logo

М О Я    О С Е Т И Я



Гоголь Николай Васильевич
зындгонд уырыссаг фыссæг (1809 – 1852)

Николай Васильевич Гоголь (1809 – 1852) – классик русской литературы, писатель, драматург, публицист, критик. Самыми главными произведениями Гоголя считаются: сборник «Вечера на хуторе близ Диканьки», посвященное обычаям и традициям украинского народа, а также величайшая поэма “Мертвые души”.
Подробнее: https://obrazovaka.ru/alpha/g/gogol-nikolaj-vasilevich-gogol-nikolai-vasilievich#ixzz5fhXHx07Y



КÆЛÆНГОНД БЫНАТ

Æцæг хабар,
радзырдта йæ …счы аргъуаны кусæг

Хуыцауыстæн, нырмæ дæр сфæлмæцыдтæн йæ дзурынæй! æмæ йæ уæдæ æнцон хонут? Ай-гъай дзы фæзæрдæцъæх уыдзынæ: дзур æмæ йæ дзур, ноджы ма дæхи дæр ма фæтылиф кæнай! Фæлæ та цæй, кæд уæ афтæ тынг фæнды, уæд æй радзурдзынæн, æцæг, мæ хуыцау ме ’вдисæн, фæстаг хатт. О, мæнæ сымах дæр афтæ куы загътат, ома, дам, куыд дзурынц, уымæ гæсгæ лæджы бон у дæлимоны кæлæнты ныхмæ фæлæууын. Уый, чи зоны, афтæ дæр уа: бæстон куы ахъуыды кæнай, уæд зæххыл цынæ ’рцæуы… æрмæст уыдæттæ æндæр искæмæн дзурут. Сайынвæд дæ куы скæна дæлимон, уæд дæ, хуыцауыстæн, цæхджын сайд фæкæндзæн, афæливдзæн дæ! Ныр ма, уæ хорзæхæй, уæ хъус æрдарут: æдæппæтæй нæ фыдæн цыппар уыдыстæм. æз мæ тæккæ сонтæй. Цыдаид мыл иуæндæс азмæ æввахс; нæ, мæнг зæгъын, иуæндæс нæ: мæнæ цыма абон уыд, афтæ йæ хъуыды кæнын — мæ цыппæртыл адугъ кæнон æмæ куыдзау срæйон, зæгъгæ, куыд барæвдз кодтон мæхи, афтæ мыл мæ фыд фæтътъæлланг ласта, йæ сæр додойгæнæгау тилгæйæ: «Ай-йæй, Фома, Фома, ныр дын хъуыддаг бакæнын афон у, ды та æнæдомд хæргæфсау сæлхæр митæ кæныс!»
Нæ фыдыфыд дæр ма уæд æгас уыд, стæй уæрагæй дæр нырма фаг фидар — мæрдты бæсты йæ коймæ æхцонæй схъихъхъытæ кæнæд. О, æмæ-иу йæ зæрды исты куы æрæфтыд, уæд…
Ныр афтæмæй сымахæн хабæрттæ куыд чындæуа? Уæ иу æнæхъæн сахат пецы цæхæрæй йæ лулæйæн зынг райсын фæлвары, уæ иннæ цæмæндæр йæхи къæбицы чъылдыммæ байста. Уæд цы ’рцыд? Тыхбегара уыл куы нæй, уæхæдæг мæ куы бакъуымы кодтат. Кæд хъусут, уæд хъусут, науæд дæр…
Рагуалдзæджы нæ фыд Хъырыммæ тамако уæй кæнынмæ аласта. æцæг мæ зæрдыл дзæбæх нал лæууы, дыууæ æви æртæ уæрдоны барæвдз кодта, уый. Уæд ма тамако хорз аргъ иста. Йемæ не ’ртæаздзыд æфсымæры дæр акодта, уадз æмæ, дам, сæудæджергæнæджы дæсныйадмæ чысылæй фæзæрдæргъæвд уа. Хæдзары ма мах цалдæрæй баззадыстæм: нæ фыдыфыд, мад, æз, мæ иу æфсымæр, стæй ма мæ иннæ æфсымæр.
