуттæ? Диссаг дæм нæ кæсы ацы хабар?
Трамблян дæр бахъæлдзæг, йæ сæр разыйы тылд кодта æмæ, адæммæ æртыккаг къæпхæны Аннæ дзæбæхдæр цæмæй зына, уый тыххæй йæ риу размæ радардта.
Фынгæй куы сыстадысты, уæд Пустяков уæттыл зилын байдыдта — хъуамæ сылгоймæгты зæрдæ балхæдтаид йæ орденæй. Æмæ кæд тынг æххормаг уыд, уæддæр æй цин йæ уæлныхты хаста.
Трамблян æмæ Спичкин та уыцы рæстæг хæрзиуджыты койтæ кодтой. Пустяков-иу йе ‘мкусæгмæ хæлæггæнгæ бакаст æмæ йæхицæн дзырдта:
«Уый зонгæйæ мæ риуыл Владимир æрцауыгътаин. Ехх, мæнæ лæг, дæ сæр дын рачындæуæд!»
Æрмæст æй ацы хъуыды мардта хурхæй. Æнæуи та… Цы ма йыл дзурæм — иттæг амондджын æмæ зæрдæрухс уыд.
ШАМПАЙНАГ СÆН
Шампайнаг сæныл ма ‘ууæндут… Алмасийау цæхæртæ калы, хъæддаг суадонау рæсуг у, нектарау — адджын, йæ аргъ та кусæджы къухвæллойæ, поэты зарæгæй, сылгоймаджы рæвдыдæй — зынаргъдæр. Фæлæ дзы уæхи иуварс ласут! Шампайнаг сæн у рæсугъд æмæ æнæфсарм сылыстæджы хæрз халдих, йæ фидыц та — Гоморрæйау фæлитой æмæ налат. Шампайнаг сæн сызгъæриндоны тылд чырын у, йæ мидæг та мæрдты стджытæ æмæ алы хъылматæ. Адæймаг æй нуазы зын сахат, йæ уд æрдуйæ нарæгдæр куы свæййы, кæнæ йæ зонды цæстытæ хорз куы нал фæуынынц, уæд. Нуазы йæ æфсæстæй, йæ фыр хъалæй, мæнæ теуайæн судзины хуынчъы алæсæн куыд нæй, афтæ царды рухсмæ рацæуынхъом куы нал вæййы, уæд.
Шампайнаг сæн у, мидæгмоймæ чи бацæуы, ахæм нæлты, къæрных кассирты, æнæсæрбос хайуанты, гацца сылгоймæгты сæн... Къупритæ, гуыбындзæл хæтæгойтæ, цæстфæлдахджытæ амалджын сæудæджертæ цы цæлы фынгыл бадой, уым æнæмæнг фендзынæ шампайнаг сæн.
Æнхъæлут, сæ хидвæллойæ кæй бакуыстой, ахæм æхцатæ йыл хардз кæнынц? Куыннæ стæй! Сайын, стигъын, давын, гæртæмттæ исыны фæрцы сæм æфты утæппæт исбон...
Сылгоймагмæ бырынцъаг фæндагыл æрлæууыны зонд куы ‘рцæуы, уæд фыццаджы-фыццаг шампайнаг сæнæй фæхъæстæ вæййы: ай ахæм нозт у, æмæ, Евæйы чи фæсайдта, уыцы калмау сыф-сыф кæны!
Нуазынц æй чындзæхсæвты, мæнг æнкъарæнты æвджид йæхи чи бакæны æмæ цард-цæрæнбонтæм йæ уæнгтæ уæззау рæхыстæй чи бабæтты, уыцы æрыгон удтæ.
