Николай НЕКРАСОВ
Мне снилось: на утесе стоя,
Я в море броситься хотел,
Вдруг ангел света и покоя
Мне песню чудную запел:
«Дождись весны! Приду я рано,
Скажу: будь снова человек!
Сниму с главы покров тумана
И сон с отяжелелых век;
И музе возвращу я голос,
И вновь блаженные часы
Ты обретешь, сбирая колос
С своей несжатой полосы».
Николай НЕКРАСОВӔЙ
ФЫН
Уыдтон ӕз фын: фӕндыд мӕ хохӕй
Мӕхи ныппарын фурдмӕ. Зӕд
Ӕваст мӕ сӕрты ратахт, къохӕй
Йӕ зарӕг райхъуысти: «Дӕ мӕт
У дзӕгьӕлы, фӕлтау дӕ тыхтӕ
Ӕрбамбырд кӕн, фест ногӕй лӕг,
Йӕхимӕ дардзӕни йӕ ныхтӕ
Мӕлӕт. Кӕндзысты дӕм хӕлӕг.
Дӕ зарӕг хъуысдзӕн уалдзӕг дардмӕ,
Йӕ мидбылты дӕм худдзӕн цард,
Дӕ хуымы диссаджы бӕркадӕй
Хӕрдзынӕ алы бон дӕр ард».
Перевод Музафера Дзасохова
См.: Дзасохты М. Адӕмы цӕст / Дзасохты Музафер.- Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу : Цыкура, 2016.- 383 ф.
Дзасохов М. Глаз народа : [стихи, переводы].