Фыдыфыд фæндаджы былтыл ныссагъта харбыз, неси, нас æмæ алы лыстæг халсартæ. Йæ цæрæнуат дæр уырдæм аивта, мусонгмæ; мах дæр уырдæм акодта, цæмæй сырддонцъиутæ æмæ гæркъæрæгты хуымтæм æмгæрон нæ уагътаикккам, афтæ дзырдгондæй. æмæ ома уыцы куыстæй не сæфт уыдтам? Ахæм бон-иу скодта, æмæ-иу джитъритæ, неситæ, булчъытæ, хъæдындзтæ, хохаг хъæдур уыйбæрц бахордтам, æмæ-иу, хуыцауыстæн, дæ гуыбыны цыма уасджытæ уасыдысты… Стæй хæдзарæн пайдайаг дæр уыд, пайдайаг нæ цæхæрадон: фæндаггон адæм дыууæрдæм тыннывæндæн кæнынц, æмæ сæ алкæй дæр фæнды харбыз кæнæ несийæ йæхи хорз фенын. Уæдæ нæ алыварс хъæутæй дæр æрбампъухынц чи æйчытæ, чи кæрчытæ, чи гогызтæ халсартæй баивынмæ. Тæригъæд уыдаид нæ цардæй рахъаст кæнын.
Фыдыфыдæн та-иу æппæтæй æхсызгондæр уый уыд, æмæ-иу сæудæджергæнджыты уæрдæттæ æрвылбон иу дæс æмæ дыууиссæдзæй къаддæр кæй нæ уыдысты. Ноджы цардвæлтæрд адæм: хабæрттæ кæнынмæ сæ исчи бавдæлд, уæд хъустæ фест, цы дæ, уымæй. Дадайæн та æндæр хорз ма ракæн — мæнæ сыдæймæлæг лæджы хъæбынтæй куы хынцай, уыйау-иу цин кодта. Стæй-иу се ’хсæн йæ рагон зонгæтæн дæр æнæ разынгæ цы уыд: йæ ном йæ разæй кадгæнгæ кæмæн цæуы, ахæм лæгæй базæронд дада. Гъемæ ма уæ цæстытыл ауайæд, сæ кæрæдзийы уынд бæрæгбонау кæмæн у, уыцы зæрæдтæ куы сæмбæлой, уæд куыд æмæ цы уыдзæн, уый: тара-бара, хъуыды ма йæ кæныс, дæ зæрдыл ма лæууы, уартæ уæд æмæ уæд, уым æмæ уым куыд уыд… цы диссаг уыд… æмæ раивылдзысты сæ мысинæгтæ, æмæ кæдыккон хабар не ’рымысдзысты, кæдыккон!..
Ацы цау та, раст цыма тæккæ абон æрцыд, уыйау ирдæй лæууы мæ цæстыты раз. Хур ныгуылæнмæ фæуырдыг кодта, дада хуымтыл зилы æмæ насты сæртæй мæнтæджы сыфтæ исы — сæумæйæ сæ ахæмтæй бамбæрзы, цæмæй бонрæфты араугæ хурмæ ма сфæлвых уой, уый тыххæй.
— Кæс-ма, Остап, — дзурын æз ме ’фсымæрмæ, — дæлæ сæудæджергæнджытæ ссæуынц…
— Алæ-ма, кæм сты, кæ? — фæрсы мæ дада, йæхæдæг иу дынджыр несийыл цыдæр нысангонд скодта, махæй йæм хæрынмæ мачи бацыбæл уа, зæгъгæ — фæдзæхст у, ома…
æз нæ фæрæдыдтæн: фæндагыл æцæгæй дæр кæрæдзи фæдыл ныххал сты æхсæз уæрдоны. Сæ разæй цыдис урсрихи лæг. æмæ ма йæ мах цурмæ иу дæс санчъехы бæрц хъуыдаид, афтæ æрлæууыд, салам радта:
— Дзæбæх мын куы уаис, Максим! Мæнæ Хуыцауы фæндæй кæм сæмбæлдыстæм!
Дада дзурынмæ фæгæрз:
— Сæрæгас ут сымах дæр, сæрæгас! Уæ хуыцауы хатырæй, кæцæй фестут? Болячкæ дæр ам ис? Дзæбæх у, дзæбæх, ме ’фсымæр! Мæнæ хæйрæджыты бæхтæрджытæ! Уартæ куы стут æмхуызонæй дæр: Крутотрыљенко дæр! Печерыця дæр! Ковалек дæр! Стецько дæр! æгас цæут! Уæуу мæнæ! Уый дын гъе! — æмæ хъæбыстæ æмæ баты рад ралæууыд.