РАСЫГ ЛÆДЖЫ НЫХАС ÆВРОНГ ХÆЙРÆГИМÆ
Интендантон уынаффæдоны раздæры чиновник, коллегион секретарь Лахматов сæхимæ фынджы уæлхъус бадт æмæ, æхсæрдæсæм рюмкæ куыд нызта, афтæ йæ сæры фæмидæг ахæм хъуыды: хъуамæ адæм иууылдæр æфсымæртау цæрой, æмсæр-æмбар æмæ сæрибар уой. Уалынджы дын æм цырагъы фæстæйæ хæйрæг куы рагудзи ласид. Сылгоймаг фæсивæдæй ацы ныхæстæ чи кæса, уыдон ма фæтæрсæнт. Хæйрæг цы у, уый зонут, мæ хуртæ? Уый у усгур лæппу-лæг, бакастæй зæрдæдзуаг, цырыхъыты хуызæн сау цæсгом ын, йæ цæстытæ та сырх æмæ хъоппæг. Йæ тенкайыл чысыл сыкъатæ — афтæмæй йын ус дæр нæма и… Сæрыхъуынтæ, à la Капуль кæй хонынц, ахæм хуызы æлвыд. Йæ буар кæрдæгхуыз хъуынтæй æмбæрзт. Кæны нæл куыдзы смаг. Йæ дæлсин æрцауындзæг къæдзил, къæдзилы кæрон та — фат… Æнгуылдзты бæсты йын — дзæмбытæ, къæхты бæсты — бæхы сæфтджытæ… Лахматов æй куы ауыдта, уæд æваст фæкуыддæр, фæлæ фæстагмæ æрæмбæрста: кæрдæгхуыз хæйрæджытæм ахæм миниуæг ис — адæймаг нозтхъæстæ у, уый куы базонынц, уæд уайсахат йæ уæлхъус алæууынц.
— Алыбон æгас цу, чидæриддæр дæ! — дзуры хæддзу уазæгмæ Лахматов.
Хæйрæг гæзæмæ фæкъæмдзæстыг, йæ цæстытæ дæлæмæ æруагъта.
— Æфсæрмы ма кæн. Хæстæгдæр рацу... Мæнмæ хыртт-мыртт нæй. Дзур мемæ æргом, мацы бамбæхс. Чи дæ, цы дæ?
Хæйрæг джитæнтæгæнгæ æрбацыди Лахматовы цурмæ æмæ, йæ къæдзил йæ сагæхты ‘хсæн фæцæвгæйæ, сæрæй ныллæг акуывта.
— Хуыйнын хæйрæг, дæлимон дæр мæ хонынц. Дæн чиновник, Зындоны къæнцылары директор, йæ бæрзонддзинад Сайтаны сæрмагонд фæдзæхстытæ æххæстгæнæг.
— Æрыхъуыстон, ай-гъай... Тынг æхсызгон мын у. Æрбад! Иу сыкъа дæр баназ... Иттæг хорз... Æмæ цы хъуыддагыл хæст дæ?
Хæйрæг ноджы тынгдæр фефсæрмы...
— Раст зæгъын хъæуы, ницахæм бæлвырд хъуыддагыл хæст дæн… — дзуапп радта уазæг. Æфсæрмыгæнгæйæ схуыфыд æмæ «Ребус»-газетмæ йæ фындз ныххиртт кодта. — Цы йæ ‘мбæхсон, раздæр нын бирæ куыст уыд... Адæмы сайдтам, раст фæндæгтæй сæ галиумæ здæхтам... Ныр уыцы куыст, антр-ну-суади, мур дæр ницыуал ахъаз у… Раст фæндаг нал ис, æмæ ма адæмы кæцæй здæхтæуа? Адæм махæй фæлитойдæр систы. Куыд ма асайдзынæ, университеты чи бакаст, иу къуыпп дæр, иу дзыхъхъ дæр æнæсгæрстæй кæмæн нал баззади, мæйдар æхсæв боны хатт чи кæны, ахæм адæймаджы? Сом адавын ма дын куыд бацамонон, кæд æмæ æнæ ме ‘ххуысæй мингай сомтæ ассивыс?..
— Уый афтæ у... Фæлæ уæддæр исты хъуыддагыл хæст уыдзынæ?
