Василий АЛЕХИН
Василий АЛЕХИНӔЙ
***
Ӕнцон нӕу мысын ивгъуыд дуг мӕнӕн.
Мыййаг, кӕд федтон бирӕ зынтӕ царды,
Ӕви кӕмӕйдӕр исты хӕсджын дӕн,
Ӕввахсдӕр кодтон раст лӕгӕй мӕнгарды?
Мӕ цин уыд бонты цинимӕ ӕмхӕст,
Тӕлфыдысты сӕ сагъӕстӕ мӕ риуы.
Фыдгултимӕ-иу самадтон ӕрмхӕст,
Ӕвыдӕй дзы нӕ ауагътон ӕз иуы.
Ӕнӕуынондзинады хуызӕн уарзт
Зӕрдӕйы фыхт, нӕ тасыдтӕн ӕрхуымӕн.
Фыдгулӕн никуы ницы ӕрцыд барст,
Кӕд, чи зоны, фӕуӕлахиз дӕн уымӕн.
Перевод Музафера Дзасохова
См.: Дзасохты М. Адӕмы цӕст / Дзасохты Музафер.- Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу : Цыкура, 2016.- 383 ф.
Дзасохов М. Глаз народа : [стихи, переводы].