Галты суæгъд кодтой æмæ сæ хизынмæ ауагътой. Сæ уæрдæттæ фæндагыл баззадысты, сæхæдæг мусонджы раз цæлхдымбылæй рабадтысты æмæ сæ сурдымæнты фæздæг скалдтой. Фæлæ, ныхæсты бын куы фесты, уæд сæ лулæтæм дæр нал æвдæлд — кæд сын æрмæстдæр фæйнæ иуы бантыст бадымын…
Фæсхæрд сын дада буцдæрæн фæйнæ несийы рахаста. Алчи дæр æй йæ цуры æрæвæрдта æмæ йын йæ цъар чысыл кардæй стигъы (се ’ппæт дæр хæтæнты ауадысты, цардæууæрст уыдысты æмæ йæ зыдтой, дунейыл цы æмæ куыд кæнгæ у, уый — гæнæн ис, æмæ сæ тæккæ ацы сахатыл æлдары фынджы уæлхъус куы рабадын кæнай, уæд дæр нæ фæкъæмдзæстыг уыдзысты, алцы дæр кад æмæ радыл кæндзысты!) О, æмæ сæ неситæ куы бастыгътой уыцы биноныгæй, уæд сæ се ’нгуылдзтæй фæхуынчъытæ кодтой æмæ сын сæ дондзарв банызтой, стæй сæ чысыл хайгай лыг кодтой æмæ сæ хордтой.
— Сымах та, сæрæнгуырдтæ, уæ дзыхтæ цы ныххæлиу кодтат? — фæрсы нæ фыдыфыд. — Кафгæут, куыдзы хъæвдынтæ! Кæм ис дæ уадындзгонд, Остап? Гъа-ма, æрцæгъд-ма дзы хъазахъхъаг кафты цагъд. Фома, хæрдмæ хау! Гъе афтæ, гъе!
Уæд æз мæ тæккæ уæнгрог цæрдæгæй уыдтæн. Науæд мын æлгъысты фæуой зæронды бонтæ, кæд лæг йæ къах нывыл айсынæн дæр нал у, уæд! Ныр ма цæй кафт æмæ цæй æндæр — мæ къæхтæ каубыдау фæвæййынц, фæкæлынц. Дада нæм, сæудæджергæнджыты æхсæн бадгæйæ, æнцад фæкаст, стæй дын æм кæсын, æмæ йæ къæхтæ иу ран нал лæууынц, бынат нал арынц сæхицæн, раст ын сæ цыма исчи раиваз-раиваз кæны, уыйау.
— Кæс-ма йæм-иу, Фома, — райдыдта Остап, — цымæ нæ зæронд хæррæгъæн йæ зæрдæ кафын не ’рцагурид!
æмæ куыд æнхъæлут? Фома йæ зæгъинаг æххæст нæма загъта, афтæ зæронд æрхъæцмæ дæр нал бахъæцыд, æрфæндыд æй, — цы зын бамбаринаг у, — йæхицæй фæндаггæттæн раппæлын.
— Искуыдæр ма, хæйрæджыты цот, исчи афтæ фæкафы? Кафгæ мæнæ афтæ фæчындæуы! — загъта нæ фыдыфыд, йæ къæхтыл уырдыг алæугæйæ, йæ къухтæ размæ райтынг кæнгæйæ æмæ зæхх йæ зæвæттæй æркъуыргæйæ.
Цы загъдæуа, ницы зæгъдзынæ йæ кафтæй, суанг ма æлдары бинойнагимæ дæр сфидыдтаид. Мах иуварс алæууыдыстæм, æмæ зæронд хæррæгъ, джитърийы хуымы æмварс цы лæгъз бынат уыд, уым дæрдтыл æрзылд кафгæ-кафын. Фæлæ дын мæнæ куыддæр уыцы лæгъз фæзуаты астæумæ бахæццæ æмæ йæхи цыдæр æнахуыр схъиудтытæм æрцæттæ кодта, афтæ… Йæ къæхтæ йæ коммæ нал кастысты! Уый дын гъе! Уый цавæр бæллæх уа? Дзыхъхъынногæй та расирдта, бахæццæ та бæрæг астæумæ — нæу йæ къах айсын йæ бон, нæу æмæ нæу, цы дæ фæнды, уый кæн! Йæ къæхтæй хъæдын къæхтæ рауад! «Уый та дын дзы дæлимоны æлгъыст бынат, уый та дын дзы иблисы кæлæнтæ-хинтæ! Хъазтхалæг — гæбæр дымæг нæу, нæ, фæлæ адæмы цыфыддæр знаг!»
Мæнæ бынтыбыны худинаг кæны фæндаггæтты цæсты. Ракафыд, расирдта та, сæмдзæгъд кодта йæ къæхтæй зæххыл, æрцæлхъытæ ласта — кæсынтыл æм фестæм æмхуызонæй; бахæццæ та мæнæ фæзгонды бæстастæумæ — нæй, ницуал та йын æнтысы, цæй кафт æмæ та ма цæй æндæр! æмæ — фæцис!
— æ, фæлдурæджджын сайтан! Дæ хурхы æмбыд неси ныссæдзæд æмæ фæхуыдуг у! Уæд та, куыдзы хъæвдын, чысылæй куы фæхъуыдаис де ’мгæрттæй!
Мæнæ мын зæрондæй мæ худинаджы хал куыд схауын кодта, цъаммар!..