— Ай-гъай... Нæ раздæры куыстæн ма æрмæст йæ ном баззади, фæлæ уæддæр цыдæртæ архайæм... Сылгоймæгты сайæм, æрыгон лæппуты æмдзæвгæтæ фыссыныл ардауæм, расыг къупецтæн айдæнтæ сæттын кæнæм... Политикæйы, наукæйы хъуыддæгты нæхи рагæй нал тъыссæм, уымæн æмæ дзы мисхалы бæрц дæр ницы ‘мбарæм... Махæй бирæтæ кусынц «Ребус»-ы. Зындонæн хæрзбон чи загъта æмæ адæймæгты хуызы чи бацыд, ахæмтæ дæр ис не ‘хсæн... Уыдон ракуырдтой хъæздыг къупецæгты чызджыты æмæ цардæй тъæпп хауынц. Иутæ дзы систы æвдакаттæ, иннæтæ уадзынц газеттæ, цæвиттон, сты хъуыддаджы лæгтæ, адæмы ‘хсæн сын ис кад.
— Бафæрсын аипп ма уæд: улупа та цас исыс?
— Раздæр куыд цардыстæм, ныр дæр афтæ цæрæм... — дзуапп радта хæйрæг. — Ницы нæм аивта... Фатертæ, рухс, хъармгæнæнтæ — се ‘ппæт дæр къазнайы хардзæй. Улупа нын нæй, стæй нæ хъæугæ дæр нæ кæны — иууылдæр уæлбикъонтыл нымад стæм, сымах æвзагæй дзургæйæ та — уæлштатонтæ. Цыбыр ныхасæй, цавæрфæнды хæйрæджы дæр райс — цы куыст кæны, уый кады хъуыддагыл нымад у... фæлæ йæ цы ‘мбæхсон, гæвзыкк цардæй цæрæм. Адæмыл Хуыцауы салам сæмбæлæд гæртæмттæ исыныл нæ сахуыр кодтой, науæд афонмæ фыдцæрдтытæй нæ мыггаг сыскъуыдаид. Алы æфтиæгты руаджы ирвæзæм... Тæригъæдджынтæм хойрæгтæй фæкæс, æмæ дзы дæ рæбынмæ дæр исты фæбырын кæ. Нæ Сайтан базæронд и, къæнцылары хъуыддæгтæм æй нал æвдæлы...
Лахматов хæйрæгæн йæ рюмкæ байдзаг кодта. Уый йæ анызта, æмæ йыл дзых базади. Зындоны сусæгтæ дзурыныл схæцыд, йæ уды дуæрттæ парахатæй байтыгъта, стæй йæ кæуындзæг фæкъæртт, йæ цæссыгтæ уромын нал фæрæзта. Лахматовы зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ æхсæвы дæр сæхимæ ныууагъта. Хæйрæг хуыссыди пецы æмæ суанг бонмæ сæнттæ цагъта. Сæумæцъæхæй цыдæр æрбаци.
Антон Чеховы блокноттæй
* * *
Амондджын адæймагæн хъуамæ исчи йæ дуары æдде лæууа æмæ йæм-иу рæстæгæй-рæстæгмæ бахойа, цæмæй йын-иу йæ зæрдыл æрлæууын кæна, зæххыл æнамонд адæм дæр кæй цæры, стæй амонды фæстæ æнæмæнг æнамонд кæй æрбахизы, уый.
* * *
Ай сылгоймаг нæу фæлæ петардæ.
* * *
Иу хъæздыг зæронд лæг бамбæрста, адзал æм кæй æрбахæстæг, уый. Йæ цагъартæн мыды кæхц рахæссын кодта æмæ йе ‘хцатæ мыдимæ бахордта.
* * *
Фабриканты хисты диакъон бахордта, йæ алыварс еугæфы мыггагæй цы уыд, уыдон иууылдæр. Сауджын æй рæмбыныкъæдзæй басхой-басхой кæны, фæлæ ай йæ «куысты» афтæ арф аныгъуылд, æмæ ма дын искæй уыны. Сауджын æм мæстæй мард, уæдæ цы, æмæ хистæй куы здæхтысты, уæд ын йæ фарстытæн дзуапп дæр нæ лæвæрдта. Изæрæй диакъон сауджыны цур йæ зонгуытыл æрхауд æмæ лæгъстæтæ байдыдта: «Чырыстийы хатыр мын бакæн!»