æмæ дын æцæгæй дæр чидæр йæ чъылдыммæ куы схудид. Цæхгæр æм фæзылд — нæдæр нæ цæхæрадон нал ис, нæдæр сæудæджергæнджытæ, ничиуал æмæ ницуал; йæ алыварс айдагъ быгъдæг быдыр!
— Ссс… уый дын гъе! Мæнæ диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ!
æдзынæгдæр ахъахъхъæдта — а-гъа, бынтон æнæзонгæ йын цыма нæу ацы бæстывæрд: иувæрсырдыгæй хъæд, хъæды фале цавæрдæр хъил хæрдмæ фæцыд æмæ арвы сныхст. Мæнæ бæллæх! Уый, сауджыны дыргъдоны цы бæлондон ис, уый куы у! Иннæрдыгæй фарс дæр цыдæр фæныкхуызæй зыны; нымдзаст æм: зылды писыры мусуат. Мæнæ йæ кæм æрбалæууын кодта æвæтчиаг чидæр-цыдæр! Аразил-базил кодта дада æмæ къахвæндагыл бафтыд. Арвыл мæй нæй, йæ бæсты æврагъы астæуæй æрттывта урс стъæлф. «Сомбон тыхджын дымгæ сыстдзæн!» — ахъуыды кодта дада. Кæсы, æмæ дын уартæ къахвæндагæй чысыл фалдæр кæйдæр ингæны обауыл сойын цырагъ ссыгъд. 
— Мæнæ цытæ уынын мæ цæстæй! — дада фæлæууыд æмæ йæ къухтæ йæ комдæлы сæрмæ фæбыцæу кодта, дарддæр кæсы: сойдзырагъ ахуыссыд, уый хыгъд дæрддзæф æмæ ноджы дæрддзæфдæр æндæртæ ссыгъдысты. — æмбæхст хæзнатæ! — ныхъхъæр кодта дада. — Цыфæнды хæснаг дæр кæнын, уым кæйдæр сусæг æвæрæнтæ кæй сты, уый тыххæй! — æмæ йæ къухтыл æртутæ кæнынмæ куыд бахъавыд, къахын райдайон, зæгъгæ, афтæ йæ фæхъуыды кодта: нæдæр æм бел куы нæй, нæдæр къахæн! — Цы загъдæуа, ницы зæгъдзынæ, фæлæ йын айдагъ йæ зæлдæ — йæ нæудзар куы сисай, уæд ын, чи зоны, æмæ уымæй фылдæр нæ хъæуы — мæнæ ис йæ уд, йæ дзæцц! Фæлæ хуыздæр гæнæн нæй, æмæ йæ  уæд та ацы бынат исты хуызы фæбæрæг кæнын хъæуы, уый фæстæ йæ куыд базона, афтæ!
æмæ уаддымгæ цы бæласы къабуз асаста, уый æрбахæр-хæр кодта æмæ йæ, сойдзырагъ цы ингæныл сыгъд, ууыл бафæлдæхта. æмæ къахвæндагыл фæраст. æвзонг тулдзбын хъæд фæтæнæг; мæнæ фæрсырдыгæй кæйдæр каубыд гæрæнтæ. «Нæ загътон, нæ! — ахъуыды кодта дада, — ай сауджыны дыргъдон у, зæгъгæ. Каубыд гæрæнтæ дæр уый сты; ныр нæ цæхæрадонмæ дæр верстæй фылдæр нал баззад».
æнафонты æрбаздæхт хъæмæ, хъæбынтæ хæрын дæр нал бакуымдта. Остапы райхъал кодта æмæ йæ æрмæстдæр уымæй бафарста, фæндаггæттæ, дам, кæд аивгъуыдтой. Стæй кæрцы йæхи батыхта. Остап æй фæрсынтыл схæцынмæ куыд хъавыд, афтæ йын дада фæкодта:
— Мацæмæй мæ фæрс, Остап, — загъта йын, йæхи æнгомдæрæй кæрцы банордгæйæ, — ма мæ ракъах-бакъах кæн, науæд дæ сæр сурс уыдзæн! — æмæ афтæ ныххуыр-хуыр кодта, æмæ хуымтæм цы сырддонцъиутæ бахъав-бахъав кодтой, уыдон удаистæй фæйнæрдæм ныппæррæст ластой, фæлæ ма дын уымæ хуыссæг æмгæрон цыд! Дзырд дæр ыл нæй, нæ фыдыфыд йæхæдæг дæр хин æмæ кæлæн уыд, мæрдты дзæнæты бадæд Хуыцауы хатырæй! Цыфæнды цъысымæй дæр-иу æвыдæй раирвæзт. Хатгай та-иу ахæм зарæг ныццæлхъ ластаид, æмæ-иу дæ былтæ æхсыдтаис фырдисæй.
Куыддæр дыккаг бон фæизæргæрæттæ, афтæ йæ куырæт скодта, æрбабаста йæ рон, йæ дæларм фæцавта къахæн æмæ бел, дурын къусы дзаг нозт ныххырхта, йæ уæлдзарм худ арф æрсагъта, ныссæрфта йæ былтæ куырæты фæдджийæ æмæ йæ ных комкоммæ сауджыны дыргъдонмæ сарæзта. Фæсте фæуагъта каубыд æмæ дæлæмæдзыд тулдзбын хъæд. Бæлæсты æхсæнты здухгæ-здыхсгæ уайы къахвæндаг, стæй быдырмæ ахизы. æнхъæлдæн, уыцы къахвæндаг у. Рацыд быдырмæ — кæд æй йæ цæстытæ нæ сайынц, уæд зноны бынат у: уартæ бæлондон дæр хæрдмæ нысхъæл, æцæг мусуат никæцæй зыны. «Нæ, ай уыцы бынат нæу. Уый, цыдæриддæр у, уæддæр чысыл фалдæр цыма ис, æмæ, æвæццæгæн, фæстæмæ мусмæ раздæхын бахъæудзæн!»

Раздæхт фæстæмæ, йæ фæндаг æндæруылты дары — мус æм разынд, фæлæ бæлондон нæй. Ногæй та фездæхт æмæ, бæлондонмæ хæстæгдæр куыд уа, ууыл архайы — мусуат амбæхст. Ноджы ма

фыддæрагæнгæнæгау сæлфынæгæй уарын райдыдта. Ногæй та мусуатыздæм азгъордта — бæлондон æрбацыдæр; уыйырдæм куыд фездæхт — мус зæххы скъуыды аирвæзт!
— Гъемæ кæд афтæ у, Хуыцауы налат сайтан, уæд дæ хъæбулты макуал фен!
Уарын къæртайæ калæгау фемæхст. æмæ уæд дада дæр йæ ног цырыхъхъытæ феппæрста, кæттаг хъуымацы гæппæлы сæ батыхта, куыд нæ йын баудæсой æмæ ныззылын-мылынтæ уой, афтæ æмæ дугъ радта — æлдары саргъы бæх ма цы тардта уый цур! Зыбыты донласт ныццис, афтæмæй халагъудмæ æрбабырыд. Кæрцы та банорста йæхи æмæ уынæргъы, хъæрзы, хæйрæджытæн амæй ай хуыздæр арфæтæ мысы — мæ хъусты кæронæй дæр ахæм дзаджджын æлгъыстытæ никуы фехъуыстон. æргом ыл сæттын: боныгон æрцыдысты мæ хъустыл, зæгъгæ, уæд мæ цæсгом фырæфсæрмæй артау ссыгъдаид…
Дыккаг бон куы райхъал дæн, уæд æддæмæ радардтон мæ сæр: дада, цыма æппындæр никæд ницы æрцыд, уыйау харбызтыл зилы æмæ сæ мæнтæджы сыфтæй æмбæрзы. Сихор куы кодтам, уæд та йыл дзых базад, мæ хæдкæстæр æфсымæрмæ æртхъирæнтæ кæны, фæлæуу, æз, дам, дæ кæрчытыл куы нæ баивон нæ харбызты бæсты. Хæрд куы фæцис, уæд фæйнæджы гæбазæй цыдæр дзæгъындзæг сарæзта æмæ йыл цæгъдын райдыдта, махæн та хъазынæн иу фыдыздыхтытæ неси радта, мæнæ, дам уын ай та туркаг калм, зæгъгæ. Ныр æз ахæм неситæ никуал федтон. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йæм цыма сæ мыггаг дард кæцæйдæр æрбафтыд…
Фæизæргæрæттæ, афтæ уæлæнгæйтты цыдæртæ ахордта, бел райста æмæ, æрæгмæ чи сцæттæ вæййы, ахæм настæ садзынмæ ацыд. Кæлæнтæгонд бынаты рæзты фæцæйцæуа æмæ ма ралгъита, уымæн гæнæн нæ уыд — цы хуызы дын хъуамæ баурæдтаид йæхи? æмæ мæстæлгъæдæй загъта: «Фæлдурæджджын бынат чи у, уый!» Кафгæйæ æндæрæбон йæ къæхтæ йæ коммæ кæм нал кастысты, тæккæ уыцы ран зæхх мæстæйхæлгæйæ белæй æрриуыгъта. æмæ та дын йæ алыварс уæды быдыр фегуырд: иуырдыгæй та уæллоз фæцыд бæлондон, иннæрдыгæй уартæ мусуат æнцад лæууы. «Цы хорз у, мемæ бел кæй рахастон, уый! Мæнæ къахвæндаг дæр! Мæнæ ингæн дæр, кæм уыд, уым баззад. Уартæ йыл уыцы къабуз дæр фыццагау фæлдæхт у! Сойын цырагъ дæр уæдæ уартæ æнæмæтæй йæхицæн судзы! æрмæст та сайды куы нæ фауин, фæлывды…»