Фæлæ фыдгуыбыны хабар адæмæй нæ ферох. Цавæр диакъон, зæгъгæ-иу куы бафарстой, уæд та-иу райхъуыст: «А-а, мæнæ Хрымовы хисты еугæфтæн сæ бынæй рухс чи суагъта, уый!» Науæд та: «А-а, мæнæ еугæфхор диакъон кæм цæры, уыцы хъæуæй зæгъыс?»
* * *
Пысылмон йæ удыбæстæйы тыххæй скъахы цъай… Бæргæ, бæргæ, махæй-иу алчи дæр фæстагæттæн бынæн куы ныууадзид цъай кæнæ скъола, йе та æндæр исты, цæмæй а дунейыл æвæдæй ма баззайа.
* * *
Дæ дзул дæр сау, дæ бонтæ дæр сау.
* * *
Иу зондджыны алыварс ссардзынæ 1000 æнæзонды, иу зондджын ныхасы фарсмæ разындзæн 1000 æдылы ныхасы, æмæ уыцы мин йæ быны ассæнды иуы. Уымæн сты сахартæ æмæ хъæутæ æдзæллаг уавæры. Дзыллæйы фылдæр хай æппынæдзух дæр уыдзæн æнæсæр æмæ æппынæдзух дæр уæлахиз кæндзæни. Зондджын йæ зæрдæ ма дарæд, адæмы фылдæр хайы искуы йæхи æмвæзадмæ сисдзæн, ууыл. Уый бæсты æндæр тыхтæ бацагурæд, аразæд фæндæгтæ, телеграфтæ, телефонтæ — цард уыдæтты руаджы аккуырсдзæни размæ.
* * *
Лæггадгæнæг чызг йæ хицауы хуыссæнтæ куы фефснайы, уæд ын алы хатт дæр йæ туфлитæ сынтæджы бынмæ рæбыноз баппары. Фыр нæрдæй фæйнæрдæм чи фæцыд, уыцы бонджын хицау æм мæстæй тъæпп хауы æмæ йæ хъуамæ атæра. Фæстагмæ рабæрæг: чызг дохтыры амындæй архайдта — йæ туфлитæ агургæйæ дам-иу нард лæджы æнæбары æргуыбыр кæнын бахъæудзæн æмæ кæд афтæмæй фæмæллæгдæр уаид.
* * *
Нард сылгоймагмæ кæсгæйæ: уый сылгоймаг нæу, фæлæ дзаг мæй.
* * *
Фæсвæд хъæуы къæнцылары сæвæрдтой телефон, фæлæ бирæ нæ акуыста: хъæбызатæ æмæ дзы хъæдысыстытæ сæхицæн ахстон скодтой.
* * *
N: канд куыйтæ нæ рæйдтой, фæлæ ма суанг бæхтæ дæр.
* * *
Уырыссаг лæгмæ куы хъусай, уæд иудадзыг хъаст кæны: йæ усæй йæ бон нал у, йæ мулкæй йæ бон нал у, йæ бæхтæй йæ бон нал у.
* * *
Гыццыл чызг уыцы зæрдæрухсæй дзуры йæ мадыхойы тыххæй: тынг рæсугъд у, тынг, раст нæ куыдз Бобичы хуызæн.
* * *
Амонд æмæ царды цин æхца æмæ уарзтæй нæ гуырынц, фæлæ рæстдзинадæй. Цæрæгойы амонд дæ куы ‘рхъæуа, уæд дæ цард æнцад не ‘руадздзæн, ахæм цæфтæ дын ныккæндзæн, æмæ дæ сæр дæ кой суыдзæн.
* * *
Уарзондзинад у фарн... Кæд хатгай карз вæййы æмæ халæн куыст фæкæны, уæд уымæн йæ аххосаг йæхи мидæг нæй, фæлæ адæм æмсæр-æмбар кæй не сты, уым.