Уæзбын згъордæй атындзыдта размæ, бел бæрзонд сисгæйæ, раст дзы цыма, хуымтæм цы хуы баирвæзт, уый рагъыл ахъаззаг æрцæуинаг уыд, уыйау. æмæ ингæнмæ хæстæг дзыхълæуд фæкодта. Сойдзырагъ ахуыссыд; ингæныл стыр дур фæлдæхт — кæрдæджы бын фæуыдзæн рæхджы». «Ацы дур уæлæмæ сисинаг у!» — ахъуыды кодта йæхинымæр дада æмæ йын йæ алыварс къахын райдыдта. Мæнæ цы егъау разындис æлгъыстаджы дур! Фæлæ дзы ам дæр, чи фæтæрса, ахæм лæг нæй — æмæ, йæ къæхтæ фидардæр æрсадзгæйæ, йæ тых, йæ бонæй схæцыд дурыл æмæ йæ иуварс асхуыста. Йæ гыбар-гыбур ма дæлбыл кæмдæр фæцыд. «Рагæй дæр дæ фæндаг уырдæм уыд! Ныр мын хъуамæ зынгæ фенцондæр уа».
Дада йæ фæллад уадзынмæ фæцис, тамакодарæн чысыл дзæкъулгонд систа, йæ армыдзыхъхъы дзы æркодта иу тæпп æмæ йæ фындзмæ схæссинаг куыд уыдис, афтæ дын йæ хæдсæрмæ «æх-хи», зæгъгæ, чидæр ахæм тынг æрæхснырста, æмæ бæлæстæ фæтасыдысты, зæронды цæсгом та тамакойæ айдзаг.
— Ды та иннæрдæм, æнæджелбет, иугæр дæм æхснырсын кæд цæуы, уæд! — мæстæлæгъæдæй ма фæкодта дада, йæ цæстытæ сæрфгæйæ. Йæ алыварс акаст — никуы ничи. — Нæй, нæ уарзы, куыд уынæм, афтæмæй хæйрæг тамако! — дзырдта дарддæр, дзæкъулгонд йæ роны æмбæхсгæйæ æмæ белмæ бавналгæйæ. — Бынтон æдылыдзæф у, æндæра ахæм тамако нæдæр йæ фыдыфыд, нæдæр йæ фыд сулæфыд искуы!
Къахынмæ февнæлдта æмæ — зæхх фæлмæн, хæрог, бел раст йæхигъдауæй афардæг вæййы. Мæнæ цæйдæр хъыррыст фæцыд. Скалдта зæхх æмæ аг ауыдта.
— æ-æ, мæ цæсты рухс, мæнæ кæм дæ! — бацин кодта зæронд æмæ аджы бын бел бацавта.
— æ-æ, мæ цæсты рухс, мæнæ кæм дæ! — сцъыс-цъыс кодта тæхгæ маргъы бырынкъ, аг æркъуыргæйæ.
Зæронд иуварс алæууыд æмæ бел феуæгъд кодта йæ къухтæй.
— æ-æ, мæ цæсты рухс, мæнæ кæм дæ! — æруасыд бæласы цъуппæй фыркъайы сæр.
— æ-æ, мæ цасты рухс, мæнæ кæм дæ! — ныббогъ ласта арс, йæ мукъу бæласы фæстæйæ радаргæйæ.
Дадайыл ризæг бахæцыд.
— Ай цы замана у , дæ дзыхæй иу дзырд куы схауа, уæд уый дæр тæссаг у! — бахъуыр-хъуыр кодта йæхимидæг.
— Ам дзырд дзыхæй суадзын тæссаг у! — сцъыс-цъыс кодта маргъы бырынкъ.
— Тæссаг у дзырд дзыхæй суадзын! — бауасыд фыркъайы сæр.
— Дзырд дзыхæй суадзын! — ныббогъ ласта арс.
— Хым! — загъта дада æмæ йæхæдæг фæзæрдæтахт.
— Хым! — сцъыс-цъыс кодта бырынкъ.
— Хым! — бауасыд фыркъа.
— Хым! — фæцыд арсы богъ-богъ.
Тæрсгæ-ризгæйæ йæ мидбынаты æрзылд зæронд: о ме сфæлдисæг, мæнæ цы æхсæв ис! Нæ стъалытæ зынынц, нæ мæй; бæстæ æнæбын дзыхъхъытæ; йæ тæккæ сæрмæ æрцауындзæг егъау къæдзæх æмæ йыл мæнæ æрфæлдæхдзæн! æмæ йæ  цæстытыл уайы зæрондæн, цыма йæм хохы фæстæйæ кæйдæр хæмхуттæ сæ цæст ныкъулынц; æллæх-бæллæх, йæ фындз — куырдадзы куынц; фындзыхуынчъытæ — фæйнæ къæртайы дзаг дæр сæ дон аскъæр; былтæ, хуыцауыстæн, дыууæ сугсæттæн къодахы; йæ сырх цæстытæ сæ къуырфытæй ныхмæ сбырдысты, ноджы ма йе’взаг дæр æддоз раласта æмæ йæ мæстæй мары!
— Хæйрæджы амæддаг фæу! — загъта дада, аг аппаргæйæ. — Гъа, æхцатæ дæр дæу фæуæнт! Ахæм ма дзы зæрдæхæццæгæнæн хæмхуттæ уыдзæн! — æмæ куыд афæнд кодта, мæхи ардыгæй тагъддæр куы айсин, зæгъгæ, афтæ йæ алыварс ахаста йæ цæст æмæ фæфæстиат, бæстæ та, фыццаг цы уыд, ногæй ахæм кæй у, уый фæфиппайдта. — Уый мæ æрмæстдæр тæрсын кæны, тæрсын, уыцы æвæтчиаг чидæр-цыдæр!
æмæ та архайы агимæ — нæй, дзæгъæл фыдæбæттæ йын сты, æгæр уæззау у! Цы чындæуа? Ам æй уæдæ куыд ныууадза? Гъемæ та йыл, йе ’ппæт тыхтæ-хъарутæ дæр æрбамбырд кодта, афтæмæй дыууæ къухæй æрхæцыд.
— Гъа-ма, уыциу хæст, уыциу риуыгъд! Иу хатт, иунæг хатт ма! — æмæ йæ фæуæлбыл кодта! — Оф-ф! Ныр тамако зæрдæйы фаг сулæфын дæр æмбæлы…
Систа йæ тамакодон; æрмæст, йæ армы дзы æркæныны размæ йæ фæйнæфарс ахъахъхъæдта, стæ-ма, хæстæг ничи ис, зæгъгæ; цъиуызмæлæг дæр нæй; фæлæ йæм уадидæгæн афтæ сдзырдта йæ зæрдæ, цыма уартæ бæласы къуындзихæн йæ тыхулæфт ссыд æмæ футтытæ кæны, йæ хъустæ дæр цыма фæбæрæг сты, йæ сырх цæстыты туг æнхъизы; йæ фындзыхуынчъытæ ныппака сты, йæ фындз дæр скатай æмæ мæнæ ныртæккæ æрæхснырсдзæн. «Нæ, нæ улæфын тамако, — сфæнд кодта лæг æмæ йæ дзæкъулгонд фæстæмæ бафснайдта, — иблис та мын дзы мæ цæстытæ байдзаг кæндзæн». Фæлæбурдта агмæ æмæ адугъ кодта, цы йæ бон уыд, уымæй. Фæлæ йæм афтæ кæсы, цыма йын йæ къæхтæ фæстæрдыгæй уистæй цъыччытæ чындæуы… «æй-йæй, æй-йæй», — зæгъгæ, кодта зæронд, æрмæст йæ дугъ нæ уадзы, рæвдздæр згъорыныл ма хъары йæхи, æндæр. æмæ сауджыны дыргъдонмæ куы ныйирвæзт, æрмæстдæр уæд фæлæууыд йæ улæфт суадзынмæ.
«Кæдæм та фæцыдаид нæ фыдыфыд?» — фæсагъæссаг стæм мах, иу æртæ сахаты бæрц æм куы фенхъæлмæ кастыстæм, уæд. Хъæуæй нæм уартæ кæд æмæ кæд ссыд нæ мад — дурыны дзаг нын тæвд хъæбынтæ схаста. Фыдыфыд зынæг та нæй æмæ нæй. æндæр гæнæн нал уыд махæн дæр æмæ нæхæдæг балæууыдыстæм æхсæвæр хæрыныл. Мад фæсхæрд дурын ныхсадта æмæ йæ цæстæнгас алыздæм ахаста, уæдæ æхсæнтæдон кæдæм акалон, зæгъгæ: алырдыгæй дæр биноныг куыст хуымтæ. Ныр дуне хуыдалынг. æвæццæгæн, куыфæн ацы фыдуæгтæй исчи йæ фæсте бамбæхст æмæ йæ размæ схойы…
— Гъемæ йæ хъуыддаг раст: æз дæр дзы æхсæнтæдон бакалдзынæн! — бацин кодта мад æмæ йыл басæххæтт ласта судзгæ тæвд æхсæнтæдон.