Иутæ æфсæст, зондджын æмæ хæларзæрдæ куы уой, иннæтæ та стонг, æнæзонд æмæ хæрамхъæстæ, уæд цыфæнды фарны хъуыддаг дæр хъаугъамæ сайы æмæ адæмты кæрæдзийæ ноджы адарддæр кæны.
* * *
Мæгуыр чызг, гимназисткæ. Ис ын 5 æфсымæры. Хъæздыг чиновникмæ чындзы ацыд. Уый йын йæ къæбæр иудадзыг йæ цæстмæ дары, цумайы лæдзæг дзы саразынмæ хъавы, æбузн æй хоны, йæ хæстæджытæй йын хынджылæг кæны. Хъуамæ, дам, алы адæймаг дæр йæ бынат зона. Сылгоймаг быхсы, фæстæмæ дзурын нæ уæнды, тæрсы: йæ цард йæ къухæй куы фæхауа æмæ та йыл мæгуырдзинад куы ныйичъи уа, Уалынмæ лæг æмæ ус иу стыр хицаумæ хуынды бахаудтой. Усыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Стыр хицау æй бауарзта æмæ дзы йæхицæн хæзгул скодта. Сылгоймаг цæхгæр фендæрхуызон, йæ лæджы узæлæнтæ йæм нымады дæр нал сты æмæ йын иуахæмы æлгъгæнгæ афтæ: «Дæхи иуварс айс, хайуан!»
* * *
Æнæ истæуыл кæнæ искæуыл æууæндгæйæ адæймагæн цæрæн нæй.
* * *
Сывæрджын сылгоймаг. Даргъ хъуыр æмæ йын цыбыр къухтæ, у кенгуруйы æнгæс.
* * *
Сылгоймагæн иу лæг ссарынæй бирæ лæгтæ ссарын æнцондæр у.
* * *
Водкæ урс у, фæлæ дзы фындз сырх свæййы, кад та — сау.
* * *
(…)Иу ахуыргонды чиныджы кæсæм: «Цæмæй удыл фæхæст уай, уый тыххæй ссар, йæ хицау тæккæ ацы сахат йæ пырх кæуыл акалдта, ахæм адæймаджы, йæ къах ын ронæй фидар балвас. Стæй йын йæ зæвæт акъæртт кæн, æмæ цы агурыс, уый уым разындзæни.
Мæн уырны, уд иу буарæй кæй атæхы æмæ æндæр ран кæй æрцæры, уый. Мæнæ уын мæхæдæг æвдисæн. Цалынмæ ацы зæххыл мæ дудгæ бонтæ æрвыстон, уæдмæ мæ уд царди бирæ цæрæгойтæ æмæ зайæгхæлтты буары. Цæвиттон, Буддæ цы рæзты фæндæгты кой кæны, уыдон иууылдæр бавзæрстон…
Куы райгуырдтæн, уæд уыдтæн къæбыла, царды фæндагыл куы æрлæууыдтæн, уæд та — тъæпкъах хъаз. Паддзахадон куыстмæ куы бахаудтæн, уæд сдæн пысырайы мыггаг. Мæ хицау мæ хуыдта къобола лæдзæг, мæ хæлæрттæ — хæрæг, сæрибарыл тохгæнджытæ — фос. Æфсæнвæндæгтыл, ома поезды кæнæ трамвайы цæугæйæ, уыдтæн тæрхъус, хъæуы, музуккæгты ‘хсæн цæргæйæ мæхимæ кастæн цъулбер. Гæды ныхæстæ кæнынмæ æмхиц кæй уыдтæн, уый тыххæй мæ фæсаууонмæ хуыдтой рувас. Ус куы ракуырдтон, уæд та сдæн сыкъаджын стур. Фæстагмæ, цæмæ бæллыдтæн, уый мæ къухы бафтыди: цардæй хъулау хъазын, гуыбын рауагътон æмæ, йæ хъал бон чи калы, ахæм хуы мæ рауади.
Хъодзаты Æхсары тæлмацтæ
// Мах дуг. – 2010. – № 1–2.