— Уауу! — цæйдæр бæзджын хъæлæс ныццарыдта.
Мад кæсы, æмæ — зæронд. Чи йын цы зыдта! Хуыцауыстæн, не ’ппæт дæр æй куыф фенхъæлдтам. Сæттын ыл, кæд нын цыдæр азимаг хъуыддаг уыд, уæддæр нæ худын нæ баурæдтам — æмæ куыд нæ уыд худæг та, куыд нæ: зæронды урс сæр æхсæнтæдонæй баудæст, алырдæмты йыл харбыз æмæ несийы цъæрттæ æрзæбултæ сты!..
— Нæ йæм кæсыс ацы хæйрæджыты цæдисон сылгоймагмæ! — загъта дада, йæ сæр йæ фæдджийæ сæрфгæйæ. — Куыд мæ сарыдта, цыма йын цыппурсæн нывондаг хуы дæн, уыйау! Фæлæ уæ бон ныккалат, лæппутæ, ныр уын фаг уыдзæн æхца къалацитæ æмæ къренделитæн дæр! Ныр, куыдзы хъæвдынтæ, амæй фæстæмæ цæудзыстут сызгъæринцæппузырджын дари фæлысты. Кæсут-ма, кæсут, ардæм-ма кæсут, цы уын æрбахаста уæ дада, уымæ! — æмæ аг сыгом кодта.
æргом-ма зæгъут, цы фенхъæлдтат, бæстон ахъуыдыгæнгæйæ, мæнæ дзы ныртæккæ мах уый æмæ уый фендзыстæм, зæгъгæ? И? Сызгъæринтæ, нæ? Уæдæ дзы уый ис, уый, æмæ дзы иу сызгъæрин дæр нæ уыд, фæлæ... бырæттæ! Алы хъылма — сæ зæгъын дæр зæрдæ нæ комы, хæццæ кæны се ’рымысгæйæ! æмæ нытту кодта зæронд, фехста аг иуварс, йæ къухтæ хорз ныхсадта. æмæ уæдæй фæстæмæ мах дæр бафæдзæхста цыфæндыйæ дæр хæйрæгыл æууæндынæй.
— æмæ дæ дæ зæрдæ ма фæсайа! — арæх-иу нын дзырдта фæдзæхсæгау. — Цæмæйдæриддæр уын ныфс куы бавæра уæлдæрон Чырыстийы уыцы фыдбылызы знаг, уæддæр ыл ма баууæндат: мæнг разындзысты йæ ныхæстæ, куыдзы фыртæн! Хуынкъ суарийы аргъ дæр æм рæстдзинад нæй!
æмæ, зæгъæм, йæ хъустыл-иу исты ахæм уац куы ’рцыд, кæмдæр хъуыддæгтæ сæ хæрзтæй не сты, зæгъгæ, уæд-иу нæм фæсидтис:
— Цæй-ма, мæ къонатæ, дзуæрттæ йыл бафтауæм! Афтæ йын хъæуы, афтæ! Хорз æм дзы æрлæвæрдтат, дзæбæх ын фестут! — æмæ йыл йæхæдæг дæр дзуæрттæ æфтауы хъазуатонæй. Уыцы фæлдурæджджын бынат та, мæнæ йын кафын кæм не ’нтысти, уый кауæй сæхгæдта æмæ нын ныффæдзæхста, цæмæй, цыдæриддæр нæм æлгъаг чъизийæ уа, быронæй, хæмпæлæй, фаджысæй — уырдæм сæ куыд калæм, афтæ.
Гъе, уыйау сдзæгъæлтæ кæны лæджы зонд æнæзæгъинаджы хæрам тых! æз хорз зонын ацы хуымгæнды зæхх: уый фæстæ йæ мæ фыдæй хаццоны истой нæ сыхаг хъазахъхъæгтæ. Агургæ æмæ æнаргæ зæххыхъæд у! Алцæй тыллæг дæр дзы тугыл аскъуыйы, фæлæ кæлæнгонд бынаты та хорзæй макуы мацæмæ æнхъæлмæ кæс. Цыфæнды биноныг æмæ йæ бæстон куыст бакæн, уæддæр дзы, цы ’рзайы, уымæн бамбарæн нæ вæййы — харбыз дзы харбызы хуызæн нæ басгуыхы, нас насы, джитъри джитърийы: цы сты, уый нæ равзардзынæ. æрмæстдæр ын иунæг хæйрæг зоны йæ хабар.
1830
ГУСАЛТЫ Барисы тæлмац

// Мах дуг.– 2009.– № 3.


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов Кавказа
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
       Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.